Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты актон залы уагъд æрцыдис ирон литературон конференци. Бацæттæ йæ кодта университеты ректорат æмæ университеты ирон литературæйы историйы кафедрæ. Конференцимæ фæхуындæуыд æмæ йæ куысты хайад райстой республикæйы скъолаты ирон литературæйы ахуыргæнджытæ, ахуыргæндтæ, университеты лектортæ æмæ студенттæ, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Конференцийы «Нывафыст модултæ ирон литературæйы», зæгъгæ, ахæм темæйыл доклад сарæзта уырыссаг филологи, журналистикæ æмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультеты декан Биазырты Аллæ. Уый райдианы банысан кодта, зæгъгæ, литературæйы алы авторæн дæр ис йæхи бынат æмæ зæгъинæгтæ. Алы литературон уацмысæн та, раныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ, кæд фыст æрцæуынц хицæн рæстæджыты, уæддæр февдисынц, рæстæгæн куыд йæ хорз, афтæ – йæ мæгуырау миниуджытæ дæр. Сæ сæйрагдæр хъуыдытæ, фæндтæ æмæ аразинаг хæстæ вæййынц, цæмæй адæмæн уарзын кæной Фыдыбæстæ, куыст, цайдагъ сæ кæной царды раст фæндагыл. Кæд автортæй алкæмæн уыцы хæстæ сæххæст кæнын  æмхуызон нæ бантысы, уæддæр сæ алчи дæр цасдæрбæрцæй сæххæст кæны, уацмыс ныффыссыны размæ йæ разы цы хæстæ сæвæры, уыдон.

Университеты ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг Плиты Гацыр та йæ ныхас райдыдта, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæ уадзын хъæуы арæхдæр, уымæн æмæ куыд литературæйы ахуыргæнджытæн, афтæ литературæйæн дæр сты  стыр æххуыс. Уымæн æмæ куыдфæнды ма зæгъæм, не скъолаты ахуыргæнджытæ дзы сæхицæн ссарынц æмæ райсынц къорд ногдзинады. Уый ма загъта ахæм хъуыды, зæгъгæ, бирæ хуыздæр уаид, ахуыргæнджыты ардæм куынæ хониккам, фæлæ сæм куы цæуиккам скъолатæм æмæ уым куы уадзиккам ахæм литературон конференцитæ.

Дарддæр Плиты Гацыр банысан кодта, зæгъгæ, предметтæ се ‘ппæт дæр сты ахсджиаг, хъæуынц æнæгуырысхойæ, фæлæ махæн, нæ адæмæн, абон æнæмæнгхъæуæг æмæ ахсджиагдæр у нæ ирон литературæ. Æрмæст уымæн нæ æмæ йæ хъуамæ зонæм, фæлæ цасдæрбæрцæй кæй фæцудыдта, схæцын ыл кæй хъæуы,   сæйраджыдæр уый тыххæй. Уый та хуымæтæджы хъуыддаг нæу, уымæн æмæ арæх фехъусæн ис, зæгъгæ, уæлдæр математикæйæ литературон уацмысæн анализ аразын æнцондæр нæу. Чизоны ацы хъуыды æххæст раст нæу, фæлæ дзы æцæгдзинад дæр бирæ кæй ис, уый нæу дызæрдыггаг. Нывæфтыд литературæ дæтты хъомылдзинад æмæ уый та хуымæтæджы фарст нæу æмæ нæдæр уыдзæнис. Фыссæг йæ уацмысы æппæт фæлгæндзтæ дæр ирдæй куы равдиса, уæд æй адæм æнæбауарзгæ нæ фæуыдзысты. Фыссæджы сфæлдыстады бирæ темæтæ ис, фæлæ йæ сæйраг темæ у Фыдыбæстæ, адæм уарзын. Уацмысы уыдон  алыгъуызон фæлгæндзтæй æххæст куынæ уой, уæд уый нæу литературон.

Уый фæстæ ма, литературæйы стыр бынтæ чи скодта, уыдонæй цалдæры æмæ литературæйы тыххæй докладтæ сарæзтой Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон æмæ нæ университеты лектор Плиты Серго.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.