Æвæдза,  цæй диссаг у цард. Хатт адæймаджы йæ хъысмæт кæдæм ахæссдзæн, уый йæхæдæг дæр нæ фæзоны. Не ‘мзæххонтæй дæр бирæты сæ хъысмæт  ахæссы зæххы къорийы алы къуымтæм. Ирон лæгыл сæмбæлæн ис, æгæрыстæмæй, Хуссар Африкæйаг республикæйы дæр.

Не ‘мзæххон зынгæ каскадер Уыртаты Эльбрус (кæнæ йæ арæх куыд хонынц, Брюс) райгуырд Цæгат Ирыстоны, фæлæ рауад афтæ æмæ 30 азмæ æввахс цæры Хуссар Африкæйаг Республикæйы Кейптаунмæ æввахс.  Сисынц æй  голливудаг фильмты, ис ын йæхи сæрмагонд каскадерты компани Film Equus, зæгъгæ. Æхасрдзинад, куыстуарзондзинад сты зын, фæлæ цымыдисон професси – каскадеры æрвылбонон царды миниуджытæ. Адæймаг трюктимæ  кинофильммæ куы фæкæсы, уæд хъуыды дæр нæ акæны ууыл, æмæ уыцы трюктæ саразыны тыххæй кæй фæхъæуы удуæлдай куыст кæнын.

Уыртаты Эльбрус у дунеон æмвæзады зынгæ каскадер. Уый йæ фæндаджы райдианы тыххæй афтæ радзырдта: «Мæ ныйарджытимæ Душанбейы куы цардыстæм, уæд уырдæм гастролты æрцыд советон циркы легендæ Тугъанты Михаилы труппæ, кæцы мын мæ зæрдæйы ныууагъта æнахуыр тæлмæнтæ. Уæд мыл цыдаид 13-14 азы, тынг схæлар дæн семæ æмæ-иу  урокты фæстæ уайтагъд бацыдтæн уыдонмæ. Мах дæр-иу сæ фæхуыдтам уазæгуаты. Артисттæ фæстæмæ куы аздæхтысты, уæд-иу сæм каникулты рæстæджы æрцыдтæн мæхæдæг. Афтæмæй мыл сæ цæст æрæвæрдтой. Тугъанты Дзерассæ мын йæхæдæг загъта: «Скъола каст фæуыны фæстæ дын алцыдæр хорз куы уа, уæд дæ райсдзыстæм нæ труппæмæ. Уыдон уыдысты мæ фыццаг къахдзæфтæ ме сфæлдыстадон фæндагыл».

Эльбрус скъола каст фæуыны фæстæ æрæздæхт Ирыстонмæ. Труппæйы къухдариуæгад йæ дзырды хицау разынд. Тынг популярон уыдысты, æппынæдзух уыдысты гастролты  æмæ Эльбрус афтæ æнхъæлдта, зæгъгæ, йæ ферох кодтой. Дзæуджыхъæуы бацыд хъæууонхæдзарадон институты ветеринарон хайадмæ – алыхатт дæр уарзта цæрæгойты æмæ абоны онг дæр кусы семæ. Фæлæ институт кæронмæ каст нæ фæцис. Труппæ æрæздæхт Хуссар Америкæйæ. Трюкты хайыл къухдариуæгад кодта Мамиты Махарбег, кæцы ссардта Эльбрусы æмæ йæ фæхуыдта кусынмæ. Афтæмæй уый ссис бæхджын джигитты коллективы иу хай. Йæ фыццаг гастролон горæт уыд Сочи. Райдыдта йын æндæр цард, куыста бæхтимæ, кæцыты уарзта чысылæй фæстæмæ. Цыппар азы фæстæ йæм æрсидтысты йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ. Æфсадæй куы æрæздæхт, уæд йæ царды райдыдта æндæр эпизод – фæхуыдтой йæ бæхты театрмæ, кæцыйыл къухдариуæгад кодта Хъантемыраты Мухтарбег. Йæ куысты фылдæр хай уыд уым, афтæмæй æрзылдысты æнæхъæн Европæйыл æмæ-иу бацахстой фыццаг бынæттæ. Афтæмæй йын джигитовкæйæ алцыдæр рахызт уæрæхдæр форматмæ. Африкæмæ фыццаг хатт бахаудта гастролон туры фæлгæтты æмæ уым цæргæйæ баззад ныр 30 азмæ æввахс. «1993 азы нæ фæхуыдтой Хуссар Африкæйаг республикæмæ нæ куысты фæдыл, бакуыстам дзы иу аз, фæлæ стæй контракт ноджы адарддæр кодтам. Уыцы азтæй райдыдта мæ бастдзинад киноиндустриимæ. Афтæмæй, куыдфæстагмæ æрбынат кодтон уым. Ацы республикæйы сæмбæлдтæн мæ цардæмбал, немыцаг чызгыл дæр æмæ нын абон ис æртæ сывæллоны – дыууæ лæппу æмæ иу чызг. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг рæстæджыты мын уыд тынг зын æцæгæлон бæстæйы, тынг мысыдтæн мæ уарзон Ирыстоны æмæ-иу мын куыддæр гæнæн фæцис, афтæ та-иу æрцыдтæн. Ирыстоны цæрынц мæ мад æмæ ме ‘фсымæр æмæ ардæм æрцæуын алы аз дæр. Хъыгагæн, мын ныр дыууæ азмæ æввахс, пандемийы аххосæй, фæзындæр ис цæуын мæ Райгуырæн Ирыстонмæ.

Хуссар Африкæйаг республикæйы сорганизаци кодтон мæхи каскадерон студи, кæцыйæн йæ сæйраг сконд стыр нæу, уым сты мæхи лæппутæ дæр. Каскадертæ масштабонæй фæисæм егъау проекты реализацимæ куы æрæвналæм, уæд. Каскадертæ æвзæрст  фæцæуынц  карзæй, уыдон хъуамæ зоной хæстон аивад дæр æмæ бæхыл цæуын дæр. Нæ компани нын зонынц иууылдæр. Ам кæд цалдæр ахæм студийы ис, уæддæр равзарынц мах студи. Нæ къухты бафтыд нæ куысты æмвæзад дунеон къласы онг скæнын. Мæнæн ма ис интернационалон къорд дæр,  кæцыйы уæнгтæ сты дунейы алы къуымтæй. Тынг мæ фæнды, цæмæй кадртæ цæттæ цæуой Ирыстоны дæр.  Фæнды мæ, цæмæй Цæгат Ирыстоны байгом æрцæуа каскадерты скъола. Ирон курдиатджын фæсивæд æнцонтæй сахуыр уаиккой, кæцыты мæ бон уаид мæ проекттæм фæхонын. Цæгат Ирыстоны раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ ныхас кодтон ацы фарсты фæдыл æмæ сразы ис мæ фæндыл. Уый бирæ уарзы бæхты.  Фæлæ ныр къуъхдариуæгад фæивта, фæлæ мæ ныфс ис мæ идеямæ ног къухдариуæгад дæр лæмбынæг кæй аздахдзæн йæ хъусдард, уымæй. Уый уаид кинематографы базæ, кæцы фадат радтит æрмæст фæсарæйнаг фильмты хайад исынæн нæ, фæлæ ма ам нæхимæ дæр сценæтæ исынæн. Акæсут ма, цахæм фæзуæттæ ис Ирыстоны. Мæнæн мæ бон у, æгæрыстæмæй, индийаг фильмты дæр Ирыстонмæ фæхонын. Фæлæ, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй хъæуы кадртæ. Кадртæ бынаты куынæ уа, уæд фильм куыд сисдзыстæм? Хуссар Африкæйаг республикæйы ацы фадыг абоны бон афтæ размæ рацыд, æмæ ардæм æрцæуынц актертæ, режиссертимæ, æмæ иннæты та ам баххуырсынц. Афтæ кусы ацы системæ. Мæ дыууæ лæппуйы – Ариан æмæ Александр дæр сты каскадертæ. Уыдон сæ райгуырдæй фæстæмæ сты бæхтимæ. Фермæмæ сæ кодтон мемæ, цыппараздзыдтæй сæхæдæг бадтысты понитыл. Сæхи хатынц куыд кæсаг доны, афтæ. Мæ чызг Меган дæр æвзонгæй архайдта ацы фадыджы, фæлæ ныр кусы туризмы къабазы», – радзырдта уый.

Ивгъуыд аз Уыртаты Эльбрус хайад иста индийаг фильмы. Фильм сисыныл бакуыстой дыууæ къуырийы, фæлæ райдыдта ковиды эпидеми. Хуссар Африкæйаг республикæ хъуамæ сæхгæдтаид йæ арæнтæ æмæ сæ уымæ гæсгæ бахъуыд ацæуыны сæр. Бантыст сын æрмæстдæр трюкты хай сисын æмæ иннæты та æнæ уыдонæй систой. Ацы фильмы хайад дзы исынц 15 каскадеры, уыцы нымæцы мæ дыууæ фырты – Ариан æмæ Александр дæр. Мах тырныдтам ахæм элементтæ саразын, кæцыты раздæр индийаг фильмты ничи арæзта, уыцы нымæцы джигитон трюктæ дæр уазал хæцæнгарзимæ. Мæ каскадертæ иууылдæр сты профессионалтæ, уымæ гæсгæ  серьезон травмæтæ нæ райсынц. Æххуыс нын кæны мæ хæлар Туаты Геннади, кæцы дунейы нымад цæуы бæхыл цæуынæй иууыл хуыздæр дæснытæй сæ иуыл.

ИРОН КАСКАДЕР ГОЛЛИВУДЫ

Уыртаты Эльбрус хайад райста бирæ масштабон проектты. Уымæн алы куыст дæр йæ зæрдæмæ лæууы æввахс, алкæцыдæр дзы цымыдисон у йæхирдыгонау. «Тынг мæ зæрдыл бадардтон сериал «Падение Трои». Уый мын уыд тынг хорз фæлтæрддзинад.  Ныфс мæ ис дунейы эпидемиолгон уавæр кæй æрбæстон уыдзæн æмæ та ногæй кæй райдайдзыстæм егъау проектты хайад исын». Курдиатджын каскадер хайад иста зынгæ кинонывты, кæцыты ‘хсæн сты «Миллион лет до нашей эры», «Копи царя Соломона», «От заката до рассвета» æмæ бирæ æндæрты.

«Гæнæн мын куы фæвæййы, уæд бацæттæ кæнын бæхты шоу, цыран фæархайынц 50 адæймаджы сæхи декорацитимæ. Бæхтыл цæуыны скъола кусы æппынæдзухдæр, сывæллæттæ дæр æмæ хистæр кары адæймæгтæ дæр тренировкæ кæнынц æрвылбон дæр фæлтæрдджын инструкторты къухдариуæгады бын. Ацы скъолайы фылдæр архайы мæ цардæмбал.

Мæ куыст сæйраджыдæр у бæхтимæ, кæцытæ нын фæлтæрæй-фæлтæрмæ радæттой нæ фыдæлтæ. Афтæмæй æз дунейы размæ кæнын Ирыстоны. Мæ фырттимæ кæмфæнды ма уон, немæ алыхатт дæр вæййы аланты тырыса. Мæ цардæмбалы сахуыр кодтон ирон уæливыхтæ кæнын æмæ хаттæй-хатт скæны. Мæ сывæллæтты ахуыр кæнын ирон æгъдæуттыл. Мемæ сæ æркæнын Ирыстонмæ æмæ афтæмæй ахуыр кæнынц ирон культурæйыл, æгъдæуттыл.

Мæ бæллиц у дунеон æмвæзадыл аланты тыххæй фильм сисын, цæмæй æнæхъæн планетæйæн фенын кæнон нæ истори, фæлæ уый тыххæй хъæуы егъау бюджет. Ныр та уал аразын, мæ бон цы у, уый. Зын мын у уый дæр, æмæ уартæ 20 азы размæ Ирыстоны бæхтимæ куыд куыстой, ныр афтæ кæй нал у. Кæй зæгъын æй хъæуы, зын мын у уый дæр æмæ мæ райгуырæн бæстæйы бæхты традицион скъолатæ æмæ джигитовкæйы аивад размæ кæй нæ цæуы, фæлæ кæй сæфы, уый», – радзырдта Уыртаты Эльбрус.

Ахæм стыр æнтыстытæ йæ къухты кæй бафтыдысты, уымæй ирон лæг йæхимæ нæ ныззынд æмæ баззад æргом, хæларзæрдæ адæймагæй, кæцы нæ рох кæны йæ чысыл Райгуырæн бæстæйы.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.