Бæргæ-иу афтæ куы уаид, æмæ, Ирыстон сæрыстыр цы адæймæгтæй у, уыдоны гуырæн бонтæ, юбилейтæ æнкъард, æрхæндæгæй куы нысан кæниккам, сæ сæдæ азы сæрты-иу куы акъахдзæф кæной, æрмæстдæр уый фæстæ, уæд нæ цард рæсугъддæр уаид, нæ миддуне та – хъæздыгдæр. Хъыгагæн, цард мах куыд фæнды, афтæ нæ вæййы, уымæн йæхи закъæттæ, йæхи фæндæгтæ ис.

Бæргæ Æлборты Хадзы-Умар дæр йæ 80 азы юбилейыл сæрæгасæй, æнæнизæй куы сæмбæлдаид, фылдæр ын куы бантыстаид ирон адæмæн, ирон литературæйæн балæггад кæнын, фæлæ йын хъысмæт 72 азы йедтæмæ цæрæнбон не сныв кодта. Æниу, ахæм адæймагæн йе ‘мтуг адæммæ, йæ райгуырæн Ирыстонмæ йæ уарзт, йæ патриотизм равдисынæн, ирон литературæмæ ахадæн хуынтæ бахæссынæн уый дæр фаг уыд.

Æлборты Хадзы-Умары тыххæй сæ хъуыдытæ дзырдтой йæ хæлæрттæ, йе ‘мсисонтæ, хæстæджытæ, Культурæйы министрады минæвæрттæ, горæты централон библиотекæйы кусджытæ поэты 80 азы юбилейы цытæн цы литературон изæр сорганизаци кодтой, уым.

Библиотекæйы сæргълæууæг Ирина Прокопенко куыд банысан кодта, афтæмæй Æлборты Хадзы-Умар бирæ бæрнон бынæтты куыста, фæлæ йæ зæрдæ никуы сивта ирон поэзийыл. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ мыхуыр æрцыдысты журнал «Фидиуæг»-ы 1955 азы, йе ‘мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Фæдисон» та рухс федта 1964 азы. Йе сфæлдыстады аккаг бынат ссардтой цыбыр философон, пейзажон æмæ уарзон нывафыстытæ, цыран уый æвдисы, зæрдæйæ цы æнкъары æмæ уыны, уый. Уыцы нывафыстыты æмбырдгонд дæр уый тыххæй рахуыдта  «Зæрдæйы цæстытæй».

Хадзы-Умар йæ миддуне хъæздыг кодта ирон æмæ  дунеон классикты поэзийæ. Йæ уарзон поэт уыд испайнаг литературæйы классик Гарсия Лорка, кæцыйы æмдзæвгæтæй цалдæры ратæлмац кодта ирон æвзагмæ.

Æлборты Хадзы-Умар уæзгæ хай бахаста ирон литературæйы къæбицмæ. Йæ уацмыстæй бирæтæ тæлмацгонд æрцыдысты æфсымæрон адæмты æвзæгтæм. Йæ ном никуы ферох уыдзæн йе сфæлдыстадæн табугæнджытæй, йæ раттæг адæмæй, æнустæм цæрдзæн ирон адæмы зæрдæты.

Мадзал уадзæг Гуыззыдтаты Этери куыд радзырдта, афтæмæй Æлборты Хадзы-Умары сфæлдыстады бæрæгæй зыны йæ райгуырæн Ирыстонмæ, йæ раттæг ирон адæммæ поэты уарзондзинад.

Библиотекæйы кусæг, Хъотайты Маринæ бакаст Æлборты Хадзы-Умарæн йæхи къухæй фыст автобиографи, цыран поэт банысан кодта, æртæ мæйдзыдæй фыдæй сидзæр баззайæг лæппуйы дыркъуым цардвæндаг, йе ‘нтыстытæ æмæ фæллойадон архайд.

Йæ рады  Æлборты Хадзы-Умары хæлар, профессор Плиты Гацыр дæр радзырдта поэты ирондзинады, йæ адæймагдзинады, поэзийы фадыджы йæ курдиаты тыххæй.

«Хадзы-Умар уыд йæ Райгуырæн бæстæйы, йæ адæмы патриот, йæ мадæлон æвзагыл æрхъæцмæ дæр чи нæ лæууыд, ахæм адæймаг. Поэтикон æвзагæй уый бирæ фæтох кодта йæ нацийы тыххæй дæр, йе ‘взаджы тыххæй дæр, куысты тыххæй дæр,  политикæйы тыххæй дæр, федта царды æнæрæстдзинæдтæ,  федта, йæ зæрдæ цæмæй фæрыст, ахæм нывтæ, федта, рæсугъд Цæдис куыд фехæлд, æрæййæфта, фысджытæн сæ кад уæларвмæ куы истой, уыцы дуджы фехæлд дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы диссæгтæ Хадзы-Умар йæхи цæстæй федта, æмæ йæ куы зæгъæм, уæд йе ‘нусон бынатмæ зæрдæрыстæй ацыд», – дзырдта Плиты Гацыр.

 «Махæн кæддæриддæр Хадзы-Умар ис нæ литературон зиууæтты ‘хсæн. Цалынмæ ирон æвзаг цæра, цалынмæ йыл дзурæм, уæдмæ немæ уыдзæн Хадзы-Умар дæр», – загъта профессор æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, абон фæсивæд сæ хъус нал дарынц фыссæджы дæсныйадмæ, уымæн æмæ уыцы дæсныйадæй не схъæздыг уыдзысты, уыдон нæ зонынц фыссæджы ном æнæмæлгæ кæй у, уый йæ уацмыстæй йæхицæн цырт кæй аразы. 

Дарддæр ныхасы рацыд Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон. Уый куыд радзырдта, афтæмæй Хадзы-Умар куыд адæймаг, афтæ дæр æмæ куыд поэт, афтæ дæр уыд хæдгъуыз.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, верлибр (прозæйы хуызы æмдзæвгæтæ)  ирон поэзимæ ныфсджынæй чи бахаста,  уый уыд Æлборты Хадзы-Умар.

«Верлибр ирон литературæйы æрбиноныг уыдаид, уый  бирæты нæ уырныдта, фæлæ  сæйраджы сæйраг æрбиноныг Æлборты Хадзы-Умары руаджы. Уый тынг хорз фыста классикон формæйы æмдзæвгæтæ дæр, фæлæ-иу йæ иууыл зæрдæ-бындæр дзуринæгтæ уæддæр  загъта верлибрæй», – банысан кодта Хъазиты Мелитон.

Æлборты Хадзы-Умар Фыдыбæстæйыл цы уацмыстæ ныффыста, уыдон бæрæг адджындæр сты чиныгкæсæгæн. Уый Ирыстоны æфхæрд нæ быхста, уадид-иу ныффыста кæнæ æмдзæвгæ, кæнæ та  литературон критикæйы хуызы уац.

Уымæн иууыл зынаргъдæр æмæ табуйагдæр уыдысты Фыдыбæстæ æмæ Мадæлон æвзаг. Йæ уацмысты уыдон кæрæдзийæ нæ хицæн кæнынц,    йе сфæлдыстад уыдоныл æнцой кæны. Поэт куыд дзырдта, афтæмæй,  Фыдыбæстæ тыхджын у æмæ йæ уарзын кæны Мадæлон æвзаг.

Æлборты Хадзы-Умар нæ быхста ирон æвзаг дæлдзиныг кæнын. Уый æппынæдзух архайдта, цæмæй йæ ныхас уыдаид раст, кæддæриддæр дзырдта рæстдзинады сæрыл.  Йæ зæрдæмæ тынг иста Ирыстоны æрцæугæ трагикон цаутæ. Фæстаг азты йæ уацмысты уый равдыста, Хуссар Ирыстон цы æндыгъд, хæстон уавæрты цард, уый. Уый йæ уацмысты йæ зæрдæйæ кæй фæрсыгъта, йæ адæмы рыстæй йæ зæрдæ кæй хъæрзыдта, йæ Фыдыбæстæйы трагикон цаутæй йе ‘нæрынцой уд кæй рыст, йе ‘нæниздзинад дæр уый тыххæй фæцудыдта æмæ æнæ рæстæджы дæр уый тыххæй ахицæн а-дунейæ.

Хъазиты Мелитоны ныхæстæм гæсгæ, хæсты темæйыл фыст уацмыстæй иууыл хуыздæр Æлборты Хадзы-Умары фыст уацмыстæ сты.

Æлборты Хадзы-Умар зындгонд у æрмæст поэзийæ нæ, фæлæ йæ критикон уацтæй дæр,  уый уыд хорз литературон критик. ХИПУ-йы ирон кафедрæйы лектор Плиты Сергойы ныхæстæм гæсгæ, ныры рæстæджы нал ис Ирыстоны литературон критиктæ.

Газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Гæбæраты Юри куыд ра-дзырдта, афтæмæй  фыссæджы тыххæй бирæ дзурын нæ хъæуы, уымæн æмæ фыссæг йæ уацмыстæй сном кæны йæхицæн.

Уый банысан кодта Хадзы-Умары лæджыгъæд, адæймагдзинад, уæз-дандзинад, ирон æгъдауыл хæст кæй уыд, ирон лæгæн кад цы хъуыддаг нæ кæны, уый йæ сæрмæ кæй нæ хаста, æппæт уыдæттæ.

«Æлборты Хадзы-Умар йæ царды фæстаг азты Ирыстоны тыххæй цы уацмыстæ ныффыста, уыдоны бæрæгæй зыны Фыдыбæстæмæ йæ уды уарзт. Уыцы уарзт æмæ сагъæс уый равдыста иу куплетæй конд æмдзæвгæйы хуызы: «Омæ чысыл куы дæ, Ирыстон, уæд куыд стыр у дæ маст», – загъта Гæбæраты Юри. 

Горæты скъолаты ахуырдзаутæ, уыцы нымæцы поэты фырты фырт Аслан дæр бакастысты поэты фыст æмдзæвгæтæ. Поэты æрвад Æлборты Къоста дæр бакаст, Æлборты Хадзы-Умары тыххæй уырыссаг æвзагыл цы æмдзæвгæ ныффыста, уый.

Æлборты Хадзы-Умары юбилейы цытæн литературон изæры ма хайад райстой культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, Культурæйы министрады методист Дриаты Нателлæ, горæты администрацийы Культурæ, фæсивæд æмæ спорты управленийы сæргълæууæг Тасойты Игорь, уыцы управленийы сæйраг специалист Цхуырбаты Палинæ æмæ æндæртæ.

Уыдон дæр хъарм ныхæстæй æрымысыдысты Æлборты Хадзы-Умары, банысан кодтой, поэтимæ сын цы  ахастытæ уыд, уый, радзырдтой йын йæ адæймагон миниуджыты тыххæй.

Мадзалы кæрон Æлборты Хадзы-Умары  фырт,  Хуссар  Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг  Æлборты Æхсæртæг бинонты æмæ мыггаджы номæй бузныджы ныхæстæ загъта библиотекæйы кусджытæн, йæ фыды цытæн литературон изæр кæй бацæттæ кодтой, уый сæраппонд  раарфæ кодта  æрæмбырдуæвджытæн се ‘ппæтæн дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.