Горæт Дзæуджыхъæуы Терчы былгæрæтты ныхасгæнгæ цыдысты лæппутæ-æмбæлттæ. Иу ран фæкомкоммæ сты тыгуыр адæммæ. Уыдон сæ къухтæ тылдтой цæугæдоны ‘рдæм, хъæр кодтой. Лæппутæ сæм баввахс сты æмæ федтой: Терчы доны чысыл сакъадахгондыл лæг лæууы, дзой-дзой кæны. Адæм куыд загътой, афтæмæй йæ цæугæдон раласта æмæ йæ уырдæм раппæрста.

Адæм æм дзурынц, хъæр кæнынц, цæмæй йæ бынатæй ма змæла, иу ран лæууа, æндæра цæугæдоны амæттаг бауыдзæн, фæлæ расыг лæг уыдонмæ кæм хъуыста (расыг кæй уыд, уый фæстæдæр рабæрæг),  йæхи та донмæ баппæрста. Фæласы йæ.

Æмбæлттæ-лæппутæй сæ иу нал фæлæууыд æмæ донбылты йæ фæстæ згъоры, цæугæдонмæ йын егъау хъамылтæй бахизæн нæ уыд. Кæсы, æмæ дон дарддæр скъæфы лæджы. Ацы бынаты Теркмæ цалдæр бацæуæны ис æмæ ирвæзынгæнæг лæппу куыддæр фыццаг фæзилæнмæ бахæццæ, афтæ фурдмæ цæугæдонмæ йæхи нывзылдта. Ивылд дон ын йæхи дæр ласта, йæ гуылфæнтæ йæ размæ скъæфтой, фæлæ хъæддых лæппу фидар лæууыд. Баййæфта донласт лæджы æмæ йыл фæхæст. Схойы йæ былгæронмæ. Дон афтæ арф уыд ацы бынаты, æмæ лæппуйы къæхтæ зæхмæ не ‘ххæссыдысты, йæ къæхтæ цæмæ фæбыцæу кодтаид, уый нæ уыд. Лæг уыд доны бын, æрмæст ма зынди йæ цæсгом.

Ацы бынаты цæугæдон фæсаджил. Чысыл дæлдæр та ногæй иу кодта æмæ уырдæм куы ныххæццæ уыдаид донласт лæг, уæд дæ балгъитæг дæр афтæ. Ирвæзынгæнæг лæппу цæрдæг змæлыд, архайдта донласты былгæронмæ раппарыныл. Лæджы цæугæдон дæлгоммæ æрзылдта, æмæ йын тас уыд фæхуыдыгæй. Ногæй йæ тагъд-тагъд схойын райдыдта былырдæм æмæ йын æппынфæстаг бантыст йæ раппарын.

Донласт лæг (йæ ном æмæ йын мыггаг барæй нæ фыссын – авт.) сахаты ‘рдæгмæ йæхимæ не ‘рцыд. Лæппу йæ дæлгоммæ æрзылдта æмæ йын йæ хуылфы цы дон уыд, уый рауагъта, бакодта йын фыццаг медицинон æххуыс.

Фæдисон адæмæй чидæр Уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдты министрадмæ фæдзырдта, æмæ сæ ирвæзынгæнджытæ æрбахæццæ сты, фæлæ йæ уæдмæ лæппу йæхимæ æрцæуын кодта æмæ донласт лæг сæхимæ афардæг.

Ирвæзынгæнджытæ æмæ фæдисонтæ арфæты бын фæкодтой цæрдæг ирон лæппуйы.

Чи у уæдæ ацы ирвæзынгæнæг сахъгуырд, цæрдæг лæппу?

Цæры Октябрыхъæуы Тедеты Павелы номыл уынджы. Къуайсайаг Зассеты Маирбеджы фырт Аслан хорз бæрæггæнæнтыл каст фæци Октябрыхъæуы фыццæгæм астæуккаг скъола, ныр та ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты экономикæйы факультеты 3-аг курсы. 19-аздзыд лæппу, скъолайы ахуыргæнгæйæ, цыд Октябрыхъæуы Тедеты Елхъаны номыл спортивон-æнæнизгæнæн комплексмæ, ленк кæнын ам сахуыр æмæ дзы ныр донласты ирвæзынæнгæйæ спайда кодта. Хорз кæй ленк кæны, уый тыххæй йын ис хæрзиуджытæ дæр.

– Аслан спорты хъæбысхæсты хуызы дæр архайы, рамбулы ерысты æмæ йын хæрзиуджытæ дæр ис.

Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдты министрады Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæйраг управленийы хицау, мидæггагон службæйы инæлар-майор А.Н. Хоружий ивгъуыд азы 27 декабры Зассеты Асланмæ æрбарвыста Арфæйы фыстæг: «Нæ Министрады Сæйраг управленийы разамынад æмæ сæрмагонд сконды номæй мæ дæуæн фæнды стыр арфæ ракæнын, лæгдзинад æмæ удуæлдайдзинад кæй равдыстай дæлдонгæнæг адæймаджы фервæзын кæныны, активон æмбæстагон позици равдисыны, æмæ трагеди кæй не ‘руагътай, уый тыххæй.

Фæнды мæ дæуæн фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ – ахуыры, размæдзыд æмæ цæхæркалгæ цард».

Арфæйы фыстæгыл фæцин кодтой Асланы ныййарджытæ Маирбег æмæ Битеты Дзерассæ, æфсымæр Азæмæт æмæ хо Алинæ.

Зæгъын ма мæ фæнды йæ фыд Маирбеджы тыххæй дæр. Уый у дыууæ хæсты архайæг. 1989-1992 азты хæцыд Хуссар Ирыстоны гуырдзиæгты ныхмæ, фæстæдæр та – Цæгат Ирыстонмæ æрбалæбурджыты ныхмæ.

Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы Барамындтæй хорзæхджын

æрцыд майдантæй.

Гасситы Моисей

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.