НÆ НÆМ ХЪУЫСТ ФЫДОХЫ ЙÆ ФÆДИС

Шамил – поэзийы пехуымпар, йæ радтæг адæм æмæ Хуыцауы раз уыд рæстаг, йæ æнæкæрон патриотизмæй Иры хурыскаст Къостайы фарны тырысайы бын – Мадæлон æвзаг ын уыд Дзæм-дзæмы суадон, ныййарæг мадау, æнусон уарзт, æнусон ныфс. Къостайы æгъуыстаг зардмæ Ирыстоны дзырды дæснытæй бирæтæ бахъырныдтой, фæлæ Гæдиаты Цомахъ, Дзанайты Иван (Нигер), Малиты Георгийы зарæджы зæлтæй хуыздæр никæмæн сахадыдтой.

Нæ дуджы, нæ рæстæджы Джыгкайты Шамилы комарынджы авд дзæнгæрæджы цыма зæлланг кодта, уыйау Нарты Ацæмæзы зарæджы зæлтау азæлыдысты Ирыстоны кæмтты – æнусон хæхты. Йæ зæрдæйы цæхæрæй æрвон рухс байтыгъта йе ‘мбæстæгты зæрдæты, радта сын ныфс æмæ рæстдзинад, уарзт æмæ æнусон бæллиц, сæрибар.

«Æз – кард, æз Елиайы цæхæр дæн,

Æз калын сау мигъты тæмæн.

Нæ зæхмæ рухс тынтæй æрхызтæн,

Цæмæй дзы уа рæстдзинадæн цæрæн…»

«Ныппырх дæн хины дурæй ныр,

Ныссаст мæ дзæнгæрæг – мæ зæрдæ.

Фыдгул мын байтыдта мæ хуыр,

Цæуынц лæгбирæгътæ мæ сæрты».

«Мæ хъæрæй нæ райхъал æфсарм,

Нæ уæм хъуыст фыдохы мæ фæдис.

Ыстыгътой мæ Ирæн йæ царм,

Мæ разы нызгъæлæн нæ цæдис».

О стыр Къоста, ракæс, цæмæй

Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!».

Тæхудиаг у уыцы адæймаг, йæхицæн а-зæххыл цыт æмæ намысы ном чи скодта, йæ радтæг адæм, йæ мыггаг сомыхъом кæмæй сты. Йе ‘хсар, нымддзинад, адæймагдзинад æмæ æфсармæй, йæ нæртон хъару, йæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæй, ахуырад æмæ лæгдзинадæй, йе ‘гъдау æмæ дард-мæуынаг зондæй, йæ удварны намысæй йæ дзыллæйæн разагъды номхæссæны лæг æмæ сæрибары зарæггæнæгæй. Æмæ кæд ахæм фæрнджын адæймæгтæ Бæсты фарн Ирыстонæн балæвар кодта, уæд уыдонæн сæ лæгау-лæгтæй сæ иу уыд Шамил. Уый йæ удæй фылдæр уарзта Ирыстон, рай-гуырæн уæзæг, ирон ныхасы цæрæнбонæн йæ уд нывондæн æрхаста. Дзырдаивадæн, литературæйы æппæт жанртæн удуæлдай лæггад фæкодта 50 азы. Уый йæхицæн никуы агуырдта кадджын нæмттæ æмæ хорзæхтæ, йæ уды сæйраг хæрзиуæг уыд ирон адæмы хорзæх æмæ Ирыстоны сомбон, йæ цардамонд.

Ирыстоны номдзыддæр фырт, Иры намыс æмæ зонды цырагъ, æппæт дзыллæтæ сæ сæр бæрзæндты кæмæй хастой, уыцы фарны лæг, йæ рухс ном æмæ удварны хæзнатæ йæ уарзон адæмы зæрдæты цæрæццаг мысинагæн ныууагъта.

Шамилы хуызæн лæгтæ сæдæ азы иу хатт райгуырынц, ахæм разагъды лæгтæ нæм фылдæр куы уаид, уæд не ‘хсæнад ахæм еусары уагмæ не ‘рцыдаид. Ирыстоны хæрзæбонæн аивады, культурæйы, литературæйы æппæт жанрты Шамилæн бирæ бантыст. Сæ ахадындзинад æмæ аивадон тых хæхтæй бæрзонддæр у. Йæ уд æдзухдæр дзæнгæрæгау кодта фæдисхъæр, йæ дзыллæйы хæрзæбонæн мæйдар æхсæв цырагъау сыгъд. Ирыстоны кадыл кад æфтыдта, йæ сыгъдæг уд нывондæн хаста Иры зæхх æмæ адæмæн. Райгуырæн Ирыстоны раз Шамил хæсджынæй нæ баззад, иу æргъомы бæсты хаста æртæ, æххæстæй, æртывæрæй бафыста хъæбулы хæс, аккагæй фæхаста гражданины æмæ патриоты кадджын ном. Кæд Ирыстоны фарнхæссæг, адæмæн уарзон лæг уыд, уæд сæ фыццæгтæй иу у Шамил.

Джыгкайы фырт ирон аивадæн, литературæйæн, культурæйæн куы нæ уыдаид, уæд бирæ мæгуырдæр уыдаид нæ монон æмæ удварны хæзнадон. Хъæздыг æмæ æвидигæ у Шамилы бирæвæрсыг курдиат. Уый йæ уды хъомысæй, йæ куырыхон зонд æмæ рæдау зæрдæйы рухсæй, йе стыр адæй-магдзинадæй Иры дзыллæйæн табуйаг ссис. Поэзийы бардуаг Пегасы уаз барæг ифтонг уыд сфæлдыстадон цæхæрæй. Йæ курдиат у парахат, алыхуызон фæрæз ын уыдысты дзырдаивады æппæт жанртæ. Шамил поэт, фыссæг, драматург, публицист, критик, фольклориртасæг, монографитæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ фыссæг, дунейы классикты уацмыстæ тæлмацгæнæг. Нæ ирон литературæйы классиктæн бæстон раиртæста се сфæлдыстадон бынтæ æмæ сын уымæй бакодта кæстæры æмæ фæдоны лæггад. Шамил – адæмы бартыл тохгæнæг, рæстдзинад æмæ аив дзырды зæрингуырд, интеллигенцийы фарны тырысахæссæг. ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты сæргълæууæг, ахуыргонд, хъомылгæнæг, рухстауæг, профессор, Иры адæмон поэт.

Æппæт уыцы фарны зонадон-иртасæн куыстытæн хъуыд æвидигæ сфæлдыстадон хъару, уды тых æмæ цæсты рухс. Шамилæн æхсæв бон уыд, бон – æхсæв. Стъалытæ-иу сæ сусæг ныхæстæ куы кодтой, дуне-иу куы ныссабыр, адæм-иу фыццаг кæркуасæнты сæ адджын фынтæй куы райхъал сты, зæрæх-сидæй-иу æрвгæрæттæ куы фæрухс сты, уæдмæ-иу аххæссыд йæ куыст. Уæдæ йæ цардæмбал Колион рынчын цас рæстæг фæцис – рынчынæй рынчынмæ кæсæгæн зындæр у, сывæллонмæ куыд кæсай, афтæ йæм фæкаст, мæрдты сæ дыууæ дæр Аза-бæласау дидинæг калæнт.

Нæ удыхъæд афтæ арæзт у, æмæ сгуыхт лæг агурæм кæнæ историйы, науæд – таурæгъты. Афтæмæй сгуыхт вæййы нæ разы, фæлæ йæ нæ уынæм æмæ нæ хатæм. Дардæй нæм хуыздæр зыны, æмæ Ирыстоны хæрзгæнæг хорз афоныл нæ ары. Иры хæрзгæнæг Шамилæн æбæрæг фæдисы уылæнтау, фыдбылыз æндæргау куы цыд йæ фарсмæ, фæдис куы кодта Иры разагъды поэт:  кæмæн зæгъон, оххай, мæ хъыгтæ, мæ зын? Мæ зæрдæмæ мæ сæфты хъарæг хъуысы. Сагъуыдысты йыл балбирæгътау Иры знæгтæ. Карз æртхъирæнтæ йыл ихуарæгау кодтой. Интернет æмæ телефонтæ, газеттæ цъæх арт уагътой. Хурвидыц лæджы сæрмæ сау мигътæ æртыхстысты.

Цæгат Ирыстоны муфтийы ном чи хаста (махмæ чи нæ вæййы æлдар), уыцы æлгъаг змæнтæг, фыдгæнæг Али Хаджи Евтеев (йæхи зынгæ террорист Хаттабы ахуыргæнинаг чи хуыдта, уый йыл прокуратурæмæ бахъаст кодта, пысылмон дин, дам, æфхæры йæ рæнхъыты. Иу бафæрсæг æй нæ уыдис, 2004 азы 1-3 сентябры цы тугуарæн скодтой, нæ фидæн, нæ чысыл сабиты туг Беслæны скъолайы лæсæнтæ куы кодта, сæ буар æмæ стæджытæ пиллон арты æртхутæг куы фестадысты, уыцы амæттæгты ингæнтæ æмæ Хъыджы бæлас чи чъизи кодта, уыцы цъаммар æмæ фæлитойтыл цæуылнæ хъаст кæныс, уæ дин уын цæсты уыдон куы æфтауынц?!

Шамил нæ басусæг кодта æмдзæвгæ «Фæцæуынц бирæгъы цот хадзы», Беслæны æбуалгъ цауты тыххæй кæй райгуырд, уый. Бирæгъты хуызы равдыста, мард дæр æмæ дзуар дæр кæмæн нæй, сабиты сæфтыл цин чи кæны, сæ тæригъæддаг ингæнты раз цъаммар, æнаккаг фыдракæнд чи бакодта, уыдоны фæлгонцтæ. Уыдон сты æнæхуыцау, тугдзых дыкъахыг сырдтæ. Шамилы фыст поэмæ-кадæг «Иры стыр хъарæг» æмæ æмдзæвгæ «Фæцæуынц бирæгъы цот хадзы» мыхуыры куы фæзындысты журнал «Мах дуджы», уæд Иры фарны хъуыддаджы лæгыл, ахæм уынгæджы бон акодта, æмæ иу маст иннæйы  фæстæ зынджы къæрттау ныхъуырдта. Гъæйдæ-гъа, сæхи сыл андзæрстой, уацмысты рæстдзинадæн йæ фæрсты ацыдысты, йæ хъуыды йын ныззыгъуыммæ кодтой нæ хæрзгæнджытæ, æмæ нын нæ хурæмдых поэты экстремистыл банымадтой. Уацмысты æцæг рæстаг хъуыды зыгъуым-мæгондæй ахызт арæнтæй. Уырыссаг æвзагмæ сæ ратæлмац кодта Сæлбиты Алан, интернетмæ сæ баппæрстой (Хуыцау сын æй ма ныббарæд), æмæ пысылмон дины «бæрнон» кусджытæ бæстæ апп-уппы систой, рахастой йын карз тæрхон.

Иры ныфсы цæджындз рафæлдæхт, царды бæлас бахуыскъ, нæ сæрмæ арв æдзæм æмæ æрхæндæг. Адæмы фарнæн æрдзæй æрвыст хæрзгæнæг, ирон литературæйы пехуымпар Шамилы мæрдæй сау мылазон мигътæ æрхъула сты хурыл. Æвирхъауы фыдохы хабар нынкъуысын кодта Ирыстоны рæстаг адæмы зæрдæтæ. Фыркатай æмæ æнæкæрон сагъæсæй зæрдæ риуы нытыппыр, тугдадзинты туг ауазал, улæфæнтæ ахгæдтой. Иры номхæссæны, дзырды зæрингуырдæн ахуыссыд йе ‘рвон стъалы. Тызмæг хæхтæ сау мигъты æрныгъуылдысты æмæ Шамилы мæрдæй кæрæдзийæн тæфæрфæс кодтой.

Шамил-поэт йæ адæм æмæ Хуыцауы раз уыд раст.

О, дæлдзæх фæуат, уастæн, фыдгултæ!

О, знæгтæн фесæфа а-зæххыл сæ кой.

Шамил, дæуæй-иу цæстуарзон дзырд хъуыстон.

Нæ удæнцой ныфс дæ хуыдтам.

Фыдæмбæлæг фыдбылызмæ здахаг у.

 Ехх, Шамил, Тлаттаты Черменау дыл

знæгтæ фæлывдæй куы рацыдысты.

Фæхъуыд,  фæхъуыд зынгзæрдæ хъæбул Ирæй.

Æнæнхъæлæджы йын удхортæ аскъуыдтой йæ цард.

 Иры сæрхъызой Иры знæгтæй удыскъуыд фæци.

Йæ бахудт фæлмæн æмæ рæвдаугæ кæмæн уыд, йе сныхас зæды узæлдау, йæ удыконд æмæ лæджыхъæд арвайдæны тынтæй нывæзт кæмæн уыд, уый уарзæгой зæрдæ дудгæ хъæдгом æмæ мæстæлгъæдæй ахаста æнусон бынатмæ. Суадоны донау сыгъдæг удыхъæдау æнаххосæй хахуыргæнæг-æфхæрджытæн Дунескæнæг уæд тæрхонгæнæг.

Шамилы судзаггаг мардыл æнæхъæн Иры дзыллæ сæрныллæгæй куыдта. Уыцы фыдракæндтæн та сæ ницæйаг цард æмæ мард дæр æлгъыст кæй уыдзæн, уый гуырысхойаг нæу.

Бæргæ дын Иры дзыллæ Церечы згъæр куы басгуыхтаид, æмæ Иры цыкура фæрдыг Шамилы фыдæй куы бахызтаид. Фæлæ куырыхон лæджы загъдау, хæлæрттæ – бирæ, знæгтæ – фылдæр.

Иры хæрзгæнæг Шамил йæ мæлæтæй сау фыдгулты фæндтæ ракалдта хурмæ.

«Нæ уæм хъуыст фыдохы мæ фæдис»,

Сæ рагуалдзæджы сау туджы фæмæцæнт,

Кæй азарæй сты Иры дзыллæ ‘нкъард.

Нæ зæрдæты маст абухы мæ судзы,

Æрцыд Ирыстоныл сагъæссаг фыдох,

Иры рæстаг адæм, хурвидыц Шамилы

Лæггад æмæ хæрзтæн мыггагмæ

Ныллæг кувдзыстæм нæ сæртæй».

ГУЫЛÆРТЫ Барис

ШАМИЛ ЗАГЪТА, ШАМИЛЫ ТЫХХÆЙ ЗАГЪТОЙ

мбарынхъом куы фæцис, уырдыгæй йæ амæлæты бонмæ йæ уæгъд никуы суагъта Къостайы сагъæс: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?». Ацы ахсджиаг фарстыл хъуыдыгæнгæйæ, йæ лæджы кармæ куы бахæццæ, цы сарæзта æмæ йын саразын цынæ бантыст, уыдонмæ куы акаст, уæд афтæ зæгъы:

  «Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон…

  О, ме Скæнæг, цæй амондджын дæн æз!

  Нæ зæххæй мæм æртæ хорзы æрхаудта:

  Йæ рыст, йæ маст æмæ йæ уарзт».

  Царды æнæрастдзинæдтæй йæ хъуырмæ кæй уыд, уый йын æнцой нæ лæвæрдта. Дзырдта сыл, хаста сæ хурмæ, æмбарын сæ кодта адæмæн, кæмæ хаудтой, уыдонæн. Фæлæ цы…  йе ‘мсисонтæй йæ фарсмæ ничи æрлæууыд. Иуæн дзы афтæ дæр загъта:

      «Ды дæр ма искуы смæсты у лæгау

    Æмæ зæгъай дæ фыстыты æцæгтæ».

 Шамилæн «зонд» амонджытæ дæр уыдис, пайдайы охыл нæ, фæлæ йæ тохы фæндæгтыл йæ къух сисыны тыххæй. Афтæ зæгъы поэт:

  «Зондджын мын амоны зонд

  Ма дзур æргомæй æцæгтæ,

  Цардæн нæ ивы йæ конд,

   Раст лæгæн бирæ и знæгтæ».

 Æнæрынцой поэт сæм хъуыста, æмбæрста сын сæ хъуыды, фæлæ йæхæдæг та цæуыл хъуыды кодта, йæ равзæрст фæндаг цахæм у, уый сын æргом æмæ уæндонæй зæгъы:

   «Радта мын Рухс зæрдæ æвзаг,

    Хотыхтæй уый у фыццагдæр.

   Раст дзырд – мæ цардæн тæссаг,

   Худинаг – уымæй тæссагдæр».

Шамил Дунейы хæрзтæй иууыл хуыздæрыл нымадта Сæрибардзинад. Ир уымæй хъуаг кæй уыдысты, ууыл рыст æрвылбон дæр поэты зæрдæ. Куыд æмбæрста сæрибар-дзинад, цæуыл хъардта йæ уд, уый дæр æргомæй зæгъы:

    «Ис иу Хуыцау дунетыл лæгæн,

      Йæ ном – Сæрибар, цинты цин æлутон,

     Быхсæм йæ тыхæй маст æмæ зынтæн,

     Йæ фарнæй уый ыскæны мах æвдудон». 

Тохгæнæг поэт йæхи цæстæй федта Хъулгъайы мæнгард ныббырст, Хуссар Иры дыккаг геноцид. Уæллаг Ларсы ауæй, Тырсы, Къоб æмæ Хъудыл æрхъула æмæ сыл дзырдта карз æмæ уæндонæй.

       «Фæдис! – Дайраны ком уырысæй

       Кæнынц сайтан гуырдзы тыхист…».

Ир – Шамилы сагъæсты стырдæр къæбиц. Уæлдай катайаг уавæрыл нымадта Хуссар Иры, мæнгард Гуырдзыстоны ныббырст. Уавæры тыххæй афтæ зæгъы: «Абон нæ риссаг, нæ сагъæс у Хуссар Ирыстон. Уым кæлы не ‘фсымæрты туг, нæ хотæ, нæ мадæлты цæссыг. Тыхсæм сыл. Фæлæ, хъыгагæн, нæ тыхст нæу æппæтадæмон хъыг. Зынг зæгъынæй ком нæ судзы. Ис нæм ахæмтæ, æмæ кæнынц, чи не ‘мбæлы, ахæм ныхæстæ. Адæм уым арты судзынц, æмæ сыл чидæртæ уайдзæфтæ æппарынц. Иуæй хъуыддаг не ‘мбарынц, уый тыххæй, иннæмæй, уыцы артæй сыл стъæл-фæн куы фесхъиуа, уый тæсæй… Гуырдзыстон йæхи хицæн кæны Цæдисæй, Хуссар Ир та йæхи Цæдисыл бæтты. Гъе, уый у аххос, иннæ хъуыддæгтæ сты æфсон».

Мæнгард Гуырдзыстон цы рамбулдзæн, йæ ныббырстæй цы ахæсдзæн, уый дæр хорз æмбæрста Шамил æмæ йæ зæгъгæ дæр кодта: «Сæ кæнон рагæй кæнынц. 1920-æм азы сæ басыгътой, расырдтой, фæцагътой. Уæд сæ фæнд нæ ацыд, 1921-æм азы уым дæр фæуæлахиз Советон хицауад. Хуссайраг ирæттæ æрыздæхтысты сæ фыды бæстæм, сæ хъæуты сыстын кодтой сау фæныкæй, слæууыдысты сæ къахыл. Ныр та сæ ногæй кæнынц сафынвæнд. Уырны мæ, нæ сын бантысдзæн. Сæ сау фæндтæ сын сæ хъуыры бадын кæнынц Иры лæппутæ. Уырны мæ, уыдоныл фидæны скæндзыстæм кады зарджытæ. Цхинвалæн та зæгъы:

   «Дæ цыты раз лæмæгъ ысты мæ дзырдтæ, –

    Уыдзæн дæ ном нæртон кадæджы фыст,

   Æмæ йæ койæ рыздзысты лæгсырдтæ».

 Мæстджын æмæ уæндонæй ралæууыд Шамил сау Хъулгъайы ныббырсты рæстæджы дæр. Сыхæгтæй нæ амонд кæй нæ фæцис Цæгаты, стæй уæд Хуссары ‘рдыгæй, уый хорз æмбæрста Шамил. Уæззау дуджы ныфсджынæй адзырдта: «Ирыстон! Нæ рухс фыдыбæстæ! Фынæй уыдтæ, фæлæ райхъал дæ хотыхты уынæрмæ, ныррызтæ сыгъды къæс-къæс æмæ сылгоймæгты хъарæгмæ, дудынц дæ хъæд-гæмттæ сабиты цæссыгтæй, нырма дæ фырттæй бирæтæм нæ фехъуыст дæ фæдис, иннæтæ хуыссæгхъæлдзæг сты, нæма сæм хъары дæ судзаг рыст. Фæлæ мæ уырны дæ уæлахиз. Сыстдзысты дæ цот Æрæфы кæмттæй Комгæроны рæгътæм, сыстдзысты Терк æмæ Æрыдоны былтæй. Нæртон фæсивæд нæ бауадздзысты хынджылæг кæнын сæ зæхх æмæ сæ адæмæй, сæ мадæлтæ æмæ сæ уарзæттæй. Тыхгæнæг Мукаратæ æмæ Алæфтæ гуылмызтæ æмæ уæнг-сæстытæй агурдзысты æрхыты лидзæн фæндæгтæ. Фæрныг у Ирыстон нæртон æхсар æмæ лæгдзинадæй!.. Сæр нæ бахъуыди. Нæ бæстæ, нæ ном, нæ намыс фыдгултæй бахизæм нæ сахъ фæсивæды!

 Уастырджы – уе’мбал. Уæлахиз ут!

Хæлардзинады охыл Ирæттæм бирæ хорз хæрзиуджытæ уыд аивады охыл ницы хæлæг кодтой – хъримаг, æхсаргард, саргъ, уæйлаг нымæт, æвзист рон, хъама, ехс… Гъе, фæлæ, зæхх балæвар кæнын, ууыл Ир хъуыды дæр никуы  акодтой, уымæн æмæ йæ зыдтой, фыды зæхмæ æвналæн нæй.

Шамилы рæстæджы Уæллаг Ларс лæвæрд æрцыд гуырдзыйæн. Йæ сæрыл ничи бауæндыд сдзурын. Шамил йæ зæрдæйы рыстдзинад загъта уæд г. «Рæстдзинад»-ы фæрстыл (1992, 3 ноябрь) Нæ зæхх фыдæй-фыртмæ кæны къаддæрæй-къаддæр, æмæ уыцы сæфты уавæр цæуылнæ у катай?».

 Загъта йæ поэтикон æвзагæй дæр:

 «Фæдис! – Дайраны ком Уырысæй

   Кæнынц сайтан гуырдзы тых ист».

Фыссæг нымад цæуы стыр фыдæбонгæнæгыл. Æрхуыст, æрулæфт ын нæй, йæ сæйраг сагъæстæ сты йæ адæм æмæ Фыдыбæстæ. Уыдон рæсугъд, хурæфсæст куы вæййынц, уæд сыл фыссæг зарджытæ фыссы, сæ раны куынæ вæййынц, уæд та Шамилау мæстджынæй тохы фæндагыл цæуынц.

Ног ралæугæ дуг бирæ рæсугъд фæндæгты фæласын кодта донæн, цæмæ æрхаудтой нæ фысджытæ, цахæмтæ ма сты сæ уавæртæ, уый дæр Шамил æргомæй зæгъы: «Ирон фысджытæн къуындæг у сæ цард, сæ фезмæлæн, сæ кусæн уатæй дарддæр никуы уыдысты: никуы вæййынц, ницы федтам. Фыссæджы та æдзухдæр хъæуы ног тæлмæнтæ. Ис сын иунæг сæйраг темæ: нæ адæмы мæгуыр цард, нæхи тыхст уавæр. Бæгуыдæр, уый нæ аххос нæу, нæ фадат ахæм у. Къалатийы цæргæсæн нæй рæзæн æмæ тæхæн».

Дардыл сты Шамилы хъуыдытæ цард æмæ Фыды-бæстæйыл, бирæ ахсджиаг фарстытыл фæдзырдта поэзи, драматурги æмæ публицистикæйы фадгуыты. Уыдон сты сæрмагонд гуырахстджын куысты аккаг.

Банысан ма мæ фæнды цыбыртæй уый дæр, куыд æмбарæм Шамилы хъуыдытæ, царды ахсджиаг фарстытыл дзургæйæ, цы бынтæ нын ныууагъта, уыдон ахадындзинадмæ куыд кæсæм. Йæ ингæны уæлхъус бирæтæ фидарæй дзырдтой: «Дзырдта уæндонæй æмæ æргомæй». Цымæ цæуыл дзырдта, цы загъта, уыдон рæгъмæ рахæссинаг сты æви нæ? Цы загъд æрцыд уыдоны фæдыл, уыдæттæм ма байхъусæм, цы зæгъынц Шамилæй:

«Мæхиуыл нал тыхсын, фæлæ Шамилы та цæуылнæ ныууадзынц….  (Грис æмæ Шамилыл цъыф чи калдта, уыцы æнæцæстуарзон критиктæ – Г.П.) уыдонæй сæдæ хаты лæгдæр æмæ курдиатджындæр у, ирон литературæйæн уыдæттæй хуымыдзаджы аргъ у, æмæ мын хъыг  уымæн у, æнæрастыл кæй дзурын, уый».

                                                                      ПЛИТЫ Грис

 «Ныр у, æмæ ма иу зæрдиаг фæндиаг. Шамил йæ фæлмæн рагъмæ кувынмæ, Иры рæсугъд фидæны тых-хæй фæцæуæд, бирæ, бирæ азты! Зæрондæй дæр хæхты бæрзонддæр æмæ рæсугъддæр уый куыд уа «Æфсатиау».

      Нафи

 «Поэтæн йæ романтикон, уæлмонц хъуыдытæ арæх-дæр ныхæй-ныхмæ æмбæлдысты царды æцæгдзинадимæ. Æрыгон нæрæмондзинад агуырдта æвиппайды дзуапп, æмæ тынгæй-тынгдæр кодта поэты мидхъуыд-дæгтæн. Йæ цæхгæр ныхас алкæйы зæрдæмæ нæ цыди».

                                                                                                    ХАДАРЦАТЫ Азæ

«Шамилы чингуытæ мæнæн байгом кодтой ног поэ-тикон рухс дуне. Уым ис, царды æцæг куыд вæййы, афтæ – фыдох æмæ хорзæх, дæлдзинæг æмæ уæлмонц, райгуырд æмæ амæлæт, кæлæн æмæ йæ саусыгъ-дæггæнæг рæстдзинад. Уым ис саутар æмæ рухс».

                                                     ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр

«Шамил рæсугъд у канд бакастæй нæ, – рæсугъд у удыхъæдæй, йæ зæрдæ æмæ йæ зондæй, йæ куыст æмæ йæ аивадæй».

                                                    ДЗУЦЦАТЫ Хадзы-Мурат

«Кæд исчи йæ адæмы хъыгтæ æмæ сагъæстæ йæ зæрдæмæ арф иста… Кæд исчи йæ фыдызæххы рæсугъд фидæнмæ бæллыди… Кæд нæ фыдæлты хæзнатæ хъахъхъæныныл исчи зæрдиагæй архайдта… Кæд исчи йæ адæмы раз барджын ныхас ракодта… Кæд исчи æргомдзырд уыдис,  уæд  уый  уыдис  Шамил».

                                                           ДЗАССОХТЫ Музафер

 «Такие разносторонние, одаренные и талантливые личности, как Шамиль Джигкаев, появляются в жизни раз».                                                     ЦЫБЫРТЫ Людвиг

«О, мæ дзæбæх æмбал! Де ‘ргом ныхас дæр цал хатты уыдис кæмæндæр дзынгайы фæхæстау… Цал æмæ цал хатты бахъуыдис дæу зонды хъама сласын, цæмæй рæстдзинадыл къæм ма сбада».

                                                                СОТТИТЫ Риммæ

«Ирыстон йæ сины сæртыл кæмæй хæцыд, уый – ДЖЫГКАЙТЫ ШАМИЛЬ».

                                                                  МАЛИТЫ Хасан

 «Нæртон хæрзæгъдау æмæ æхсарыл рацæрынæй амæлынмæ дæ уд хъардтай, Шамил, дæ судзгæ мæт уыдис Ирыстоны абон æмæ сом».

                                                                МАМИАТЫ Изетæ

  «Дæ адæмы мæт кæд ысси дæ мæт,

  Уæд æй, цыма, куыд нæ зоны дæ адæм…?»

                                                                ХУЫГАТЫ Сергей

«Стъалытæм стъалыйау атахт… Махмæ та дардæй хъуысдзæн йæ нæргæ хъæлæс».

                                                                 АЙЛАРТЫ Зарæ

«Зæххыл алы цæрæгой, алы кæрдæджы хал дæр хъуамæ йе ‘рдзон сыгъдæгдзинад, йæ уды сæрибар ма сафа – ахæм хъуыдыйыл хæст у Шамил».

                                                                ХЪОДЗАТЫ Æхсар

«Джыгкайты Шамил уыд поэт æмæ акодта поэты мард. Нырмæ кæд не ‘хсæн цард, рæсугъд нын кодта нæ цард, амыдта нын нæ цардвæндаг, уæд нын ссис сыгъдæг уд æмæ адæм, нæ фыдыбæстæйы æппæтзонæг, цæстыга-гуыйау хъахъхъæндзæн уæларвæй».                                               

 ХЪАЗИТЫ Мелитон

 «Шамил тынг хорз зыдта, йæ фæдисы хъæр алкæмæн æхцон æмæ æхсызгон кæй нæ уыд, фæлæ нæ тарст. Уымæн æмæ, цы Фыдыбæстæйы хъæбул дæ, уыцы Фыдыбæстæйæн хъуамæ хъæбулы лæггад кæнай».

                                                             ГÆБÆРАТЫ Юри

 «Ды хъодыгонд нæ дæ, фæлæ нæ – зæд,

 Сыгъдæгзæрдæ, сыгъдæг хъæлæс, æргомдзырд».

                                                              АБАЙТЫ Арбилянæ

  «Шамилы зырнæйзылд уацмыстæ кæсгæйæ, адæйма-джы цымыдис бахауы рухс æмæ амонд, арт æмæ дон, æрвнæрд æмæ сабырады ‘хсæн цы æнусон тох цæуы, уымæн йæ цæхæры».

                                                                     ХОЗИТЫ Барис

«Лекции Ш.Ф.Джигкаева доставляют огромное эсте-тическое удовольствие. Они учат студентов дорожить честью и достоинством, учат благородству, на конкретных примерах из фольклора и произведений литературы пробуждают патриотизм «любовь к Родине».

                                                                ГУÆЗДÆРТЫ Азæ

Йæ сæрмæ сау тæссаг мигътæ кæй æмбырд кæнынц, уый хорз æмбæрста, фæлæ мæлæтæй нæ тарст, нæ тарст, йæ мæлæтмæ чи бæллыд, уыдонæй дæр.

Цы нæ фæндтæ æмæ сагъæстæ гуырд йæ зæрдæйы Шамилæн, йæ мæлæт развæлгъау зыдта. Æмæ ууыл нæ рыст йæ зæрдæ, рыст цы бакæнинаг хъуыддæгтæ ма йын баззад, уыдоныл.

Ирæн, Шамилы удыхъæд, йæ зонды фæндæгтæн аргъгæнæг чи у, уыдон февралы мæйы фæстаг бонты æрымысдзысты Шамилы ном, 25 февралы йæ райгуырдыл æххæст кæны 80 азы.

Шамил бахаудта ахæмты номхыгъдмæ, кæцыты тыххæй адæм загътой: «Ех! Ды кæмæн уыдтæ æмæ Ды кæмæн нал дæ!».

Лæгау лæг нæ мæлы. Ирыстон йæ хæрзгæнæджы никуы ферох кæндзæн. Шамил лæгау лæгтыл кæй нымадта, Ирыстоны Фарн, Æгъдау, Намыс, Нæртондзинад кæмæ ис, уыдон уарздзысты, кæсдзысты, ахуыр кæндзысты Шамилы.

Йæ бакæнгæ хъуыддæгтæ та махæн сты æрттиваг мæсыг æмæ йын нæ сæртæй ныллæг кувдзыстæм.

          ПЛИТЫ Гацыр,

Хетæгкаты Къостайы номыл

паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.