Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблея 1996 азы 7-æм декабрь расидт æмбæстагон авиацион дунеон бонæй æмæ фæсидт дунейы бæстæты хицауадтæ, æмбæлон национ, регионалон, дунеон æмæ æхсæнхицауадон организацитæм, цæмæй æмбæлон къахдзæфтæ райсой ацы бон нысан кæныны тыххæй. Иугонд Нациты Организацийы специализацигонд уагдоны æмбæстагон авиацийы дунеон организацийы ассамблея ацы боны тыххæй фехъусын кодта 1992 азы дунеон æмбæстагон авиаци фæуæрæхдæр кæ-нынмæ хъусдард аздахыны нысанæн.

Æмбæстагон авиацийы дунеон организацийы ассамблея фидар кæны æмбæстагон авиацийы дунеон нормæтæ æмæ йын координаци кæны йæ рæзты æдасдзинад æмæ эффективондзинад. Уæрæсейы æмбæстагон авиаци рæзын райдыдта советон хицауады фыццаг азты – 1923 азы баконд æрцыд фыццаг авиахахх Мæскуы-Дæллаг Новгород 420 километры тыгъдадæн. Бæлццæттæ ласыны тыххæй фыццаг уæлдæфон хахх Мæскуы-Дæллаг Новгород бакæнын саразæнгард кодта бархион уæлдæфон флоты дунеон æхсæнад саразынмæ, кæцыйы схуыдтой «Добролет». 1923 азы 9-æм февралы Фæллой æмæ Хъахъхъæнынады совет райста уынаффæ æмбæст-агон авиацийы фæдыл советы организацийы тыххæй. Ацы бон гæнæн ис нымайын Советон Цæдисы æмбæстагон авиацийы райгуырæн боныл.

Æмбæстагон авиацийы архайдтой бирæ ирон курдиатджын тæхджытæ. 1936 азы 18-æм августы Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд тæхджыты  ахуыргæнæндон. Уый уæвынад кодта раздæры ипподромы бынаты, 4-æм æфсæддон базæ æмæ микрорайон «Мæскуыйаг»-ы территорийыл. Авиацион ахуыргæнæндоны хистæрæй нысан æрцыд Степан Сомхиев. Уæдмæ ирæтты ‘хсæн уыдысты фыццаг тæхджытæ. Номхуындæй, уыдон æрæвæрдтой бындур ахуыргæ-нæндоны ахуыргæнджыты скон-дæн. Фыццаг сконды уыд 35 адæймаджы. Авиацион ахуыргæ-нæндон хъуамæ цæттæ кодтаид тæхджыты, техникты. Ахуыргæ-нæндоны байгом кæныны боны уагъд æрцыдысты бæрæгбонон мадзæлттæ: цытджын митинг, зæр-дæмæхъаргæ раныхæстæ, концертон программæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уæд демонстрацион атахт планерыл сарæзта æфсæд-дон тæхæг Тасойты А. 20-æм сентябры ахуыргæнæндон райста йæ фыццаг ахуыргæнæн хæдтæхæг «У-2». Номхуындæй, ацы хæдтæхджытæ систы Советон Цæдисы æфсæддон-уæлдæфон тыхты ахуыр-тренировкæгæнæн авиацийы парчы бындур. Хæсты рæстæджы ацы хæдтæхджытæй пайда кодтой, куыд æхсæвыгон бомбæтæзгъалæн æмæ куыд авиацийы бастдзинады хæдтæхджытæ, афтæ. Æвзонг лæппутæ æмæ чызджыты йæхимæ æлвæста арвы тыгъдад, уымæн æмæ сæм тæхæджы професси романтиконау каст. Хæсты рæстæджы ирæттæй цалдæр тæхæджы фæмард сты немыцæгтимæ карз тохты бацæугæйæ, бирæтæ та дзы хæстæй æрыз-дæхтысты сæрæгасæй. Ирон тæхджытæ Цоциты Вася, Кобылты Сергей æмæ Остъаты Алекси систы Советон Цæдисы хъайтартæ.

Æмбæстагон авиацийы йæ ном  хъуыстгонд уыд  Социалистон куысты хъайтар Цхуырбаты Харитон Никъалайы фыртæн. Уый 1938 азы каст фæцис Цхинвалы аэроклуб æмæ уый фæстæ 1940 азы та – тæхджытæ-инструкторты специалон курсытæ. Куыста Цхинвалы аэроклубы тæхæг-инструкторæй æмæ уый фæстæ та – 26-æм æфсæддон авиацион скъолайы тæхæг-инструкторæй. Цхуырбаты Харитон хайад райста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дæр. Хæсты азты хистæр лейтенант сарæзта 1954 хæстон атахты, фронтæй фæсчъылдыммæ 2280 уæззау цæф салдаты æмæ афицеры ракæнгæйæ, æмæ фæстæмæ та фронты раззаг рæнхъытæм медикаменттæ æмæ плазмæты тоннæтæ ласгæйæ. Цхуырбайы фырт æмбæстагон авиацийы уыд 1946 азæй фæстæмæ. 1971 азы каст фæцис æмбæстагон авиацийы уæлдæр авиацион ахуыргæнæндон. Уыд 1-аг къласы инженер-тæхæг. Куыста ахæм бынæтты: дыккаг тæхæг, науы командир, тæхæг-инструктор, авиаэскадрилийы ко-мандир, тæхæг къорды командир, Шереметьевскы баиугонд авиа-къорды командир, Венгрийы аэрофлоты генералон минæварæй æмæ æндæр рæтты. Сахуыр кодта уæлдæфон науты типтæ: По-2, Ли-2, Си-47, Ил-12, Ил-14, Ту-16 æмæ бирæ æндæрты.

Дунеон авиахæххыты та уыд 1954 азæй фæстæмæ. Æнæ аваритæй атахт 20000 сахаты. 1963 азы 19-æм марты Цхуырбаты Харитон бакодта вазыгджындæр дунеон авиахæххытæ Мæскуы-Гаванæ-Мæскуы (Мурманскыл, Цæгат полюсы район æмæ æппæт Атлантикон океаны сæрты). 1965 азы 19-æм августы та – Мæскуы-Конакри-Аккра (Республикæ Гана), 1967 азы 17-æм апрелы та  Мæскуы-Токио æмæ уымæй размæ та 1961 азы 24-æм апрелы – Мæскуы-Хабаровск. 1962 азы 29-æм декабры Цхуырбайы фырт Гаванæйæ Мæскуымæ ратахт æнæ æрбадгæйæ. Уыцы азты дунейы иунæг æмбæстагон хæдтæхæг дæр нæ арæзта æнæрбадгæ тæхтытæ ахæм дæрддзæгмæ. 1974 азы 1-æм январмæ ирон тæхæг Атлантикон океаны сæрты атахт 228 хатты. Цхуырбаты Харитон уыд ирæтты ‘хсæн иунæг Советон Цæдисы сгуыхт тæхæг. Уымæн йæ номыл схуыдтой, цы хæдтæхæгыл тахт, уыцы уæлдæфон нау. Хорзæхджын уыд бирæ паддзахадон хорзæхтæй, уыцы нымæцы Ленины, Октьябры Революцийы, Фæллойы Стыр Тырысайы, Кад æмæ Æхсардзинады ордентæй. Ирон сгуыхт тæхæг фæзиан 2014 азы Мæскуыйы августы мæйы.

Егъау сты йæ лæггæдтæ æмбæстагон авиацийы Гуфтайы хъæуккаг Битеты Кузьмайæн дæр. Хъыгагæн, уый цæрынхъуагæй трагикон æгъдауæй фæмард 1970 азы 4-æм апрелы. Уыцы бон Битейы фырт гуырдзиаг  авиахæххыты хæдтæхæг «Ил-14»-ыл тахт Украинæмæ. Хъуамæ æрбадтаид горæт Запорожьейы цур аэродромы, фæлæ йæ хæдтæхæг æрхуад зæхмæ æмæ ныппырх. Фæмард сты уæлдæфон науы командир Битеты Кузьма Серегйы фырт æмæ æхсæз бæлццоны.  Куы йæ базыдта, катастрофæйæн æнæрцæугæ нæй, уæд фæстаг минутты экипажæн бардзырд радта, цæмæй уыдон кабинæйæ ахызтаиккой хæдтæхæджы дымæгмæ (хвост). Салоны кæронмæ хъуамæ ахызтаиккой бæлццæттæ дæр. Йæхæдæг Битеты Кузьма фæлвæрдта экстренон уавæрты хæдтæхæг æрбадын кæнынмæ, фæлæ йын, хъыгагæн, нæ бантыст…

Стыр хъизæмæрттæ бавзæрста ноджы иу ирон тæхæг Гæбæраты Станислав дæр. 1983 азы Гуырдзыстоны уыд хæдтæхæджы атæрыны радон бафæлвæрд.  Уыцы бон Батуммæ боныгон рейсы хъуамæ атахтаид хæдтæхæг «Як-40». Ацы уæлдæфон науы бацахсынмæ хъавыдысты террористтæ дæр. Фæлæ дзы бæлццæттæ цъус кæй уыд, уымæ гæсгæ ацы рейсы бæлццæтты сбадын кодтой №6833 рейсыл. Рейс æххæст кодта хæдтæхæг «Ту-134» æмæ йын уыд ахæм маршрут  Тбилис-Батум-Киев-Ленинград. Хæдтæхæгыл уыд 57 бæлццоны, уыцы нымæцы террористтæ æмæ экипажы авд уæнджы. Йæ командир уыд Гæбæраты Станислав. Хæдтæхæг хъуамæ æрбадтаид Туркимæ арæнгæрон гуырдзиаг горæт Батумы. Раст уыцы момент равзæрстой сæ фæнд сæххæст кæнынæн террористтæ дæр. Фæлæ тыхджын дымгæ кæй уыд, уымæ гæсгæ диспетчер командæ радта, цæмæй хæдтæхæг раздæхтаид æмæ æрбадтаид Тбилисы фæсауæрцон аэродроммæ, фæлæ уыцы хабар нæ зыдтой террористтæ. 16 сахат æмæ 30 минутыл фыдгæнджытæ райдыдтой архайын хæдтæхæг бацахсыны тыххæй. Уый фæстиуæгæн фæмард сты авд адæймаджы: дыууæ тæхæджы æмæ бортфæндагамонæг, дыууæ бæлццоны æмæ дыууæ террористы.  Фæцæфтæ сты 10 адæймаджы, уыцы нымæцы бæлццæттæ, экипажы уæнгтæ æмæ дыууæ террористы. Фæцæф уæлдæфон науы командир Гæбæраты Станислав дæр.

1989-92 азты гуырдзиаг агрессийы азфысты фыст æрцыдысты æмбæстагон авиацийы тæхджыты нæмттæ сæ сæргъ Остъаты Инал, афтæмæй, кæцытæ сæ цардæн тæссаг уавæрты Хуссар Ирыстонмæ ластой медикаменттæ æмæ æндæр цардуагон товартæ æмæ фæстæмæ та ластой цæфты æмæ лигъдæтты. 1991-92 азты Остъайы фырты экипаж сæххæст кодта Цхинвалæй 160 атахты, аласта 293 уæззау цæфы. Остъайы фырт тынг хорз нысæнттыл каст фæци горæт Омскы авиацион ахуыргæнæндон, Ленинграды æмбæстагон авиацийы академи. Уыд ахæм бынæтты, куыд хæдтæхæджы командир, авиаэскадрилийы командир, Енисейаг тæхæн къорды командир æмæ æндæрты. Остъаты Иналы ахуыргæнæг уыд сгуыхт тæхæг Цхуырбаты Харитон.

Абон Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ кусы хисæрмагонд авиаци саразыны фарстыл. Уый тыххæй æрæджы информацион агентад ТАСС-ы уацхæссæгæн радзырдта РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид. «Авиаци нæ тынг хъæуы. Бирæ хæттыты  Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ хæххон фæндаг æхгæд æрцæуы стыр митуарды фæстиуæгæн. Æмæ уыцы рæстæджы тыхст рынчынты бахъæуы Гуырдзыстонмæ арвитын, уыимæ ацы бæстæимæ мах ницы бæтты Женевæйаг тыгъдадæй дарддæр. Æмæ нын нæхи авиаци фæпайда уаид».

Кæй зæгъын æй хъæуы, чысыл авиацийы парк саразын æввахс рæстæджыты нæ рауайдзæн, нырма не ‘взонг паддзахады бирæ аразинæгтæ кæй ис, уымæ гæсгæ. Фæлæ нæ ныфс ис кæддæр нын нæхи чысыл аэродром кæй фæзындзæн, уымæй.

Джиоты Екатеринæ

Къамы: Цхуырбаты Харитон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.