Даргъ историон фæндагыл рацыдысты нæ фыдæлтæ. Уыцы фæндаг сын лæгъз æмæ уæрæх нæ уыд, фæлæ цахæмфæнды фыдæвзарæнты ма бахаудаиккой, уæддæр се ‘взаг, се ’гъдæуттыл сæ къух никуы истой, фæлтæрæй фæлтæрмæ цыдысты æмæ æрхæццæ сты ныры фæлтæрмæ. Цы бирæ æгъдæуттæ нæм æрхæццæ сты, уыдонæй иуæй иутæм ныры дуджы цæстæй кæсгæйæ банымайæн ис фауддзагыл, бирæтæн та се ’ххæст кæнын у ахсджиаг, рæстæг сæм ницы бар дары. Ахæм у фынджы фарсмæ бадыны æгъдау дæр. Номдзыд ахуыргонд Абайты Васо ирон фынджы æнæхъуаджы нæ рахуыдта æнæхъæн академи. Фынджы æгъдæуттæ æнæмæнг хъахъхъæнинаг уыдысты, йæ фарсмæ чи бадтаид, уыдонæй алкæмæн дæр.

Фынджы фарсмæ бадын сæйраджыдæр хæрдимæ, цæл кæнынимæ баст нæ уыдис, уымæ гæсгæ дырысæй хъахъхъæд цыдысты куыд хæрыны, афтæ нозт кæныны сфидаргонд æгъдæуттæ дæр. Фыццаджыдæр, цæл кæныны рæстæджы фынджы фарсмæ бадæгæй æгъдау домдта хиуылхæцындзинад. Зыд хæрд кæнын, искæйы размæ æвналын, уæлдай лæггад домын уыдысты худинаджы митæ æмæ-иу йæхи афтæ чи дардта, уыдоныл-иу уайтагъд сæ цæст æрæвæрдтой сæ фарсмæ бадджытæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ иумæйаг фынгмæ хи бафсадыны охыл цæуын сæрмæхæссинаг хъуыддаг нæ уыдис. Уымæ гæсгæ-иу уырдæм цæуæг æнæмæнг ацаходыдтаид йæ хæдзары.

Фынгыл бадгæйæ алчидæр зыдта йæ бынат — уæлейæ дæлæмæ бадтысты куыд кæстæрæй, сæрмагонд бынат уыд кадджын уазджытæн. Вæййы афтæ дæр æмæ фынджы фарсмæ бадæг уазæг куы фефсæрмы кæны æмæ йæ дзыхмæ къæбæр куынæ фæисы. Фысым æй куы фæфиппайы, уæд æм бахаты, цæмæй исты айса, радты кæнæ йæм рарвиты йæ хай — дзидзайы хуыздæр хай хæбизджынимæ. Хайæн æнæрайсгæ нæ вæййы, æгæрыстæмæй æфсæст куы уай уæддæр. Аив нæу «бафсæстæн» кæнæ «нал мæ хъæуы» дзурын.

Цæмæй фынджы фарсмæ бадджытæ хуыздæр фæцæл кæной æмæ сæхи хуыздæр хатой, уый тыххæй фысым ма хъуамæ базонын кæна, кæй нал хæры, уый. Уæд æй афтæ бамбардзысты, цыма уыдонмæ дæр нал æмбæлы хæрын æмæ фынгæн хъæуы кæрон скæнын. Аив нæу фынгыл цы хæринæгтæ ис, уыдон иууылдæр бахæрын, фынгыл хæринаг бынтон цъус куы уа, æгæрыстæмæй, уæддæр. Гуыбыныдзаг хæрын худинаг уыд æмæ-иу хæдзармæ æрбаздæхгæйæ йæ сихор кæнæ æхсæвæр хъуамæ баххæст кодтаид.

Фынджы æгъдæуттæ куыд æххæст цæудзысты, уый бирæбæрцæй баст у кувæгыл. Фыццаджыдæр уымæ æмбæлы сæ æххæст кæнын, йæ хъус хъуамæ дара йæ алы ныхасмæ æмæ, æгæрыстæмæй, йæ алы фезмæлдмæ дæр. Уымæ гæсгæ кувæгæй æвзæрстой æгъдауджын, дзырдарæхст, фынджы æгъдæуттæ, куывдтытæ хорз чи зыдта, ахæм хистæр адæймаджы.

Фынджы хистæр слæууыд æмæ кувы, уæд иннæтæ лæмбынæг хъусынц æмæ афоныл оммен кæнынц. Кувæг цас фæкувы, уыйбæрц кувын нал æмбæлы йæ дæлейæ чи бады, уыдонмæ.

Æгъдауылхæст ирон лæг кæддæриддæр зыдта æмæ хатыд, фынг цахæм фынг у, кæй æхсæн бады æмæ дзы хи дарын куыд хъæуы, уый. Зыдта бæрц карз нозтæй дæр. Цæл-минас-иу кæд бирæ рæстæджы дæргъы аххæссыд, уæддæр-иу йæхи нозтджыны онг никуы æруагъта. Зæгъгæ, йæм уырдыгстæг дзаг сыкъа авæрдта æмæ йæ бон нæ уыд йæ баназын, уæд-иу дзы ахуыпп кодта æмæ-иу æй афтæмæй фæстæмæ радта. Уый нæ, фæлæ ма-иу æй ссæрибар кодтой йæ фæндонмæ гæсгæ хицæн рæгъæй дæр. Æмæ-иу кæд бадты райдианæй загъта, бынтондæр кæй нæ нуазы, уæд-иу æм нал бахатыдысты дарддæр. Уæлдай сæ уавæры цыдысты уазджытæн. Иу дзырдæй, алчидæр архайдта, цæмæй ма фæнозтджын уыдаид æмæ афтæмæй ацыдаид йæ хæдзармæ.

Худинаджы хъуыддагыл ма нымад цыдис æнæ бæрæг хабар-хонæгæй, ома хæддзуйæ цины æмæ зианы фынгмæ цæуын дæр. Ахæмы хуыдтой хæддзу æмæ йын кад нæ уыдис, кодтой йыл былысчъилтæ.

Цины фынг уыдаид æви хъыджы, уæддæр уырдыглæуджытæ æмæ лæггадгæнджытæ сæ хъус дардтой бадты уагмæ райдианæй кæронмæ, стæй æппæты фæстæ цыдысты сæ хæдзæрттæм.

Уæдæ ирон фынджы фарсмæ бадгæйæ адæм æрмæст сæ рæстæг не ‘рвыстой фæлæ ма-иу сын уыд лæгдзинад, æгъдаудзинад равдисын кæм хъуыд, ахæм бынат дæр. Ирон фынджы фарсмæ кувгæйæ æмæ ныхас кæнгæйæ дæр афтæ зынд, цыма ерыс кодтой сæ хъуыдытæ чи аивдæр зæгъдзæнис, ууыл. Уымæ гæсгæ ардыгæй зæлыдысты ирон аив ныхæстæ. Уыдонмæ хъуыстой кæстæр фæсивæд дæр æмæ сæ туджы тынгдæр хъардта мадæлон æвзаджы аивдзинад, йæ рæсугъддзинад. Кувæгæй райдайгæйæ ардыгæй зæлыдысты ирон адæмон фольклорон зарджытæ æмæ хъусджыты, уæлдайдæр та фæсивæды зæрдæты цырын кодтой патриотон æнкъарæнтæ. Кафты аивадмæ рæвдз чи уыд, уыдонæн дæр фадат уыд сæ арæхстдзинад равдисын нæртон хъазты. Сæ арæхстдзинад ма фæсивæд æвдыстой алыгъуызон хъæзтыты дæр.

Уæдæ зæгъæн ис ирон фынг æмæ уыимæ баст æгъдæуттæн кæй уыдис стыр хъомыладон нысаниуæг.

Хъыгагæн, фæстаг дуджы æппæт уыцы æгъдæуттæ цадæггай сæфынц, кæнæ та сæ фыдуынд кæнæм. Ныр фылдæр хатт фынджы фарсмæ æрбадæм нæ рæстæг мидисджынæй, хъæлдзæгæй арвитыны тыххæй нæ, фæлæ цæл-минасы тыххæй. Нал фæзонæм фынджы фарсмæ бадгæйæ нын цы бартæ вæййы æмæ ныл уыцы иу рæстæджы цы хæстæ вæййы, уыдон.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.