Этноочерк

Хъуамæ йыл басæттæм, ирон адæмы истори, нæ фыдæлты цардуаг æмæ царды хабæрттæй абоны онг цы зонæм, уыдонæн сæ фылдæр хай нæ къухы бафтыд æддагон адæмы, ома Ирыстонмæ-иу æнæнхъæлæджы кæнæ сæрмагонд экспедицийы фæлгæтты чи фæуазæг, ахæм фæндаггонтæ кæнæ ахуыргæндты фæрцы. Зæгъæм, нæ фыдæлты цардуаг æмæ историон хабæрттæн абон сæ бæрæг хай зонæм зындгонд уырыссаг ахуыргонд Всеволод Миллеры «Ирон этюдты» фæрцы. Нæ историйы ацы фадыджы стыр æмæ ахадæн сты, æндæр уырыссаг ахуыргонд Ковалевский Максимы фыстытæ

Ковалевский уыд  историк, этнограф, юрист, социолог. Райгуырд 1851 азы Харьковы. Каст фæци Харьковы университеты – Уæрæсейы рагондæр ахуыргæнæндæттæй иуы – юридикон факультет. Хорз зыдта францаг, немыцаг, англисаг, испайнаг æвзæгтæ. Йæ ахуыр адарддæр кодта Францы, Англисы æмæ Германы университетты, уыцы-иу рæстæг куыста архивты æмæ библиотекæты, базонгæ бирæ ахуыргæндтимæ æмæ æхсæнадон кусджытимæ, хæлар ахастытæ йын уыд  Маркс æмæ Энгельсимæ.

1877 азы, Уæрæсемæ æрбаздæхгæйæ, райста магистры ахуырадон къæпхæн æмæ ссис Мæскуыйы университеты юридикон факультеты ахуыргæнæг. 1880 азы бахъахъхъæдта докторы диссертаци. Уæрæсемæ куы æрбаздæхт, уæд сси Мæскуыйы университеты профессор. Всеволод Миллеримæ уадзын райдыдтой журнал «Критическое обозрение». Ирыстонмæ дæр фыццаг хатт ссыди Миллеримæ 1883 азы сæрды. Йæ балцы рæстæджы йын æххуыс кодтой этнограф Кокиты Сауи, сауджын Гатуты Алыкси, Санаты æфсымæртæ Гацыр æмæ Гуыцыр. Ирон адæмы тыххæй ныффыста æмæ 1886 азы рауагъта монографи «Современный обычай и древний закон» дыууæ томæй. Монографи йæ заманы банымадтой Уæрæсейы хуыздæр иртасæн куыстыл.  Йæ фæллæйттæ тæлмацгонд æрцыдысты къорд европæйаг æвзагмæ æмæ сын кæнынц стыр аргъ. Нæ газеткæсджыты зонгæ кæнæм, Ирыстон æмæ ирон адæмы тыххæй Ковалевский 1883 азы цы хабæрттæ ныффыста, уыдонимæ.

Чырыстон ирæттæн номылус курыны бар кæй нæй, уымæ гæсгæ бирæтæ райсынц пысылмон дин. Ирон адæмæй чырыстон дин æппæты фыццаг райстой туаллæгтæ, æрбафтыд сæм гуырдзыйæ. Дыгурæн сæ фылдæр чырыстон сты: номылусы цот сæм хуыйны  хъуымийæгтæ. Чызджытæ куы фæуафынц, уæд усгур лæппутæн сæ цурмæ бацæуыны бар нæй.

Салыгæрдæйнæгтæ уæздæттæ æмæ сау адæмыл дихгонд нæ уыдысты. Дудараты (Слонаты) æлдæрттæ рацыдысты Уæлладжыргомы Æрхонмæ хæстæг Трайæ, Санаты æлдæрттæ та – Уæлладжыргомы Ксуртмæ хæстæг Сыкъаджынæй; Есенатæ дæр сты Уæлладжыргомы Мызурмæ хæстæг Ногхъæуккаг æлдæрттæ; Алыккаты æлдæрттæ – Бадæй рацæугæ, Кодзыртæ æмæ Хъуысатæ дæр – Джимийæ рацæугæ æлдæрттæ сты. Иууылдæр сæхи хонынц Тæгиатæй, уæвгæ та сты уæлладжырæгтæ.

Дударатæ Уæлладжыры цæрæг адæмы кæй хъыгдардтой, уымæ гæсгæ сæ уырдыгæй фæтардтой. Иу сылгоймагæн дзы йæ мой куы амарди, уæд родгæсæй бацыд æххуырсты. Фынæйæ йæм хъомгæс фæрæдыд æмæ басывæрджын. Сывæллон ын куы райгуырд, уæд æй схуыдтой Слонатæй, ома, сылгоймаджы, сылы фырт.

Салыгæрдæйнæгтæ Гозымты Абырæг æмæ Хъуылаты Иналыхъо мын радзырдтой мæнæ ахæм хабæрттæ:

Кодзыртæ æмæ Хъуысатæ Салыгæрдæнмæ æрбафтгæ уыдысты æмæ сæ уæлладжырæгтæ нымадтой сæ дæлбартыл. Санатæ, Хъуысатæ, Есенатæ æмæ  Алыккатæ уыдысты змæнтæг, адæмы хъыгдардтой æмæ сæ уымæ гæсгæ Уæлладжыргомæй фæсырдтой. Æрбынæттон сты Арвыкомы фæндаджы фæйнæфарс, Гуырдзыстонмæ æфцæг бацахстой.

Бынæттон адæмы уæздæтты бартæ раиртасыны къамис саразыны рæстæг æлдæрттæн сæ рагфыдæлтæ чи уыдысты, уый базонынмæ фæрсæг ацыдысты уæлладжыргомы хистæртæм.

Бадилайæн фæдзæхст уыд Æрæфгом хъахъхъæнын. Уæлладжыр æмæ гæлиатæгты æхсæн быцæутæ цыдысты хизæнуæтты тыххæй. Ахæм хъуыддæгтæ, искуы-иу хаттæй фæстæмæ, лыг кодтой хъæуты мидæг æвзæрст тæрхонылæгтæ.

Туджджынты хъуыддагмæ æркæсыны тыххæй æвзæрстой фараст тæрхонгæнæджы: фондз – тугагурджытæй, цыппар та – тугдартæй. Бафидауыны тыххæй тугдар хъуамæ бафыстаид 360 туманы, кæнæ уый аргъ радтаид фос. Тугдарæн йæ бон ахæм аргъ бафидын куынæ уа, уæд сæ бæсты хъуамæ тугагурæн раттаид æнæцыд чызг æмæ саргъыбæх. Мыггагмæ чындздзон чызг куынæ разындаид, уæд æй æлхæдтой искæмæй æмæ-иу ссис тугагуры мыггагæй искæй ус, æмæ-иу афтæмæй туджджынтæ нымад æрцыдысты фидыдыл.

Сæйраг тæрхондон уыди Дагомы. Тæрхонылæгтæ йын æвзæрстой хæстæгдæр æртæ хъæуæй – Дагомæй, Цъамадæй æмæ Урсдонæй. Бынæттон тæрхонылæгты уынаффæимæ разы чи нæ уыдис, уыдон сæ хъаст хастой Дагомы тæрхондонмæ. Уый хъуыддаг æвзæрста, Мадызæд кæй хуыдтой, уыцы бынаты. Дагомы тæрхонгæнджыты бахъуыды рæстæг æвзæрстой æртæ хъæуы цæрджытæй – æдæппæт фараст адæймаджы.

Хъастгæнджытæ кæм цардысты, уыцы хъæутæй тæрхондонмæ цыдысты æрмæст æвдисæнтæ æмæ хабархæсджытæ.  Дыгурæй æмæ туалтæй  фæстæмæ  иннæтæн се ‘ппæтæн дæр, ома, Тæгиатæн æмæ Уæлладжырæн, тæрхон хастой Дагомы.

Дагом ис Уæлладжыргомы. Хъæумæ нæма бахæццæ уыдзынæ, афтæмæй фæзы разыны егъау къæйдур. Уыцы тъæпæн дурыл бадтысты тæрхоны лæгтæ. Тæрхондон ис дыууæ комы саджилы. Хъастгæнджытæ ардæм цыдысты гæрзифтонгæй. Хъуыддаг æвзарынмæ бавналыны размæ сын-иу сæ хотыхтæ райстой. Хъастгæнджытæй иутæ кæнæ иннæтæ тæрхонимæ разы куынæ уыдаиккой, уæд-иу сын сæ хотыхтæ фæстæмæ нал лæвæрдтой. Æнæ хотыхæй æрбаздæхын æгадыл нымад кæй уыдис, уымæ гæсгæ-иу, бар-æнæбары, сразы сты тæрхонимæ.

Ардхæрджытæ дзуармæ цыдысты æртæ чъириимæ æмæ далысы кусартимæ. Дзуармæ-иу йæ номæй бакуывтой æмæ загътой:

«Ард кæй тыххæй хæрын, уый кæд аххосджын у, уæд мæ дæ фыдæх баййафæд».

Ард хордтой æнæ дзуармæ бацæугæйæ дæр:

«Кæд ард кæй тыххæй хæрын, уый, кæнæ мæхæдæг аххосджын стæм, уæд мæ мæрдтæн куыйтæ фæлдыст фæуæд!».

Аххосджыныл кæй нымадтой, уымæн йе ‘вдисæнты ныхæстæ тæрхонылæгтæм нымады нæ уыдысты, нымайын сæ райдыдтой, Уырысы хицауад куы æрфидар Ирыстоны, æрмæстдæр, уæдæй фæстæмæ.

Тæрхон фехъусын кæныны размæ тæрхонылæгтæ аххосджыны хæстæджытæй æвæрдтой «фидартæ». Уыдонæн фæдзæхст уыди тæрхон сæххæст кæнын. Кæд æмæ тæрхон æххæстгонд не ‘рцыдаид, уæд «фидар» дзуапп æвæрдта йæ исбонæй.

Тæрхонылæгтæ фæсаууонмæ уынаффæ ницæй тыххæй рахастаиккой, хъастгæнæг кæнæ дзуапдæттæг тæрхоны бон куынæ фæзындаид, уæд-иу  хъуыддаг аргъæвтой фæстæдæрмæ.

Зæххы фæдыл хъаугъа алыг кæныны тыххæй быцæугæнджытæ æвзæрстой дзырддзæугæ лæджы. Уый хъуамæ ракъахтаид, кæрдæг кæм нæй, ахæм зæххы гæппæлы иу белгом, йæ дыууæ къухмæ йæ систаид, хуымгæнды арæнтыл æрзылдаид æмæ, зæххы хай кæй у, уый загътаид.

Ирон адæммæ ис кæнгæ æфсымæрты ардбахæрд. Дыууæ æмгары кæрæдзийæ æфсымæртæ фæзæгъынц, иу агуывзæйæ арахъхъ бануазынц æмæ ард бахæрынц:

«Нæ дыууæйæ иу иннæуыл гадзрахатæй куы рацæуа, уæд æй ацы кадджын нуазæны азар басудзæд!».

Кæнгæ æфсымæртæн кæрæдзийы хотæ ракурыны бар нæй.

Туджы аргъæй мадырвадæлтæн хай нæ вæййы. Ирæд куы фæфидынц, уæд усгуры хардзæй æмбæлы мадырвады бæх, дыгурмæ та – мадырвады гал.

Ирмæ æгад у, ус чи нæ куры, уый: хонынц æй дзæдæл.

Ирæттæ чызджы тыххæй суанг авдæнмæ дæр фидыдтой, йæ усгур  йæхицæй дзæвгар хистæр куы уыдаид, уæддæр.

50-аздзыд сылгоймагæн ныййарын худинагыл нымад у, уымæ гæсгæ хатгай, Гатуты сауджын куыд зæгъы, афтæмæй æфхæлц дæр саразынц.

Чындзымойы ирон адæм ныххудинаг кæнынц мæнæ ахæм хуызы: аххосджыны хæрæгыл фæстæрдæм сбадын кæнынц æмæ йæ афтæмæй фæракæн-бакæн кæнынц уынгты, уыимæ алкæмæн дæр ис йæ бафхæрыны, дур кæнæ йыл фаджыс ныццæвыны бар.

Ирон адæм чындзаг æвзаргæйæ, чызгæн æппæтæй тынгдæр кæсынц йæ уынд æмæ йæ кондмæ. Афтæ дæр рауайы, æмæ усгур иунæг хатт йедтæмæ нæ фены чызджы (куывды кæнæ чындзæхсæвы), афтæмæй йæм минæвæрттæ барвиты дзырддзæугæ лæгты.

Раджы заманы ирæттæм чызгыскъæфт уыди тынг арæх, уæлдайдæр – дыгурмæ. Аскъæфыны фæстæ фидын хъуыд ирæд. Æгъдаумæ гæсгæ фæд-фæдыл ракурæн ис мадызæнæг хоты. Лæппу усгурыл нымад у æхсæрдæсаздзыдæй, чызг та чындздзоныл – æртындæсаздзыдæй. Чызджытæ моймæ лæвæрд хъуамæ æнæмæнг цæуой куыдхистæрæй. Чызг раттыныл хъуамæ разы уа канд йæ фыд æмæ хæдзары хистæр нæлгоймаг нæ, фæлæ суанг мыггаджы хистæр дæр. Чызгæн йæ мад разы куы уа, уæд хистæр сылгоймæгтæ фарсты нæ цæуынц.

Лæг æмæ усæн фырт куынæ вæййы, уæд скæнынц кæнгæ фырт. Кæнгæ фырт кæнынц æрмæст хæстæджытæй. Хатгай фырт фæзæгъынц сиахсæй дæр (сæ чызджы лæгæй). Кæнгæ фырт фæзæгъынц, ныгæнæг æмæ сын æгъдæуттæ кæнæг цæмæй уа, уый тыххæй. Кæнгæ фырт ноджыдæр фæзæгъынц, сæ мæлæты фæстæ сæ зæххы хай хæстæджыты æхсæн уаринаг цæмæй ма фæуа, уый тыххæй. Кæнгæ фыртæн йæ кæнгæ фыды чызг ракурыны бар нæ дæтты æгъдау.

Арæх чызджы æмæ лæппуйы фæрсгæ дæр нæ бакæнынц, фæндон сын у æви нæ, уымæй, афтæмæй бафидауынц сæ фыдæлтæ. Хи хъæуккаг кæнæ æндæр хъæуккаг чызджы куы ракура лæппу, уæд хъуамæ хъæубæстæн бафида æртæ сомы æмæ æрдæгæй фараст сомы онг – йæ дзыпп куыд амона, уымæ гæсгæ; уыцы фиддон хуыйны хъæувæндаг.

Иуæй-иу хæдзæрттæ сæ чызджы ирæдæй уæлæмæ хъæубæстæн домдтой 25 сомы аргъ саргъыбæх. Хуыдтой йæ фатыбæх, бацис-иу хæстæджыты.

Ирæд фыстой 250-300 сомы, ома, 30-35 галы аргъ, кæнæ æртæ галы бæсты – 30 фысы. Хъуг æмæ дыууæ фысы уыдысты галы аргъ. Ирæды хыгъдмæ раттæн уыди хъримаг – æхсæз галы аргъ; æхсаргард – дыууæ-æртæ галы аргъ; дыууадæсхъусыг бæгæныфыцæн цæдж-джинаг – 6-8 галы аргъ; къонайы рæхыс – æртæ хъуджы аргъ. Æфсымæртæ уæрст куынæ уой, уæд ирæд фиды хæдзар æнæхъæнæй дæр, уæрст куы уой, уæд та йæ фиды фыд. Чызджы хæдзармæ æндæр фæнд куы æрцæуа æмæ сæ чызджы куы нал раттой, уæд ирæд æнæхъæнæй дæр здæхт цæуы фæстæмæ, стæй ма хъуамæ уæлæмхасæн бафидой фондз туманы. Лæппуйы хæдзармæ куы ‘рцæуа æндæр фæнд, уæд та ирæдæй чызджы хæдзары ныууадзгæ уыди фондз туманы æхца, кæнæ та гал æмæ хъуг. Уыцы фондз туманы хуындысты ныууадзæггаг гал æмæ хъуг.

Чындзæхсæв арæхдæр аразынц ноябры кæнæ январы – æвдæлон мæйты: иуæй хортæ æфснайд фесты, иннæмæй та фысвос уæтæрты сты.

Æнæус лæппутæ сæ фыды хæдзары куы цæрой æмæ уарынвæнд куы скæной, уæд дзы алкæмæн дæр бинонты иумæйаг исбонæй ирæдваг дихгонд цæуы, хистæр æфсымæр цас бафыста, уыйас.

Усгуры хъуамæ чызджы хæдзары хистæртæй мачи фена, чызг та æмбæхст усгуры бинонтæй се ‘ппæтæй дæр, уыимæ чызг æмæ лæппуйæн кæрæдзи феныны бар нæй. Афон куы ралæууы, уæд усгур чызджы хæдзармæ бацæуы йæ хæстæджытимæ, балæвар кæны саргъыбæх кæнæ 25-30 сомы æхца.

Раджы заман чызджы хæдзары лæбурдтой чындзхæсджытæм, скъуыдтой сын сæ цухъхъатæ, байстой-иу сын сæ худтæ. Ныртæккæ та чындзы куы рацæйхæссынц, уæд фæсивæд æрæхгæнынц кулдуар æмæ чындзхæсджытæй домынц лæвæрттæ. Чындз йæ райгуырæн хæдзарæй куы рацæйцæуы, уæд хъуамæ æртæ хатты æрзила къонайы алыварс æмæ бавнала Сафайы рæхысмæ.

Чындзы куы æрбахæссынц, уæд йæ сæрæй æртæ хатты ныллæг акувы хæдзары хистæр сылгоймагæн, йæ цуры зонгуытыл æрлæууы, йæ рахиз уæраг ын царв æмæ мыдызмæстæй айсæрды, зæронд ус та йын арфæ ракæны: «Амондджын къах æрбавæр, æмæ царв æмæ мыдау адджын цард фæкæнут дæ моимæ».

Чындзы æрбахæссынц цыллæ хызы бын. Дыккаг бон ын йæ хыз сисы йæ мойы мыггаджы кæстæр лæппутæй иу æмæ йын раарфæ кæнынц:«Хуыцау дæ фараст лæппуйы æмæ иу чызджы мад фæкæнæд!».

(Кæрон радон номыры)

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.