Дзесты Куыдзæджы райгуырдыл сæххæст 115 азы

Уый дæр уыцы фарны лæгтæй уыд, йæ раттæг адæмæн æмæ йæ фыдыбæстæн удуæлдайæ чи лæггад кодта, фæлæ уыцы фыдыбæстæйæ цин æмæ рæвдыды бæсты уæззау хъизæмæрттæ чи бавзæрста… Уый уыд, ирон адæм иууыл фылдæр кæй уарзтой æмæ ирон адæмы иууыл фылдæр чи уарзта, уыцы ирæттæй сæ иу, мæнæ абон афтæ чи дзуры, «еныры хуызæн диссæгтæ никуы цыд Ирыстоны, еныры хуызæн никуы ахстой æмæ мардтой ирон адæмы», уыдонæй чи ферох, уыцы бирæнымæц уæззау рæстæджытæй сæ иуы амæттаг…

Фӕстаг рӕстӕджы нӕ цардыуаджы ӕппӕт къабӕзты дӕр зонадон-техникон фӕрӕзтӕ сӕ тыхы куы бацыдысты, уӕд афтӕ зыны, цыма адӕймаг техникӕйы аууон аззади: хъус ӕм ничиуал дары, ӕхсӕнады мидӕг йӕ нысан фӕцудыдта, фӕлӕмӕгъ сты, нырыонг йӕ удыскондмӕ цы домæнтæ уыд, уыдон.

Уæвгӕйæ та, а-дунейы социалон-экономикон ӕнтыстыты ратӕдзæн у адӕймаг: йӕ зонд, йӕ фæлтӕрддзинад, йӕ арӕхстдзинæдтæ. Уымӕ гæсгӕ, адӕмӕн сӕ царды сӕйраг нысан сси гуманистон ахаст адӕймагмӕ. Ахӕм принципы бындурыл арӕзт сты нырыккон ахуырадон домӕнтӕ дӕр, цӕмӕй фылдæр ӕргом здӕхт цӕуа рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладмӕ. Амонын хъæуы  фæсивæдæн, адӕймаджы удыхъӕд рӕсугъддӕр чи кӕны, уыцы хӕрзтӕ: кад, ӕгъдау, ӕфсарм, намыс, уарзондзинад, райгуырӕн бӕстӕ, ныййарӕгӕн аргъ кӕнын, куыстмæ тырнын ӕмæ ӕндæртæ.

Ацы хъомыладон нысæнттӕ къухы бафтын кæнынӕн хорз ахъаз у аив литературӕ, ирон фысджыты хуыздӕр уацмыстӕ, уыдонимӕ – Дзесты Куыдзӕджы радзырдтӕ дӕр.

Куыдзæг 1934 азы

Дзесты Куыдзӕджы уацмыстӕн сӕ фылдӕр баст сты ирон адӕмы цардимӕ – Хуссарӕй-Цӕгатмӕ. Фыссӕг хорз зыдта ирон цард, уымæн æмæ йӕ йӕхиуыл бавзӕрста алы хуызты дæр Ирыстонæн уæззау рæстæджыты.  Йӕ радзырдты ӕрмӕг ӕмӕ сюжеттӕ иста царды æцӕгдзинадӕй, уымӕ гӕсгӕ сӕ ирдӕй зыны ирон цардыуаг хӕххон ӕвадаты, историон цаутӕ, социалон цардивӕнтӕ. Йӕ радзырдты баиу сты Секъайы таурӕгъон трагизм æмæ Арсены аивадон психологизм. Арӕх йӕ хъайтарты хъысмӕттӕ сты трагикон, цы сюжетты ӕвдыст цӕуынц, уыдоны ис ӕндыгъд драматизм.

Куыдзӕг у реалистон хуызы нывӕфтыдгӕнӕг, царды фӕзындтӕ ӕвдисы бӕлвырдӕй. Йӕ уацмысты цы фӕлгонцтӕ аразы, уыдон сты ирд, алкӕмӕн дӕр дзы ис йӕхи цӕсгом, индивидуалон ӕууӕлтӕ.

Фыссӕджы фыццаг ӕнтыст уыди радзырд «Хорхӕссӕг». Йӕ сюжетон нывӕзт у хуымӕтӕг. Хохаг хъӕуӕн рагуазалтӕй басыдысты сӕ хортӕ. Мӕгуыр Темсыр зымӕджы йӕ гыццыл лӕппуимӕ ацыд хорагур фӕсӕфцӕгмӕ. Темсырæн йæхи хуызæн мæгуыр, фӕлӕ рӕдау хӕстӕджытӕ  сарӕзтой тыхст лæгæн хӕрзиуӕг – радтой йын ӕртӕ путы хор. Хӕссынц фыд ӕмӕ фырт дзаг дзӕкъултӕ. Схъызыд сыл ӕфцӕгыл ӕмӕ бабын сты ӕнамонд бӕлццӕттӕ. Ахӕм цаутӕ незаманты арӕх цыд хæхбӕсты. Типикон цауӕй дӕсны фыссӕг скодта ӕвӕджиау аивадон уацмыс. Ахæм æнгӕс темӕйыл фыст у Генрик Сенкевичы радзырд «За хлебом» дæр. Дыууӕ уацмысы архайд цӕуы хицӕн уавӕрты, ӕмӕ хицӕнтӕ сты сӕ персонажты хӕрактертӕ дæр, кӕд сӕ хъысмӕттӕ ӕмхуызон трагикон сты,  уӕддӕр. «Куыдзӕджы радзырды ис драматизм, йæ хъайтартæ цардыл афтæ тох кæнынц, æмæ зæрдыл æрлæууын кæнынц Джек Лондоны радзырдтæ, Хемингуэйы уацау «Зæронд лæг æмæ денджыз». Радзырды фыццаг рæнхъытæ агайынц зæрдæ. Цыдæр тыхст ис æрдзы афысты. Адæм æмыр катай кæнынц: тæрсынц сæ хуымтæн басийынæй:

«Кæуынæввонг, æрхæндæгæй æхсæвы тары ныхъхъус и Уæллагком». Фæлæ мæгуыр адæймагæн цæуылдæр зæрдæ дарын, æнхъæлмæ кæсын – уыцы равг у адæмы психологон уавæр æвдисæг. Фыссæг арф æмбары æмæ арæхстджынæй пайда кæны дзырды гæнæнтæй. Дзырд «кæуынæввонг» йæ мидæг æмбæхсы тæссаг уавæр: уым æрæмбырд сты, цы уыд æмæ цы ‘рцæудзæн, уыдоны фæстиуджытæ. Райхæлд уавæр. Æрцыд æвирхъау фыдбылыз. Басыдысты хортæ.

«Кæуынц æфсиртæ. Кæуынц сусæгæй. Афтæ ма кæуы ног чындз сæрзæды бын, йæ цæгаты зиан фехъусгæйæ». Фыссæг æрдзы чысыл афыстæй – æфсирты «мæрдон фæлурс» уындæй- равдыста Уæллагкомы цæрджыты зæрдæйы уаг. Бæстæ сабыр, адæм- уыргъуыйау. Æрмæст сæ фыййау, æндæркоймаг лæппу, базарынмæ хъавыд, фæлæ йыл «чидæр схъæр кодта æмæ банцад».  Хъыпп-сыпп никæй дзыхæй хауы. Нæ хъуысы никæцæй нæдæр куыдзы рæйын, нæдæр – хосдзæутты ныхас. «Стæм хатт ма чидæрдтæ фæзæгъынц: «Цæй сæфт фæкодтам, цæ!» Фæлæ уыцы ныхасмæ дæр дзуапдæттæг нæ разыны, хорз æй зоны алчидæр, цы ма йыл дзурой!».

Иумæйаг нывæй фыссæг райрæзын кæны хицæн ныв. Сюжеты сæйраг хай у фыд æмæ фырты балц. Сæ хъизæмар æвдыст цæуы зæрдæхалæн нывтæй, хуызджын ахорæнтæй:

 «Схæрд кодтой зымæгон къуылдымыл. Ныронгæй сын ам бирæ фæзындæр. Къæхтæ бырынц фæстæмæ, лæгæрдын сæ хъæуы астæумæ миты. Къæмбыртыл хæцгæйæ, лæдзæджы æнцойæ хилынц уæлæмæ». Фæндагыл цытæ  бавзæрстой фыд æмæ фырт, уыдон фыссæг нывæфтыд кæны, дзырды гæнæнтæй иттæг арæхстджынæй пайда кæнгæйæ. Уыцы хъизæмары нывтæ кæсгæйæ, адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма æгас ком дæр фыд æмæ фыртæн сæ ныхмæ сыстад. Темсыр æмæ Доди бæргæ тындзынц размæ, фæлæ сæ комы уазал дымгæ йæ дзæмбытæ ныссагъта æмæ сæ размæ нæ уадзы. Æмæ та фыд æмæ фырт ноджы фыддæр уавæры бахауынц: Доди «йæ фыды къахдзæфтæй фæиппæрд, фæцудыдта æмæ хъæпæны аирвæзт…» «Мæлæты фæндагыл» цæуыны æнкъард нывтæ кæрæдзийы ивынц æмæ зæрдæ агайынц: «Темсыр аирвæзт цæхгæр æрхы…, йæ зæнг цыргъ къæйдурмæ ныххаста æмæ æгасæй, суанг агъды рæбынмæ авдæрзти.  …Зæнджы туг нал æнцад, æмæ йæ дзæкъулæй æрбатыхта».

Ацы зæрдæхалæн нывтæй Куыдзæг æвдисы адæймаджы диссаджы хъару, йæ фæразондзинад æмæ стыр ныфс, цардыл тох кæнгæйæ. Уыимæ уыцы нывты зынынц фыд æмæ фырты ахастдзинæдтæ, сæ уæздан æмæ тыхджын уарзондзинад: «Тынг фæтарсти Темсыр. Уыц-иу гæпп баласта йæ фыртмæ. Цы дыл æрцыди, Доди? Стæ-ма, удæгас ма дæ? Уæй, цæй æнамонд боны райгуырдтæн, цæ!-йæ дзыхы дзаг нырдиаг кодта Темсыр».

Радзырды фæстаг рæнхъытæ уæлдай тынгдæр агайынц адæймаджы зæрдæ. Фыссæг, уырзæй сгарæгау æвзæрст дзырдтæй уыцы-иу хъуыдыйадæй равдыста Темсыр æмæ Додийы уарзон ахастытæ, кæрæдзийыл æнувыддзинад. Уымæй уæлдай чиныгкæсæгмæ фæхæццæ кодта се сæфты хабар хъавгæ ныхасæй: «…Арф ингæн-комы та сæмбæлдысты фыд æмæ фырт, фæлæ ацы хатт кæрæдзийы нал базыдтой».

Хъайтарты удхар, сæ цардыл тохы хабæрттæ радзырды ахæм хуызы æвдыст цæуынц æмæ нæ фыссæг æрхоны ахæм кæронбæттæн хатдзæгмæ: сæ хъизæмæрттæ сты, адæймаг стыр æмæ рæсугъд кæй у, уый æвдисæн.

Радзырды бæрæгæй зыны Куыдзæджы гуманизм: фыссæгæн адæймаг у зынаргъ æмæ йын кæны кад.

Дзесты Куыдзæджы намысон идейæтæ ноджы ирддæрæй зынынц йæ уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы. Уацмыс фыст æрцыд 70-æм азты. Æрыгон лæппу амардта æфхæрæг æлдары æмæ алыгъд йæ хъæуæй. Лидзын бахъуыд йæ мад æмæ йæ фыды дæр. Лæг æмæ ус æрцардысты Урстуалты, иу æфцæгрæбын. Дзаххо йæ цæст дары фæндагмæ, æххуыс кæны бæлццæттæн, æмæ йæ адæм схуыдтой Фæндагсар Уастырджи. Ахæм у уацмысы хуымæтæг сюжет. Фæлæ йæ мидис у арф æмæ уæрæх. Æвдыст дзы цæуынц хæххон цардыуаг, ирон æгъдæуттæ, адæмы рæдау зæрдæ.

Уацауы сæйраг архайджытæ сты Дзаххо æмæ Дзитта. Куыдзæг йæ ацы персонажты дæр хайджын кæны ирон адæймаджы фæзминаг æууæлтæй. Сæ дзырд, сæ архайд, сæ алы къахдзæф дæр барынц адæмы гуманистон-намысон цæстæнгасæй.

«Куыст-цардæн фæрæз»,-зæгъгæ, фæзæгъынц. Фæлæ Дзаххо æмæ Дзиттайæн суанг ацы куырыхон æмбисонды фæлгæттæ дæр къуындæг сты. Адæмæн хорзы бацæуын, тыхст лæгæн баххуыс кæнын – уый у сæ царды сæйраг нысан.

Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæн сæ уавæртæ бæллиццаг не сты: «Фæндæгтæ æмæ хидтæ аразын нæ хъæуы? Æмæ æнæфæндаг хъæу та цы у? Удæгас адæймаджы ингæны куы нывæрай – раст уый хуызæн». Дзаххо сæумæцъæхæй æмæ æхсæвы тары, уадтымыгъы æхситмæ тындзы фæндаггоны размæ, «кæд, мыййаг, тымыгъы исчи фæдзæгъæл…». Ничи йын бахæс кодта, бæлццон адæмæн фæндагамонæг у, сæ размæ цу, загъгæ. Фæлæ уый у йæхи цæсгомы, йæ намысы домæн.

Хæхбæсты боныхъæды æнæнхъæлæджы фæивдыл адæм ахуыр сты, фæлæ хохаг хъæумæ уазæг дæр куыннæ фæзыны. «Лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст», – зæгъгæ, хуымæтæджы нæ акæнынц. Дзитта йæ фæстаг къæбæр дæр хæларæй дих кæны фæндаггонтимæ. Бæрæгбонау у хæдзары æфсинæн йæ къæсæрæй уазæджы æрбахызт. Дзадджын уæливыхтæй хынцы сæ хъарм хæдзæрттæй рæстæгмæ иппæрд фыййæутты. Уазал кæй бацæуа, уыдонæн Дзитта дары уæларт хъарм хæринаг. Уазджытæ фæлладæй сæ хуыссæн куы ссарынц, уæд ма фæбады æнафонмæ æрмæст Дзитта: артмæ сын сæ дарæс фæхус кæны.

Куыдзæджы уацауы ирон æмбисонд – «Раттæджы къух райсаг у»,- зæгъгæ, цардæгас хуыз райсы. Фысымты хæрзтæ хорздзинадæй фидынц адæм: чи сæм къуымбилæй фæкаст, чи – хъæугæ хæдзары дзаумайæ, хæрзхаст уæрыччытæ дæр ма баскъæрдтой Дзиттайы хæдзармæ. Дзаххо æмæ Дзиттайы артдзæст сси адæмæн уарзон, сæ кады ном дардыл айхъуыст. Кæд сæ авналæнтæ кадавар сты, уæддæр сæ зæрдæйы хъармæй æххæссынц алкæуыл дæр – хионæй, æддагонæй. Автор буц у ирон адæмы æгъдауæй, фыдæлтæй баззайгæ намысон фæдзæхстытæй.

Уырыссаг лæг, геолог Никъалаимæ хæстæгдæр куы базонгæ сты, уæд Дзаххо бамбæрста, хæрзаудæн æмæ хæрзæгъдаудзинады æууæлтæ алкæм дæр æмхуызон кæй сты.

«Адæмы хорзæх нæ куы уа, уæд нын тас ницæмæй у!»- афтæ дзураг сты Куыдзæджы хъайтартæ, æмæ кæд хъæуæй дæрддзæфгомау ис сæ мæгуыр къæс, уæддæр рох никæмæй у. Сæхи загъдау, мæгуыр уый у, æмæ бирæ адæмы астæу дæр иунæг чи вæййы.

Йæ уаг, йæ архайдæй, тыхст адæймагæн баххуыс кæныны æууæлтæй ирон адæмы уарзондæр мифологон персонажы халдих у Дзаххо дæр. Фыссæг зæххон адæймаджы, йæ фæстæ цы фæд ныууагъта, уымæ гæсгæ æвæры уæларвон бардуаджы æмсæр. Тыхджын эмоцион уагыл фыст у, тымыгъы чи фæдзæгъæл, уыцы адæмы уавæр: «Дзаххойы æфцæджы сæрмæ бирæ нал хъуыд, афтæ дымгæ фæсабыр.  Æмæ уалынмæ адæймаджы æнуд цæхахст:

-Кæм дæ, цы фæдæ, Уастырджи!

-Мæнæ! Мæнæ! – зæгъгæ, ныхъхъæр кодта Дзаххо…Фырцинæй йæ хъуыдыйы нал æрцыди, уыцы бæлццон Уастырджимæ кæй хъæр кæны, уый дæр æмæ атындзыдта, хъæр æм кæцæй хъуыст, уыцырдæм…»

Адæмæн зардæбын лæггад кæнын, æппæтыл арм дарын – ахæм у Дзаххо æмæ Дзиттайы цардвæндаджы фæрнæйдзаг æмæ фæзминаг фæтк.

Дзесты Куыдзæджы уацмыстæ сты царды фæдыл сагъæсты хатдзæг, авторы намысон ныстуан йæ фæстаггæттæн, абоны фæлтæрæн.

Цгъойты Хазби раст загъта: «Дзаххойы удыхъæды уыдтон Куыдзæгæн йæхи. Уымæн æмæ йæхæдæг дæр ахæм уыд. Уыйау æм Уастырджийы -мæгуырты, тыхст адæмы ирвæзынгæнæджы миниуджытæ уыд».

Уыцы миниуджытæ йын æрдз радта. Рæдауæй æмæ цæстуарзонæй. Фæлæ уыцы миниуджытæй æххæстæй спайда кæнын нæ базыдтой Ирыстон æмæ ирон адæм…

Æмæ нын уый тыххæй ныххатыр кæн, Куыдзæг…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.