26 сентябры Знауыры поселочы РХИ-Алани æмæ  РЦИ-Аланийы Культурæйы министрадтæ, Традицион культурæ æмæ этнотуризмы республикон центр «Фарн» æмæ Ирон æхсæнады Самарæйы регионалон хайады хъæппæрисæй уагъд æрцыд Ирон бæгæныйы IV æхсæнадæмон конкурс-фестиваль «Ирон бæгæны-2017». Конкурсы хайад райстой Цхинвал, Дзау, Знауыр æмæ Ленингоры районты 14 хуыздæр бæгæныуадзæджы, кæцытæ бацæттæ кодтой рагон ирон рецептмæ гæсгæ, бæгæныйы 14 хуызы. Бæгæныйæ дарддæр ма конкурсанттæ уазджыты суазæг кодтой ирон уæлибыхтæй æмæ алыхуызон национ хæринæгтæй.

Мадзалы хайад райстой Республикæйы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, горæты æмæ районты администрациты сæргълæуджытæ, компани “Пивоваренный дом – Бавария»-йы минæвæртты къорд æмæ республикæйы цæрджытæ. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты номæй Пухаты Эрик арфæйы ныхæстæ загъта фестиваль-конкурсы хайадисджытæн, бафæндыд æй уыдонæн æнтыстытæ.

Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Инал бузныг загъта,  ахæм цымыдисон мадзал чи сорганизаци кодта, уыдонæн.

«Ирон адæммæ рагæй фæстæмæ бæгæныйæн стыр нысаниуæг ис. Ахæм бæрæгбонтæ арæхдæр хъæуы уадзын, цæмæй кæстæр фæлтæр ма рох кæной ирон традицитæ»,- загъта Гæбæраты Инал.

Проекты автор Битарты Ларисæ дæр банысан кодта, зæгъгæ, фестивалы нысан у ирон бæгæны цæттæ кæныны технологи сæндидзын кæнын.

«Абоны бæрæгбон æрмæст Хуссар æмæ Цæгат Иры бæрæгбон нæу, фæлæ зæххы къорийыл цыдæриддæр ирон адæм цæрынц, уыдоны бæрæгбон дæр. Ахæм рæсугъд бæрæгбонтæ ма мах сарæзтам Хъæрæсейы, Кæсæг- Балхъары, Самарæйы, Турк æмæ æндæр рæтты.  Ацы бæрæгбонтæ, сæйраджыдæр, аразæм уый тыххæй, цæмæй чысыл аиуварс кæнæм карз нозтытæ æмæ нуазын райдайæм нæхи нæртон ирон бæгæны. Ирон бæгæны кæм вæййы, ирон æгъдау дæр уым вæййы. Абон ацы бæрæгбонмæ æрбамбырд сты Хуссар Иры хуыздæр бæгæныуадзджытæ æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй бæгæны фыцыны сусæгдзинæдтæ кæстæр фæлтæрæн бацамоной æмæ сæ фæлтæрддзинад дæттой фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Уе ‘ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй-иу бæгæны фыцат ахæм рæсугъд бæрæгбонты,  чындзæхсæвты, куывдты, авдæнбæттæнты рæстæджы»,- банысан кодта Битарты Ларисæ.

Мадзалмæ æрбацæуджытæ стыр райзæрдæйæ фæлвæрдтой ирон бæгæныйæ æмæ кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ дзырдтой йæ гъæды тыххæй.

«Æз мæхæдæг бæгæны сфыцын рагон технологитæм гæсгæ, кæцыйы аразын мын бацамыдта ме ‘фсин. Æмæ мæн дæр бафæндыд нæ цæрджыты дзы суазæг кæнын. Уымæ гæсгæ хайад райстон ацы конкурсы дæр. Бæгæныйæ дарддæр мах сцæттæ кодтам ирон уæлибыхтæ, цæхджынтæ æмæ нартхорæй гуылтæ цыхтимæ. Мах ма бацæттæ кодтам нæ адæмæн уарзон ирон зарджытæ дæр»,- радзыртда Дзауы районæй конкурсы хайадисæг.

Фестивалы алкæцы хайадисæг дæр архайдта ирон национ хæринаг –  дзыкка куыд хуыздæр саразыныл. Уыдон архайдтой дзыкка цæттæ кæныны фæтк хъахъхъæныныл.

Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик азылд æмæ бафæлвæрдта алкæцы хайадисæджы бæгæныйæ дæр. Сылгоймæгтæ дзырдтой ирон бæгæны  æмæ национ хæринæгтæ арзыны технологитыл. Мадзалы рæстæджы нæлгоймæгтæ дæр сæ тыхтæ фæлвæрдтой алыгъуызон спортивон ерысты, куыд турникыл сæхи исынæй, бæндæн ивазын æмæ гиритæ исынæй.

Фестивалы хайад райстой Знауыры поселочы сфæлдыстадон хæдзары минæвæрттæ дæр. Уыдон равдыстой сывæллæтты конд нывтæ æмæ бисерæй арæзт алыхуызон рæсугъд дзаумæттæ. Бæрæгбоны ма уазджыты раз сæ арæхстдзиад равдыстой Бехъмары хъæуы хореографион ансамбль, Знауыры районы Культурæйы хæдзары хореогрфион ансамбль æмæ бынæттон зарæггæнджытæ.

Фестиваль рауад тынг аив æмæ хъæлдзæг.  Бæрæгбонмæ æрбацæуæг уазджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй хорз уаит æмæ ахæм хъæлдзæг бæрæгбонтæ арæхдæр куы уадзиккой.

РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ бузныджы ныхæстæ загъта бæрæг-боны æппæт хайадисджытæ æмæ фестивалы организатортæн, ахæм рæсугъд бæрæгбон ауадзыны тыххæй.

«Цыппар азы дæргъы Баварийы хæдзар уадзы ацы рæсугъд бæрæгбон æмæ мæ стыр бузныг  зæгъын фæнды йæ генералон директор Битарты Зелимæн. Стыр бузныг нæ ирон адæмæн, алы районæй дæр нæм кæй æрцыдысты æмæ æнæзивæгæй хайад кæй райстой ацы бæрæгбоны, уый тыххæй»,- загъта Зассеты Жаннæ.

Конкурсы кæрон жюрийы уæнгтæ хатдзæгтæ сарæзтой æмæ сбæрæг сты уæла-хиздзаутæ. Компани «Бавария»-йы коммерцион директор бузныг загъта конкурсы хайадисджытæн æмæ компанийы номæй хорзæхджын æрцыдысты дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй, уæлахиздзаутæн та лæвæрд æрцыдысты æхцайы призтæ. Финалмæ ахызтысты Знауыры районы хайадисджытæ. Æртыккаг бынат лæвæрд æрцыд Кокойты Лейлæйæн, дыккаг бынат  Джиоты Валентинæйæн. Фестиваль «Ирон бæгæны  2017»-ы уæлахиздзау та ссис Цхуырбаты Азæ. Ныр Азæ хайад райсдзæн Дзæуджыхъæуы ацы фестивалы финалон этапы.

КОКАЙТЫ Заринæ  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.