ХИПУ-йы банысан кодтой зынгæ ахуыргонд Тыбылты Алыксандры 130 азы юбилей

Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты конференцитæ уадзæн залы банысан кодтой æвзагзонынады зынгæ дæсны, ирон литературæйы истори иртасæг, зынгæ фольклорист æмæ публицист, куырыхон зондамонæг æмæ æрыгон фæлтæры хъомылгæнæг, Ирвæдæны æвæллайгæ зиууон Тыбылты Алыксандры райгуырды 130 азы юбилей.  Конференцийы хайад райстой университеты ректор Тедеты Вадим, ирон æмæ уырыссаг кафедрæты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, интеллигенцийы минæвæрттæ.

Конференцийы ныхас кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Тыбылты Алыксандр уыд ирд гоймаг трагикон амондимæ. Уый бузныджы ныхæстæ загъта конференцийы организатортæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахæм гоймæгтæ цы нацийæн ис, уыдон кæддæриддæр хъуамæ уой сæрбæрзонд.

«Тыбылты Алыксандр уыд зынгæ  ахуыргонд, кæцыйы тыххæй хъæуы арæхдæр дзурын. Уый уыд алыварсон гоймаг, кæцы йæхи æппæтæйдæр снывонд кодта йæ адæмæн æмæ ирон æвзаджы размæцыдæн. Ахæм зынгæ  адæймæгтæ баззайынц историйы æмæ сæ сæ радтæг адæм вæййынц сæрыстыр», – банысан кодта Президент.

Уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Тедеты Вадим банысан кодта, зæгъгæ, ацы юбилейон зонадон конференци организацигонд æрцыд ХИПУ-йы ирон филологийы факультеты инициативæмæ гæсгæ.

«Мах абон нысан кæнæм стыр æхсæнадон кусæг, публицист, литературон критик Тыбылты Алыксандры райгуырды 130 азы юбилей, кæцыйæн кæддæриддæр аргъ кæндзыстæм æмæ йын йæ ном ардзыстæм. Фæнды мæ зæгъын уый дæр æмæ зынгæ ахуыргонды цырты арæзтад кæронмæ кæй бахæццæ æмæ æввахс рæстæджы æвæрд кæй æрцæудзæн университеты ног арæзт бæстыхайы фойейы. Уымæй скад кæндзыстæм нæ рухстауæгæн, кæцы махæн фадат радта ХИПУ-йы ахуыр кæнын æмæ кусынæн»,- загъта ректор Тедеты Вадим.

Уый стыр хъыгзæрдæйæ банысан кодта, зæгъгæ, 2017 азы сæ цардæй ахицæн сты Ирыстоны зынгæ адæймæгтæ, уыдоны æхсæн Джусойты Нафи, Цыбырты Маринæ, Тъехты Баграт, Козаты Ушанг æмæ æрæмбырдуæвджытæм бахатыд, цæмæй сын сæ рухс нæмттæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтаиккой.

Конференцийы университеты бындурæвæрæгæн йæ цард æмæ куысты тыххæй докладтæ бакастысты ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр, Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, ирон филологийы факультеты декан Тыбылты Ингæ, уырыссаг æвзаджы кафедрæйы доцент Остаты Джульеттæ, ирон æвзаг æмæ æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг Дзиццойты Юри, ХИПУ-йы Æхсæнадæмон æмгуыстады фæдыл проректор, уырыссаг æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг Тедеты Залинæ.

Ирон æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр конференцийы хайадисджытæн æрдзырдта Тыбылты Алыксандрæн йæ царды саразын  цы бантыст, уыдæтты тыххæй.

«Тыбылты Алыксандр дзæвгар тыхтæ бахардз кодта, цæмæй 1932 азы байгом уыдаит педагогон институт. Алыксандр институт куы бакодта, уæд дзы фыццаг уыд биологийы факультет, уый фæстæ – математикæйы факультет. Уый та ууыл дзурæг у æмæ Алыксандр æрмæст ирон факультетыл кæй нæ тыхст, уый уыд алыварсон курдиаты хицау æмæ уымæ гæсгæ абон алы факультеты студенттæ дæр, нæ университет кæй ном хæссы, уый   хъуамæ зоной  æмæ йын аргъ кæной. Йæхи базонынæй йæ адзалы бонмæ Тыбылты Алыксандрæй рох никуы уыдысты Хетæгкаты Къостайы ныхæстæ «цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг», зæгъгæ. Уый йæхи уды сагъæс нæ уыд, фæлæ Ирыстон æмæ йæ адæмы», – банысан кодта Плиты Гацыр.

Тедеты Залинæ йæ раныхасы загъта, зæгъгæ, Тыбылты Алыксандр уыд алыварсон курдиаты хицау æмæ Хуссар Ирыстоны культурон æмæ хæдзарадон арæзтады организатор. Фæндон бахаста, цæмæй университеты алы факультеты дæр баконд æрцæуа сæрмагонд программæ, цыран студенттæ зонгæ кæной Тыбылты Алыксандры цард æмæ зонадон архайдимæ.

«Ныхыфыстæй фæлидзæн нæй, зæгъы ирон æмбисонд. Афтæ куы нæ уыдаит, уæд Тыбылты Алыксандр йæхи цæттæ кодта, цæмæй уыдаит ахуыр-гæнæг, рухстауæг æмæ йын æнтысгæ дæр кодта. Уый уыд нæ адæмы удуæлдай сæрхъызой, нæ мадæлон æвзаг æмæ нывæфтыд литературæйы дæсны. Ссис сæ сæрыл тохгæнæг æмæ сæ фæндæгтæ сыгъдæггæнæг», – зæгъы Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты зонадон кусæг Абайты Зарæ конференцийы радзырдта, зæгъгæ, Тыбылты Алыксандрæн йæ фырты чызг у уæззау рынчын, æмæ зæгъгæ, Алыксандры ном аргæйæ, хорз уаит æмæ йын йæ байзæттæгты хъысмæтмæ дæр куы цымыдис кæниккам. «Алыксандр йæ рæстæджы цы хъусдард здæхта алкæмæ дæр, уымæн йæ кæцыдæр хай мах йæ байзæттагмæ куы здахæм, уый стыр  хъуыддаг уаит», – банысан кодта Абайты Зарæ.

Мадзалы кæрон Президент Бибылты Анатоли университеты студенттæм æр-сидт, цæмæй тырной æнтыстытæ къухты æфтын кæнынмæ.

Тыбылты Алыксандрæн кæд æмæ йæ ныхæстæ, йæ хъуыдытæ дардыл уыдысты мадæлон æвзаджы тыххæй, уæддæр ын сæ саразын кæронмæ нæ бантыст, æгъатыр дуг ын йæ зынг ахуыссын кодта. Æмæ абон нæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндон стыр цытимæ хæссы Ирыстоны ахуырады размæцыдæн йæхи чи снывонд кодта, уыцы зынгæ ахуыргонды кадджын ном.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.