Ирыстоны бирæ кувæндæттæ кæй ис, уый бæлвырд алчи дæр зоны. Фæлæ сын абон сæ фылдæр аккаг кад æмæ аргъ нал кæнынц. Нæ фыдæлтæй нын цы æгъдау, кад æмæ намыс баззадис, уыдоны сæрты нæ фылдæр ахизæм æмæ фæрæдийæм. Йæ бæллæх уый у, æмæ фылдæр канд кæстæртæ нæ, фæлæ хистæртæ дæр рæдийын райдыдтой. Фыдæлты дзуæрттæ æмæ кувæндæттæ ныууагътам. Нæхи фæдзæхсынмæ сæм стæм хатт байдыдтам цæуын. Фылдæр сæм чи бацæуы, уыдонæн та хи ирхæфсæн æмæ улæфт уадзæны хуызы рауайы. Нæ фылдæр хистæртæм кæсгæйæ нæ кæстæрты зæдтæ æмæ дзуæрттæ дæр нал уырнынц. Афтæмæй нæ сомбон цæмæ цæуы, уый зын зæгъæн нæу. Абоны онг дæр ирон адæмæй кувæг дæр нæй зæххы къорийы. Фынгыл дæр, балцы дæр нæхи фæдзæхсæм иунæг скæнæг Хуыцауыл, Уастырджи, зæдтæ æмæ дауджытыл. Ирон фынгæй рæсугъддæр æгъдау никæцы адæмыхатмæ ис, уæлдайдæр та дзы хистæрæй дзæбæх куырыхон лæг куы бада, уæд. Æндæр адæмыхаттæй уазæг нæ фынгмæ куы æрбахауы, уæд уыдон дæр дисы бафтынц ирон фынгы æгъдауæй, йæ рæсугъддзинадæй.

Фæстаг сæдæ азы ирон адæмыл цы бæллæхтæ æмæ фыдбылызтæ æрцыдис, ахæм æнамонд хабæрттæ иунæг адæмыхаттыл дæр не ‘рцыдис. Зæгъæм, революцийы фæстæ нæ ирон адæмы æхсæн фæзындис ахæмтæ, кæцытæ сæхимæ тынг зæнджын кастысты, адæмæн амыдтой, зæгъгæ, нæдæр дзуæрттæ ис нæдæр хуыцау, нæдæр сыл æууæндын хъæуы.

Ахæм хъуыды разындис æвзонг фæсцæдисонмæ. Къуыдаргомы Джусойты хъæуы цæрæгмæ. Райсомраджы куы сыстад, уæд йæ цæст ахаста æрдзыл. Райдзаст бон уыдис, зæххыл миты мур дæр нæ уыдис. Зымæгон хур æндавта, фæлæ дзы уыйбæрц тых нæ уыдис. Йæ фæрæт йæ фæсонты фæсагъта æмæ суг кæнынмæ араст уæлбыл хъæдмæ. Джусойты дзуары цурмæ куы бахæццæ, æмæ уыцы стыр фыдæлтыккон бæлæстæ куы  федта, уæд йæ фæнд фæивта. Кæд дзуæрттæ нæй, уæд ацы стыр бæлæстæй иу-цалдæр куы ракалон, уæд мын цы уыдзæнис. Уыцы хъуыдытимæ фæрæтæй бавнæлдта стыр бæлас калынмæ. Бæлас куыд рацæйкалдис, афтæ мæрайæ зæд ратахт гыццыл сывæллоны хуызы. Цæхæркалгæ æрттивгæйæ Хохы сæрмæ рагъы дзуары ‘рдæм стахт. Лæппу уый куы федта, уæд фыртæсæй йæ фæрæт дард фехста æмæ хъæуырдæм лидзынмæ фæцис. Ныхасы цурмæ куы æрбахæццæ ис, уæд тарстхуызæй зæронд лæгтæн хабар радзырдта. Кæй фæрæдыд æмæ дзуары бæлас кæй акалдта, уый тыххæй ма йын хистæр зæронд лæг бæргæ бауайдзæф кодта:

– Дегæрыл фæуай, уый цы бакуыстай. Дæхи дæр æмæ æнæхъæн хъæуы дæр куы бабын кодтай. Ауай рæвдз æмæ кусарт акæнут, хатыр ракурут, кæд ма нын ныббара, уæд.

Изæрырдæм бæстæ нытталынг ис, Сау мигъ ныббадт комы, схъызыдис, мит уарын райдыдта. Уаргæ дæр – уарыны хуызæн. Цыбыр рæстæгмæ æнæхъæн Къуыдаргом миты бын фæцис.

Джусойты хъæумæ æввахс ис хъæу Кæсагджын, æрдæг æхсæв куы уыдис, уæд иу хæдзары раз урсзачъеджын зæронд лæг урс бæхыл хæдзармæ бахоста, æмæ хæдзары хицаумæ йæ номæй бадзырдта.

– Цы мæрдон фынæй бадæ, рæвдз æввахс хъæутæм фæхабар кæн. Джусойты хъæуыл, дам, æнамонд хабар сæмбæлд, зæйы бын фесты.

Лæг куырæт йæ уæлæ баппæрста æмæ дыккаг уæладзыгæй цалынмæ асинтыл бынмæ хызтис, уæдмæ бæхджын зæронд лæг æрбайсæфт. Арф митыл бæхы фæдтæ зындысты æрмæстдæр кауы онг. Хæдзары хицауæн ма цы бамбарын хъуыдис, Уастырджи йæм кæй фæзындис фæдисы. Рæвдз æввахс хъæутæм, суанг Къуайсайы онг, фæдисонтæ арвыста. Йæхæдæг æрдæгæхсæв иннæ сыхæгтимæ хъæдын фыйиæгтимæ фæдисы æрбахæццæ сты Джусойты хъæумæ æмæ авирхъау ныв федтой. Хъæу зæйы бын фæцис. Кæд зæйтæ бонсихорафон фæцæуынц, уæд ацы зæй та æрдæгæхсæв æрцыдис. Афтæмæй цыдæр анамонд кæстæры тыххæй æнæхъæн хъæу зæйы бын фæцис. Диссаг ма уый у, æмæ уыцы ран зæй æрцæуæн дæр нæй. Уый размæ дæр дзы никуы æрцыдис, уыцы æнамонд хабары фæстæ дæр.

Иу ахæм диссаг та ма æрцыдис Дзауы комы Хуыцъейы хъæуы, Джиоты Коля æмæ Пæрæстаты Иннæйы бинонтыл. Дæс азæй сын фылдæр зæнæг нæ цыдис, кæд алыхуызон дохтыртæм цыдысты, уæддæр. Хуыцъейы хъæу хицæн кæны Ирыстоны иннæ хъæутæй. Йæ бынат дæр фыррæсугъд у. Йæ алфæмбылай стыр къæдзæхтæ æмæ нæзы бæлæстæ.  Æндæр никæцы хъæуы алыварс ис 33 дзуары. Бæлдæрæны дзуары бон куы уыдис, уæд уыцы аз Джиоты бинонтæ уыдысты фысым. Иннæ сылгоймæгтимæ дзуары бонмæ сæхи цæттæ кодтой. Æрдæгæхсæвмæ хуысгæ дæр не скодта. Фæлладæй куыддæр йæ цæстытæ кæрæдзийыл авæрдта, афтæ афынæй. Фыны йæм урсзачъе зæронд лæг æрбацыдис æмæ йын фæлмæн хъæлæсæй афтæ загъы: «Иннæ, мæ чызг. Æз æй зонын цалдæр азы цæуыл тыхсыс æмæ дæ зæрды цы бæллиц ис. Райсом Горийы дзуары бын дæ кувинæгтæй уæхи куы фæдзæхсат, уæд ды дæр балæгъстæ кæн дзуары бын, цæмæй дæ Мады Майрæмы хорзæх уа, æмæ уыцы хорздзинад дæ къухы бафтдзæн».

Иннæ фырдисай фехъал ис. Бамбæрста, фыны йæм дзуары лæг кæй æрбацыдис. Куыддæр æрбабон ис, афтæ йæ кувинæгтæ цæттæ кæнынмæ фæцис. Дзуары бын йæхи бафæдзæхста æмæ Майрæмы хорзæх йæхицæн ракуырдта. Рæстæг рацыдис, Джиоты бинонтæн лæппу æмæ чызг райгуырдис.

Коля æмæ Иннæ 1990 азты сæ дыууæ кæстæримæ алыгъдысты  Свердловскмæ. Лæппу æмæ чызг фесты уæлдæр ахуыр. Сæ лæппу Эдик фæстæмæ æрцыдис йæ райгуырæн хъæу Хуыцъемæ.

2010 азы Бæлдæрæны дзуары бонмæ хъæуы фæсивæд  сфæнд кодтой дзуары бын фынгтæ саразын, фысым уыцы аз уыдыс Харебаты Марат. Уый горæтæй æрбаласта æмбæрзæн æрмæг. Хъæуы лæппутæ зиу ракодтой æмæ йæ бамбæрзтой.

Дзуар Хуыцъейы фарсмæ уæлбыл ис, кæд дард нæу, уæддæр уæлæмæ зын цæуæн у. Талынг кæнын байдыдта, афтæ лæппутæ дæр сæ куыст фæуд кодтой, фæлæ сын цалдæр хъайваны не сфаг ис. Лæппутæй иу афтæ, зæгъгæ, дам, Дзуары бæлæстæм æвналæн нæй, фæлæ, дам, дзуарæн куы хъæуа,   дам, гæнæн ис. Марат сæ бæргæ нæ уагъта бæлæстæм æвналын, фæлæ фæллад лæппутæ фæзивæг кодтой хъæумæ цæуынмæ. Цалдæр бæласы акалдтой, семæ Иннæйы лæппу дæр, афтæмæй. Уыцы æхсæв фын уыны Иннæ æмæ та йæм ногæй фыны уал азы фæстæ урсзачъеджын зæронд лæг æрбацыдис. Æмæ йын тызмæг хъæлæсæй загъта:

– Куыд хъуыды кæныс, кæд дын кæстæртæ радтон, уæд сæ фæстæмæ дæр мæ бон байсын у. Дæ кæстæртæн сæхицæн дæр кæстæртæ ис, дæ лæппу йæ кæстæртыл цæуылнæ ахъуыды кодта. Мæ цæнгтæм мын куыд бауæндыдис лыг кæнын. Мæ хорздзинæдтæ дын бæсты нæ фæцыдысты.

Иннæ фыртæссæй фехъал ис. Йæ сур хид акалдис. Цасдæр рæстæджы йæ бон дзурын дæр нал уыдис, кæд йæхæдæг Свердловскы уыдис, уæддæр йæ зæрдæ йæ лæппуимæ дзырдта, бонмæ дæр нал æрлæууыдис, телефонæй æрдзырдта Эдикмæ:

– Мæ хъæбул, куыд стут, цы хабар у? Цы разнаггад кодтай дзуары бын?

Эдик дæр ын рахабар кодта.

Дыккаг бон цалдæр лæппуйы Эдикимæ кусарт акодтой æмæ хъæуы хистæртимæ хатыр курæг ацыдысты дзуары бынмæ, хистæр лæугæйæ сæрмагонд сидт ракодта, дзуарæй хатыр ракуырдта фæсивæды номæй, ахæм рæдыд сыл кæй никуыуал æрцæудзæнис, ахæм ныхасимæ.

Горийы дзуар æрмæст Иннæйæн нæ, фæлæ бирæ кæмæндæрты баххуыс кодта, цæмæй сын цот рацæуа. Пæрæстаты Сосланы ус Сиукъаты Зæлинæ дæр дзуары бын уыдис сыхы устытимæ, куыддæр йæ кувинæгтæ æрæвæрдта, афтæ йæ къухдарæн æнгуылдзæй æрхаудта, æмæ цыма зæххы скъуыды аирвæзт, нал разынд. Сыхаг ын афтæ зæгъы, зæгъгæ, зæнæг дын нæй æмæ дын æй дзуар хъалоны бæсты айста… Æмæ раст фараст мæйы фæстæ лæппуйы мад бацис.

2008 азы 8 августы та гуырдзиаг знæгтæ ногæй куы æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ, уæд ракетæ рауагътой Хуыцъейы хъæуырдæм, æмæ та диссаг, хохы сæр дзуары бæласы къалиуыл схæцыдис. Хъæуы цæрджыты амондæн дзуары бæласы къалиу баурæдта ракетæ, кæннод æнæхъæн хъæу бабын уыдаид. Уыцы бæлас мæхæдæг дæр куы федтон, уæд дисы бацыдтæн. Фæлæ уыйбæрц дзуæрттæ цы хъæуы алыварс вæййы, уыцы хъæуæн тас нæу.

Мæхæдæг æвзонг куы уыдтæн, уæд иу диссаг федтон мæхи цæстæй æрдæгæхсæв. Уый уыдис Къуыдаргомы Зассеты хъæуы. Хъугомы дзуармæ æз сæдæ метрæй æввахсдæр уыдтæн, афтæ  дзуарæй зæд ратахтис, ферттивы, стæй та ахуыссы, афтæ æрттивгæ стахтис Фæсрагъы æрдæм Хуысары дзуармæ. Дзуармæ куы стахтис, уæд нал æрттывта.

Раздæр-иу нæ фыдæлтæ Джиуæргуыбайы бон Къуайсайы дзуары сæрмæ æрдæгæхсæв арæх уыдтой зæд ратæхгæ, стæй фæстæмæ батæхгæ. Фæстæг 25 азы дæргъы никæмæй уал фехъуыстон ахæм ныв фенгæ, стæй ма уынгæ дæр куыд хъуамæ фæкæнæм, кæд æмæ нæ бирæтæ гадзрахатæй рацыдысты нæ кувæндæттыл Уастырджийыл, зæдтæ æмæ дауджытыл. Иу армы бæрц адæм стæм æмæ хæйрæджыты хай фестæм. Ныддихтæ стæм, алыхуызон динтæ райстой нæ адæм, зæххы къорийы фыццаг бынат ахсæм динты нымæцæй.

Уыцы «хорздзинадæн» нын тынг æххуыс кæнынц не знæгтæ дæр. Цæмæ бæллыдысты, уый Ирыстон баййæфта. Кæд нæм сæрæй уыдис æрмæст чырыстон æмæ пысылмон дин, уæддæр æппæты раздæр æвæрд уыдис Алайнæгты æмæ ариæгты фыдæлты æгъдау. Алы ирон лæг дæр бæрæгбоны йæхи фæдзæхста æртæ уæливыхæй. Куывтой Иунæг Скæнæг Хуыцаумæ, Уастырджимæ, зæдтæ æмæ дауджытæм. Нæ фыдæлты Аланты æгъдау бирæ раздæр фæзындис чырыстон динæй. Стæй нæ фыдæлты æгъдау никæцы дины ныхмæ цæуы, дины тыххæй никæй цæгъдын кодта йæ алыварс цæрæг адæмæй, нæ алыварс цæрæг адæмæй дæр тынг хицæн кодтам, хъаруйæ дæр æмæ зондæй дæр. Кæд нæм æргом хæсты знаг нæ уæнды, уæддæр нын алыхуызон фæрæзтæй кæрæдзи ныццæгъдын кæндзысты.

Цалынмæ ахæм бæллæхтæм не ‘рцыдыстæм, уæдмæ нæ фæдис ныхъхъæр кæнын хъæуы. Еъе, мардза, исчи бынтон сæфт кæнæм. Кæд ма нæм разынид куырыхон лæгтæ, сæ адæмы раст фæндагыл чи сараза. Нæ сомбоны кæстæртæ табу кæмæн кæной, кады зарджытæ кæуыл зарой.

ЗАССЕТЫ Болат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.