Ирыстоны иузæрдион хъæбул, историон зонæдты доктор, адæмон змæлд «Адæмон Ныхас»-ы лидер æмæ йæ райдианæй Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад аразын æмæ банымайыныл удуæлдай тох чи фæкодта, уыцы Цоциты Аланæн нæ республикæйы дзыллæйад знон фæстаг хæрзбон кодтой Паддзахадон драмон театры бæстыхайы.

Цоциты Аланы номыл фыдохы митинг амонæг Кокойты Тарзан банысан кодта, зæгъгæ, нæ Иры фæтæг Хетæгкаты Къоста æрвысты куы уыд, уæд йæ æмдзæвгæйы фыста:

«Мæ Иры фæсивæд, дæ цинæй, дæ хъыгæй,
Фæластон мæ сонт зæрдæ дард,
Цы ма мын кæндзынæ, дæ цæстыты сыгæй,
Æнæхай фæуыдзæн мæ мард», — ацы ныхæстæ ныллæг хъæлæсæй зæлыдысты æмæ рабæззыдысты Цоциты Аланмæ ахасты.

«Абон цы паддзахады цæрæм, уый цæмæй йæ къахыл слæууыдаид, ууыл чи бакуыста, уый уыд Алан», — дзырдта йæ ныхасы бæстæйы æртыккаг Президент Тыбылты Леонид. «Фæлтæрæй фæлтæрмæ цæрдзысты нæ фæсивæд уыцы бæстæйы», — æрæмысыд Аланы политикон æмæ паддзахадон архайды райдиантæ. Абон, зæгъгæ, æз сæрыстыр дæн, уыцы рæстæджы æмцæдисонтæ кæй уыдыстæм æхсæнадон змæлды. Нæ бæстæйы бындурæвæрæг æмæ идеологтæй сæ иу Цоциты Алан хорзæй цы сарæзта Ирыстонæн, уый баззайдзæн нæ зæрдæты.

«Аланы хордзинæдтыл бирæ дзурæн ис, уыдис ын ахæм курдиат æмæ бынтон хуымæтæг ныхæстæй пайдагæнгæйæ йæ алыварс æмбырд кодта æхсæнады минæвæртты. Паддзахад арæзтады структурæтæ цадæггай биноныг кæй руаджы æрцыдысты, уыцы фæндæттæ дæр хаста Цоциты Алан. Конституци, уый фæстæ та æвзæрстытæ æмæ дарддæр хицауиуæгады арæзтадмæ цы æмбæлд, уыдон арæзт цыдысты. Уымæ гæсгæ Алан уыд нæ паддзахады бындурæвæрæг. Уый бацамыдта, сабыр къахдзæфтæй цадæггай куыд цæуын хъæуы хæдбар паддзахад суæвынмæ», — дзырдта йæ раныхасы Дзиццойты Юри.

Алан, зæгъгæ, политикон реабилитаци æрцыд. Ныфс бавæрдта, æввахс рæстæджы йæ архайд дæр барадон æгъдауæй реабилитаци кæй æрцæудзæн.

Историон зонæдты доктор Бзарты Руслан стыр аргъ скодта Цоцийы фырты куыст æмæ алыварсон архайдæн. Стыр амондыл банымадта, ирон адæмæн Дунескæнæг ахæм адæймаг кæй радта. Уымæн æмæ уый хуызæн алыварсон зындгонд архайджытæ нысан кæ-нынц нæ историйы сæйраг этаптæ.

«Алан уыд нæ æнусы культурон хъайтар. Уый банысан кодтой стыр паддзахадон архайджытæ дæр. Уый хуызæн гоймæгты руаджы адæмы базонынц дард фæсарæнты дæр. Зонады ахæм гоймæгтæ стæмтæ сты, кæцытæ ахæм егъау зонадон дисциплинæтыл аххæссынц рогæй — фольклористикæ, социалон антропологи, культурологи, политологи æмæ афтæ дарддæр. Уый ма уыд хъуыдыгæнæг дæр, уымæн æмæ æнæ æхсæнадон хъуыдыйæ, æнæ националон идеологийæ культурæ аразæн нæй. Культурæ та адæмæн æххуыс æмæ ахъаз кæны цæрынæн», — банысан кодта Руслан.

«Ирон адæмы æцæг фыртæн йæ мæсыг амад фæцис, федта йæ хъарутæ æмæ тыхты фæстиуджытæ — хæдбар æмæ сæрибарæй федта Ирыстоны», — дзырдта Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Къоста.

Банысан кодта, курдиатджын адæймаг алыварсонæй курдиатджын кæй у. Алан уыд иттæг хорз ахуыргæнæг, йæ раздæры студенттæ хорз хъуыды кæнынц йæ лекцитæ, уыдон мах цайдагъ кодтой историон зонæдтыл.

Гобозты Вячеслав фыдохы митинджы радзырдта, Аланы ныхмæ йæ рæстæджы цы компани уагъд цыд, куыд æй чъизи кодтой æмæ йæ адæмы цæсты куыд æфтыдтой.

Йæ сæйраг сгуыхтдзинадыл уый банымадта, æхсæнадон змæлд «Адæмон ныхас»-ы фæлгæтты иууыл уæззаудæр историон рæстæджы кæй æрбангом кодта æхсæнады минæвæртты. Æмæ уыцы æнгомдзинады рæстæджы ирон адæм уыцы историон фæндагыл рацыдысты намысджын æмæ сæрыстырæй. Аланы хъаруты руаджы ирон адæмæн фæлхатт нал æрцыд 1920 аз. Гобозты Вячеслав æмæ поэт Чехойты Ольгæ сæхи фыст æмдзæвгæтæ Цоциты Аланы номыл бакастысты.

Цоциты Аланæн фæстаг хæрзбон кæныны фыдохы митинджы кæрон Кокойты Тарзан бинонты номæй бузныджы ныхæстæ загъта сæ хъусдард æмæ лæггады тыххæй Хуссар Ирыстоны разамынад æмæ æмбæстæгтæн. Уый бахатыд ирон адæмы номæй, цæмæй нын барст уа нæ æгуыдзæгдзинад, ныббара æмæ нын ныххатыр кæна, сæрæгасæй æнæхъуаджы кæй фæхъыг кодтам нæ ахуыргæнæг æмæ нæ раздзогы.

Фæлæ афтæ рауад хъуыддаг, æмæ фæстаг азты цард Германы зæххыл. Йæ фæстаг фæндон æххæст æрцыд — йе стæгдар æрхæццæ, бирæ цы Ирыстон уарзта, уырдæм æмæ уым æнцойад ссардта. Йæ фæстæ уадзы цыргъ æмæ куырыхон зонд, йæ фæлтæрд архайд…

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.