2-æм октябры официалон æгъдауæй байгом «цыппар стъалыйон» уазæгдон «Ирыстон». Цытджын мадзалы хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, УФ Экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Михаил Бабич, РХИ-йы Хицауады сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади, горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ æндæртæ.

Бибылты Анатоли æрдзырдта уазæгдоны сырæзтæн цы стыр нысаниуæг ис, уый тыххæй. Уый фæстæ бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы  Федерацийы къухдариуæгадæн, Хуссар Ирыстонæн алыварсон æххуыс кæй кæнынц, уый тыххæй: «Махмæ фæзынд уазæгдон, кæцы дзуапп дæтты бæрзонд стандарттæн. Æнæ æфсымæрон æххуысæй уый нæ къухты нæ бафтыдаид. УФ-йы æххуысæй махмæ канд уазæгдон нæ сырæзт, сырæзт нæм паддзахадон театры бæстыхай, университет, медицинон кластеры корпустæ æмæ ноджы бирæ цардуагон объекттæ», – дзырдта Бибылты Анатоли.

«Ирыстон» цæттæ у уазджытæ райсынмæ

Михаил Бабич йæхи рады арфæ ракодта Ирыстоны цæрæг адæмæн ахæм аив уазæгдон нæм кæй сырæзт, уый тыххæй. «Ныр сымахмæ æнæзивæгæй цæудзысты уазджытæ æмæ инвестортæ. Уыдон уарзынц, хорз уавæртæ æмæ æдасдзинад кæм ис, ахæм бы-нæттæ. Уазæгдон «Ирыстон» арæзт æрцыд цыппар стъалыйы домæнтæм гæсгæ æмæ уый та бар дæтты туристтæ райсынæн дæр. Мæн фæнды, цæмæй ацы уазæгдон суа уæ горæты визитон карточкæ, ома, инвестицион климат аразынæн аккаг бынат».

Сырх лентæ алыг кæныны фæстæ уазджытæ азылдысты уазæгдоны хатæнтыл. Алы номыры дæр ис хъæуæг дзаумæттæ, телевизор, хинайæнтæ. Номыртæй алкæцыйы дæр ис æнæаргъ вай-фай. Дизайн иумæйагæй сисгæйæ дзуапп дæтты классикæйы домæнтæн. Уазæгдоны арæзт æрцыд лифт дæр, кæцы у иттæг комфортон. Отелы мидæг ис конференц-зал, бадзырдтæ уадзæн бынат сæрдыгон бонты, сауна, классикон SPA-центр, æмæ офисон хатæнтæ. Уазæгдон саразæг подрядон организацийы хистæр инвестор Бердиаты Алан куыд загъта, афтæмæй æртæуæла-дзыгон уазæгдонæн йæ арæзтадон фæзуат у 6 мин квадратон метры бæрц. Уый арæзт æрцыд 43 бынатæн. Дыккаг, æртыккаг уæладзгуыты æмæ уæлхæдзар ис номырон фонд. Уыдон нымæцы президентон æмæ люкс номыртæ. Ис ма сæм инвалидты тыххæй номыртæ дæр. Иннæ номыртæ иууылдæр дзуапп дæтдзысты цыппар стъалыйы уазæгдоны домæнтæн. Уазæгдоны фыццаг уæладзыджы ис кафе-бар. Хицæнæй дзы уазджытæн арæзт æрцыд хæрæндон дæр. Объекты арæзтадæн 430 милуан сомы рахицæн æрцыд Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Иннæ æхцайы фæрæзтæ та бадзырдмæ гæсгæ самал кодта инвестор Бердиаты Алан. Уыцы компанийæн Цæгат Ирыстон-Аланийы уазæгдæттæ аразыны хъуыддаджы ис стыр фæлтæрддзинад. Бадзырдмæ гæсгæ уазæгдон «Ирыстон» 25 азы уыдзæн æминвесторы дæлбар. Æхсæз азы фæстæ цы æфтиæгтæ иса уазæгдон, уыдонæй 15 проценты цæудзысты паддзахадон бюджетмæ.

Бердиаты лæппуйы ныхæстæм гæсгæ уазæгдоны персоналы нымæц ныртæккæ у 42 адæймаджы, фæлæ, дам, мах хъавæм кусджыты штаттæ ноджы фæфылдæр кæнын.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.