Ныр дыууæ къуырийы дæргъы Ирыстоны адæм цæгаты дæр æмæ хуссары дæр стыр цины æнкъарæнтимæ æмбæлынц ирон богал, боксæй дунеон суперсерийы не ʻмзæххон Гасситы Мураты радон фæуæлахизыл. Гасситы Муратæн æрæджы 22-æм октябры АИШ-ы цы фембæлд уыдис польшæйаг боксер Кшиштоф Волдарчикимæ, уыцы ран та сси уæлахиздзау. Ирон боксер нокауты арвыста йæ ныхмæлæууæджы æмæ ахызт турниры æрдæгфиналмæ. Ацы тохы Гасситы лæппу бахъахъхъæдта IBF-ы версимæ гæсгæ дунейы чемпионы титул.

Гасситы Мураты радон уæлахизыл фæцин кæнын æмæ йын арфæ ракæныны тыххæй, хуынд æрцыдис нæ республикæмæ. Уый 3-æм ноябры йæхимæ райста нæ паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Фембæлды мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Фæсивæды хъуыддæгтæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей, РХИ-йы боксы Федерацийы президент Уалыты Альберт æмæ номдзыд богалы тренер Сланты Витали.

Президент Бибылты Анатоли Гасситы Муратыл сæмбæлд цины æнкъарæнтимæ æмæ хъарм ахастимæ. Уый, фыццаджыдæр, стыр бузныг загъта ирон боксерæн йæ радон уæлахизы сæраппонд æмæ йын йæхи æмæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй загъта арфæйы ныхæстæ.

«Мах абон Хуссар Ирыстоны адæм иууылдæр дæуæн арфæ кæнæм уыцы турниры дæ радон стыр уæлахизы тыххæй. Ацы турнир дæуæн у тынг ахсджиаг, спорты хуызы архайыс уым дæ дарддæры размæцыды хъуыддаджы. Æз æй зонын æмæ ды дæ тренертимæ иумæ æппæтдæр кæй аразыс, цæмæй дын спорты бантыса иууыл бæрзонддæр къæпхæнмæ схизын. Цæмæй спортивон бæрзæндмæ де схызт уа æнтыстджын. Махæн тынг æхсызгон у дæ уæлахизы хъуыддаг. Сымах, æвæццæгæн, иууылдæр зонут уый æмæ Хуссар Ирыстоны адæм ацы турниры тыххæй æнæхъæн æхсæв кæй сбон кодтой телеэкранты раз уыцы тохмæ кæсгæйæ. Стыр бузныг зæгъын кафе «Винченцо»-йæн, кæй сорганизаци кодтой мадзал, цæмæй адæм бакастаиккой ацы тохы равдыстмæ, уый тыххæй», – загъта Бибылты Анатоли. Уый ма хъазгæмхасæн ныхасæй загъта Муратæн, зæгъгæ, бирæтæн хъыг уыдис афтæ тагъд кæй фæцис бокс, ома, сæ фæндыдис фылдæр рæстæг куы ахастаид æмæ æхцондзинад куы райстаиккой Гасситы Мураты боксæй. «Кшиштоф Влодарчик эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй у тыхджын боксерыл нымад æмæ йыл Гасситы Мурат кæй фæуæлахиз, уый махæн æрхаста стыр циндзинады æмæ сæрыстырдзинад. Стыр бузныг ацы уæлахизы тыххæй. Ирыстоны кад бæрзонд кæй хæссыс  дунеон спортивон аренæйыл, уый тыххæй дын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй дын дарддæр дæр уа стыр æнтыстытæ. Разæй дæм нырма æнхъæлмæ кæсынц боксы бирæ ахсджиаг фембæлдтытæ. Де ʻнтыстытæ нæ фæсивæдæн сты тынг стыр цæвиттон. Уый сын ахъаз у, цæмæй архайой спорты æмæ йæ уарзой», – загъта Президент.

Гасситы Мурат дæр йæ рады стыр бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн, афтæ тынг ын кæй кад кæнынц æмæ йыл зæрдиагæй кæй сæмбæлынц, уый тыххæй. Уый ма банысан кодта йæ Ирыстоны адæмы уарзондзинад æмæ ахаст ын стыр ахъаз кæй сты рингы, тыхджын æндæвдад сæ кæй цæуы, уый.

«Æз æй зыдтон мæ уарзон Ирыстоны адæм ацы тохы рæстæджы зæрдæйæ мемæ кæй уыдысты æмæ мын мæ уæлахизмæ зæрдиагæй кæй æнхъæлмæ кастысты, уый. Мæнæн уый дæтты моралон тых æмæ мæ сразæнгард кæны уæлахизмæ. Æз æппæт дæр араздзынæн, мæ тыхтæ мæ куыд амоной, афтæ, цæмæй мын мæ уæлахизтæм чи фенхъæлмæ кæсы, уыдоны фыдæнхъæл ма фæкæнон», – загъта зынгæ боксер.

Фембæлды кæрон ма бæстæйы сæргълæууæг æрбацæуæг адæмæнцыбыртæй радзырдта Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты размæцыды тыххæй дарддæр сæ планы цы ис, уыдон тыххæй.

Президент Бибылты Анатолиимæ фембæлды фæстæ Гасситы Муратмæ киноконцертон зал «Чермен»-ы æнхъæлмæ кастысты фæсивæд æмæ спортуарзджытæ, афтæ ма спорты ветерантæ. Æхсæнадимæ фембæлды рæстæджы ирон богал дзуаппытæ радта цы бирæнымæц фарстытæ йæм радтой, уыдонæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы тынгдæр цымыдис кодта рæхджы, 20-æм январы кæимæ бокс кæндзæн, йæ уыцы ныхмæллæууæг æмæ боксимæ баст фарстатæ дæр. Йæ ныхмæлæууæг уæд та уыдзæнис АИШ-ы боксер Ю. Дортикос. Гасситы Мурат Кшиштоф Влодарчикыл куы фæуæлахиз, уæд йæ сомбоны ныхмæлæууæг Ю. Дортикос амæсты æмæ загъта не мзæххон боксеры кæй фæнокаут кæндзæнис. Ацы фарсты фæдыл Гасситы Мурат сабырæй загъта, зæгъгæ, уымæн йæхи хъуыддаг у йæхи куыд дара æмæ цы дзура, уый.

«Мæнмæ уый фæкастис худæг, бахудтæн æм æмæ йын йæ къух райстон», – банысан кодта Мурат. Уый ма радзырдта, зæгъгæ, рæхджы йæ ныхмæлæууæг чи уыдзæнис, уыцы спортсмен кæй сфæлтæрд тынг хорз спортивон кубæйаг скъолайы, уый дунейы нымад цæуы иууыл хуыздæртæй сæ иуыл. «Дортикос у техникæйæ фидар, ис ын даргъ æмæ цырд къухты фезмæлд. У тыхджын æмæ йын ис фидар цæф», – загъта Гасситы Мурат. АИШ-ы уагъдцæуæг тохы тыххæй ма Мурат загъта, зæгъгæ, тагъд фæстæмæ кæй æздæхы дард Америкæмæ æмæ тохмæ йæхи лæмбынæг кæй цæттæ кæндзæнис, уый.

Мадзалы рæстæджы фæсивæд дæр арфæйы ныхæстæ дзырдтой Муратæн йæ уæлахизы сæраппонд æмæ йæм лæвæрдтой æндæр æмæ æндæр цымыдисгæнæг фарстытæ. Фарстытæн-иу дзуаппытæ радта йæ тренер Сланты Витали дæр. Уый адæмæн радзырдта Мурат активонæй йæхиуыл куыд фæкусы æмæ куыд фæцæттæ кæны тохтæм, уый.

Мадзалы кæрон ма Гасситы лæппу Алина Кабаевайы номыл спорткомплекс «Олимп»-мæ æрыгон спортсментæн ауагъта мастер-класстæ.

Цхуырбаты Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.