Кавказ у зæххон цивилизацийы рагондæр артдзæстытæй иу. Дунейы адæмты мифологимæ дæр дзæгъæлы нæ бахауди – зæгъæм, бердзентæ нын нæ хæхбæстæ схуыдтой Прометейы хъизæмæрттæ æвзарæн бынат, Библийы та нымад цæуы, доны хъаймæтæй Нухы бæлæгъ хуыскъмæ кæм раирвæзт, ахæм бынатыл.

Иттæг ахсджиаг у Кавказæн йæ геополитикон ахадындзинад дæр: ис дыууæ денджызы ‘хсæн – Сау æмæ Хъаспы, стæй Евразийы тыгъд быдыры бæстастæу, дунейы бикъ æмæ комы дæгъæлау. Æппæт уыцы æууæлтæ æнæ фæзынгæ нæ уыдысты нæ культурæйы хицæндзинад æмæ хæдхуызыл – иннæтимæ ивддзаг нæ кæны.

Фæстагмæ Кавказ дыууæ дихы кæй фæцис, ома Цæгат æмæ Хуссарыл, уый та у бæлвырд дуджы политикон æмæ административон мидахастыты аххос, æмæ истори, географи æмæ этнографийы цæстæй кæсгæйæ ницы уый бæрц ахады. Хъуыддаг хæраймаг бындурыл амад кæй у, фыдæхтауæг политикæйæ кæй гуыры, уымæн ирд æвдисæн – Ирыстоны хъысмæт: йæ иу хай хауы Цæгат Кавказмæ, иннæ та – Фæскавказмæ…

Уæдæ хæххон бæстыхъæд дæр æмæ историон хицæндзинæдтæ дæр æнæ фæзынгæ нæ уыдысты Кавказы этностæ æмæ æвзæгты арæхыл, йе ‘хсæндзарды хуызтæ æмæ динтыл. Ибериаг-кавказаг æвзæгтыл дзурæг адæмтæй уæлæмæ ма сыгъдæг кавказæгтыл нымад сты тюркаг адæмыхæттытæ (азербайджантæ, хъуымыхъ, асы, хъæрæсе) стæй индоевропæйæгтæ, ома ир æмæ сомих. Кавказы адæмтæ сæ дин æмæ æвзæгтæй, æмæ политикон хуызы дæр кæй хицæн кодтой кæрæдзийæ, уый сын цæлхдур никуы уыд сæ культурон бастдзинæдты нæдæр сæхи мидæг, нæдæр Ныгуылæн æмæ Скæсæны бæстæтимæ дæр. Культурон мидахæстытæн, алы динты æмæ этносты æмгуысты Кавказ куыд фæлтæрд у, уымæн дзы æмбал нæй. Хæххон адæмтæн сæ культурæйы цы иумæйаг æууæлтæ сфидар сты, уыдон бæрæг дарынц суанг бронзæйы æнусæй фæстæмæ. Стæй нырыккон кавказæгты историон хъысмæт æмæ культурон фарстатæ дæр æмхуызон кæй сты, уый дызæрдыггаг нæу.

Дыууæсæдæ азы размæ Кавказы адæмтæ сæ дæргъвæтин царды мидæг фыццаг хатт баиу сты Уæрæсейы империйы базыры бын. Уыцы уавæр нæ аивта (1917 азы хæдфæстæ æртæ азы нæ нымайгæйæ) Советон Цæдисы фехæлыны онг – уæд Азербайджан, Сомих æмæ Гуырдзыстон ссисты хæдбар паддзахадтæ. Ныр цæгаткавказаг национ республикæтæ сты Уæрæсейы Федерацийы уæнгтæ.

Фæстаг дыууæ æнусы нæ размæ цы культурон хæстæ лæууы, уыдон афтæ вазыгджын æмæ бæрнон цæмæн сты, уый æнцон бамбарæн нæу: кавказаг адæмты фылдæрæн уыцы рæстæг сæ национ иудзинад, хиæмбарынад æмæ сæ культурæйы рæзт схæццæ йæ уæлдæр къæпхæнмæ, баввахс йæ фыдæлтыккон нысанмæ.

XIX æнусы æрцыди дыууæ ахсджиаг цауы – йæ бындур ныззылди феодалон æхсæнадæн; Кавказ ссис дунеон экономикæйы хъазуатæй æмæ хъæппæрисджынæй архайæг. Уый йын стыр ахъаз фæци: астæуккаг æнусты традиционализмæй рахызти Ног рæстæджы, дины догмæтæй сæрибар чи у, ахæм национ культурæмæ. Экономикæйы ахадгæ æнтыстытæ, ахуырады сгуыхтытæ, уыйадыл та интеллигенци æмæ алывæрсыг дæсныйæдты цæхгæр рæзты гуырæнтæ агургæ сты хохаг адæмтæн сæхи æхсæнадон æмæ культурон хъомысы. Фæлæ уæд – басæттын хъæуы: æнæ Уæрæсейы культурæйы æххуысæй иу рæгъмæ хæссинаг хъуыддаг дæр нæ бантыстаид.

Кавказаг адæмтæ ногдзинæдтæм æмхиц æмæ зæрдæргъæвд кæй уыдысты, æнæсцухæй ивддзинæдтæм цы цивилизацион дуне тырныдта, уым сæхи хорз кæй æнкъардтой, уымæн ис йæхи историон фидар бындур: хохаг адæмты фылдæрæн се ‘хсæнадон рæзт тынг хæстæг лæууыд Уæрæсейы паддзахады æууæлтæм. Сæйраджыдæр та уый, æмæ иттæг æнтыстджынæй кæй арæзтой сæхи адæмон культурæ.

Се ‘ппæтæн национ паддзахадтæ кæй нæ бантысти саразын, уыйадыл сын культурæ ссис сæйрагдæр иугæнæг фактор, сæ национ номы, хиæмбарынады рæбинаг цæджындз. Кавказы раззагдæр интеллигенцийы ахсджиагдæр фæндиæгтæ уыдысты национ литературæ æмæ культурæ, æппæт аивады хæрзæбоныл куыст, чиныг джиппы уадзын æмæ дзыллон мыхуыры фæрæзтæй æхсæнад сифтонг кæнын, мадæлон æвзагыл скъолатæ саразын. Уыцы цытджын нысантæ империон политикæйы хыгъды кæд нымад нæ уыдысты æнæмæнгæй царды рауадзинаг хъуыддæгтыл, стæй кæд бынæттон æвзæгтæ æмæ культурæйы рæзтæн хæдхæцæг паддзахад ницы ахъазгæнæг мадзæлттæ арæзта, уæддæр комкоммæ сæ ныхмæ дæр цæлхдуртæ не ‘вæрдта, къуылымпыйы хос сын нæ уыд. Уымæ гæсгæ XIX æнусы кæрон æмæ XX æнусы райдайæны Кавказ йе ‘хсæнадон æмæ культурон царды уыд йæ тæккæ ‘хсидгæйæ – уыцы рæстæг ис Национ ног цардарæзт схонæн хæдбындур æрдзон хуызтимæ.

Уæрæсейы империйы адæмтæй алкæмæн дæр йæхи культурæ сфæлдисыны æмæ рæзын кæныны бар кæй ис, уыимæ сразы сты уæлахиздзау большевиктæ дæр. Уыдоны заман Кавказы адæмты цард ныкуыддæртæ – иуæрдыгæй большевиктæ ‘нцад нæ уагътой уæздан æмæ фæрныгæй цæрæг адæмы, стæй æппæты дæр æмхуызонæй иу идеологийы дæлбар кодтой; иннæрдыгæй та алы советон цæдисон æмæ автономон республикæты дæр, алы зылдты æмæ крайты арæзтой национ культурæйы паддзахадон куыстуæттæ, фæзындысты бирæ ног дæсныйæдтæ, адæмон ахуырад дæр национ хуыз исын байдыдта. Ссæдзæм азты хъуыддаджы гæххæттытæ, скъолайы ахуырад ивын райдыдтой мадæлон æвзагмæ, карджын адæмы парахатæй ахуыр кодтой фыссын æмæ кæсыныл. Æртынæм азты авд къласы бакæсын ссис æнæмæнг сæххæстгæнинаг хæс, кæд уый тыххæй, ома скъолайы ахуыр кæныны тыххæй, æхца фидын хъуыд, уæддæр. Фæндзайæм азты та хъуамæ алчи дæр райстаид астæуккаг ахуырдзинад, ноджы лæвар. Советон дуджы ахъаззаг æнтыстытыл банымаинаг сты, уæлдæр ахуырады скъолатæ кæй сарæх сты, национ театртæ, музейтæ, чиныгдæттæ æмæ дзыллон мыхуыры фæрæзтæ кæй фæзындысты, уыдæттæ. Фæлæ арфæйаг хъуыддæгтæ бæрзæйдих фесты, æппæт дæр æмхуызон гæркъайы хуынчъы ласæг идеологи куы фæуæлахиз æмæ национ-культурон арæзтад хурх кæнын куы райдыдтой, уæд. Раздæр уыцы арæзтады æнувыдæй чи архайдта, стæй йæ фехалыны ныхмæ чи уыд, уыдоны дæр цадæггай æвирхъау хуызы æфхæрын райдыдтой.

1950 азы уæлдай стынг денационализацийы хъуыддаг: мах, дам, Советон Цæдисы цæрджытæ, цы стæм, уымæй иууылдæр иу адæмыхатт стæм – советон адæм! Цæдисон республикæтæ кæй уыдысты, уый фæрцы Азербайджан, Сомих æмæ Гуырдзыстон уыцы тыхбегарайæ фервæзтысты, уыцы найгæнæнæй, фæлæ Кавказы иннæ адæмтæн сæ культурæ æмæ æвзаг паддзахадæн йе ‘хсæндзарды фæс-къуыммæ баппæрстой, ницæмæнуал хъæуынц, зæгъгæ. Мадæлон æвзагыл æппындæр нал уыди скъолатæ, уыйадыл ахуырад фæиппæрд адæмы æрвылбоны цард æмæ национ культæрæйы хæзнатæй. Фыццагау æм социалон функцитæ æххæст кæнын кæй нал хауд, уый азарæй æвзаг куыд-фæстæмæ къуымыхæй-къуымыхдæр кодта, йæ авналæнтæ бацыбырдæр сты, йæ дзырдуаты æвæрæнтæ мæгуырмæ цыдысты. Бæлиццаг бон нæ уыд культурæйы алы къабæзтыл дæр – идеологион къæйдур æмæ сæ талынгзонд цензурæ хуыдуг кодтой, улæфт сын нал фаг кодта.

Уыцы фыдаудæн дуджы адæмæн сæ национ ном бахъахъхъæныны, сæ удварны хорзæхтæ бахизыны, се ‘взаг æмæ фарн фервæзыны иунæг фæрæзау ссис сæ фыдæлтыккон (адæмон, фольклорон) культурæ. Фæлæ цыфæндыйæ дæр хи культурæйæн æнæ мадæлон æвзаг æмæ ахуырады системæйæ æмбæлгæ хуызы рæзæн нæй, уыдон йæ сæйрагдæр фадæттæ сты, йæ царддæттæг гуырæнтæ. Ахæм æнæрайы политикæйы фæстиуæг та уый уыд, æмæ хохаг адæмты социалон, национ-политикон рæзт фæкъуыхцы, фæсте баззади, раздæры бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ.

Фæлæ та фæстаг дæс азы хъуыддаг хуыздæрæрдæм ивын байдыдта, æмткæй, паддзахадон политикæ культурæйы арæзтады хынцы кавказаг адæмты национ æмæ æхсæндзарды домæнтæ. Зæгъæм, цæмæй демократи Уæрæсейы сцæрæццаг уа, уый охыл ахсджиагыл банымадтой, культурон царды сфæлдыстады алы хуызтæн дæр бынат кæй ис, сæ ахадындзинадмæ гæсгæ æмсæр кæй сты, æмхуызон хъæугæ, уыцы фæтк. Уымæн æмæ афтæ куы нæ уа, уæд адæймаджы бартæн сæ кæцыдæр ахсджиаг хай хæлд цæуы. Ацы хъуыддаджы уæлдай вазыгджындæр бæрн ис кавказаг республи-кæтыл, ома Уæрæсейы Федерацийы субъекттыл. Уый та уымæн, æмæ сын ныр фадат фæцис, се стыр паддзахады иудзинадыл хъуыдыгæнгæйæ, сæхи культурон фидæныл дæр сагъæс кæнын æмæ уый аразын. Æцæг, цы историон фæндагыл рацыдысты, уый къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ хынцгæйæ.

Ныр, XXI æнусы, æппæт Кавказы размæ цы культурон хæстæ сыстад, уыдон сты, зæгъæн куыд нæй, афтæ ахадгæ, вазыгджын æмæ бирæкъабазджын. Фæлæ нæ амондæн, царды цы хуызы æмæ куыдхуыздæрæй рауадзгæ сты, уый бæлвырд æмæ зындгонд у.

Ирыстоны культурон арæзтады хæстæ цахæм сты, ахæм сты æгас Цæгат Кавказæн дæр. Историйы фæлтæрæнтæ æмæ дунеон культурæйы нырыккон тенденцитæ, йæ рæзты фæзилæнтæ, æмткæй, дуджы улæфт чи хынцы, æрмæстдæр уыцы политикæйы бон у национ-культурон куысты проблемæтæ сæргом кæнын æмæ сæ лыг кæнын. Сæ сæйрагдæртæ та, мах хъуыдымæ гæсгæ, сты мæнæ адон:

  1. Æппæт культурон программæты бындуры дæр хъуамæ уа ахæм хæс, цæмæй хъахъхъæд цæуой фæйнæхуызон уагыл цæрæг къордты культурæйы хицæндзинæдтæ. Зæгъæм, Ирыстоны цы адæмыхæттытæ ис, уыдоны æгъдæуттæ, культурæ æмæ æвзæгты сæрибар рæзт ахъаз у нæ республи-кæйы иумæйаг культурæйы рæзтæн, дæтты йын уæлæм-хасæн тых, ирддæр æмæ йæ алы хуызы дæр хъæздыгдæр кæны. Уый хорзæрдæм зыны æхсæнады граждайнаг æмæ этникон принциптæн адæймагуарзон бындур сæвæрыны хъуыддагыл дæр.
  2. Алы адæмыхæттыты æмæ алы динылхæст адæмты ‘хсæн бастдзинæдтæ фидар кæнын, Кавказы мидæг культурон æмгуыстад уæрæх кæнын æмæ уый фæрцы кæрæдзи хуыздæр бамбарын – æппæт уыдæттæ хъуамæ уой Цæгат Ирыстон-Аланийы культурон политикæйы ахсджиагдæр нысантæ.
  3. Культурон политикæйæн йæ бындур хъуамæ суа республикæйы закъонты рæзт – уыдонæй аразгæ сты культурæйы мидахастытæ, комкоммæ культурон бынтæ хъахъхъæныны хъуыддаг.
  4. Зæгъæн куыд нæй, афтæ ахсджиаг æмæ сæйраг сты дыууæ хъуыддаджы: ирон æвзаг сæфты къахæй раздахын æмæ адæмон ахуырады нырыккон системæ саразын, скъолайы дыууæ паддзахадон æвзаджы дæр æцæг æмсæр куыд уой, афтæ.

Æхсæнад нывыл цæмæй рæза, уымæн ахъаз у æрмæстдæр ахæм скъола, национ культурæ парахат кæнын йæ хæсыл чи нымайы, уый цæрайæ чи цæры, стæй æндæр адæмты культурæмæ дæр æмæ нырыккон æхсæнады цивилизацион рæзтмæ дæр æргом здæхт чи у.

  1. Цæмæй национ культурæ цæрæццаг уа, зæрдæзæгъгæ рæза, уый тыххæй хъуамæ хъахъхъæд æмæ ахуыр цæуой фыдæлтæй баззайгæ культурон бынтæ. Геродот, Страбон æмæ Птолемей цы ирайнаг знæмты хуыдтой скифтæ æмæ сæрмæттæ, уыдоны иунæг историон байзæддаг сты ирæттæ. Астæуккаг æнусты автортæ, ирæтты фыдæлты хуыдтой алантæ. Скифтæ, алантæ æмæ иры æхсæнадон æмæ историон, культурон æмæ æвзаджы иудзинады фæрцы фæстагæттæм æрхæццæ сты рагон индоирайнаг (уæрæхдæр та – индоевропæйаг) монон хæзнатæ, æхсæндзарды бындурон домæнтæ, æвзаджы æмæ хъуыдыкæнынады гуырæнтæ.

Фыдæлты монон хæзнаты ‘хсæн сæйраг бынат ахсы дины уагæвæрд – уый у культурон цардæн йæ æнæфæивддзаг адæмон фæлгонц. Æмæ цæмæй дзыхæйдзургæ æмæ удварны бынты дунеон Номхыгъдмæ хаст æрцæуа, уый аккаг у. Абон нæм цæттæгонд цæуы нæ культурон хъæздыгдзинæдтæ алывæрсыгæй ахуыр кæныны уæрæх программæ, нысангонд у ирон культурæйы тыххæй зонындзинæдты иумæйаг банк саразын. Нæ фольклорон хæзнатæ æххæстæй мыхуыры рауадзыныл дæр кусын райдыдтам.

  1. Цæмæй историйы цыртдзæвæнтæ хъахъхъæд цæуой, пайда сæ чындæуа, уый тыххæй хъуамæ суой нырыккон культурæйы исбон, æхсæнады æрвылбон царды ахъаззаг хай. Нузалы аргъуан, «Мыстулæгты лæгæт» (истори æмæ æрдзы цыртдзæвæн, æвдисæн у адæймаг æмæ æхсæнады рæзтæн милуан азы æмбисы дæргъы), стæй Лисрийы астæуккаг æнусты амад мæсгуытæ æмæ цæрæн хæдзæрттæ дæр уый аккаг сты, цæмæй дунейы хæзнаты Номхыгъдмæ хаст æрцæуой.

Ирæтты æмæ Кавказы иннæ адæмты ног фæлтæртæ дæр, мæнæ фидæны зæххы къорийы æппæт адæмтæ дæр мыггагмæ кæм баиу уыдзысты политикон æмæ культурон хуызы æмсæрæй, уыцы «глобалон хъæуы» æххæстбарджын цæрджытæ кæй суыдзысты, уый мах фидарæй уырны. Æцæг уæддæр сæ райгуырæн зæххы патриоттæй баззайдзысты.

БЗАРТЫ Руслан,

историон зонæдты доктор, профессор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.