Алы адæмы историйы дæр ис ахæм адæм, кæй ном фыст æрцыд сыгъзæрин дамгъæтæй, ис сæм ахæм хъайтартæ, кæцытæ систы легендæтæ, нацийы сæрыстырдзинад. Ирон адæмæн ахæм легендарон хъæбул ссис Хуыбылты Валери. Уый ферттывта сæууон стъалыйау æмæ ахуыссыд…

Бирæ дзурæн ис ацы адæймаджы цыбыр цардыл: йæ биографи йемыдзаг у алыварсон æхсæнадон, политикон хъуыддæгтæй – уыд республикæйы хъахъхъæнынады структурæйы бындурæвæрæг æмæ фыццаг къухдариуæггæнæг, Ирыстоны хъайтар æмæ патриот. Уымæн йæ цыбыр, фæлæ ирд цард ссис фидæны фæлтæртæн бафæзминаг.

Хуыбылты Валери райгуырд Цхинвалы 1966 азы 6 ноябры. 1998 азы 31 майы трагикон æгъдауæй мард фæцис Цæгат Ирыстоны. Хъайтартæ нæ мæлынц, фæлæ нæ фарсмæ дæр нал сты…

Ацы зындгонд æмбæстаджы мæлæн бон Згъудеры къуылдыммæ Валерийы уæл-мæрдмæ æрвылаз дæр ссæуынц йе ‘мслужбæгæнджытæ, æмгæрттæ, йæ бинонтæ. Уæззау у ахæм хъæбулы цыртмæ кæсын, ивгъуыды йæ мысын… Цымæ цы зæрдæ уыд Валерийы марæгæн, куыд райста æхсæнгарз ахæм адæймагмæ?!

…Валерийы уæлмæрдыл Хъахъхъæнынады министрады афицерты сконд, службæ-гæнджытæ, йе ‘мгæрттæ æвæрдтой дидинджытæ, сæркъулæй йын ссардтой йæ рухс ном.

Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Æлборты Игорь Ирыстоны зынгзæрдæ патриоты мысгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, абон мах æрæмбырд стæм, цæмæй æрæмысæм бæстæйы Хъахъхъæнынады фыццаг ми-нистр, стыр гоймаг, патриоты, кæцы иузæрдион уыд йæ бæстæйыл, лæггад ын кодта. Уый, Хъахъхъæнынады министрады бындурæвæрæг, сарæзта регулярон æфсад дæр. Уыцы æфсад архайдтой æмæ архайынц ныр дæр æмбæлон æмвзадыл.

«Хуыбылты Валерийы æнусон номы тыххæй бирæ дзурæн ис, куыд хисæрмагонд характерыл, афтæ йæ патриотизм æмæ адæмыл иузæрдиондзинадыл. Бирæ дзурæн ис йæ кад æмæ намысыл»,- дзырдта ныхасгæнæг.

Æрымысыд Валерийы тохы фæндæгтæ, зæгъгæ, йæ цард нывонд кодта Ирыстонæн, йæ хæрзæбонæн, цæмæй йæ къахыл слæу-уыдаид æмæ размæ цыдаид. Банысан кодта, йæ хъуыдытæ æмæ рухс фæндтæ, зæгъæн ис, æмæ сæххæст сты. Нæ бæстæйы рæзт, сæрибардзинад æмæ размæцыд уыдысты йæ рухс фæндтæ,  уый тыххæй бирæ сарæзта уый дæр йæ цыбыр, фæлæ мидисджын царды.

Æрæмбырдуæвджытæн загъта бузныг, æрвылаз кæй æрбацæуынц нæ иузæрдон хъæбулы уæлмæрдмæ æмæ кæй нæ рох кæнынц Валерийы.

«Хуыбылты Валери йæ фыды уæзæгыл райгуырд сыгъдæг ирон лæппуйæ уарзта йæ Фыдыбæстæ, йæ радтæг адæмы. Æгас Ирыстон хъуыды кæны абон дæр, йæ фæстаг фæндагыл æй куы раст кодтой, уый.

Уыцы фыдохы бон йæ табæты уæлхъус Ирыстонмæ цы бирæ уазджытæ æрцыд, уыдон æмхъæлæсæй дзырдтой: «Цымæ кæй къух фæтасыд ахæм адæймагмæ, кæй зондмæ æрцыд ахæм æбуалгъ хъуыддаг саразын».

Уый йæ уд, йæ цард снывонд кодта йæ радтæг адæмæн æмæ Ирыстонæн. Ахæм адæймагыл дзурын зын у, уæлдай зын та у ивгъуыды йыл дзурын. Ирыстоны æдзух мысдзысты дæ рухс ном, цалынмæ ирон лæг уа зæххыл, уæдмæ»,- дзырдта Валерийы цырты раз Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Гугкаты Евелинæ.

Хуыбылты Валери йæхи куы базыдта, уæдæй фæстæмæ йæхи снывонд кодта йæ радтæг адæм æмæ йæ Фыдыбæстæйы фидæн æмæ хæрзæбонæн. Уый цард Ирыстоны тыххæй, йæ хъуыдытæ, йæ ныхæстæ баст уыдысты Ирыстонимæ. Æдзух йемæ хаста йæ адæмы хъуыдытæ, йæ адæмы ныфсытæ…фæлæ йæ цардбæллон уд нæ æнхъæлмæ каст мæлæтхæссæг нæмыгмæ  нæдæр фæстийæ, нæдæр разæй…

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.