Алы фадыджы дæр рæзынц æмæ дарддæр кæнынц нæ республикæйы бастдзинæдтæ æмæ ахастытæ не ‘мцæдисон æмæ стратегион партнер Уæрæсейы Федерациимæ. Куыд федералон, афтæ — регионалон æмвæзадыл дæр; куыд политикон, экономикон, афтæ — культурон æмæ æндæр къабæзты дæр. Уымæн ирд æвдисæн у, ацы бонты нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли Самарæйы областы уагъдцæуæг алыгъуызон бæрæгбонон мадзæлтты хайад кæй райста, уый дæр.

Фембæлд — официалон æмвæзадыл

 Ирыстон – Самарæйы уазæг
Ирыстон — Самарæйы уазæг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Самарæйы областы Губернатор Дмитрий Азаровæн уыдис кусæгон фембæлд. Фембæлды ма хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Минæвар Самарæйы областы Хуыгаты Ростислав дæр.

Дмитрий Азаров бузныджы ныхæстæ загъта, Бибылты Анатолийæн Самарæмæ кæй фæуазæг, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «Самарæйы горæты боны цытæн уагъдцæуæг бæрæгбонон мадзæлттæ зæрдæйы фæндиаг нæ рауадаиккой æнæ зынаргъ уазджыты хайадистæй».

— Цытджын Анатоли Ильяйы фырт, мæнæн тынг æхсызгон у, ахæм рæсугъд бæрæгбонон мадзæлтты демæ самарайаг зæххыл æмбæлын. Райсом мах иумæ байгом кæндзыстæм Адæмты хæлардзинады парк. Парк байгом уыдзæн Самарæйы боны цытæн. Тольяттийы та нæм æнхъæлмæ кæсы диссаджы спортивон бæрæгбон. Бæрæгбонон мадзæлттæ уым дæр нывыл нæ ацæудзысты æнæ зынаргъ уазджытæй. Зæрдиагæй дын бузныг зæгъын, рæстæг кæй ссардтай æмæ нæм кæй саккаг кодтай, уый тыххæй, — загъта Губернатор.

Уый банысан кодта, Адæмты хæлардзинады парк кæй у, самарайаг зæххыл Волгæйы былыл цæрæг 157 нацийы минæвæртты ‘хсæн æфсымæрон ахастыты символ.

— Æз сæрыстыр дæн уымæй, махмæ кæй никуы уыдис конфликттæ, кæй цæрæм иу стыр бинонты цардæй, — загъта Дмитрий Азаров.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, «Хуыгаты Ростислав стыр хайбавæрд хæссы æхсæннацион ахастытæ фидар кæнын æмæ хъахъхъæныны хъуыддагмæ æмæ Адæмты хæлардзинады парк дæр фæзынд йæ фыдæбон æмæ тырнындзинады фæрцы».

Самарæйы областы Губернатор фæндон бахаста, цæмæй æруынаффæ кæной гуманитарон ахастытыл, культурон æмæ экономикон бастдзинæдтыл.

— Тынг ахсджиаг у гуманитарон ахастыты рæзт, махæн уый тыххæй ис ахсджиаг бындур. Мах уынæм ахуырадон программæты фæдыл стыр потенциал. Дистанцион ахуырад æмæ информацион технологиты рæзт махæн ратдзæн ног тырнындзинæдтæ æмæ фадæттæ.

Мах цæттæ стæм культурон, экономикон бастдзинæдтæ фидар æмæ рауæрæхдæр кæнынмæ. Экономикон фарстатыл куы дзурæм, уæд нын ам дæр хорз традицитæ ис. Махæн æхсызгон у, товарæрзылд кæй фæфылдæр цыппар хатты, фæлæ уый кæройнаг фæстиуæг нæу, æмæ мах цæттæ стæм Хуссар Ирыстоны уагъдцæуæг товартæ исынмæ.

Бибылты Анатоли йæхифарсæрдыгæй банысан кодта, Самарæйы областмæ йæ ацы балц кæй хауы «Уæрæсейы Федерацийы субъекттимæ бастдзинæдтæ аразыны хорз традицитæм».

— Æз фыццаг хатт нæ дæн Самарæйы æмæ зонын областы æхсæннацион хъарм ахастыты тыххæй. Уымæй уæлдай мæ банысан кæнын фæнды, Хуыгаты Ростиславы фæрцы Самарæйы областы диаспорæты къухдариуæггæнджытæ кæй æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ дæр. Мæнæн тынг æхсызгон у, уый хайад кæй исы хицæн æмæ хицæн нациты минæвæртты хсæн æнгом ахастытæ фидардæр кæныны хъуыддаджы, — загъта Бибылты Анатоли.

Президент банысан кодта, «Самарæйы област æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонæн кæй ис экономикон, культурон æмæ ахуырадон бастдзинæдты фадæттæ. Мæн уырны, кæй ссардзыстæм æмгуыстады уавæртæ», — бафиппайдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент.

Уый раарфæ кодта Самарæйы æппæт цæрджытæн Горæты боны цытæн æмæ загъта, стыр æхсызгонæй кæй райсдзæн хайад æппæт мадзæлтты дæр, йæ кусæгон балц кæй у культурон мадзæлтты хайад райсын æмæ хъуыддагон баныхæстæм здæхт.

Уыцы бон Дмитрий Азаров æмæ Бибылты Анатоли бацыдысты горæт Тольяттийы Алексей Немовы гимнастикæйы хуызы спорты Фыццаг регионалон фестивал байгом кæныны церемонимæ.

Бибылты Анатоли цыппар хатты олимпион чемпион, æмæ фондз хатты дунеон чемпион Алексей Немовимæ фембæлды рæстæджы банысан кодта уымæн йе стыр хайбавæрд Уæрæсейы Федерацийы спорт рæзын кæныны хъуыддагмæ æмæ номдзыд спортсмены стыр æхсызгонæй фæхуыдта Хуссар Ирыстонмæ.

Горæты бон

 Ирыстон – Самарæйы уазæг
Ирыстон — Самарæйы уазæг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Самарæйы областы Губернатор Дмитрий Назаров æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло дидинджытæ сæвæрдтой горæт Са-марæйы бындурæвæрг Григорий Засекины цыртыл. Самарæйы уагъдцæуæг мадзæлттæ сты го-рæты сырæзтыл 435 азы сæххæсты цытæн.

Бибылты Анатоли Самарæйы цæрджытæн йæ арфæйы ныхасы рæстæджы загъта стыр бузныджы ныхæстæ сæ уазæгуарзондзинад æмæ хъарм ахасты тыххæй. Уый банысан кодта, ацы диссаджы горæты фæстаг балцы куы уыд, уæдæй рацыд 5 азы, æмæ уæдæй фæстæмæ ам æрцыд стыр ивындзинæдтæ.

— Ныр ардæм ногæй æрцæу-гæйæ æз федтон бынтон æндæр Самарæ: ног объекттæ, улæфæн бынæттæ, абон ам байгом уы-дзæн Адæмты хæлардзинады парк. Мæнæн тынг æхсызгон у ам уæвын æмæ сымахæн горæт Са-марæйы сырæзтыл 435 азы сæх-хæсты цытæн раарфæ кæнын.

Хуссар Ирыстонæн бирæ бастдзинæдтæ ис Самарæимæ, кæд се хсæн стыр дæрддзæг ис, уæддæр. Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ ахуыр кæнынмæ цæуынц Самарæйы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм. Абон нын боныгъæд дæр дæтты бæрæгбонон равг. Уе ппæты дæр бæрæгбоны хорзæх уæд, мæ зæрдæ уын зæгъы стыр æнтыстытæ алы фадыджы дæр! — загъта Бибылты Анатоли.

Уазæгуаты — «Адæмты хæлардзинады парк»-мæ

 Ирыстон – Самарæйы уазæг
Ирыстон — Самарæйы уазæг

Уый у этнокультурон гуырахстджын объект. Арæзт æрцыд дыууынæй фылдæр национ хæдзарæй. Байгом горæты боны цытæн уагъдцæуæг бæрæгбонон мадзæлтты фæлгæтты, æхсæнадон организаци «Самарæйы цæрæг адæмты цæдис»-ы Сæрдар Хуыгаты Ростиславы комкоммæ хайадистæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Самарæйы областы Губернатор Дмитрий Азаров, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президенты Администрацийы Сæргълæууæджы хæдивæг Магомед-салам Магомедов азылдысты алы æмæ алы нациты минæвæртты этнокультурон-традицион хæдзæрттыл: поволжæйаг немыцæгты, дзуттæгты, украинæгты, белорусæгты, сомихæгты, узбекты æмæ æндæрты.

Уыцы адæмты минæвæрттæй алчи дæр радзырдта йæ традициты, культурæйы, национ хæдзары фæлыст æмæ æндæрты тыххæй, уазджыты алчи дæр хынцыдта йæ фыдæлты традицитæм гæсгæ.

Мадзалы хайадисджытæ фæуазæг сты ирон хæдзармæ дæр.

Диаспорæйы минæвæртты уæлдай ма Бибылты Анатоли йæхæдæг дæр радзырдта уазджытæн ирон хæдзары астæуарт, къонайы рæхыс æмæ æндæр рагон дзаумæтты нысаниуæджы тыххæй. Ирон хæдзарæн балæвар кодта рагон ирон дала фæндыр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент банысан кодта ацы комплексы стыр ахсджиагдзинад Самарæйы областы адæмты хсæн ахастытæ фидардæр кæныны хъуыддаджы.

 Ирыстон – Самарæйы уазæг
Ирыстон — Самарæйы уазæг

Мадзал балхынцъ бæрæгбонон концертæй, цы ран хайад райстой областы сфæлдыстадон коллективтæ, национ кафты ансамблтæ.

Мадзалы цытджын уазæгыл нымад æрцыд Галаты Барисы номыл Хуссар Ирыстоны Кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд».

Бибылты Анатоли банысан кодта, кæй никуыма федта ахæм диссаджы парк, кæй никуы уыд æвдисæн ахæм, æндæр æмæ æндæр нациты минæвæртты иудзинадæн.

— Уый арæзт æрцыд æппæтуæрæсейаг æмвæзадыл. Мæн уырны ахæм объекттæ реализацигонд кæй цæудзысты Уæрæсейы Федерацийы æндæр субъектты дæр æмæ фæсарæнты дæр! Зæгъæм, Республикæ Хуссар Ирыстоны. Мæнмæ гæсгæ уый уыдзæн диссаджы хорз хъуыддаг, — загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент.

Бибылты Анатоли Самарæйы областы цæрджытæн цæстуарзонæй загъта рæзт æмæ дидинæфтыды фæндиæгтæ. Загъта ма, сæрыстыр кæй у, областы рæзты хъуыддагмæ стыр хайбавæрд кæй хæссы Хуссар Ирыстонæй ацæугæ Хуыгаты Ростислав.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.