Дзæуджыхъæуы мыхуыры рацыд «Ирон нартиадæйы энциклопеди»-йы æртæтомоны дыккаг чиныг. Уæрæсейы Зонæдты академийы Дзæуджыхъæуы зонадон центры директор Цыбырты Алексей куыд радзырдта, афтæмæй проект у 50 ахуыргондæй фылдæры дæс азы куысты хатдзæг.

«Æппæт энциклопеди у егъау масштабон проект, кæцыйы хуызæн нæй нæдæр постсоветон тыгъдады æмæ нæдæр дунейы. Фæстаг дæс азы иууыл алыгъуызондæр ахуыргæндты стыр коллектив — 50 адæймаджы бæрцæй Цыбырты Людвигы сæргълæудæй реализаци кодтой ацы проект. Æппæт куыстытæй сырæзт æртæ томы. Уыдонæй фыццаг дыууæ томы ныридæгæн рухс федтой», — загъта Цыбырты Алексей.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, проекты презентаци ауадзын план кæнæм æртæ томы иууылдæр куы рацæуой, уый фæстæ. «Æввахс рæстæджы рацæудзæн æртыккаг том дæр, æмæ уæд махæн нæ бон суыдзæн проектæн презентаци саразын æмæ бузныг зæгъын йæ реализацийы хайад чи иста, уыдонæн», — йæ ныхасмæ бафтыдта зонадон центры директор.

«Æртæ томы æххæстæй æмбырд куы æрцæуой, уæд райдайдзыстæм сæ реализаци. фыццаджыдæр горæт Дзæуджыхъæуы. Тиражы бæрæг хай ратдзыстæм Хуссар Ирыстоны чиныгуæйгæнæн магазинтæм дæр», — банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.