ХИПУ-йы банысан кодтой Мадæлон æвзаджы бон

Алы нацийæн дæр йе ‘взаг у сæйраг хæзна. Наци фидар уæд уыдзæн, æмæ йе ‘взаг куы æвæра æндæр æвзæгтæй бæрзонддæр.

Фæстаг рæстæджы не ‘хсæнады минæвæрттæ арæхдæр дзурынц ирон æвзаджы уавæрыл, йæ райрæзты фæндæгтыл, уымæн æмæ бирæтæ национ æвзаг цæмæдæр гæсгæ фыццаг бынаты нал æвæрынц. Уымæ гæсгæ арæзт цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ æмæ 15-æм майы дыууæ Ирыстоны дæр расидт æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбонæй. Ныр цалдæр азы бæрц, 2001-æм азæй фæстæмæ ирон æвзаджы бон нысан цæуы кадджын уавæрты.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон банысан кæныны сæраппонд ацы аз нæ республикæйы культурон уагдæтты æмæ скъолаты уагъд цæуынц мадзæлттæ мадæлон æвзаджы дарддæры рæзты тыххæй. Ахæм мадзæлттæ кæй уагъдæуы, уый æнæнхъæлæджы нæу: ирон æвзаджы хъысмæтыл чи тыхсы, ирон нацийы рæзт æмæ рæсугъд фидæныл чи архайы, уыдон хъæппæрисæй фæзынд не ‘взаджы рæзты хъуыды дæр. Æвзаг куыд рæза, афтæ рæзы наци дæр æмæ уый æмбаргæйæ нæ университеты ирон æвзаджы дæсны специалисттæ дæр сæ хæсыл банымадтой, цæмæй та радон хатт студенттæн уæлæмхас æрдзурой мадæлон æвзаджы рæзт æмæ хъысмæтыл, йæ алыварс цы ныхдуртæ лæууы, æппæт уыдоныл.

16-æм майы Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студентон клуб «Къоста» радон хатт æрбамбырд кодта университеты ахуыргæнинæгты æмæ ахуыргæнджыты мадæ-лон æвзаджы бæрæгбон банысан кæныны сæраппонд. Студенттæ ацы бон стыр цымыдисимæ байхъуыстой ирон æвзаджы райрæзт, йæ культурæ, афтæ ма ныртæк-кæ цы уавæры ис æмæ йæ разы цавæр проблемæтæ лæууы, уыдон фæдыл раныхæс-тæм.

Клуб «Къоста»-йы къухдариуæггæнæг, профессор Плиты Гацыр арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæй байгом кодта Мадæлон æвзаджы бæрæгбоны фæдыл цытджын мадзал æмæ цыбыртæй æрдзырдта æвзаджы нысаниуæгыл æхсæнадон царды.

– 15-æм майы мах цы бæрæгбон райдыдтам нысан кæнын, уый алкæмæн дæр зындгонд у. Ирыстонæн мадæлон æвзаджы бæрæгбон нымад æрцыд стыр бæрæгбоныл æмæ йæ хъуамæ нысан кæнæм кæддæриддæр. Æвзаг рагон хæзна у æмæ уымæ гæсгæ ацы бæрæгбонæн йæ нысаниуæг дæр егъау у. Æвзаг нацийы дарæг у æмæ нацитæ дих дæр æвзаджы тыххæй кæнынц. Адæймаг йе ‘взаг куынæуал зона, уæд уый мæгуырау хъуыддаг у. Абон алы наци дæр стыр тохыл лæуд у ацы фарсты. Уый æрмæст ирон æвзаджы тох нæу. Комкоммæ куы зæгъон, уæд ыл махæй лæмæгъдæр куыст ничи кæны. Махæй æгуыдзæгдæр йе ‘взаджы уавæр никæцы нацийæн у. Стæй мах æвзагыл цытæ æрцыд цæрæнбонты, ахæм уавæры дæр никæй æвзаг бахаудта. Æгæр хорз дæр у ирон æвзаг, уымæн æмæ уартæ тæтæр-монголты ныббырстæй райдайгæйæ æмæ нæ «фыдбоны» сыхæгты хæстон архайдтытыл фæугæйæ, не ‘взаг цы скъæрæнты бахауд, уый федтам æмæ ма афтæмæй Хуссар Ирыстоны адæм се ‘взагыл кæй дзурынц, уый дæр диссаг у. Кæддæр ЮНЕСКО дæр рахаста ахæм бæрæггæнæнтæ, зæгъгæ, æвзæгтæй бирæтæ мæлæты фæндагыл лæуд кæй сты, уыцы нымæцы ирон æвзагæн дæр тас у, зæгъгæ. Цæмæй уый ма уа, уый тыххæй наци хъуамæ йе ‘взагыл дзура. Æз ирон æвзагæн мæлынæй нæ тæрсын. Фæлæ æвзагмæ куы нæ зилай, куы нæ йæм хъус дарай, уæд бонæй бонмæ æгуыдзæгдæр æмæ лæмæгъдæр кæны. Æвзаг дзурын уарзы. Ис ахæм æмбисонд, зæгъгæ, фæндырæй куы нæ цæгъдай, уæд йæ хъæлæс сæфгæ кæны. Абоны бæрæгбоныл дзургæйæ, мах сæйраг фарстыл нымайæм, не ‘взаджы уавæр æмæ нæ дарддæр цы аразын хъæуы йæ уавæр фæхуыздæры тыххæй, уый. Мæнæн кæддæриддæр мæ ныхас у, цæмæй не ‘взагыл дзурæм æмæ йæ хъæздыгдæр кæнæм. Зæххыл куы фæзилæм, уæд, æвæццæгæн, не ‘взагæй хъæздыгдæр нæй. Фæлæ дзы нæ пайда кæнæм, æмæ уымæ гæсгæ Абайты Васо дæр фыста, зæгъгæ, уæ сы-вæллæттимæ уæ хæдзæртты дзурут уæ мадæлон æвзагыл, ахуыр сæ кæнут, цæ-мæй уарзой æмæ стыр аргъ кæной нæ национ литературæ æмæ культурæйæн. Нæ хæдзæртты абон иронау кæй нал дзурæм, уый алкæмæн дæр зындгонд у. Æвзаджы хъысмæт баст у ныййарджытæн сæхиуыл дæр, уыдон сæ хъомылгæнинæгтæм хъуамæ дзурой сыгъдæг ирон æвзагыл æмæ сæ цайдагъ кæной раст дзурыныл. Стыр хæс ис ацы хъуыддаджы сывæллæтты цæхæрадæттыл, скъолатыл æмæ паддзахадон организацитыл, Президентæй суанг  хуымæтæг æмбæстаджы онг. Зæгъæм, нæ хæдзарон мигæнæнтæй иу дæр ирон номæй ничиуал хоны, уый хауы хæринæгтæм дæр. Нæ факультетты фыццæгæм курсыты бакодтам ирон æвзаджы предмет æмæ уый тыххæй дæр бирæтæ февдисынц се ʻнæразыдзинад. Не ‘взаг иу бонæй æмæ уæлæнгай ахастимæ не сфидар кæндзыстæм, фæлæ йыл хъæуы кусын æппынæдзух. Абайты Васо цы стыр куыст бакодта ирон æвзаджы тыххæй, уый диссаг у. Историон-этимологон дзырдуат æрмæстдæр ис æртæ на-цимæ, уыдонæй иу ирæттæ сты. Уый та дзурæг у, рагон æмæ нын хъæздыг æвзаг кæй ис, ууыл. Абоны дуджы хорздзинæдтæй махæн иу уый у, æмæ  нын не ‘взаг ничиуал хъыгдары. Йе схъæздыг кæнын, къахыл æй слæууынæн та нын æндæр исчи ницы сараздзæн, нæхæдæг куы нæ бацархайæм, уæд. Уый фæдыл у нæ сæйраг ныхас ам, хуссары дæр æмæ цæгаты дæр цы мадзæлттæ уагъд цæуынц, уыдоны, – банысан кодта Плиты Гацыр.

Мадæлон æвзаджы бæрæгбоны тыххæй ма æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Райдиан ахуырады педагогикæ æмæ методикæйы кафедрæйы сæргълæууæг, доцент Хуыгаты Илья дæр. Уый адæмы зæрдыл æрлæууын кодта, раздæр дæр æмæ ныр дæр ирон æвзагæн кæй ис, нырма скъуыддзаггæнинаг чи сты, ахæм фарстытæ. Фæлæ абоны дуджы ирон æвзаг сæрибар кæй у æмæ дæлдзиныг кæй нал цæуы, уый тыххæй сразы ис йæ коллегæ Плиты Гацыримæ. «Ирон æвзаг, ирон культурæ æмæ æгъдæуттæ цыдысты дæлдзиныг. Нæ сæ уагътой размæ. 50-æм азты махмæ нæ областы цытæ æрцыд, уый алчи дæр зоны.

Интеллигенцийы куыд куынæг кодтой, ирон æвзаджы сæрыл-иу чи сдзырдта, уыдон ахстой æмæ сæ Сыбырмæ æрвыстой бирæ азты æмгъуыдмæ. Уыцы фæсивæдæй абон гас ничиуал ис. Гуырдзы уæд тыхæй ирон скъолаты ракодтой гуырдзиаг скъолатæм. Уый цæмæн афтæ уыд? Уымæн æмæ цæмæй ирон адæм æрцыдаиккой ассимиляцигонд, фесæфтаид не ʻвзаг, нæ культурæ, не ‘гъдæуттæ æмæ сгуырдзиæгтæ уыдаиккам. Фæлæ, табу Хуыцауæн, арв куыд нæры, афтæ нæ цæвы, рæстæг фæивта. Уæддæр ирон æвзаджы нæ уагътой размæ, куыд æм æххæссыдысты, афтæ йæ дæлдзиныг кодтой. Ныр та мах систæм хæдбар паддзахад æмæ нæ бартæ нæхи къухтæм райстам. Дарддæр та хъæуы кусын не ʻвзаджы рæзтыл, цæмæй размæ цæуа æмæ дидин æфтауа.

Ирон æвзагыл дзурджытæ патриотикон ахаст куы нæ дарой се ‘взагмæ, уæд уыдон мадæлон æвзаг хъахъхъæнджытæ нæ уыдзысты. Гъе, æмæ уæдæ алчидæр хъуамæ хъахъхъæна йæ мадæлон æвзаг æмæ йæ уарза куыд йæ мады, афтæ, – загъта Хуыгаты Илья.

Даррдæр, мадæлон æвзаджы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта ирон æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг, доцент Дзиццойты Юри. «Ирон æвзагыл мах хъуамæ дзурæм æрмæст афæдз иу хатт нæ, фæлæ алы бон дæр. Дыккаг та мæ уый зæгъын фæнды, æмæ ирон æвзаг знон цы уавæры уыд, абон уыцы уавæры нæй. Абон йæ уавæр у хуыздæр. Цæмæн? Раджы йын нæ уыд паддзахадон æвзаджы статус, абон та йын ис. Æндæр хъуыддаг у, мах куыд æмбарæм паддзахадон статус æмæ йæ куыд æххæст кæнæм уый. Паддзахадон æвзаджы статус амоны уый æмæ уагдæттæ Президентæй райдай, Парламент, тæрхондон æмæ æххæстгæнæн органтæ, се ‘ппæт дæр сæ куыст кæй хъуамæ кæниккой дыууæ æвзагыл. Куы азилæм, уæд фендзыстæм: паддзахадон организацитæй иу дæр йæ куыст нæ кæны, ома, гæххæттыл фыст у, конституцийы ис, фæлæ йæ æххæст нæ кæнæм. Ис ын йæхи объективон аххосæгтæ. Цæмæй тæрхондон ракæнай ирон æвзагмæ, уый тыххæй уал хъуамæ дæ разы æвæрд уа терминологон дзырдуат, юридикон терминты дзырдуат. Уый куы нæ уа, уæд ницы сараздзынæ. Уыцы дзырдуат саразын та кæсы æрмæстдæр нæхимæ.

Паддзахадон æвзаджы программæйы кой скодтам æмæ зæгъын хъæуы, кæй йын бантыст бирæ. Фæлæ уæддæр дзæвгар сты ахæм фарстытæ, мах кæй нæ аскъуыддзаг кодтам æмæ нырма дæр аскъуыддзаг кæнинаг чи у. Уыдонæй иу у  юридикон, политикон, историон терминты терминологон ирон-уырыссаг æмæ уырыссаг-ирон дзырдуат саразыны хъуыддаг. Уый куы нæ уа, уæд æвзаг йæ функцитæ не ‘ххæст кæндзæн.

Нæ Парламенты суагъæтæ дæр фыст цæ-уынц уырыссаг æвзагыл, кæд-иу сесситæ ауагътам ирон æвзагыл, уæддæр (мæ рæстæджы). Уымæн æмæ-иу загътой, зæгъгæ, йæ иронау саразын нæ зонынц. Ацы хъуыддаджы паддзахадон органтæ сты аххосджын. Уымæн æмæ уыдон кусæг куы фæисынц, уæд æй бафæрсынц, зæгъгæ, уырыссагау æмæ компьютерыл зоны æви нæ. Ирон æвзаг та сæ ферох вæййы. Хъуамæ-иу æй басгариккой ирон æвзагæй дæр. Кæд нæ зоны, уæд та йæм хъæуы фæкæсын, цæмæй йæ хуыздæр сахуыр кæна. Уымæй дарддæр, проблемæтæ ноджы бирæ. Мæн ма фæнды зæгъын уый æмæ та ногæй кæй хъæуы фондз азы æмгъуыдмæ райсын ирон æвзаг сахуыр кæнын, райтынг æмæ йе сфидары тыххæй ног программæ. Хъæуы нæ ирон ахуыргæнæн чингуытæ нæхимæ дæр æмæ цæгаты дæр. Юридикон терминты кой æнæхъуаджы не скодтон, саразын нæ хъæуы Терминологон къамис дыууæ Ирыстонæн дæр, цæмæй иумæ кусой æмæ кæрон æркæной ахæм дзырдтæн: иуæрдыгæй  зонад æмæ иннæрдыгæй та  наукæ. Ацы хъуыддагæй куы фæхицæн уæм Цæгат Ирыстонимæ, уæд махмæ фæзындзæнис дыууæ ирон æвзаджы, куыд, зæгъæм, фæзындысты туркаг æмæ азербайджайнаг æвзæгтæ, кæд иу æвзаг уыд, уæддæр. Се ‘хсæн сын паддзахадон арæн сæвæрдтой æмæ уый адыл сабыргай ахицæн сты. Ныртæккæ сты дыууæ хицæн æвзаджы. Ацы фарстытæ сты æппæты ахсджиагдæртæ æмæ ахæм хъуыддæгты руаджы ирон æвзагæн сфидар кæнын хъæуы йæ престиж», – йæ ныхас балхынцъ кодта Дзиццойты Юри.

Бæрæгбонон мадзалы ма ирон æвзаджы хъысмæтыл сæ хъуыдытæ загътой университеты ирон æвзаджы специалисттæ: Тыбылты Ингæ, Куыдзеты Ирæ æмæ Плиты Серго. Уыдон æрсидтысты студенттæм, цæмæй лæмбынæгдæр хъусдард здахой сæ ма-дæлон æвзагмæ, уарзой йæ æмæ йыл лæгъзæй дзурой. Фæдзæхстой сæ, цæмæй сæ исчи ноджы арфдæр сахуыр кæна ирон æвзаг æмæ йæ иртаса йæ дарддæры размæцыды хæрзæбонæн. Студенттæ дæр сæ рады бузныджы ныхæстæ загътой рухс фæндагмæ сæ чи кæны, сæ уыцы ахуыргæнджытæн æмæ уый фæстæ аив бакастысты мадæлон æвзагыл æмдзæвгæтæ.

Мадзалы ма загъд æрцыдис ахæм хъуыды дæр, зæгъгæ, кæд ирон адæм дыууæ дихы сты цæгат æмæ хуссарыл, уæддæр стæм иу туг æмæ иу стæг æмæ уымæ гæсгæ бирæтæ æнæраст хъуыддагыл нымайынц, зæгъгæ, нын иу гимн кæй нæй, уый. Фæлæ цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы æмæ дыууæ Ирыстоны баиу кæныны бæллиц, чизоны, æввахс рæстæджы сæххæст уа.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.