РОНГ

Нарты кадджытæй куыд бæрæг у, афтæмæй нæ фыдæлтæ æппæты фыццаг базыдтой ронг аразын. Ронг фыхтой мыдæй алыгъуызон хæрздæф, пайдайы кæрдæджытимæ.

Ронг фыццаг сарæзтой Нарты сылыстæг. Хъуыддаг æцæгæй та уыд афтæ: Иухатт Нарты сылыстæг загътой, нæ лæгтæ æдзух балцуаты цæуынц, æдзух уыдон æрхæссæггæгтæм кæсæм, цæй æмæ сын се ‘рцыдмæ мах дæр исты æрæфтиаг кæнæм. Æмæ махæн цы нæ бон у?  загътой сæ иутæ. Мах та суг æрæфтауц кæнæм, йæ ныхас баппæрста иннæ сылггоймаг æмæ сæ хъуыды Сатанайæн зæгъынмæ бацыдысты. Сæ фæнд Сатанайы зæрдæмæ фæцыдис æмæ афтæ зæгъы: марадз æз дæр уемæ ацæуон æмæ араст сты. Хъæды арфы куы бацыдысты, уæд сыл тыхдымгæ сыстад æмæ бæлæсты бындзарæй фæлдæхта. Нарты сылыстæг стыхстысты. Дымгæ куы æрлæууыд, уæд кæсынц æмæ бæлæсты бынæй мыдыбындзытæ стахтысты. Сатана фæкомкоммæ мыдадзы кæрдихтæм. Бацыдис сæм æввахс, йе ‘взагыл сæ адардта æмæ йæ зæрдæмæ фæцыдис. Фæцыдис адджын мыд иннæты зæрдæмæ дæр æмæ сын Сатана афтæ зæгъы, цæй сугты бæсты адон ахæссæм. Нарты сылыстæг бæрз-бæлæсты цъæрттæ бастъыгътой, чыргъæдтæ сæ сарæзтой, бындзыты уым нывæрдтой æмæ сæ æрцахстой. Бындзытæ сæ нæмгæ дæр фæкодтой æмæ снæрстысты сæ къухтæ, сæ къæхтæ, сæ цæсгæмттæ æмæ Нарты зæрæдтæ дис кодтой. Ай цы диссаг у, Нарты сылыстæг хъæдмæ куы ацыдысты, уæдæй фæстæмæ цавæр нард систы.

Уæд Нарты сылгоймæгтæн Сатана афтæ зæгъы, цæй æмæ нæ бæлццæтты æрцыдмæ ронг скæнæм æмæ сæ сбуц кæнæм. Уыдон дзы куы банызтой, уæд дис кодтой, нырмæ нын цæуылнæ арæзтой ахæм хорз нозт.

Ронгыл зад нæ кодтой. Фыхти гæзæмæ хуымæллæгдыхæй, æнхъызти цырвы руаджы. Æнхъызтис дзæвгар рæстæг, сæны хуызæн, талынг æмæ сыгъдæг бынæтты. Сæнхъизыны фæстæ йæ фæрсыгътой сасирæй. Ныффæрсудзыны фæстæ цас фылдæр алæууыдаид, уыййас уыдис хæрзаддæр. Йæ нуазынæн фыдæлтæ дардтой хъæдын нуазæнтæ. Ронг нуазæн кæхцыты астæу уæлдай кадджындæр уыди «Уацамонгæ». Таурæгъты куыд баззад, афтæмæй «Уацамонгæ»-йæн уыдис стыр кад, Цыкурайы фæрдыгау æй æвæрдæй дардтой сыгъдæг хатæнты. «Уацамонгæ»-йы нæртон адæм æдзух дардтой ронг кæнæ æлутоны бæгæны.

Абон «Уацамонгæ» паддзахадон хорзæх кæй ссис, уый нысан кæны йæ кæддæры кады бæрзæндмæ та кæй схызтис, уый.

АРАХЪ

Нæ фыдæлтæ иууыл карздæр нозт арахъ уадзыныл фæцалх сты æрæджы  фæстаг дыууæ æнусы. Сæхи æрымысгæ кæй нæ уыди, уый бæрæгæй зыны йæ арæзтыл дæр, стæй таурæгътæ æмæ кадджыты дæр. Арахъхъ, сæйраджыдæр, арæзтой хорæй, уымæн æмæ уый æнцондæр тайæн уыд. Иуныхасæй, арахъ  скæнын дæр зонын хъуыди, фæткыл хъуамæ уыдаид йæ арæзт æмæ уыдæттæм та алчи нæ арæхст. Арахъæн йæ карз бæрæг кодтой артыл дзы чысыл бакалгæйæ.

Ногуагъд арахъ нуазын нæ фыдæлтæ æгъдауыл нæ нымадтой. Цас фылдæр алæууыдаид фæсуагъд, уыййас нымад цыдис карздæр, бадтдæрыл, хæрзаддæрыл. Ногуагъдæй дзы аджы уæлхъус баназын лæгау-лæг йæ сæрмæ нæ бахастаид, худинаг уыд.

Раздæр ирон æгъдаумæ гæсгæ карз нозт алыбон нæ нуæзтой. Уый тыххæй хъуыди бæрæг æфсон, кæнæ хъуамæ уыдаид куывд, гъе чындзæхсæв, кæнæ зианы фынг. Фæлæ йын ахæм рæтты дæр зыдтой йæ бæрц. Нозт-джынæй уынджы ацæуын, адæмы астæу æрлæууын, дæ бинонтæм бацæуын, уыдис стыр худинаг. Æгъдауджын нæлгоймаг нозты фæдыл нæ цыдис, сæхи къухтæй нозт нæ райстаиккой æмæ йæ нæ банызтаиккой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæддæр-иу дзы разынд ахæм гуыбындзæлтæ, æгадгæнджытæ. Ахæм адæй-мæгты хуыдтой Ирыстоны фарнхалджытæ, æгадгæнджытæ.

Нæ фыдæлты æмбисæндтæм куы æркæсæм, уæд арахъæй кувинагыл Стыр Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæ дæр не ‘ввæрсыдысты, нымадтой йæ дæлимоны радтинагыл, фыдбылызы нуазинагыл. Арахъ куыд фæзынд, уый бæрæг нæу, уымæн æмæ йæ хуыдтой хæйрæджы радтинаг – адæмы зонд дзæгъæл кæнынæн.

Нæ фыдæлтæ куыд дзырдтой, афтæмæй адæймагæн ис зæды æмæ хæйрæджы хай дæр. Зæды хай йæ æфтауы раст хъуыддæгтыл, йæ хæйрæджы хай та йæ ардауы фыдбылызыл. Йæ зæды хаимæ Хуыцау у æмзонд, йæ хæйрæджы хаимæ та иугæндзон быцæу кæны. Æмæ, цæмæй хæйрæг уæлахиз кæна адæймаджы зондыл, уый тыххæй æрымысыд арахъхъ. Куы йæ сарæзта, уæд, дам, афтæ зæгъы: æртæ дзы чи баназа, уый лæджы хуызæн уæд, цыппæрæм чи баназа, уый та мæ хуызæн суæт, фæндзæм чи баназа, уый та хуыйы хуызæн суæт.

БÆГÆНЫ ÆМÆ ÆЛУТОН

Ирон адæммæ иууыл кадджындæр нозтыл нымад цыдис бæгæны. Йæ хæрзгъæд миниу-джытæм гæсгæ йын стыр кад уыдис æмæ абон дæр ис. Уый афтæ кæй уыд, уый тыххæй дзырдтой 18-19 æнусты Ирыстонмæ цы фæсарæйнаг æмæ уырыссаг бæлццæттæ – иртæсджытæ цыдысты, уыдон дæр. Бæгæны рагон æмæ популярон нуæзт кæй у, уый бæрæг у Нарты эпос æмæ ирон адæмон таурæгътæй дæр. Уыдонæй куыд зыны, афтæмæй бæгæны æрымысыд Нарты Сатана. Иу бон, дам, Сатана хоры зад байтыдта хурмæ æмæ йæхæдæг дæр йæ кусинæгтимæ æрбадт хуртуаны цур. Уæд дын кæсы, æмæ иу цъиу ратæх-батæх систа, стæй хуымæллæджы къутæрыл абадт, ахордта хуы-мæллæджы гага, уый фæстæ æртахт Сатанайы размæ æмæ задынæмыг ахордта. Чысыл фæстæдæр цъиу стæхын нал фæрæзта, куы иуырдæм афæлдæхт, куы иннæрдæм. Сатана ахъуыды кодта, стæй уый дæр хуымæллæг ратыдта, сфыхта йæ хоры нæмыгимæ æмæ дзы диссаджы бæгæны рауад. Бинонтæ дзы куы банызтой, уæд фæрасыг сты. Фæлæ Сатана ууыл не ‘рлæууыд. Бурæнæлфыс аргæвдын кодта, ныссыгъдæг æй кодтой хорз, стæй йæ æд дымæг æгасæй дæр бæгæныйы сфыхтой. Диссаджы æлутон дзы рауад  сау, бæзджын, æлвасгæ нуазинаг.

Æлутоны бæгæныйæн æвзæрстой равзаргæ мæнæуы æмæ хъæбæрхоры ссадтæ. Æлутоны бæгæны хуымæтæджы бæгæныйæ хицæн кодта иу хъуыддагæй: дыккаг хаттæн æй фыхтой ног кусарты фыдимæ, æнæ сæр æмæ æнæ къæхтæ, æмæ хуылфыдзаумæттæй. Æлутоны бæгæныимæ фыцынæн æвзæрстой хæрзхаст нæл фысты. Дзидза-иу куы ныффыхт,  куы-иу схæццæ заддонимæ, йе стджытæ-иу сыгъдæгæй куы аззадысты, уæд-иу æй сæрмагонд мигæ-нæнтæм хъæрмуст ма куыд уыдаид, афтæ ныффæрсыгътой, ныккодтой-иу ыл æнтауæн-æнхъизæн æмæ йæ æмбæрзтой сыгъдæг æмбæрзæнтæй. Уыцы бæгæны иуæй уыд тынг хæрзад, аннæмæй та сын лæвæрдта тых, хъару.

Бæгæны фыцынмæ æмхуызон нæ арæхстысты нæ фыдæлтæ, æвзæрстой сын сæ арæхст-джындæрты. Бæгæны фыхтой нæлгоймæгтæ дæр, уæлдайдæр та кадджындæр бæрæгбонты, карздæр дзуæртты номыл, цы бæгæнытæ арæзтой, уыдон. Сæ мигæнæнтæ кодтой хæрзæхсад, уый фæстæ сæ æвæрдтой агвæрæнтыл  суанцъæтыл. Сæ æгты дон цас цыдис, уый зыдтой æмæ йыл уымæ гæсгæ кодтой зад дæр. Дон хъуамæ уыдаид хъарм, арт та сабыр æмæ уæд зад къуыбар нæ кодта. Уый фæстæ-иу арт фæтынгдæр кодтой æмæ йæ змæстой æдзух, цалынмæ æргом нæ рафыхтаид, уæд-мæ. Зæгъгæ, йæ æмбæлон æгъдауыл не стыдтой æмæ йæ быныл ныххæцыд, уæд скодтаид сыгъды ад. Уымæ гæсгæ йæ уæлхъус лæууыдысты цалдæрæй.

Бæгæны ирон адæммæ кадджын нозтыл нымад кæй уыд, уымæ гæсгæ йыл кодтой зарджытæ. Бæгæныйæ лæвæрд цыдысты кады нуазæнтæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.