Алы комӕн дӕр йӕхи ӕгъдау ис, зӕгъгӕ, арӕх фехъусӕм ахӕм ныхӕстӕ. Фӕлӕ уый раст нӕу, афон нын у ӕмӕ, цас гӕнӕн ис, уый бӕрц архайӕм нӕ ирон фынгы ӕгъдӕуттӕ сӕмхуызон кӕныныл. Амӕйразмӕ уӕ базонгӕ цодтам Айларты Измаилы зонадон цӕстӕнгасимӕ ацы фарсты фӕдыл. Фӕлӕ бирӕтӕм растдӕр кӕсы Уарзиаты Вилены зонадон позици. Кӕд йӕ зонадон бынтӕ фысгӕ уырыссаг ӕвзагыл ныккодта, уӕддӕр ын хицӕн кӕнынц сӕ афысты хӕдгъуыз ирондзинадӕй.

Нӕ рагон фынджы æгъдауæй аппаринаг ницы ис, æфтауын дæр æм ницы хъæуы. Ууыл дзурæг сты, сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты, хистæрты æмæ кæстæрты кæй иртасы, алкæмæн дæр йæ хæстæ бæлвырд кæй вæййынц, канд уыдæтты тыххæй нæ, фæлæ ма фынгыл кæй æвæрынц, уыцы хæринæгтæ æмæ нозтытæ дæр хыгъд кæй цæуынц, раздæр цы рахæссын хъæуы фынгмæ, уый дæр æмæ сидтытæ фæд-фæдыл бæлвырд фæткмæ гæсгæ кæй кæнынц, уыдæттæм гæсгæ дæр. Ирæттæм æппæты кадджындæр кувинæгтыл нымад уыдысты æмæ сты чъиритæ. Зондджынтæ дзырдтой, зæгъгæ, фыдæлтæй баззайæг фынгыл чъиритæ сты æппæты ахсджиагдæр кувинæгтæ. Æмбисондæн баззади: «Фынг æнæ чъирийæ нæ фидауы».

Фынгмæ цавæр чъиритæ рахæссынц, уымæ гæсгæ базонæн вæййы, хæдзары цы ’гъдау ис, уый.  Фыдджынтæ кодтой æрмæстдæр цины бæрæгбæтты. Марды кæндтæн афæдзы афонтæм гæсгæ кодтой хъæдурджынтæ æмæ давонджынтæ. Ивгъуыд æнусы кæрон дæр ма ирон адæмы уырныдта Комбæттæнты рæстæг Лауызгæнæнты размæ æхсæв мæрдтæ уæлæрвтæм «давонджынтæм» фæцæуынц, зæгъгæ. Уыцы судзаг хал, дам, сын дыргъты бæсты цæуы.

Марды кæндтæн конд чъиритыл дзургæйæ бафиппайын хъæуы, уый, æмæ нæ фыдæлтæ хъæдур рагзамантæй фæстæмæ кæй хæрынц æмæ сæм кæй райгуырди уыдонимæ баст бирæ уырнындзинæдтæ. Хъæдур фыхтой бæлвырд фæткмæ гæсгæ, кæддæр нæфæтчиаг дæр уыди. Хъæдуры нæмгуытæ цыдæр уæларвон комытæфæй хайджын кодтой æмæ сын куывтой. Гъе, уыимæ баст уыдаид, ирæттæ ивгъуыд заманты гецфæрсæн кæй хуыдтой, уый. Рагон бердзенаг философ Пифагор нæ дуджы агъоммæ VI æнусы загъта ахӕм  ныхæстæ «Хъæдурты бацæуынц мæрдты удтæ». Чъиритæ куыд кадджын уыдысты, æмæ дзидза хойрагæй фынгмæ цы хастой, уыдæтты тыххæй дзургӕйӕ афтæ зæгъӕн нӕй æмæ фынгмæ æндæр ницы хастой. Фынджы бæркадæн ахсджиаг уыди сурвых дзидза, ома, физонæг. Гъе, адæймаг цуан кæнын куы байдыдта, уæды рагзаманты, базыдта дзидза сурвых кæнын. Бæрæгбоны фынгæн кодтой дыууæ хуызы физонджытæ – кусарты рахис æртæ кæнæ фондз фæрскæй, хуыдтой сæ фæрскъфизонæг, хуылфыдзаумæттæй конд физонæг та хуынди æхсырфæмбал. Уыди дзы фондз кæрдихы æмæ конд цыди игæрæй, рæуджытæй, зæрдæйæ æмæ уыргтæй, æрбатыхтой-иу сæ хуылфы фиуæй.

Канд физонджытæ нæ, фæлæ сурвых дзидза цыфæнды хуызы дæр марды кæндты рæстæг фынгтæм нæ хастой. Уæвгæ цины фынгтыл дæр фылдæр æвæрдтой æмæ æвæрынц уæларты фых дзидза.

Сурвых дзидза буц хæринагыл нымад цыди æмæ, зæрдæ йæ тынг кæй агуры, æфсисджын хæринаджы тæф кæй кæны, уымæ гæсгæ дзы-иу скуывтой Хуыцау æмæ дзуæрттæн. Уыцы хойрагæн цыдæр нысаниуæг кæй уыди, уый тыххæй йæ зæххыл хъиамæтгæнджытæн сæхицæн сæ цæст нæ уарзта. Иннæрдыгæй та сæ кæнын кодтой царды уавæртæ дæр. Уæларты фых дзидза сур нæ кæны, ноджы бæрцæй фæфылдæр вæййы. Бадты адæмæн раттынц турæ дæр. Турæ нымад цыди хуыппаг хæринæгтимæ. Сурвых дзидза та, цалынмæ йæ фæцæттæ кæнынц, уæдмæ дæр бахус вæййы æмæ баруайы.

Кусарты кæцыдæр хæйттæ фынгмæ хастой уæларты фыхæй, иннæ хæйттæй алы хæрздæф кæрдæджытæ æмæ картофимæ кодтой лывзæ. Ацы хæринаг-иу куы рахастой, уæд-иу бадты адæм зыдтой: куывды рæстæгæн йе ’мбис фæци. Æмæ-иу уæд алчи зыдта, цы ’гъдау ратта, æмæ ма йæ цы кæнын хъæуы, уыдæттæ. Лæггадгæнджытæ фыдджынтæ рахастой, уæд æй афтæ æмбарын хъуыди: рæхджы хистæр бæркад расиддзæн. Хистæр дæр-иу фæкъæрцхъус – хъуыди йæ гаджидæуттæ фæцыбыр кæнын. Уыцы фæтк фыдæлтыккон рæстæг райгуырди царды домæнтæй æмæ уыди фæлхасгонд хæринæгтæн барæнау. Адæмон сфæлдыстады эпикон æмæ историон уацмысты арæх æвдыст фæцæуынц, иу абонæй иннæ абонмæ чи хаста, ахæм дæргъвæтин нæртон куывдтæ.

Бæрæгбæттæ-иу кæй ныддæргъвæтин сты, уый уыцы рагзаманты баст уыди адæмы цардыуаг æмæ фынджы ахастимæ. Гъе, æмæ ныр æнцондæрæй бамбардзыстæм, æфсæдынæн чи уыди, уыцы хъарм хæринæгтæ кæрæдзи фæдыл бæлвырд фæткмæ гæсгæ цæмæн хастой, уый. Уыцы хæринæгтæ сын лæвæрдтой хъару, алфамбылай дунейы цардхъомысдæттæг тыхтæ сын басгуыхтысты. Ноджы ма уыдысты ивылгæ рæстæджы барæнтæ. Горæтаг царды уавæртæ æгъдæутты афтæ æрцыбыртæ кодтой æмæ бæрæгбæтты рæстæг æрцыд сахæттæй нымад, бирæ цыдæртæ байрох сты. Бадты адæм райдианты бафсæдынц æмæ, фæстагмæ кæй рахæссынц, уыцы хæринæгтæм ма æрæвналынц æфсæрмæй.

Гъе, уыдæттæ систы фынджы кад æмæ бæркад барæнтæ. Уымæн æмæ фæстаг заманты фынгмæ бирæ фылдæр хæринæгтæ хæссын райдыдтой. Уый, фыццаджыдæр, афтæ уымæн у æмæ сарæх сты халсæрттæ æмæ кæсагæй конд хæринæгтæ. Æрæвæрынц уазал хæринæгтæ, адджинæгтæ æмæ дыргътæ дæр. Ам нымад нæ цæуынц динимæ баст къæлиндарон бæрæгбæттæ. Уыцы фынгтыл не ’вæрдтой халсартæ æмæ маргъы фыд, уæдæ дзы кæсагæн та йæ кой дæр нæ уыди. Æрмæст фæстаг рæстæджыты уыцы фæтк хæлын байдыдта.

Æнæмæнг ма бафиппайын хъæуы иу хабар: цы бæркад-иу сцæттæ кодтой, уый фынгтыл æвæрдтой, чи сфидар ис, ахæм фидар бæрцмæ гæсгæ. Уый тынгдæр хауы дзидзайӕ хæринæгтæм. Фынгыл чи кæм бады, уымæ æмæ кармæ гæсгæ уазджыты раз æвæрдтой дзидзайы бæлвырд хæйттæ. Абон дæр фынджы æгъдæутты æхсæн кадджын у хæйттæ дæттын. Ныр дæр ма раттынц хистæрты хай, кæстæрты хай, сылгоймæгты хай. Дзидзайы хæйттæ та уыдысты сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты æхсæн ахастдзинæдтæ æмæ кар бæрæггæнæг нысæнттæ.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй кусарты хæйттæй бæлвырд нысаниуæг кæмæн ис, ахæмтæ фыццаджыдæр уыдысты фых сæр, бæрзæй æмæ уæн. Сæр-иу рагацау йæ астæуыл дæргъмæ афастой. Бинаг æфсæр-иу (дзоныгъ) фæхицæн кодтой сæрæй – уый-иу уыди сылгоймæгты хай. Æгъдæуттæ зонæг лæгты ныхæстæм гæсгæ фынгыл æвæрд хæринæгты кадджындæрыл нымад цыди сæр. Бæрзæй уыди йæ хæдивæг. Уæн та, куывды æппæт дæр чи уыны, ахæм цæстдарæг. Арæх-иу афтæ загътой: «Сæр у сæйраг хай, бæрзæй – йæ хæдивæг, уæн – фæлгæсæг».

Кусæрттаг цавæр уыди, уымæ гæсгæ-иу уæн акодтой дыууæ кæнæ цыппар дихы, стæг-иу хъуамæ æнæхъæнæй баззадаид. Уый уыди уæны кæсæг дæснытæм дæтгæ. Уыдон-иу хъуамæ загътаиккой фæззæг хорджын уыдзæн æви нæ, сæ фосыл цас бафтдзæн… Уæны уæзæгтæм, урс æмæ сау тæппытæм гæсгæ, дам-иу, уæнæй фæрсджытæ базыдтой, кæмæ цы хъысмæт æнхъæлмæ кæсы, уый æмæ-иу сæ ныхас нæ фæмæнг. Уæнæй фæрсынмæ тынг æмхиц уыдысты фосдарæг адæмтæ . Ныртæккæ та уæн бадты адæмæн сси хиаирхæфсæн мадзал. Уый ууыл дзурæг у æмæ тагъд рæстæг, уæны кæсын чи зоны, æхæмтæ нал уыдзæн. Æппæты разæй фынг æрæвæрынц хистæрты раз. Ардæм рахæссынц дзидзайы хæйттæй кадджындæртæ. Цымыдисаг у, сæр æмæ бæрзæй æипæты фæстæ хæрд кæй æрцæуынц, уый. Ныры рæстæг æй раттынц дыккаг бон. Сыхаг зæронд лæгты сæрмагондæй æрбахонынц сæр æмæ бæрзæй хæрынмæ. Дзидзайы иннæ хæйттæ-иу кæронмæ æвæргæ ацыдысты, куыд дæлдæр æвæрдтой хуымæтæгдæр хæйттæ. Уыцы фæткмæ гæсгæ фынгмæ хастой чъиритæ дæр. Алы кары къорды размæ дæр хастой æртæ чъирийы кæрæдзиуыл æвæрдæй. Ацы уавæр комкоммæ баст у нымæцты магиимæ, ома, нымæц æртæ фæлхатгонд æрцæуы æртæ хатты.

Æртæ хистæры цур, науæд та уыдонæй чысыл дæлдæр æвæрдтой æртæ æртæдзыхоны. Сæрмагондæй-иу уырдæм конд æрцыдысты. Æртæдзыхæттæ сæ хуымæтæджы нæ хуыдтой. Сæ сæрыл сын-иу æрæвæрдтой рахис фарсы æртæ фæрскæй конд физонæг.

Фынджы астæуккаг хаймæ-иу рахастой æртæ тымбыл чъирийы. Уыдоны сæрыл æвæрдтой рахис базыг. Фынджы дæллаг кæрон, кæстæрты раз æвæрдтой æртæ тымбыл чъирийы æмæ хуылфыдзаумæттæй конд физонæг æхсырфæмбал. Бафиппаинаг сты, рахис æмæ фыццаг чи хуындысты, уыцы хæйтты фынгыл иумæ кæй æвæрдтой æмæ æртæ хистæры размæ кусарты кадджындæр хæйттæ кæй хастой, уыдæттæ. Кусарты сæрæй сины хайы онг хæйтты равæрдæн уыди бæлвырд нысаниуæг. Иннæ ахсджиаг бахынцинаг у иу фынгыл уæларты фых æмæ сурвых дзидза æвæрын. Бадты рæстæг-иу мæкъуыстæг æмæ базыджы хæйттæ кæнæ сгуы æнæхъæнæй баззадысты. Уыдон-иу нуазæнтимæ барвыстой кæнæ дыккаг фынгмæ (зæгъæм, чындзæхсæвы рæстæджы), кæнæ-иу сæ алæвæрдтой сæхи кæстæртæм. Ууыл дзурæг у ахæм ирон æмбисонд: «Хистæрæн – бæрзæй, кæстæрæн – сгуы».

Ирон адæмы цард хорз чи зыдта, адæмон сфæлдыстад чи æмбырд кодта, уый, Санаты Дзантемыр афтæ фыста: «Бæрзæй хиуылхæцгæ кары æвдисæн –  раттынц хистæрæн кæнæ та, йæ лæджы кармæ тагъд чи бахиздзæн, ахæмæн; уæн раттынц, дæс æмæ ссæдз азмæ æввахс кæуыл цæуа, ахæмæн, фæрсчытæ æмæ æндæр хæйттæ – цыппар æмæ ссæдз, фондз æмæ ссæдзаздзыд лæппутæн; фысы хъустæ та ралыг кæнынц чысыл лæппутæн». Мах рæстæджы фынджы бадджытæн кæддæрау сæ кармæ гæсгæ хæйттæ нал дæттынц, уæвгæ ма уæды æгъдæуттæй цыдæртæ баззади. Зæгъæм, хистæр æмæ кæстæр кар бæрæггонд цæуынц фæткмæ гæсгæ фынгæвæрдæй дæр. Хистæртæн – сæр, кæстæртæн –  рахис хъус. Фынджы уæлхъус та сæ бынæттæй. Хистæр – æппæты уæлейӕ, кæстæр – дæлейӕ. Хистæрты фынгыл æвæрд кадджын хæйттæй-иу кæстæртæн кæй алæвæрдтой, уый дæр куыннæ у цымыдисаг. Уыцы хæйттæн уыди æхсæнад иугæнæг нысан, ома, стæм иу æхсæнадæй, иу фæлтæр ивы иннæйы. Æниу фынджы æгъдау дæр афтæ нæ райдайы – Хуыцау æмæ йæ дзуæрттæн конд хæринæгтæн уыди уæлæрвтæ æмæ зæххон цард бæттæг нысан.

Кавказы рагзаманты цард иртасæг уырысы паддзахмæ æввахс уæздæттæй иу П.С. Уварова йæ фæндаггон фыстыты дзырдта ирон фынгæвæрды тыххæй. Иу хъуыдыйады йæ бон баци æгъдауы æппæт мидис равдисын: «Скомдзаг кæныны размæ бæгæныйы къус райста, йæ худ систа, не ’хсæн уырдыг слæууыд æмæ дзæвгар фæкуывта не сфæлдисæг Хуыцаумæ. Йæ цуры чи уыди, уыдон ын „оммен“ кодтой. Хуыцауæй нын куырдта алы хорзæхтæ. Мæ зæрдыл æрлæууыдысты рагон чырыстон æгъдæуттæ».

Ирыстоны фынджы æгъдау иухуызон кæнынц. Кæмдæрты дзы чысыл хицæндзинæдтæ вæййы, фæлæ, æмткæй райсгæйæ, рауайынц иухуызон. Уæвгæ фынджы æгъдæуттæн адæмон ахаст кæй ис, уый æмæ, куыд равзæрдысты, уыдæттæ хынцгæйæ раст нæ уаид, кæйдæр амындмæ гæсгæ йæ æппæт рæтты дæр æмхуызон куы аразын кæниккам, уæд. Гъе, фæлæ дзы адæм цы уд, цы фарн бауагътой, уый йæ бирæ сæдæ азты дæргъы бахъахъхъæдта æмæ йæ Ирыстоны кæмдæриддæр кæнынц иухуызон.

Фынджы хистæр сысты, йæ худ сисы, йæ рахис къухмæ райсы бæгæныйы къус, галиу къухмæ – æртæ фæрскæй конд физонæг. Вæййы афтæ дæр: йæ дыууæ къухæй сисы стыр къус, цонгивæзтæй йыл фæхæцы. Физонæг та сисы дыккаг хистæр. Кæдфæнды дæр уæллаг æмæ астæуккаг чъиритæ кæрæдзийæ афтæ фæиртасынц æмæ сæ иу рахисырдæм фæбыры, иннæ – галиуырдæм, кæнæ та иу – цæгаты ’рдæм, иннæ – хуссары ’рдæм. Хойрагæй, нозтæй фынгмæ цы рахæссынц, уыдонæй уæларвон тыхтæн кæй фæкувынц, уый зæрдыл даргæйæ фынджы æгъдау æнæмæнг хъуамæ афтæ райдайа.

Рагон æмæ астæуккаг заманты магион нымæц æртæ баст уыди, адæймагæн зæрдæрухс цы лæвæрдта, ахæм хабæрттимæ. Ууыл дзурæг сты ахæм ирон æмбисæндтæ: «Иу – æлгъыст, дыууæ – фæлдыст, æртæ – Хуыцауæн кувинаг.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.