20-æм сентябры Хуссар Ирыстон банысан кодта йæ сæйраг паддзахадон бæрæгбонтæй сæ иу – Республикæйы бон. Ацы бæрæгбоны цытæн нæ бæстæйы алы къуымы дæр уагъд æрцыдис алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлттæ.

Нæ Республикæйы сырæзты боны цытæн Санахъоты Гришикы номыл Дзауы скъола-интернаты кæрты дæр уыцы бон уагъд æрцыдис национ бæрæгбон «Ирон къæбиц», зæгъгæ, ахæм номимæ. Фæззыгон уæрæх кæрты бон раздæр бæрæгбонвæлыст скодтой скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытимæ, æрсагътой дзы ирон тырыса, æмæ йæ уый ноджы тынгдæр рафидауын кодта. Цæмæй ахуырдзау фæсивæд сæ зæрдæтæм арфдæр айстаиккой æмæ хуыздæр банкъардтаиккой бæрæгбон, уый тыххæй сын дыууæ боны дæргъы ауагътой сæрмагонд уроктæ, кæцыты сын бамбарын кодтой Республикæйы боны нысаниуæг. Сæ иумиаг æмбырды ахуыргæнджытæ фæндон бахастой, цæмæй сывæллæттимæ иумæ æрцæттæ кæной традицион ирон къæбиц. Æмæ 20-æм сентябры – æхцон музыкæйы зæлтæм фæсивæд авæрдтой фынг, кæцыйы байдзаг кодтой фæззæджы æркæнгæ бæркæдтæй æмæ сæхæдæг кæй æрцæттæ кодтой, уыцы ирон хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæй. Ардæм цы бирæ адæм æрбацыд, уыдоны ‘хсæн уыдысты Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Тедеты Альберт æмæ администрацийы ахуыры хайады гæс Джиоты Алыксандр.

Мадзал кæнгæйæ, скъола-интернаты директор Галуанты Залинæ æрбацæуджытæн арфæ ракодта бæрæгбоны цытæн æмæ сын цыбыртæй сæ зæрдыл æрлæууын кодта Республикæ расидыны истори. Хуссар Ирыстоны адæм  сæ хæдбардзинадыл куыд тох кодтой, уыдæттæ. Скъолайы директор ма йæ раныхасы уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта ахуырдзау фæсивæдæн, афтæ зæрдиагæй кæй æрцæттæ кодтой ирон къæбиц æмæ уыимæ иумæ кæй дарддæр кæнынц нæ фыдæлты традицитæ. «Мах хъуамæ архайæм æмæ хъомыл кæнæм ахæм фæлтæр, кæцытæ æнæмæнгдæр зоной ирон культурæ, традицитæ æмæ не ‘гъдæуттæ», – банысан кодта Галуанты чызг.

Скъоладзау фæсивæд æмæ ахуыргæнджытæн сæ бацæттæгонд мадзалы тыххæй бузныджы ныхæстæ загътой Джиоты Алыксандр æмæ Тедеты Альберт, афтæ ма æппæт республикæйы цæрджытæн арфæ ракодтой бæрæгбоны сæраппонд. Ирон къæбицы фысымтæ-ахуыргæнинæгтæ радзырдтой ирон традицион хæринæгты тыххæй æмæ уый фæстæ уазджытæм авæрдтой кувинæгтæ æмæ традицимæ гæсгæ сæхи Хуыцауæн бафæдзæхстой. Уырдыглæууæг фæсивæд кæй æрцæттæ кодтой, уыцы хæринæгтæ æмæ нуазинæгтæй æппæт уазджытæ дæр куы ацаходыдтой, уæд уый фæстæ мадзалы фæлгæтты райдыдтой хъæзтытæ дæр. Сывæллæттæ ерыс кодтой фат æмæ æрдын æхсынæй, бæндæн ивазынæй æмæ æндæр ахæмтæй. Бæрæгбон ацыд хъæлдзæг æмæ хæларæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.