Райдиан нæ газеты 84-æм номыры

Цы нæ хъыгдары, цæмæй цæрæм, нæ сомбон аразæм ирон уаг æмæ æгъдаумæ гæсгæ, фæлæ дугимæ æмдзу кæнгæйæ? Ома, нæ фыдæлты æгъдæуттæ, сæ цардыуаг, нæ мадæлон æвзаг æмæ æмткæй сисгæйæ нæ ирон æвæджиауы миниуджытæ дæр бахъахъхъæнæм, æмæ абоны царды размæцыды дæр фæстейæ цæмæй ма баззайæм. Хуымæтæджы ныхасæй: ма дæр уæхст бауадзæм судзын, ма дæр — физонæг?.. Уый та тынг зын хъуыддаг у, фæлæ цæмæй уый бамбарæм, нæ царды йæ ныффидар кæнæм, уый тыххæй бирæ цæуылдæрты хъæуы ахъуыды кæнын, æнæнымæц фарстатæ нын ис рæгъмæ рахæссинаг.

Адæмтæн сæ иутæм рагзаманæй фæс-тæмæ ныффидар паддзахадон цардарæзт. Уыдонмæ вæййы фыдæй-фыртмæ дæтгæ, кæнæ та æвзаргæ хицауад. Мулк кæнæ та гуырдмæ гæсгæ сæхи мидæг дихтæ кæ-нынц хицæн социалон къордтыл. Социалон къордтæ æмæ иугай адæймæгты æхсæн æвæрд ис, уæлейæ дæлæмæ чи цæуы, ахæм уæлбар æмæ дæлбар ахастдзинæдтæ. Ахастдзинæдтæ арæзт цæ-уынц хиисбонады бындурыл, фидар та сæ кæнынц паддзахадон закъон, тых æмæ тас. Ахæм æхсæнады хицæн социалон къорд-тæ, æмæ ма суанг хицæн адæймæгтæ дæр, арæх кæрæдзи ныхмæ æвæрд вæййынц, нæ фидауынц, паддзахадон уагæвæрд сын сæ цард æмæ райрæзтæн æмхуызон мадзæлттæ кæй нæ аразы, уый тыххæй.

Иннæтæн та сæ æхсæнад арæзт у фæтк, уаг æмæ æгъдауы бындурыл. Нæй сæм паддзахадон хицауад, æлхъивæн органтæ æмæ закъон. Социалон къордтæ дихтæ кæнынц хæстæгдзинад æмæ цæрæн бынæттæм гæсгæ, иумæйаг зæххисбоны алыхуызты бындурыл. Æхсæнадон ахаст-дзинæдтæ дæр уæлейæ дæлæмæ нæ цæуынц, фæлæ фарсæй-фарсмæ, æмсæр адæймæгты ‘хсæн куыд вæййы, афтæ, стæй сæ паддзахадон æлхъивæн органтæ æмæ тас нæ фидар кæнынц, фæлæ æгъдау, уаг æмæ æфсарм. Ам социалон къордтæ æмæ хицæн адæймæгтæ иууылдæр иу уаг, иу æгъдауыл хæцæг сты, уымæн æмæ сын иу уагæвæрд ис, æппæт æхсæнады бындурыл чи лæууы, ахæм. Уымæ гæсгæ хицæн социалон къордтæ æмæ адæймæгтæ сæ кæрæдзиимæ æмæ æппæт æхсæнадимæ дæр æмбаст сты, ис сын иу монон иудзинад. Уыцы иудзинад чи фехалы, уый та йæхи социалон къорд æмæ æппæт æхсæнадæй дæр фæиртæст вæй-йы, бынат ын дзы нал вæййы. Зæгъæм, ирон цардарæзты социалон къордтæ æмæ хицæн адæймæгтæ сæ цард арæзтой, æппæтæн дæр иумæйаг чи уыд, ахæм уагæвæрды æгъдæуттæм гæсгæ.

Раздæр куыд загъд æрцыд, афтæмæй ирон адæммæ дæр Уæрæсеимæ баиуы агъоммæ ахæм цардарæзт уыд. Æмæ уый, иуæй-иу марксистон историктæ куыд дзурынц, афтæ нæ фæстæзад, ома, уыцы рæстæг нæ æрдзон ахастдзинæдты бикъæй кæй нæма фæхицæн стæм, уый æвдисæг нæу, фæлæ нæ фыдæлтæ даргъ историон фæндагыл кæй фæцыдысты æмæ стыр социалон фæлтæрддзинад кæй æрæмбырд кодтой, уый амонæг у. Ахæм цардарæзты æууæлтæй бирæ уыд тынг рагон индоирайнаг (ариаг) адæмтæм. Ахæм цардарæзт федта нæ эрæйы фыццаг æнус-ты скифтæм, сарматтæ æмæ алантæм бердзенаг фыссæг Лукиан. Уæдæ астæуккаг æнусты аланты тыххæй цы æрмæг баззад, уый дæр лæмбынæгæй куы раиртасай, барвæндонæй дзы æлдарадон ахастдзинæдтæ куы нæ агурай, уæд, æмткæй райсгæйæ, ахæм цардарæзт æв-дисæг у. Ам ноджыдæр иу хъуыддаг ис: аланты тыххæй йæ фиппаинæгтæ чи ныууагъта, уыдон сæхæдæг иууылдæр паддзахадон цардарæзты мидæг цардысты æмæ уымæ гæсгæ сæ фылдæр, æнæ бæстон иртасæн куыст бакæнгæйæ, алан-ты æхсæнадмæ дæр хуызæны цæстæн-гасæй акастысты, йæ хицæндзинæдтæ йын нæ раиртæстой.

Уæдæ афтæ: ирон адæммæ ивгъуыд æнусы зонад цы демократон ахастдзи-нæдтæ бафиппайдта, уыдон сæм рав-зæрдысты сæ фыдæлты сæрмагонд цар-дарæзты дæргъвæтин эволюцийы фæрцы.

Ууыл куы сразы уæм, уæд та фидарæй нæ бон зæгъын у, ирон царды цы æлдарады миниуджытæ иртасынц, уыдон ирон адæммæ сæхи историон райрæзты фæрцы кæй нæ равзæрдысты, фæлæ куы фæлæ-мæгъ сты, уæд сæм сæ лæгдыхæй кæй æрбахастой, паддзахадон цардарæзт кæмæ уыд, уыцы адæмтæ. Историйы, иу адæмыхаттæй рацæугæтæ иннæ адæмты æхсæн æлдариуæг куы райдыдтой, ахæм дæнцæгтæ бирæ ис: варягтæ уырысмæ, немыцаг баронтæ Эстонийы, поляктæ Украинæйы æмæ афтæ дарддæр. Æцæг æлдарады ахастдзинæдтæ ирон сæрмагонд цардарæзтыл бынтон нæ фæуæлахиз сты æмæ уымæ гæсгæ ирон царды æмæ адæмы зондахасты зынгæ бынат не ‘рцахстой. Уæлладжыр, Туалтæ æмæ Куырттатæм та æппындæр нæ фæзындысты. Ирон æхсæнадмæ æлдарады æу-уæлтæ æрбайсгæ кæй уыдысты, ууыл 1808 азы дзырдта Ю. Клапрот дæр.

Уымæн ма æвдисæн у нæ фыдæлтæй баззайгæ ирон уаг дæр. Адæмæн йæ уаг йæ социалон ахастдзинæдты айдæн у. Ирон уаджы та, æлдар æмæ хицауимæ дæхи куыд дарай, уымæн йæ кой дæр нæй. Нæ фыдæлты уаг æвæрд у хистæр-кæстæр, сылгоймаг-нæлгоймаг, уазæг-фысым, хион-æддагон, æмгар æмæ къабаздзинады охыл. Уыдон фæстæ ма, бинонтæ æмæ хæстæджыты ‘хсæн чи цы бынат ахсы, уымæ гæсгæ: хицау-æфсин, ныййарджытæ-цот, мой-ус, чындз-тиу, ходыгъд, сиахс-каис æмæ афтæ дарддæр. Æрхæссæм иу дæнцæг: паддзахадон цардарæзты ахастдзинæдты уæлдæр къæпхæны чи лæууа, уый карæй кæстæр куы уа, уæддæр кады тыххæй йæ бынат ис хурыскæсæны ‘рдыгæй, уæлейы, рахизфарс, кæнæ астæуæй, рæбынæй, мидæ-гæй, разæй. Ирон уагмæ гæсгæ та уыцы бынæттæ ахсынц хистæр, сылгоймаг æмæ уазæг, бинонтæ æмæ хæстæджыты ‘хсæн та — хицау æмæ æфсин, мад æмæ фыд, тиу æмæ ходыгъд, мад æмæ фыды æфсы-мæртæ, каистæ. Ирон уагмæ гæсгæ лæугæ кæнæ бадгæ кæмæн у, раздæр дзурын хъуамæ чи райдайа, салам чи радта, къæсæрыл раздæр чи ахиза, фæндаг чи кæмæн радта, уыдон дæр кар, нæлгоймаг, сылгоймаг, хион, æддагон æмæ æндæр ахæм хицæндзинæдтæй аразгæ сты.

Ноджыдæр ма иу цæвиттон: ахуыргæндтæ куыд фыссынц, афтæмæй нæ рагфыдæлтæй астæуккаг æнусты мадьярты бæстæмæ чи афтыд, уыдонæн дæр сæ байзæттæгты æхсæнад кæронмæ фæткыл лæуд уыд, кæд феодалон цардарæзты паддзахады цардысты, уæддæр. Стæй ма ноджыдæр: дзырд «æлдар» нæ фыдæлты æвзаджы æндæр мидис хаста, амыдта феодал нæ, фæлæ хæстон фæтæг. Ахæм мидисимæ ныффидар нырыккон мадьярты æвзаджы дæр.

Ирон адæмæн æлдарады ахастдзи-нæдтæ æрбайсгæ сты, зæгъгæ, ууыл куы сразы уæм, уæд хъуамæ нæ цæстæнгас аивæм нæ цардарæзты иуæй-иу æндæр фæзындтæм дæр. Уыдонæй иутæ сты ахæм социалон æмбæрстæдтæ, куыд тыхджын мыггаг, фæрсаг адæм æмæ кæв-дæсард. Нæ советон историографийы ныффидар, цыма тыхджын мыггæгтæ æлдæртты къордмæ хаудысты. Æцæгæй та ирон таурæгътыл куы афæлгæсай, хистæрты мысинæгтæ куы раиртасай, раздæры ахуыргæндтæй цы æрмæг баззад, уымæ лæмбынæг куы æркæсай, уæд бамбарæн ис, тыхджын мыггæгтæ æлдарадимæ баст кæй не сты, уый. Тыхджын мыггæгтыл нымад уыдысты, кæстæрарæх чи уыди, йæ хистæртæ æгъдауæй фæзминагдæр кæмæн уыдысты, адæмы сæрвæлтау хæстмæ рæвдздæр кæй фæсивæд цыдысты, йæхи царды сæрæндæрæй чи æвдыста, уыдон. Бахъуаджы сахат, стæй химидæг быцæуты рæстæг дæр-иу хæстон фæтæгтæ æмæ фидар лæгтæ уыдонæй æвзæрстой. Æрвылбон царды та сæм иннæ мыггæгтæй уæлдай сæрмагонд бартæ нæ уыд.

Фæрсаг æмæ кæвдæсард адæм дæр, иуæй-иу историктæ куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй æлдарады ахастдзинæдтимæ баст нæ уыдысты, стæй, æвæццæгæн, балцы цæугæйæ, кæнæ хæсты быдыры чи цы бынат ахста, уымæй аразгæ дæр не сты. Фæрсаг адæм сты, бындурондæр æмæ сæйрагдæр зылдмæ чи нæ хаудта, фæлæ уыцы зылды ‘хсæн, кæнæ та йæ фарсмæ фæстæдæр чи æрцард, ахæм адæм. Ацы хъуыды раст кæй у, уымæн ма æвдисæн у, Иры рагон разагъды социалон къордтæ Къусæгонтæ, Цæразонтæ æмæ Сидæмонты баззайæццæгтæй бирæтæ фæстагмæ фæрсаг адæмыл нымад кæй æрцыдысты, уый дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыд-фæстæмæ бындурондæр æмæ фæрсаг адæмты, тыхджын æмæ лæмæгъдæр мыггæгты ‘хсæн цыдæр дæлбар-уæлбар ахастдзинæдтæн æнæфæзынгæ нæ уыд. Æмæ уыдон æлдарад бæрæггæнæг нæ уыдысты, фæлæ арæзт цыдысты иуæй-иу бынæттон хицæндзинæдты бындурыл æмæ сын уымæ гæсгæ алы бынаты дæр хицæн мидис уыд.

Кæвдæсарды фæзынд та баст у тынг рагон фæткимæ. Библимæ лыстæг куы æркæсай, уæд номылус æмæ кæвдæсарды фæд ссарæн ис рагон дзуттæгтæм дæр.

Ирон кæвдæсардæн йæ социалон уа-вæрмæ гæсгæ абарæн ис рагастæуæнусты франкаг бастардимæ. Сæ дыууæтæ дæр уыдысты, фыдимæ къайады æгъдауыл баст чи нæ уыд, ахæм номылустыты цот. Сæ дыууæтæ дæр дæлдæр нымад цы-дысты къайады æгъдауыл баст сылгойма-джы цотæй. Бындары бартæ сæм нæ хаудис. Фæлæ фыдæн йæ къаимæ цот нæ рацыд, зæгъгæ, кæнæ та къайады фæткыл ус куы нæ æрхастаид, уæд-иу кæвдæсард æмæ бастард фыццаг бынат бацахстой, бын-дары бартæй пайда кодтой.

Ахуыргæндтæ куыд амонынц, афтæмæй франкаг бастард фæзынд, къайады æгъдæуттæ фидар кæнын куы байдыдтой, уæд. Уый размæ æнæкъайады цот æгад æмæ дæлдæрыл нымад нæ цыдысты. Ахæм бынаты сæ æвæрын байдыдта къайады карз уагæвæрд. Ирон кæвдæсарды фæзынд дæр, æвæццæгæн, уыимæ баст у, кæд æй бирæтæ æлдарады миниуæг хонынц, уæддæр. Номылус дардтой ирон фæрсаг адæм дæр.

Нæ цæстæнгас ивгæ æрцæудзæн нæ историйы æндæр фарстатæ æмæ цаутæм дæр. Зæгъæм, Ирыстоны адæм æмæ æлдæртты æхсæн ныхмæлæуд къласон тох нæ уыд, советон историктæ йæ куыд æвдисынц, афтæ. Уый уыд фæткыл æвæрд сæрмагонд ирон цардарæзты тох æрбахæсгæ æлдарадимæ, паддзахадон цард-арæзтимæ. Рагæй-æрæгмæ дæр уыцы дыууæ цардарæзты кæрæдзи ныхмæ лæууынц, нæ фидауынц, уымæн æмæ арæзт сты дыууæ æхсæнадон æвæрдтыты бын-дурыл.

Уыцы тох зынгæ фæд ныууагъта Хуссар Ирыстоны, Дыгур æмæ Тæгиаты комбæстæты адæмон таурæгъты æмæ зарджыты. 1781 азы Дыгургомы уыцы тохæн йæ иу цау йæхи цæстæй федта уырыссаг фæндаггон Штедер. Уый фыста, æрцæуæг Бадилатæ сæ бартæ ноджыдæр куыд фæфылдæр кæнынмæ хъавыдысты, дыгур сыл куыд æрхъула кодтой, ныццæгъдынмæ сæ куыд хъавыдысты æмæ сæ уый куыд бафидауын кодта.

Дыууæ æхсæнадон æвæрдады ныхлæуд биноныгæй æвдыст цæуы Нарты кадджыты дæр. Нартæ сæхæдæг фæткыл арæзт æхсæнады цардысты, кæрæй-кæронмæ сæ тох та уыдис æндæрбæстаг паддзæхтæ, мæличчытæ æмæ æлдæрттимæ.

Советон историктæ къласон тохыл ны-майынц кæвдæсæрдтæ æмæ къайады уагæвæрды ныхмæлæуд дæр.

Зæгъæм, ахæм мидис дæттынц, Тлат-таты Чермен æмæ Бæтæйы фырттæ Аслæнбег æмæ Будзийы тыххæй цы таурæгътæ æмæ зарджытæ баззад, уыдонæн. Æцæгæй та Чермен æмæ Бæтæйы фырт-тæ — номылустыты цот — рагон фæткмæ гæсгæ агуырдтой бындары бартæ, сæ фыдæлтæн къайады æгъдауæй цот кæй нæ баззад, уый тыххæй.

Ноджыдæр ма иу фиппаинаг, советон ахуыргæндтæ ирон цардарæзты тыххæй цы дзурынц, ома, уый аланты феодализмы фæстæ регресс уыд, зæгъгæ, уымæ. Кæд æцæгдæр регресс уыд, уæд ирон адæммæ æрбайсгæ æлдарады ахастдзинæдтæ кæй фæзынд æмæ уый тыххæй сæрмагонд ирон цардарæзт эволюцион æгъдауæй кæй нал рæзыд, уый аххосæй.

Фæткыл æвæрд æхсæнадон ахастдзинæдтæ рæзгæ нал кодтой, иухуызон æнæ-ивгæйæ ныффидар сты, мæгуырæй-мæгуырмæ цыдысты, паддзахадон ахастдзинæдтæ сæ ивын байдыдтой. Нартæ сæфтмæ кæй æрцыдысты, уымæн дæр йæ сæйраг аххосаг уый мидæг уыд: сæхи атигъ кодтой сæ цардарæзт, уаг, æгъдау æмæ æфсармыл æмæ сын æй сæ Хуыцауы хай нæ ныббарста. Ам ирон адæм аив нывтæй сæхи хъысмæт равдыстой.

Уæрæсеимæ куы баиу стæм, уый фæстæ нæ цардарæзт ивгæ æрцыд уырыссаг паддзахадон уагæвæрдæй. Ам раст уæвын хъæуы, паддзахы администраци ма уæддæр архайдта, цæмæй ирон цардарæзты æууæлтæ бынтон ма скуынæг уой, пайда сæ кодта йæхи политикæ æххæст кæнгæйæ.

Паддзахадон æмæ ирон æхсæнадон арæзтæдтæ бынтондæр кæрæдзи ныхмæ фесты фæстаг 30–40 азты дæргъы. Нæхæдæг дæр нæ æхсæнадон уагæвæрд фæстæзад хъуыддагыл банымадтам, нæ сæрмæ йæ нал хастам, нæхи йыл атигъ кодтам, иу дзырдæй, цы бæласы къалиуыл бадтыстæм, уый алыг кæныныл бацархайдтам.

ХАДЫХЪАТЫ Хадзымæт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.