Цæгат Ирыстоны Суададжы хъæуккаг Залойты Батраз  Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путины Барамындæй хорзæхджын æрцыд «За отвагу»-йы майданæй сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй.

Залойты Батраз хæцы фыццаг бонтæй фæстæмæ. 25 майы ирон хæстон уæззау цæф кæй фæцис, уымæ гæсгæ йæ хорзæх райста æрмæст ныр.

***

Хæххон Карцайаг Багъиты Хъазбегæн дæр 25 августы радтой «За Отвагу» майдан, – хъусын кæны Алагиры районы администрацийы пресс-службæ.

Багъиты Хъазбег фронтмæ ацыд сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианы. Æххæст кодта сæрмагонд хæcлæвæрдтæ Æмæ фæцæф ис. Ныртæккæ Багъиты Хъазбег æрæздæхт æмæ реабилитаци цæуы Цæгат Ирыстоны.

 

БАВДЫСТ ÆРЦЫД ПАДДЗАХАДОН ХОРЗÆХ РАЙСЫНМÆ

Алагиры цæрæг Икъоты Георгийы «За отвагу»-йы майдан райсынмæ бавдыстой сæрмагонд равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй.

 

РАВДЫСТА СГУЫХТДЗИНАД

Кæстæр сержант Саулохты Хетæгæн бахæс кодтой йæ дæлхайимæ бригадæйы маршруты развæдсгæрст саразын. Колоннæйы разæй цæугæйæ, Саулохы фырт сбæрæг кодта националистты къорды. Уыдон сæхицæн цæттæ кодтой æхсæн бынæттæ. Ныхмæлæууæджы тыхтæ бирæ фылдæр кæй уыдысты, уымæ нæкæсгæйæ, Саулохы фырты дæлхай семæ бацыд карз тохы æмæ сæ бон ссис украинæйаг националистты провокацитæ фæсыкк кæнын. Йæ дæлбар хæстонтæ скуынæг кодтой дыууæ автомобилы æмæ скуынæг кодтой сæ ныхмæлæуджыты.

 

ИРЫСТОЙНАГ ДОХТЫР – МЕДИЦИНОН БАТАЛЬОНЫ КОМАНДИР

Цæгатирыстойнаг дохтыр Махъоты Хазби йæ командæимæ Луганскы Адæмон Республикæйы аирвæзын кодта 7 минæй фылдæр хæстоны цард, – уый тыххæй хъусын кæны республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад йæ телеграмм-каналы.

Дæлбулкъон Махъоты Хазби командæ кæны Лисичанскы медицинон батальоныл. Æрвылбон дæр æм æрбаласынц цæф хæстонты. Макъойы фырт оперативонæй равæрдта æфсæддон быдырон госпиталь æмæ сифтонг кодта цæфты эвакуаци æмæ химæрайст. Цæрæн пункт ссæрибар кæныны фæдыл карз тохты ныхмæлæууæг госпиталы артилле-рион æхст кæныны рæстæджы райста контузи. Йæхимæ æрцæугæйæ, æмæ уавæрæн саргъ кæнгæйæ, Хазби сорганизаци кодта цæфты эвакуаци госпиталæй цæрæн хæдзары ныккæндмæ æмæ сын афтæмæй бахъахъхъæдта сæ цард.

«Вæййы афтæ дæр, æмæ медицинон батальоны æхсын райдайынц операцийы  рæстæджы. Фæлæ нæдæр дохтыртæ, нæдæр медицинон хотæ иу хатт дæр нæ фæцудыдтой. Операцигæнæн хатæны асæттынц рудзгуытæ, фæлæ скæнæм каскæтæ, бронежилеттæ æмæ афтæмæй нæ куыст дарддæр кæнæм», – радзырдта ирон дохтыр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хæдзарæй дард у æмæ мысы йæ бинонты. Уым баззад йæ чысыл фырт, Хазби йæ федта æрмæстдæр цалдæр боны, цалынмæ специалон операцийы зонæмæ куы нæ  ацыд, уæд. 4-æм декабры сабийыл сæххæст уыдзæн иу аз.

Махъоты Хазби хорзæхджын æрцыд ордентæ æмæ майдантæй: «Суворовы майданæй», «Хъæбатырдзинады орденæй», 2-аг къæпхæны «За отвагу»-йы орденæй, «Адæмы цард аирвæзын кæныны тыххæй» майданæй.

Дæлбулкъон Махъоты Хазбийы медицинон батальоны тыхтæй эвакуацигонд æрцыдысты 1000 æфсæддонæй фылдæр. Хæстон архайдтыты рæстæджы фыццаг мæйты Хазби, сæрмагондæй йæхæдæг фыццаг æххуыс бакодта 120 æфсæддон службæгæнæгæн.

Уый размæ та Макъоты Хазби æфсæддон дохтырæй хайад райста 2008 азы гуырдзиаг-ирон хæсты.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.