Зындгонд ирон фыссæг, филологон зонæдты кандидат, Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитонæн æвдайæм азты кæрон фыццагдæр бакастæн йæ прозаикон уацмыс “Æнæфæхудгæ, æнæфæкæугæ”. Ирон литературæйы студентты цардыл фыст уацмыстæ уæддæр æмæ ныр дæр арæх не сты æмæ чиныджы фæзынд уыд стыр æнтыст. Фæсивæд æй къухæй-къухмæ скъæфтой. Уыцы темæйыл фыст æрцыд йæ иннæ чиныг “Фæлдзæуæн рæстæг” дæр. Чиныгкæсджытæ къаддæр аргъ не скодтой йæ иннæ чингуытæ “Алмас”, “Чырыстийы фæдзæхст”, æмдзæвгæты æмбырдгонд “Æнусон сагъæс” æмæ бирæ æндæр уацмыстæн.

Фæлæ афтæ арæх нæ вæййы æмæ цыфæнды хорз фыссæг дæр алывæрсыг курдиатæй хайджын уа. Мелитон ма прозæ æмæ поэзийы уæлдай фæстаг азты ахызт публицистикæмæ дæр. Скъоладзаутæ æмæ студенттæн стыр ахъаз сты йæ литературæиртасæнтæ. Монографитæ ныффыста Къостайыл, Нафийыл, Нигерыл, Ходы Камалыл, Кокайты Тотрадзыл… Хицæн чиныгæй ма рауагъта “Ирон литературæйы истори” дæр.

Мелитоны бирæвæрсыг курдиат ма фæхъæздыгдæр ис фольклормæ йе ‘ргом кæй аздæхта, уымæй дæр. Æрæджы йын æртæ томæй мыхуыры рацыдысты рубрикæ “Ирон хæзна”-йы бын æмбисæндтæ, æлгъыстытæ æмæ арфæты чингуытæ. Ацы æртæтомон æмбырдгонд у æцæг хæзна ирон адæмæн. Хаст сæм æрцыдысты адæмон сфæлдыстадæй дæр цы зыдта, стæй йæхæдæг цы фехъуыста, уыдон.

Æрæджы Дзæуджыхъæуы Фæсивæдон библиотекæмæ ног чингуыты презентацимæ æрбацыдысты, ахуыргæндтæ, фысджытæ, æхсæнадон архайджытæ, скъоладзаутæ… Амыдта йæ Ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Солтанты Джульеттæ.

Поэт, прозаик, литературæиртасæг Хъазиты Мелитонæн цас æнтысы, йæ диссаджы уацмыстæн цы ахадындзинад ис, “Ирон хæзна” стыр лæвар кæй у, ууыл дзырдтой Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Ходы Камал, ахуыргонд Цыбырты Людвиг, фысджытæ Агънаты Гæстæн, Дзасохты Музафер, Хуссар Ирыстоны Парламенты комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, педагогон наукæты кандидат Безаты Фаризæ, æхсæнадон архайæг Гуылæрты Барис…

Ирыстоны цæргæйæ, æппæт ирон æгъдæуттæ æххæст кæнгæйæ, алыхуызон мадзæлтты архайгæйæ хæдзардарæг лæгæн уыййас кусын куыд æнтысы, ууыл уыд йæ ныхас Гæбæраты Юрийæн æмæ арфæ ракодта Мелитонæн, цæмæй йын дунейы фарн фылдæр хъомыс радта, ирон адæмæн ма бирæ сфæлдыстадон бынтæ куыд балæвар кæна, уый тыххæй.

Хъазиты Мелитон бузныг загъта, чи æрбацыд æмæ йын йе сфæлдыстадыл чи бацин кодта, уыдонæн. Куыд загъта, афтæмæй ирон лæгæн цæрын æнцон никуы уыд, домынц нæ не ‘гъдæуттæ, нæ культурæ. “Фыссæгæн тынг зын у ирон царды уаг æххæстгæнгæйæ сфæлдыстадон куыст кæнын. Искæмæн афтæ нæ зæгъдзынæ, фыссæг дæн æмæ мæ дæумæ не ‘вдæлы. Фæлæ архайын хъæуы. Иртасын хъæуы нæ фысджыты бынтæ скъолатæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæн æххуысæн. Уæдæ ирон хæзнатæ æмбырд кæнын дæр арфæйаг хъуыддаг у. Уыдон нæ адæмы фарн, нæ истори сты. Ахсджиаг сты нæ фидæны фæлтæртæн. Кæд ма мын фадат фæуа, уæд ацы куыст адарддæр кæндзынæн”, – загъта Мелитон.

Презентацийы архайджытæ æхсызгонæй сæмбæлдысты Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы хихъæппæрисадон къорд “Творчество”-йы аивадыл.

Нæ уацхæссæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.