(Радзырд-æцæг хабар)

Ацы хабар æрцыд иу мин фарастсæдæ дыууынæм азы. Хуссар Ирыстонмæ æрбабырстой гуырдзиаг лæгсырдты гæрзифтонг æрдонгтæ. Сабыр цæрæг адæммæ кæй равдыстой, уыцы æгъатырдзинад æмæ сырдон ахасты азарæй ирон адæмы бахъуыд сæ фыдæлты уæзгуытæ ныууадзын æмæ Цæгат Ирыстоны æдасдзинад бацагурыны сæр.

Æнæхъæн Хуссар Ирыстон растад æмæ йæ ных сарæзта цæгаты рдæм, йе ‘мтуг æфсымæртæ æмæ хотæм. Иутæ тырныдтой Кавказы хохрагъы сæрты ахизынмæ, иннæтæ – раттæг адæмы хъæбатыр хъахъхъæнджытæ – лигъдæтты  æдасдзинад хъахъхъæдтой. Лигъдæтты нымæц уый бæрц ссис, æмæ цæгатмæ ахизæн кæуылты уыд, уыцы кæмттæ семыдзаг уыдысты адæм æмæ хæдзарон фосæй.

Зæхх рызти знаджы къæхты бын, фæхстæй згъæлдысты дуртæ, сæ развæндагыл пырх æмæ дæрæн кодтой алцы дæр: адæмы цæрæнбонты скæнгæ фæллой, истой фос, скъуыдтой адæмы цард. Æппæт дæр сæмтъеры бынтон скуынæгæй фервæзыныл архайæг адæмы  æнæкæрон æмхæццæ ниуды: адæмы тыхст хъæртæ, стонг æмæ тарст фосы знæт æмбу, фысты лæмæгъ уаст, сывæллæтты æнæаскъуыйгæ цъæхахст.

Лигъдæттæ тындзыдтой. Размæ сæ сырдта гуырдзиаг цъаммæртты æгъатыр æфхæрд, хынджылæггаг фæуынæй хи бахизын æмæ сæ къабæзты цардæн тасдзинад, сæ къухы райсын фадат сын кæмæн нал фæцис, уыцы хъæуæг дзаумæттæ алы рæтты æмбæхсгæйæ. Ахæм уавæры дæр ма сæ ныфс уыд, кæддæр фæстæмæ кæй æрæздæхдзысты сæ райгуырæн уæзгуытæм.

Къуыдаргомæй рацæуæг лигъдæтты иу къорд тындзыдта, Хуссар Ирыстоны Цæгатæй чи хицæн кодта, уыцы Дзедойы æфцæгыл. Уыдонимæ уыдысты, иу сылгоймаг фæстейæ кæмæй баззад, ахæм бирæнымæц бинонтæ дæр. Хуыгиан, афтæ хуыдтой сылгоймаджы, архайдта йæхиуæтты баййафыныл, фæлæ йæ бон нал бацис, уымæн æмæ асаст йæ уæрджыты хъару, стæй йыл сæ уæз цы азтæ æруагътой, уыдон дæр бакодтой сæ кæнон. Уыцы æмхæццæ хъомпалы хатгæ дæр нæ фæкодта, чи адард, йæ уыцы бинонтæй куыд фæиппæрд, уый. Æппæт уыдæтты уæлдай ма тæнæг кæнын райдыдта лигъæтты бардз дæр æмæ мæгуыр сылгоймаг арф кæмттæм лæдæрсæг изæрмилты къæсæрыл бынтон иунæгæй баззад æдых æмæ æвæгæсæгæй.

Ныллæууыд, Стырдоны знæт уынæр æмæ ма иугай мæргъты уаст кæй хæлдтой, уыцы сабырдзинад. Афтæ зынд, цыма цард йæ цыдæй æрлæууыд: лигъдæттæ дæр æмæ сæ сурджытæ дæр. Изæрдалынгтæ сæ бартæ райдыдтой исын. Хуыгиан куы бамбæрста, гом арвы бын ын иунæгæй бахсæвиуат кæныны йедтæмæ кæй ницыуал гæнæн ис, уæд райдыдта йæхицæн æхсæвбынат агурын. Йæ цæстæнгас ахаста фæйнæрдæм: хохы фахсыл уæлæмæ айтынг тары ныгъуылæг хъæд, бынæй арф комы ивылæнтæ кодта цæугæдоны уынæр, чысыл фалдæр та йæ цæст схæцыд, ставд æмæ рæхснæг зæнг кæмæн уыд, ахæм иунæг пæлæхсар бæласыл. Хуыгиан бацыд бæласы цурмæ æмæ йыл бынæй уæлæмæ йæ сцæст схаста. Йæ миднымæры ахъуыды кодта: «Æвæццæгæн кувæн бынат у». Уыцы ран бынаты хицауы æнæуынгæ тых банкъаргæйæ Хуыгиан аскъуыддзаг кодта, цæмæй йæхи бакæна уыцы бынаты бар. Йæ алфæмблай хъил ацагуырдта æмæ дзы бæласы алыварс мусы зылды йас зиллакк æркодта. Стæй слæууыд бæласы бын æмæ зæрдиагæй ныллæгъзтæ кодта:

– О, а-Бынаты хицау, ацы бынаты бардуаг, ахсæв мæ фыдбылызæй бахиз!

Йæхæдæг æрбадт æмæ йæ фæсонтæй анцой кодта бæласы сæвджын зæнгыл, цыма дзы йæхицæн æххуыс агуырдта.

Хæххон æфцæг цадæггай аныгъуылд æхсæвы тары. Æгуыппæг сабырдзинад ноджы ныууæззаудæр, раздæрау комы нарæгæй хъуыст цæугæдоны ниугæ уынæр, хатт-иу райхъуыст цъиуты уаст дæр. Йæ акомкоммæ цы хох уыд, уый саудалынгæй-саудалынгдæр кодта æмæ уымæй фылдæр тас æфтыдта Хуыгианы уды тыхстдзинадыл.

Хæхты сæрдыгон æхсæвтæ дæр уазал вæййынц, уымæ гæсгæ хæххон адæм райсомæй дæр æмæ изæрæй дæр пецы баарт кæнынц. Ноджы ма ацы июны мæй дæр, æндæр хæттыты хъауджы разынд уæлдай хъуынтъыздæр, лигъдæттæн æрхаста уæлæмхасæн зындзинæдтæ, мит кæронмæ кæм нæма батад, уыцы хæхты сæрты хизгæйæ.

Хуыгиан йæхи æбануæрста, архайдта истыгъуызты йæхи схъарм кæныныл. Æрдæбоны ирд æмæ стъалыджын арв уадидæгæн æрбацасæста æмæ уарын райдыдта лыстæг, фæлæ зæгъæмхæццæ мит. Зæхх гæзæмæ митвæлмы бын фæцис. Æхсæвы æмырдзинад фехæлд кæмдæр комы нарæджы бирæгъты ниудæй. Хуыгианы зæрдæ йæхи риуы къултыл ныххоста æмæ йæ фæсонтæ  тынгдæр нылхъывта бæласы зæнгмæ, цыма йыл баныхæсынмæ хъавыд.

Бирæгътæ сæ амæттаджы тæфæй базонынц фондз версты бæрц дæрддзæгмæ æмæ йæм сæ ных саразынц, чи сæ нæ фæсайдзæн, уыцы сырдон æмбудæнты ныфсæй. Ныр дæр тагъд февзæрдысты Хуыгианмæ хæстæг, кæцымæ афтæ фæкаст, цыма сын сæ фыццаг ниуд куы фехъуыста, уæдæй рацыд æнусы бæрц.

Стонг тугдзыхтæ фæлвæрдтой бæласы бын бадæг сылгоймагмæ хæстæгдæр бацæуыныл, фæлæ сын зиллакæй мидæгдæр бахизын ницы хуызы æнтыст. Æнæхъæн æхсæв бирæгъты бал зилдух кодта бæласы алыварс, фæлæ цыма йæ алыварс авгын къулæй æхгæд уыд… Æнæхъæн æхсæв бирæгътæ ниудтой, сæ дæндæгты хъыррыст хъуыст, фæлæ сæ цавæрдæр æнæуынгæ тых нæ уагъта, Хуыгиан хъилæй кæй æрхах кодта, уыцы зиллакæй мидæгдæр. Боны цъæхтыл бирæгътæ, сæ бон базонгæйæ, сæхи айстой уырдыгæй.

Бон дзир-дзур кодта, афтæ йæм дардæй æрбазынд дыууæ нæлгоймаджы æндæрг. Хуыгиан базыдта йæ тиу æмæ йæ хистæр фырты.

Тузар къаддæр нæ фæдис кодта, йæ чындзы удæгас æмæ æнæфыдбылызæй фенгæйæ. Æрзылд, Хуыгиан кæй æрхахх кодта, уыцы зиллакы алыварс. Бирæгъты æнæнымæц фæдтæй урс митыл баззад игæргъуыз тæппытæ:

– Диссаг, куыднæ дæ бахордтой бирæгътæ!

– Æнæхъæн æхсæв архайдтой мæнмæ æрбаирвæзыныл, фæлæ табу йæхицæн, ацы бынат кæй у, уымæн – Бынаты хицауæн: уый мæ бахызта фыдбылызæй.

Иумæ скуывтой уыцы бынаты хицауæн, фæарфæтæ йын кодтой йæ диссаджы аудындзинады тыххæй æмæ сæ фæндаг адарддæр кодтой. Уым сæм, Дзедойы хохы иннæ фарс, æнхъæлмæ каст æндæргъуызон ирвæзынад – кæцы сæ фервæзын кодта, Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæтты скуынæг кæнынæй кæй ницыуал иргъæвта, уыцы гуырдзиаг дыкъахыг сырдтæй.

Гаглойты Элиса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.