Горæт Цхинвалы Хетæгкаты Къостайы номыл скверы территорийы уагъд æрцыд кавказаг фыранкы бронзæйон фæды æрывæрыны церемони.  Мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Геологи, экологи æмæ æрдзхъахъ-хъæныны комитеты сæргълæууæг Бестауты Бала, ГТРК ИР-ы программæ «Хуссар Ирыстоны флорæ æмæ фаунæ»-йы амонæг Габаты Владимир æмæ æндæртæ. Фæд æрæвæрыны инициатор у цæрæгойты экологийы специалист, Алексей Северцовы номыл Уæрæсейы Зонæдты академийы экологи æмæ эволюцийы фæдыл проблемæты институты директор Вячеслав Рожнов. Уый лæмбынæг радзырдта акцийы развæлгъау историйыл æмæ ахсджиагыл банымадта Ирыстоны территорийыл кавказаг фыранкы нымæц фæфылдæр кæнын. «Бæрæг куыд у, афтæмæй 1950 азы Кавказы амардтой фæстаг фыранк.  Уымæ гæсгæ нæ институтмæ фæзынд ахæм идейæ, цæмæй Кавказы ногæй фæзыной фыранктæ, уыцы нымæцы Ирыстоны дæр.  Ацы программæ ист æрцыд 2008 азы. Уыцы нысанæн Сочæйы арæзт æрцыд фыранкты фылдæр кæныны центр, цыран сæ цæттæ кæнынц хъæддаг æрдзы цардмæ, цæмæй сæ уый фæстæ ауадзæм сæ раздæры цæрæн бынатмæ. Фыццаг хатт сæ ауагътам 2016 азы Кавказы тобæгонд хъæды. Ацы аз та дыууæ фыранкы ауагътам Цæгат Ирыстоны, кæцыты схуыдтам Волна æмæ Эльбрус.

Вячеслав Рожнов ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, гæнæн ис æмæ фыранк рацæуа Хуссар Ирыстоны территоримæ дæр. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у æмткæй Хуссар Ирыстоны сæ цæрæн бынаты уавæр раиртасын. «Мах уал ныридæгæн бабæрæг кодтам Зонкъары тобæгонд хъæд, чысыл æмæ стыр Леуахийы территори, республикæйы хуссар-ныгуылæн хай, уыдыстæм Къуайсайы дæр. Ныры онг уал цы куыст бакодтам, уымæй бæрæг у, фыранк Хуссар Ирыстоны раздæр дæр кæй цардис.

Мæнæн тынг æхсызгон у, Хуссар хайы дæр мæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый. Фыранк у Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сæйраг символ æмæ, мæнмæ гæсгæ, уый ноджы тынгдæр æрбангом кæндзæн ирон адæмы. Уымæ гæсгæ ацы проектыл куыст цæудзæн дарддæр дæр, цæмæй æрдз ногæй сæндидза»,- загъта Вячеслав Рожнов.

Йæ рады нæ Паддзахады сæргълæууæг дæр ныфс бавæрдта, ацы программæйы фарс кæй балæудзæн æмæ кавказаг фыранк йæ раздæры цæрæн бынатмæ кæй æрыздæхдзæн».

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.