Дыууиссæдз боны размæ йæ царды 92-æм азы не ‘хсæнæй фæхъуыд Кавказы зындгонд нывгæнджытæй сæ иу, ГССР-ы сгуыхт нывгæнæг, Ирыстоны æнувыд хъæбул æмæ хорз адæймаг Гасситы Æхсар Измаилы фырт. Уый адæмы рæгъмæ рахаста иу минæй фылдæр нывы, кæцытæн аккагæй саргъ кодтой критиктæ æмæ адæм дæр. Уæрæсейы чи цæры, уыцы ирон адæмæн Æхсары нывты руаджы сæ зæрдыл лæууыдис Хуссар Ирыстон. Зындгонд нывгæнæджы бæллиц уыдис, цæмæй адæм бамбæрстаиккой йе сфæлдыстады руаджы йæ цы фæндыдис зæгъын, уыцы риссаг фарст.

Гасситы Æхсар райгуырд 1929 азы Хуссар Ирыстоны интеллигентон бинонты æхсæн. Йæ фыд æндæр æмæ æндæр рæстæджыты уыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты ректор, афтæ ма уыд Цхинвалы Рухсады адæмон камиссариат æмæ газет «Хурзæрин»-ы  редактор дæр. Зындгонд нывгæнæгæн йæ мад та куыста скъолайы директорæй. Æхсары бинонтæ стыр æфхæрд баййæфтой 37-æм азты репресситы рæстæджы. Йæ фыды йын уайтагъд  æрцахстой æмæ йæ фехстой 1938 азы, фæлæ йæ бинонтæ æрæгмæ базыдтой. Мады та сбадын кодтой ахæстоны, куыд, зæгъгæ, у «адæмы знаджы» æмкъай, афтæ. Астаздзыд лæппуйы йæ фондзаздзыд хо æмæ нанаимæ ратардтой сæ хæдзарæй НКВД-йы кусджытæ. Æфхæрд бинонты æхсæвиуат кæнынмæ сæхимæ æрбакодта сæ сыхаг Дзадтиайы фырт. Уый сын фидарæй загъта, зæгъгæ, мын мæ бинонты иууылдæр куы амарат, уæддæр ацы адæмы æз уынджы нæ ныууаддзынæн. Æхсар йæ мысинæгты фæстæдæр куыд дзырдта, афтæмæй сæ хæдзары цы муртæ уыд, уыдон хæдзары рудзгуытæй ракалдтой æддæмæ. «Абон дæр ма мæ цæстытыл уайынц мæ фыды чингуытæ æдтæмæ куыд тахтысты æмæ зæххыл калдæй куыд уыдысты, уый. Нæ хæстæджытæ дæр нæ бауæндыдысты махмæ æххуысмæ æрбацæуын», – дзырдта-иу æрхæндæгæй нывгæнæг. Хæдзар куы асыгъдæг кодтой, уæд дзы æрбынат кодта НКВД-йы фæдагурæг. Гасситы бинонтæ цалдæр боны баззадысты сæ сыхæгтæм æмæ стæй рацыдысты æмæ æрцардысты сæ фарсмæ уынджы кæйдæр афтид ныккæнды æмæ дзы фæцардысты иуæндæс азы бæрц. Сывæллæттæ сæ мад æмæ сæ фыдмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, сæ фыдцарды бонтæ æрвыстой хъизæмарæй, кодтой дзы æнæады цард. Ахæм уавæры сæ æрæййæфта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззау дуг дæр. Кæм цардысты, уыцы ныккæнд уыд ахæм къаннæг, æмæ дзы дыууæ сынтæджы нæ цыдис, Æхсар-иу фынæй кодта стъолыл. Уæззау цард кодтой бинонтæ, фæлæ фæрæзтой. Йæ мысинæгты-иу радзырдта, зæгъгæ, кæм цардысты, уыцы ныккæндмæ бырыдысты мыстытæ æмæ цæмæй йæ хомæ ма бабырыдаиккой, уый тыххæй-иу æхсæв рæстмæ фынæй дæр нæ кодта. Уыдис-иу афтæ æмæ-иу Æхсары йæхицæй хистæртæ хыл кæнын кодтой хæрдыл. Кæрдзыны къæбæр, цыхты къæртт æмæ хъæдуры къус лæппуйæн уыдысты йæ буары цъæхты аргъ. Цæмæй сывæллæттæ æххормаг ма уыдаиккой, уый тыххæй-иу йæ нана къуымбилæй сбыдта цъындатæ  æмæ-иу сæ ауæй кодта. Чысыл лæппу йæ нанайы фыдæбон хорз кæй æмбæрста, уæззау царды уаргъ кæй хастой, уый тыххæй Æхсар агуырдта царды фæрæзтæ æмæ дыууадæсаздзыдæй райдыдта кусын колхозы. Уыцы рæстæджы фæзындысты æрыгон лæппуйы фыццаг  нывтæ дæр. Йæ мадмæ-иу цы фыстæджытæ æрвыстой, уыдоны-иу сныв кодта йæхи, йæ хо æмæ йæ нанайы.

Æхсары «троцкисты фырт» кæй хуыдтой, йæ сывæллоны бонты уæззау цард кæй кодта, уыдон егъау трагикон æмæ негативон фæд ныууагътой нывгæнæджы сфæлдыстады дæр. Йæ бирæ нывты адæмы рæгъмæ хæссы 1937-æм азы репресситы темæ. Йæ мад æмæ йæ фыдмæ бирæ азты дæргъы кæй æнхъæлмæ каст, ныййарджыты рæвдыд кæй агуырдта, уый дæр ирдæй зыны йе сфæлдыстады. Æрыгон лæппуйæн кæддæридæр йæ фарст уыдис, зæгъгæ, цæмæн, цæй тыххæй баййæфтой ахæм æфхæрд сæ бинонтæ. Йæ зæрдæ рыст кæмæй уыдис, уыцы темæтыл ныффыста ахæм нывтæ, куыд: «За что?», «Расстрел», «Выстрел в спину», «Исповедь», «Ожидание. Бабушка», «Воспоминание», «Ожидание у моста», «Мальчик болеет» æмæ бирæ æндæртæ. Гасситы Æхсары тыххæй ныр дæр æрымысынц йæ царды нывтæ йын тынг хорз чи зыдта, уыдон.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ 1945-æм азы Гасситы Æхсар бацыд Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ. Нывгæнæн ахуыргæнæндон каст фæцис æнтыстджынæй æмæ стæй уый фæстæ фæлварæнтæ радта Мæскуыйы прикладон аивады институтмæ. Кæд Æхсарæн, цы ‘мбæлдис, уыцы баллтæ нывæрдтой, уæддæр æй нал бауагътой институтмæ, «адæмы знаджы фырт» кæй у, уымæ гæсгæ. Уæд æрыгон лæппу дыккаг аз – 1951 азы, бацыдис ахуыр кæнынмæ Тбилисы нывгæнæн академимæ. Йæ ахуыргæнджытæ уыдысты Васили Шухаев æмæ Аполлон Кутателадзе, уыдонмæ бахъахъхъæдта йæ дипломон куыст дæр. Гасситы Æхсары студентон нывтæн сæ фылдæр æвæрд сты Академийы методикон фонды.

1956 азы Æхсары бинонтæ реабилитацигонд æрцыдысты æмæ сын фæстæмæ радтой сæ фатер, фæлæ лæппуйы зæрдæйæ нæ хаудта йæ ныййарджыты стыр маст. Гасситы фырт йæ ахуырæй куы ‘рбаздæхт, уæд иу хатт горæты централон фæзуаты амбæлдис йæ фыды марæгыл, кæцы лæууыдис йе ‘мбæлттимæ. Уый уыдис ацæргæ, æхсæнады ном кæмæн уыдис, ахæм. Æхсары маст рафыхт æмæ йæм уæд бацыдис комкоммæ æмæ йæ бафарста, зæгъгæ, ды уыцы æмæ уыцы адæймаг нæ дæ? Уый йын разыйы дзуапп радта æмæ йын уæд Æхсар йæхи тыххæй æргом кæны, кæй амардта, уый йæ фыд кæй уыдис æмæ ныр йæ фырт йæ разы кæй лæууы. Лæппу йæ фыды марæгæн бауæндыдис зæгъын кæй йæ амардзæнис, уый æмæ йын йæ цæсгомыл бату кодта. Æхсар æрмæстдæр бамæт кодта йæ мады тыххæй, зæгъгæ, йæ куы æрцахсой, уæд æй йæ мад кæй не сфæраздзæнис æмæ йæхи ныуурæдта.

Курдиатджын нывгæнæг йæ зæрдæйы судзаггаг маст ахорæнты руаджы хаста адæмы рæгъмæ æмæ сæ афтæмæй зонгæ кодта уыцы уæззау дуджы æнæраст-дзинадимæ. Йе знаджы афтæ ныууагътаид, уый йæхицæн нæ барста. Горæты-иу йæ фыды марæгыл куы амбæлд, уæд та-иу ын сног сты æмæ-иу ыл адæмы æхсæн бату кодта, бафидис-иу ын кодта йæ къухтæ бирæты ныййарджыты тугæй амæхст кæй сты, уый. Радон хатт та йыл куы ам-бæлд, уæд та йын карз ныхæстæ загъта æмæ цалдæр боны фæстæ Æхса-ры фыды марæг æвиппайды амард. Уыцы рæстæджы Æхсар бавдæлд æмæ ныффыста Къубалты Алыксандры поэмæ «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы мотивтæм гæсгæ пьесæ æмæ эскизтæ, æмæ дзы равдыста йæ цард.

Гасситы Æхсар Академийы фæстæ цасдæр рæстæг ацардис Гуырдзыстоны æмæ фыста пьесæтæ, арæзта театрæн декорацитæ æндæр æмæ æндæр спектакльтæм, Тбилисы Ш. Руставелийы номыл театры сценæйыл æххæст кодта рольтæ. Уый фæстæ та иу азæй фылдæр ацардис Ирыстоны æмæ дзы ныффыста этюдтæ. Ныв кодта Ирыстоны æрдз, адæмы, зæрæдты, мæсгуыты, цæрæгойты. Куыста горæт Налцыччы, Владимиры æмæ Рязаны ахуыргæнæгæй. 1961 азы та ссис СССР-ы нывгæнджыты цæдисы уæнг.

Йæ хойы амæлæт тынг бандæвта Æхсарыл æмæ бирæ рæстæг уыдис хъынцъымы æмæ нæ куыста. (Уый уыдис 1962 азы). Цæмæй йæ йæ маст цард æмæ трагеди ферох уыдаит, уый тыххæй ацыдис Цхинвалæй æмæ 1964 азы нывгæнæг ахуыр кæнынмæ бацыдис  Мæскуыйы Суриковы номыл нывгæнæн институты цур аспирантурæмæ.

 Ацы ран та йын къухдариуæг кодта Стыр театры сæйраг нывгæнæг В. Рындин. Мæскуыйы уæвгæйæ, Æхсар базонгæ æмæ схæлар ис ахæм нывгæнджытæ-шестидесятниктимæ, (фæсхæсты æнæофициалон аивады нывгæнджытæ) куыд Яковлев, Пятницкий, Ворошилов, Курочкин æмæ æндæртимæ. Уыдон æндæвдадæй Æхсар ныууагъта йæ аспирантурæ æмæ нал сразы ис Стыр театры нывгæнæгæй бакусыныл дæр. Цæмæй йын цæрæн хæдзар радтаиккой, уый тыххæй куыста уынгтæ сæрфæгæй. Уый фæстæ йæ царды ралæууыд ног рæстæг æмæ уæд ссардта йæхи уникалон, сфæлдыстадон стиль. Æхсар ссис зындгонд нывгæнæг. Персоналон равдыстытæ-иу сорганизаци кодта Цхинвал, Дзæуджыхъæу, Мæскуы æмæ Тбилисы. Йæ нывты йын балхæдтой Уæрæсейы æмæ фæсарæнты музейтæ. Райста сгуыхт нывгæнæджы кадджын ном дæр. Нывгæ-нæг «Зæронд Цхинвал»-ы темæйыл ныффыста бирæ уацмыстæ – «Ласточка», «Старый Цхинвал», «Зима в Цхинвале», «Еврейский квартал» æмæ æндæртæ. 1970-æм азы йæ зæронд мадмæ Æхсар йæ бинонтимæ цæрынмæ æрцыдис Хуссар Ирыстонмæ. Цхинвалмæ-иу æм арæх æрцыдысты йе ‘мбæлттæ Мæскуыйæ – нывгæнджытæ, къамисджытæ аивадиртасджытæ. Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры заказмæ гæсгæ та 1980 азты декорацитæ сарæзта цалдæр спектаклæн.

Ныллæууыд 1989 аз, Хуссар Ирыстонмæ куы лæбурдтой гуырдзиæгтæ, уыцы аз. Блокадæ, æхстытæ, хæлцадон продуктты цухдзинад – нывгæнæджы зæрдыл ногæй æрлæууын кодтой йæ сывæллоны азты рæстæджы зындзинæдтæ. Уый фæстæ та 1991 азы уыд зæххæнкъуыст. Афтæмæй сæмхæццæ сты трагикон цаутæ, тугкалд, адæмы рыст æмæ хъизæмæрттæ. Уыцы рæстæджы Æхсар ныффыста ахæм нывтæ: «Беженцы», «Землетрясение в Хахет», «Разоренный дом», «Сороковой день» æмæ æн-дæртæ. Уæззау 90-æм азты нывгæнæгæн стыр æххуыс бакодта йе ‘ввахс æмбал Лев Мелихов, кæцы цардис Мæскуыйы æмæ йæ къухдариуæгады бын уыдис галерея. Ам Æхсарæн æлхæдтой йæ нывтæ æмæ афтæмæй бафæрæзта уæззау дугæн. Фæстаг азты нывгæнæгæн йæ бирæ нывтæ равдыстыты æвæрд цыдысты Мæскуы, Петербург, Эдинбург, Берлин, Дрезден, Цюрих, Флоренци, Страсбург, Инсбрук æмæ æндæр рæтты.

2000-æм азы нывгæнæг ныффыста сæдæ уацмысы бæрц, сфæлхатт ма кодта йæ бирæфигурæйон композици «Айс æй, аназ æй», афтæ ма сфæлхат кодта йæ зæронд куыстыты композицитæй бирæты.

Гасситы Æхсар йæ фæстæ ныууагъта хорз хъæбултæ, кæцытæ дарддæр кæ-нынц сæ фыды æмæ бинонты хорз тради-цитæ, ирон æгъдау. Гасситы Æхсары амæлæт егъау зиан æрхаста Ирыстон æмæ Уæрæсейы культурæйæн. Курдиатджын æмæ йæ радтæг адæмы патриоты амæлæтыл, хъынцъым кæнынц бинонтæ, зынаргъ кæмæн уыдис, йæ уыцы æввахс адæймæгтæ, аивадуарзджытæ, æхсæнадон архайджытæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.