Хъазиты Мелитоны сфæлдыстадон портрет

Мыхуыры рацыд педагогон зонæдты кандидат, ЦИПУ-йы ирон литературæйы доцент Безаты Фаризæйы чиныг «Ирыстонæн – цырагъдар», зæгъгæ. Йæ редактор у филологон зонæдты доктор, ЦИПУ-йы профессор Бекъойты В., рецензенттæ та –  филологон зонæдты доктор, профессор Фидараты Риммæ æмæ филологон зонæдты доктор Хуыгаты Ирлан.

Монографийы дзырд цæуы поэт, прозаик, драматург, ахуыргонд, ХИПУ-йы профессор  Хъазиты Мелитон Резойы фырты бирæварсон сфæлдыстад сахуыр кæныны фарстытыл. Литературæзонæджы анализы принципты бындурыл æркастæуыд фыссæджы уацмысты иу хаймæ. Куыд фыссæджы æппæт сфæлдыстадæн, афтæ ацы æрмæгæн дæр ис егъау хъомыладон æмæ ахуыргæнæн потенциал, æмæ фæахъаз уыдзæн ирон филологийы факультеты студенттæ æмæ ирон литературæйы ахуыргæнджытæн, уымæн æмæ фыссæджы иуæй-иу нысаниуæгджын уацмыстæ ирон литературæйы ног программæтæм гæсгæ хаст æрцыдысты скъолайы ахуыргæнæн чингуытæм. Ацы куыст гæнæн ис стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кæна дзыллон чиныгкæсджытæм дæр.

Чиныг конд у аст сæргондæй. Йæ разныхасы автор фыссы: «Адæймагæн йæ иу уæхскыл цин бады, иннæ уæхскыл та – маст», – зæгъы Хъазиты Мелитон йæ зындгонд, адæмы зондæй ратæдзгæ бирæтомон фæллой «Ирон хæзна»-йы (нырма дзы рухс федтой æртæ чиныджы æмæ дзæвгар уацмыстæ къордтæ-къордтæй). Мæнæн та мæ зæрдыл æрæфтыд, ацы фыссæгæн йæхи цард дæр сабибонтæй фæстæмæ уыцы царды æцæгдзинадмæ гæсгæ кæй цыд æмæ цæуы, стæй йæ бирæ литературæзонадон монографитæй дзæвгар ирон æмбисондтæй кæй райдайынц, уый охыл: «Аив алцæмæй дæр аив вæййы» (Къæбæлдзыг ныхас), «Адæймаджы царды бирæ диссæгтæ æмæ тæмæссæгтæ æрцæуы…» (Удæй зынаргъдæр сæрибар). Æмæ нæм ацы чиныджы кæй кой уыдзæнис, – фыссæг æмæ ахуыргонд Хъазиты Мелитоны, – уымæн алывæрсыг у йе сфæлдыстад: поэзи, прозæ, драматурги, публицистикæ, литературæиртасынад, литературон критикæ, тæлмац æмæ а.д. Йæ цард æмæ йе сфæлдыстады цин æмæ маст кæрæдзи ивгæ куыд цыдысты æмæ куыд цæуынц, чиныгкæсæджы семæ куыд хонынц, ууыл нæ бон у дзурæм бирæ. Барахъты Гино куыд дзырдта: «Хъуамæ мыхуыры уадзæм ахæм чингуытæ, æмæ фæзмыны аккаг чи уа алы æгъдауæй дæр. Мелитоны чингуытæ ахæм кæй сты, нæ дуджы нæ æппынæдзух кæй хъæуынц æмæ кæй хъæудзысты, уымæн нæхæдæг – æвдисæн». Ирыстоны адæмон поэт, Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Ходы Камал æнæнхъæлæджы нæ загъта: «Мелитон йæ чиныг «Цатыр» цы æмдзæвгæйæ байгом кодта, «Мæ чиныг», зæгъгæ, уымæй æрхæсдзынæн ахæм рæнхъытæ: Систам Иры уæз нæ рагъмæ – Махæн цудыны бар нæй!. Уыцы рæнхъытæ ныры фæлтæр, стæй фидæны фæсивæд дæр тырысайæн куы ‘хæсиккой, сæ зæрдæ æмæ йæ сæ хъуыдыйы куы дариккой, уæд, æвæццæгæн, нæ фæрæдииккам. Иры хъуыддæгты нын цудыны бар кæй нæй, ууыл нæ ахуыр кæны Мелитон».

Сæргонд «Царды æлхынцъытæ»-йы автор фыссы: Хъазиты Мелитон у нæ дуджы ирон зындгонддæр фысджытæй иу. «Поэт, прозаик, филолоон зонæдты кандидат, Ирыстоны Фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитоны ном нæ чиныгкæсджытæн рагæй зындгонд у. Йæ фыст уацмыстæ æхсызгонæй кæсынц, куыд хистæр, афтæ кæстæр фæлтæртæ дæр. Уымæн æмæ сæ автор æвдисы царды рæстдзинад йæ сагъæстæ æмæ цинтимæ. Фæстаг цалдæр азы дæргъы уый зæрдиаг фæллой кæны ирон литературæ иртасыны хъуыддаджы дæр. Мидисджын монографитæ ныффыста Хетæгкаты Къостайы, Дзанайты Иван, Гаглойты Федыр, Джусойты Нафи, Ходы Камал, Кокайты Тотрадз, Хъодзаты Æхсары æмæ æндæрты сфæлдыстадтыл. Цымыдисон æмæ ахадгæ сты йæ фыст чингуытæ ирон литературæйы историйæ. 2016 азы зæрдæвæрæны мæйы ЦИПУ-йы студенттимæ Хъазиты Мелитоны фембæлды рæстæджы Ирыстоны хуыздæртæй иу, зындгонд поэт Ходы Камал афтæ загъта: «Сымах зæгъут, зæгъгæ, абон æппæлгæ ма кæнæм. Æрмæст, дам, ын йæ уацмыстыл дзурæм… Æмæ цæуылнæ хъуамæ æппæлæм, æппæлинаг чи у, уымæй?.. Мелитонмæ æз хæлæг кæнын… Мæнæ «белая зависть» кæй хонынц, афтæ йæм хæлæг кæнын, уыйбæрц хорз хъуыддæгтæ аразын æмæ йын æппынæдзух кусын кæй æнтысы, уый тыххæй»… Бæркадджын у Мелитоны бавæрæн ирон литературæмæ. Фæстаг азты йын цы куыстытæ рацыд, уыдон сты: «Удæй зынаргъдæр – Сæрибар» (Хуссар Иры геноцидыл фыст уацмысты бæстон анализ), «Ирон литературæйы истори (6 чиныгæй), «Ирон хæзна» (5 чиныгæй – нырма дзы рухс федта 3), монографитæ классиктæ æмæ йе ‘мдугон ирон фысджыты сфæлдыстадæй: «Къоста», «Рухсхæссæг кадæг», «Хъарæгæй заргæ», «ИР æмæ ироны кадæг», «Нафи», «Поэты дуне», «Сабыр дзуринæгтæ, «Уарзаг зæрдæйы зарæг», «Æрвон комулæфтимæ», «Историйы азхынцæг», «Йæ зæрдæйы хызтæ» æмæ бирæ æндæртæ. Йæ чиныг «Æууæндын Адæймагыл»-ы тыххæй Мелитон хорзæхджын æрцыд Къостайы номыл премийæ. Фыссæг цы уацмыстæ сфæлдисы, уыдон фæцæуынц йæ зæрдæйы арфæй, нывæры сæ йæ уд. Адæймаг сæ кæсын куы райдайы, уæд æй нал фæфæнды сæ ныууадзын. Нафи дзы ныфсджын æмæ разы уыдис: «Хъазиты Мелитон ныртæккæ йæ аивадон зиуы бæстыастæу ис. Бирæ ахсджиаг уацмыстæ сфæлдисын бантыст уы-мæн йе ‘нувыд куыст æмæ хъомысджын курдиаты руаджы. Фæлæ ам зæгъын хъæуы, йæ удварны къабæзтæй фæстаг азты чи байрæзт, уый тыххæй. Уымæн та йæ ном у литературон фæзындтæ зæрдиагæй, лæмбынæгæй иртасын».

Литератор, профессор Плиты Гацыры хъуыды æргом æмæ раст у: «Нæ абоны литературон зиуæттæй иу у Хъазиты Мелитон». РХИ-йы фыццаг президент, историон зонæдты доктор, профессор Цыбырты Людвиг та афтæ загъта Мелитоны тыххæй: «Фыццаджы мæ зæгъын фæнды уый, æмæ Мелитон у нæ интеллигенцийæн сæ раззагондæртæй, сæ хуыздæртæй иу. Фæстаг ссæдз азы йæ цардмæ кæнæ йæ хъуыдæгтæм куы бакæсай, уæд алырдыгæй фарс дæр у цæвиттойнаг… Фæстаг рæстæджы мæм афтæ кæсы, мæнæ вулкан куыд стоны, афтæ ацы лæгæн дæр йæ курдиат срæмыгъта. Цас диссаджы монографитæ ныффыссын ын бантыст. Стæй йæ курдиат у алыварсон. Бирæ, бирæ йын бантысæд ноджыдæр. Æцæг патриот кæй у, адæмыл йæ зæрдæ тыхджын кæй риссы, уый тыхджын зыны йæ  чингуыты, йе ‘мдзæвгæты: Æз – мæ Иры уды къæртт, Ир мæ сомыгæнæн мад у! Уæд нывонд ын, уæд мæ цард – Амæлын йæ номыл кад у….»

Мелитонæн фыссæджы фарн ирддæр æмæ алывæрсыгондæртæй æрхастой æцæг нывæфтыд дзырдæй фæлыст уацаутæ «Ныхыфыст», «Алмас», «Фыдæмбæлæг», «Сано», «Сыгъзæрин уадындз», «Мæ мæгуыр фыд», «Æнæв-дæлон»…

Дзасохты Музафер зæгъы: «Мелитонимæ куы базонгæ дæн, уæдæй нырмæ йæ зонын канд курдиатджын фыссæг нæ, фæлæ курдиатджын адæймагæй дæр. Ахæм дыууæ курдиаты та, куыд банхъæлæн ис, афтæ арæх нæ баиу вæййынц. Фæлæ куы баиу вæййынц, уæд дзы рауайы дыууæ базыры, æдзухдæр бæрзонддæр рындзтæм стæхынмæ чи фæтырны æмæ тæхгæ дæр чи скæны, ныллæг æрбадын йæ сæрмæ чи нал фæхæссы, ахæм дыууæ базыры». Алы адæймагæн дæр саргъгæнæн ис, йæ Фыдыбæстæ, йæ адæммæ цы цæстæй кæсы, сæ лæггæдтæ сын куыд фиды, уымæй. Хъазиты Мелитон фыссæджы уаргъ хæсгæйæ дæр, литературæиртасæджы уæззау æргъомы бын дæр, Ирыстоны фæдисонтæй дæр фæстæ кæй никуы фæлæууыд, æппынæдзух кæй тырны размæ æмæ йын уый тыххæй кæй ис зæрдæзæгъгæ æнтыстытæ».

Монографийы сæрмагондæй  лæмбынæгдæрæй дзырдæуы фыссæджы зын-гæ уацау «Алмас» æмæ йæ чиныг «Æууæндын Адæймагыл» цы новеллæты циклы ном хæссы, уыдоны тыххæй.

Стыр Хуыцауы цæст ын бауарзæд æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæ-рæнбон. Уадз, ноджыдæр дын фылдæр бантысæд сфæлдисын æмæ афтæмæй рухс кæн дæ диссаджы сфæлдыстадæн табугæнджыты зæрдæтæ. Æцæгæйдæр, Ирыстонæн цырагъдар дæ æмæ нын æнæнизæй  бирæ фæцæр!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.