Уарзиаты Вилен уыд, цæрыны фаг царды бонтæ чи нæ батыдта, фæлæ йæ цыбыр царды дæргъы ирзонады хæзнадонмæ стыр æвæрæнтæ бахæссын кæмæн бантыст, ахæм ахуыргонд, йæ фыдыбæстæйыл æнувыд патриот æмæ æввæлайгæ зонадон кусæг. Кæд иронау нæ фыста, йæ зонадон куыстытæ æмæ йæ нуарджын публицис-тикæйæн уырыссаг æвзаг равзæрста, уæддæр ын цыфæнды иронау фыст историон бынтæй дæр ирондæр сты. Сæ ирон удыхъæд æмæ æнкъарынадæй. Бирæ æмæ мидисджын сты Вилены сфæлдыстадон-историон бынтæ, фæлæ уал уæ абон зонгæ кæнæм, ирон фынгимæ баст æгъдæутты фæдыл ын цы мидисджын æрмæг баззад, уымæн йæ иу хаимæ.

Бæрæгбон рæсугъд уыди, бæрæгбонмæ æрцæуджыты æмзæрдæ, æмуд чи кодта, къорд ахæм сæрмагонд миниуджытæй. Сæ иу уыди иумæйаг фынг. Уый хуынды адæммæ гуырын кодта æмхуызон æнкъарæнтæ. Фынгыл иумæ бадын æрмæстдæр адæймаджы туджы ис, æмæ уыцы æгъдау фæзынди, адæмтæ конд æмæ уындæй хицæн къордтыл дихтæ кæнын куы байдыдтой, уæд. Гъе, æмæ уыцы дæргъвæтин заманты дæргъы сфидар ис хæрын æмæ нуазыны бæлвырд фæтк. Ирон адæммæ ис сæхи фынджы æгъдæуттæ. Уыдон та алы адæмæн дæр сты йæ культурæимæ баст.

Хойраг йæхæдæг дæр æмæ, фынджы уæлхъус хи куыд дарын хъæуы, уыцы æгъдæуттæ дæр ахсджиаг уыдысты æрвылбоны царды. Сæдæгай æнусты дæргъы бинонтæ, фынгыл бадгæйæ, иу фæлтæрæй иннæмæ лæвæрдтой æмæ ныр дæр дæттынц удварны хæзнатæ, фæрнджын æгъдæуттæ. Хойрæгтæн æмæ фынджы æгъдæуттæн сæ ахадындзинад ноджы ахсджиагдæр уыди къæлиндары хыгъд, бинонты æмæ æнæнхъæлæджы райгуыр-гæ бæрæгбæтты рæстæг.

Фынджы æгъдау у уæлæрвтæ æмæ адæмы ‘хсæн бастдзинад саразыны аив ма-дзал. Æнæмæнг хынцгæ уыдысты, цы фæтчыди æмæ цы нæ фæтчыди, уыдонæй – алцы дæр, уымæн æмæ фынджы æгъдæуттæ уыдысты уæлфæдзæхстон æууæлтæй хайджын. Уалдзыгон бæрæгбæтты фынгтæм-иу рахастой, дзуæрттæн æхсызгон чи уыдаид, ахæм кувинæгтæ, ома ныл уæд куысты рæстæг ауддзысты. Фæззæджы-иу сæ фæллæйттæ куы бафснайдтой, уæд та сын-иу бахай кодтой уыцы азы лæвæрттæй хорæй дæр, фосæй дæр.

Гъе, афтæмæй хъахъхъæд цыдысты, уæларвон тыхты æмæ адæмы ‘хсæн ахастдзинæдтæ, цавæрдæр къæпхæнмæ куыд схызтысты, уыцы хуызы. Хуыцау æмæ йæ дзуæрттæй иуæй алы хорзæхтæ куырдтой, иннæмæй та сын табу кодтой, алы фыдбылызтæ æмæ фыдтæй хызт цæмæй уой, уый тыххæй. Гъе, афтæ алы бæрæгбоны фынгæвæрды æгъдæуттæ дæр арæзт цыдысты зæххон æмæ уæларвон ахастытæ ныхмæ æвæрыны уагыл. Уæдæ куывды адæм хиуæттыл æмæ уазджытыл дихгонд кæй цыдысты, уый дæр æнæфæзынгæ нæ уыди æгъдауыл. Æмæ нæм райгуырди фынгæвæрды алы бæл-вырд домæнтæ хынцæг фæтк.

Иу фæлтæр иннæмæ кæй лæвæрдта, фынджы уыцы рагон æгъдæутты фæдтæ баззадысты адæмы æвзаджы. Фынгæвæрд кæм вæййы æмæ кусарт кæм акæнынц, уый хуыйны куывд. Ацы дзырд равзæрди «кувын»-æй. Уымæн æмæ бæрæгбоны фынгыл нæ уыди хъаугъа кæнын, æлгъитын, хъæрæй худын, змæнтæн митæ кæнæн. Сидтытæ кæм уагътой æмæ минас кæм кодтой, уым нæ уыди уæлдай змæлд кæ-нын, къухтæ тилын, дзæгъæлы дзурын æмæ æндæр æнæуаг митæ кæнын. Уымæн æмæ «куывд» цы рагон индиаг дзырдæй равзæрди, уый мидис уыди «æхсæнады æгъдау æххæст кæнын». Куывд уыди æхсæнадон царды ахсджиагдæр уагæвæрд. Фынджы æгъдæуттæ æххæст кæныны руаджы аудыдтой алфæмблайы æрдзыл. Хуыцæуттæ дæм цы зæрдæ дардзысты, уый уыди, дæ куывд барст уыдзæн æви нæ, уымæй аразгæ, гъе, уымæн æрхæццæ сты фынджы æгъдæуттæ мах рæстæгмæ.

Уæлдæр куыд бафиппайдтам, афтæмæй фыдæлтæй баззайгæ фынг æмахаст уыди нывондимæ дæр æмæ кусарт кæнынимæ дæр. Фынгыл бадджытæй иу дæр ахæм нæ разындаид, фыддзыхæй дзурын йæ сæрмæ чи ‘рхастаид, фынгмæ чъылдымздæхтæй кæнæ тæссармæ чи сбадтаид, науæд фынгыл йæхи чи æруагътаид. Æнæрхъуыды ныхас кæмæй схаудаид, чи фæрæдыдаид, уый-иу сдзырдта: «Табу фынджы фарнæн!».

Фынг æппæтæй дæр хистæр уыди æмæ йыл алчи дæр аудыдта. Фынгæй сегас дæр æмыстад скæной, уымæн уæвæн нæ уыди. Бадты адæмы стын бахъуыди, зæгъгæ, уæддæр-иу дзы исчи бадгæ баззад, фынгæн кад кæныны охыл. Науæд, зæгъ, фынг алидздзæн. Уыцы ныхас ныр дæр тынг арæх фæзæгъынц бадты рæстæг.

Уыцы æгъдæуттæ æххæстгонд цæуынц канд куывды рæстæджы нæ, фæлæ æнæуый фынджы уæлхъус дæр. Цæвиттон, фынг уыди, къæлиндары нысангонд бонты æмæ къаты бонты конд фынгæвæрдтæ кæрæдзийæ чи иртæста, ахæм барæн. Стæм хаттæй фæстæмæ-иу стыр куывды уыцы-иу рæстæг сарæзтой цалдæр фынджы. Хицæнæй бадтысты нæлгой-мæгтæ æмæ сылгоймæгтæ, хистæртæ æмæ кæстæртæ. Æппæты ахсджиагдæр уыди, æртæ хистæры кæм бадтысты, уыцы фынг. Фынджы æгъдæуттæ конд цыдысты фидар фæткмæ гæсгæ. Хистæрты фынг канд бадты адæмæн нæ, фæлæ æгас куывдæн дæр уыди йæ цæсгом, йæ астæустæг. Уыцы фæтк хъахъхъæд цæуы мах рæстæджы дæр. Æгъдæуттæ хорз чи зоны, уыдонæй чидæр ахæм базырджын ныхас загъта: «Минас-иу ныллæг фынгтыл æрæвæрдтой, фæлæ-иу адæмæн цы кад скодтой, цы ‘гъдау-иу радтой, уый уыди Хъæриуы хохæй бæрзонддæр».

Фыдæлтæй баззайгæ æгъдæуттæн ахæм стыр аргъ бирæ цæйдæрты тыххæй кодтой. Бæрæгбон цæттæгæнджытæй-иу рагацау алкæмæн дæр йæ хæстæ бæрæг уыдысты. Бинонты цардимæ баст кæнæ æндæр истæй фæдыл арæзт куывдтæ цæттæ кодтой хæдзары бинонтæ сæхæдæг. Уымæ гæсгæ-иу куывды адæм дыууæ дихы фесты. Сæ фылдæр уыдысты уазджытæ, иннæтæ – лæггадгæнджытæ. Уæдæ та ацы ран дæр ныхас цæуы дыууæ ахсджиаг ныхмæвæрд æмбарынадыл – уазджытæ æмæ фысымтæ. Уазæгæн уæлдай кад кодтой. Рагзаманты ирон адæммæ уазæг куыд кадджын уыди, уый тыххæй ахæм æм-бисонд баззад: «Уазæг – Хуыцауы уазæг».

Фæлæ уымæй афтæ зæгъæн нæй, æмæ уазæгæн хистæры бынат саккаг кодтаиккой. Фынджы хистæрæн-иу сбадын кодтой фысымы фендджын æмæ зондджын хæстæджыты хистæртæй искæй. Стæм хатт-иу хистæрæн равзæрстой сыхы кадджындæр лæгтæй искæй. Ног æрбацæуæг адæмæй ахæм бæрнджын скæнын никæмæн æмбæлди – фынджы хистæр хъуамæ зыдтаид сегасы дæр æмæ дзы фæткмæ гæсгæ æнæкондæй мацы аирвæзтаид. Уазæгæн йæ кармæ гæсгæ дæр æмæ æнæуи дæр нæ уыди уыцы бынатмæ бахизæн –  хæдзары æгъдæуттæн сæ кæцыдæр фæзи-лæнтæ нæ зыдта æмæ нæ сарæхстаид. Æгъдау тасаг уыди æмæ дардæй æрцæуæг «кадджын» уазæджы фыдæбойнаг нæ фæкодтаид.

Уыцы бæрны нæ цæуын кодтой хæдзары хицауæн йæхи дæр. Уымæн йæ сæйрагдæр хæс уыди алкæй дæр рæвдауын. Æнæ рæвдыдæй хъуамæ мачи баззадаид. Уæвгæ раджы дæр æмæ ныр дæр афтæ бакæнын фысымæн аив нæ уыдаид – ахæм бон уазджытæн кувыны хæс ирон лæг йæхимæ нæ иста. Фынджы хистæры ныхасæн куывды адæмæй алчидæр аргъ кодта. Уый цалынмæ æртæ чъирийы скуывтаид, уæдмæ-иу куывд нæ райдыдта. Цалынмæ хистæр йæ дзыхмæ комдзаг схастаид, уæдмæ фынгмæ ничи æвнæлдта. Уый æвастæй фынгæй ацæуæн дæр нæ уыди, фынгыл сбадæн дæр.

Зæгъын хъæуы, дзуарылæг-иу хъæугуывды хистæры хæстæ хатгай йæхимæ кæй райста, уый дæр. Скуывта-иу æртæ чъирийæ, адæмы-иу Хуыцау æмæ йæ дзуæртты уазæг бакодта, уый фæстæ-иу æй кадджын хистæртæй исчи баивта.

Дзуарылæг хъуамæ куывддонмæ цæуæг адæмæй алкæй дæр федтаид, сæ чъиритæй сын-иу скуывтаид. Цæвиттон, йæ бæрнон хæстæй йæ хистæры бынатмæ не ‘вдæлди. Уымæн æмæ фæткмæ гæсгæ хистæрæн ивæн нæ вæййы – хъуамæ æгъдау кæронмæ акæна. Æрыгон лæппутæй-иу цалдæрæн бафæдзæхстой, бадты адæмæн лæггад кæндзыстут, – зæгъгæ. Равзæрстой-иу сæ хæдзары бинонтæй, сыхæгтæй кæнæ хæстæджытæй. Фынджы адæмæй-иу сæ алкæй бæрны дæр бакодтой фарастæй фынддæс лæджы онг. Сæ хæс уыди, фынгыл алцыдæр куыд уа, чъиритæ æмæ дзидза алыгтæ кæнын, цæвиттон, уазджыты дзæбæх фæхынцын. Бадты адæмæй хъауджыдæр ахæм кæстæр æдзухдæр змæлгæ фæкæны, гъе, уымæ гæсгæ йæ хонынц уырдыгстæг. Ам зæрдыл æрлæууы ирон æмбисонд «Бадæг æмæ лæууæджы кад иу не сты».

Уæдæ афтæ, куывдмæ æрцæуæг адæм дих кодтой дыууæ сæйраг къордыл – «уазджытæ» – «фысымтæ» кæнæ та: «бадгæ чи кæны, уыдон» – «лæугæ чи кæны, уыдон». Æппæты кадджын-дæр уыдысты «бадгæ чи кæны, уыцы уазджытæ». Уæдæ «бадгæ чи кодта, фæлæ уазæгыл нымад чи нæ уыди», уыдон дæр уазджытæн кодтой лæггад. Бадты адæмы æхсæн бæрæг дардтой дыууæ лæджы – уазæгыл нымад чи нæ уыди, уыдонæй – «фынджы хистæр» æмæ «уазджыты хистæр». Уымæн йæхицæн фысымтæ кад кодтой, фæлæ уый йæхæдæг та бæрнджын уыди йе ‘муазæг адæмы раз – бауайдзæф-иу сын кодта, ацамыдта-иу сын.

Бадты адæмы нымæцмæ гæсгæ сæйраг фынг кодта æртæ дихы: хистæртæ, астæуккаг кар æмæ кæстæртæ. Абон дæр ирон фынгыл бадынц куыдхистæрæй. Фынджы иу кæнæ иннæ хайы бынæттæ афтæ нымад цыдысты: æппæты кадджындæртæ, кадджынтæ æмæ а. д. Хистæртимæ-иу сæ кармæ гæсгæ сбадын кодтой кадджындæр уазджыты. Хæдзары бинонты куывды та-иу хистæртимæ бадын кодтой кадджындæр уазджыты – мады ‘рвадæлтæй чи сæмбæлд, уыдоны.

Ирон хæдзар дихгонд цыди дыууæ хайыл – нæлгоймæгты фарс|нæлæгъдæг, уыди кадджындæр æмæ сылгоймæгты фарс|сылæгъдæг. Хуыдтой ма йæ лæггадгæнджыты фарс дæр. Хæдзар-иу кæрты рæбыноз арæзт куы æрцыди, уæд-иу нæлæгъдæг уыди астæу цæджындзæн йæ галиу фарс кæнæ йæ ныгуылæн хайы. Цæвиттон, фынджы æппæты кадджындæр бынат уыди хæдзарæн йæ ныгуылæн фарсы ‘рдыгæй, æмæ-иу хистæр сбадти хурыскæсæны ‘рдæм æргомздæхтæй. Ныр уыцы фæтк фехæлд, уæладзгуытæ аразын кæй байдыдтой, уый аххосæй. Гъе, уымæ гæсгæ нырыккон фынгыл хистæр фæбады къæсæры акомкоммæ рæбынæй, ома, къæсæргæрон нæ, фæлæ йæ рæбынæй кадджындæр бынаты сбадын кæнынц.

Фынгыл куыдхистæрæй æмæ куыдкадджындæрæй кæй бадын кодтой, уымæн бæр-зонд нысаниуæг уыди, бадты адæмæй фынджы æгъдау алкæй дæр стыр бæрны æвæрдта. Фынджы æгъдау нывыл цæмæй уа, уый алкæ-мæй дæр аразгæ уыди. Уыцы бæрн алчидæр æмбæрста, гъе, уымæ гæсгæ алы хæдзарæй дæр фынгыл бадти иу адæймаг. Уыцы адæймаг йæхи куыд дардта, уымæ гæсгæ аргъ кодтой уымæн йæхицæн дæр æмæ, цы бинонты æхсæнæй рацыд, уыдонæн дæр. Бадты адæм-иу æгæр кæй бабирæ сты, уыцы уавæр домдта, цæмæй иу хæдзарæй фынгыл иу адæймагæй фылдæр ма бада. Гъе, уыцы фæткы руаджы æмхуызон кад кодтой хъæуы æппæт хæдзæрттæн дæр. Ныхмæвæрд æмбарынадтæ «уазæг-фысым», «хистæр-кæстæр», «нæлгоймаг-сылгоймаг» æгъдауæн йæ æддаг зæххон хæрв нæ нысан кодтой, фæлæ уыдысты йæ æмбæхст мидис хæссæг, йæ нысаниуæг амонджытæ. Æхсæны цардыуагмæ гæсгæ фынджы бынæттæ хистæры фæстæ сидт куыд дæлæмæ цыди, афтæ-иу куыдкæстæрæй дæлæмæ абадтысты. Афтæ зæгъæн дæр ма йын ис: иумæйаг фынг уыди уæды æхсæнадон ахастдзинæдтæ фидар кæныны мадзæлттæй иу, бадт адæмы дих кодта æрдмæ, кармæ æмæ социалон уавæрмæ гæсгæ. Уый та нын дæтты, фынг социалон уавæр хынцæг дæр кæй уыд, уый бафиппайыны фадат.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.