Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æнæниздзинад бахъахъхъæныныл чи архайы, уыцы сæйраг æмæ хъæуæг фадыг у Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрад. Уый ифтонг кæны закъондæттынадон базæ æмæ контроль кæны æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы куыстыл, бæрæг кæны бакæнгæ лæггæдты гъæд æмæ æндæр ахæм профилон хъуыддæгтæ.

Куыд зонæм, афтæмæй ацы аз нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийы указмæ гæсгæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады ног министрæй нысан æрцыдис Тотчиты Георги Феликсы фырт. Тотчиты Георги у зонæдты доктор, æмæ йын ис хæрзарæхст специалист æмæ куырыхон разамонæджы ном. Нæ бæстæйы адæм ацы министрады ног хистæрмæ æнхъæлмæ кæсынц ног æмæ хуыздæр æмвæзадыл æвæрд медицинон лæггæдтæм. Уымæн æмæ адæймагæн йе ʻнæниздзинад у иууыл сæйрагдæр æмæ кæддæриддæр домдæуы ацы фадыджы куыстæй аудгæ, бæрнон æмæ хæрзгъæд куыст.

Æнæниздзинад  хъахъхъæныны фадыджы хъуыддæгтæ куыд сты æмæ йæ райрæзты тыххæй цы арæзт цæуы, ног  министр цы ног ивындзинæдтæ бахаста æмæ йæ фæнды бахæссын, æппæт уыдæттыл  уый  æрдзырдта  йæ  фыццаг пресс-конферен-цийы, кæцы уагъд æрцыдис Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры.

Пресс-конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария æмæ дарддæр ныхасы бар радта Тотчиты Георгийæн. Уый журналисттæн цыбыртæй æрдзырдта министрады куыст æмæ проблемæты тыххæй æмæ банысан кодта абон нæ адæмы, республикæйы къухдариуæгад æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады раз цы сæйраг проблемæ лæууы, уый сæйраджыдæр, баст кæй у, цæмæй бамбарæм ахæм факт æмæ абон Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъ-хъæнын кæй ис арф кризисон уавæры, уый. «Хъыгагæн, ныртæккæ уыцы рæстæг нæу æмæ ацы кризис кæй тыххæй сæвзæрдис, уыцы аххосджынты мах агурæм. Мах хъæуы бæстонæй ахъуыды кæнын ууыл, цæмæй, куыд гæнæн ис, афтæ максималон æгъдауæй цыбыр рæстæгмæ рахизæм уыцы кризисæй. Уый гыццыл куыст нæу, хъæуы йыл бирæ бакусын», – загъта министр. Дарддæр журналисттæн фадат уыдис, цæмæй радтаиккой сæ фарстытæ. Тотчиты Георгимæ фыццаг цы фарст радтой, уый уыдис, нæ республикæйы адæмы фæстаг рæстæджыты чи тыхсын кодта, стационарон æмæ льготæтимæ хостæ чи исынц, уыцы рынчынтæ хъæуæг хостæй ифтонг цæмæннæуал цыдысты, уый тыххæй. Министр куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы кризис æвиппайды нæ сæвзæрдис æмæ йын уыдис йæхи аххосæг-тæ. «Ацы кризисон ситуаци фæстаг цалдæр мæйы дæргъы нæ сæвзæрдис, фæлæ раздæр. Цæмæй нæ хæдбар республикæ ифтонг цæуа хостæй, уый тыххæй, фыццаджыдæр, æххæст кæнын хъæуы хосгæнæн препараттæй ифтонг кæныны фæдыл паддзахадон политикæ. Уый та нысан кæны, цæмæй хостæй ифтонггæнæг организацитимæ бадзырдтæ арæзт цæуой раст. Уыцы хъуыддаг хауы паддзахадон арæны сæрты ласынмæ дæр. Таможнæйæн бар ис, цæмæй сгарой æмæ зоной, цы хостæ ласт цæуынц, уыдоны номхыгъд. Ныртæккæ министрад кусы, цæмæй конкурсон уагыл æвзæрст æрцæуой, хостæй нæ чи ифтонг кæны, уыдонæй иууыл бæрнондæртæ æмæ республикæ æнæкъуылымпыйæ ифтонг цæуа хостæй.

Æз, уавæрæй пайда кæнгæйæ, стыр хатыртæ курын нæ республикæйы уыцы æмбæстæгтæй, кæцытæ бæрæг аххосæгты тыххæй рæстæгыл нал истой сæ хостæ. Ис нын ахæм фадат, цæмæй æнæкъуылымпыйæ хостæй ифтонг цæуой республикæйы уыцы æмбæстæгтæ, кæцытæн ис льготæтæ æмæ сын сты тынг æнæмæнгхъæуæг. Льготæтæ кæмæн ис, уыцы категорийы адæммæ та махмæ хауынц бронхиалон астмæ æмæ сæкæрнизæй рынчынтæ, кæцытæн, стыр хъыгагæн, фылдæр кæны сæ нымæц. Уымæ гæсгæ стыр уæз цæуы эндокринологтыл æмæ рахастам ахæм фæндон, цæмæй республикон соматикон рынчындоны базæйыл баконд æрцæуа хицæн эндокринологион хайад. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад йæ хъусдард аздæхта ахæм мæгуырау статистикæмæ æмæ хъуыддаг аскъуыддзаг кодтам æвæрццагæй», – загъта Тотчиты Георги.

Статистикон бæрæггæнæнтыл дзургæйæ, ма министр банысан кодта, зæгъгæ, сæ къухты кæй не сты рынчынты бæрæг бæлвырд иумиаг нымæц, уый. Уымæн æмæ сыл сæрмагондæй куыст нæ цыдис, фæлæ æнæмæнг хъуыддаг кæй у, уый тыххæй ацы фарсты дæр иу мæйы æмгъуыдмæ хъуамæ æркæной æмбæлон уагмæ. «Зæгъæм, онкологион рынчытыл куы дзурæм, уæд ам цъус хуыздæр бæлвырддæрæй зыны сæ нымæц, 400-йы онг сæ нымайæм. Психикон рынчынты бæлвырдгæнæнты хъуыддаг дæр ис ахæм уавæры æмæ дзы хыгъды чи лæууы, уыдон нымæц у 1500-æй фылдæр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у тынг мæгуырау статистикæ æмæ домы, цæмæй бæрæг æрцæуой раст зонæнтæ. Æмæ уыдонмæ гæсгæ та мах дарддæр бæрæг кæндзыстæм нæ куысты архайд. Сæйраг ма у, цæмæй арæзт æрцæуа зонæнты базæ дæр», – банысан кодта министр.

Пресс-конференцийы министр æрдзырдта медикон-санитарон службæйы фарстыты фæдыл дæр. Ахсджиагыл банымадта профилон  специалисттæ бацæттæ кæныны хъуыддаг дæр, уымæн æмæ ног хирургион комплексы бакондимæ байгом уыдзæн гемодиализы æмæ æндæр хайадтæ.

Министр ма куыд фехъусын кодта, афтæ-мæй рахастæуыд уынаффæ, цæмæй рæуджыты низы ныхмæ диспансер йæ раздæры бынаты ныууадзой.  Загъта, зæгъгæ, тубдиспансер æдзæллаг уавæры кæй ис æмæ нырыккон медицинон домæнтæн дзуапп кæй нæ дæтты, уый тыххæй цалцæггонд æрцæудзæн капиталон æгъдауæй æмæ уыдзæнис 25 бынатæн.

Горæтмæ æрбахизæны та дæлвæндаг цы ног иууæладзыгон медицинон объект арæзт цæуы, уырдæм рахæсдзысты нæ горæты æвæгæсæгты пансионат «Забота»-йы. Уыцы медицинон уагдоны ма уыдзæнис паллиативон æххуысы хайад. Уый та нысан кæны цардæн тæссаг чи сты, ахæм уæззау низтæй рынчынтæн сæ низ фæрогдæр кæнын æмæ сын психосоциалон æмæ духовон æххуыс бакæнын. «Абон махмæ ахæм хайад кæй нæй, уый тыххæй ацы ногарæзт бæстыхайы баконд æрцæудзæнис паллиативон æххуыс бакæныны тыххæй хайад, цæмæй ахæм уæззау рынчынты цард фæрогдæр уа. Ахæм рынчынтæн дæр хъæуы элементарон уавæртæ аразын, уымæн æмæ æндæр гæнæн куы нæ уал вæййы, уæд бахауынц соматикон рынчындонмæ, кæннæд та сæ сæ бинонтæ ракæ-нынц хæдзармæ æмæ афтæмæй тыхстæй фервитынц сæ царды бонтæ», – зæгъы министр.

Тотчиты Георги ма банысан кодта, абон нæ республикон рынчындоны æнæмæнгхъæуæг кæй у Магнитон-резонансон томограф (МРТ) сæвæрыны хъуыддаг, уымæн æмæ нæ республикæйы æмбæстæгты уый тыххæй ацæуын бахъæуы Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр горæттæм, кæнæ та Гуырдзыстонмæ. «Мах ныридæгæн æрластам æмæ сæвæрдтам компьютерон томограф, кæцы æлхæд æрцыдис Уæрæсейы æмæ йæ рауадзæг та у АИШ-ы бæстæ. Ныртæккæ йыл сæхи ахуыр кæнынц уыцы специалисттæ, кæцытæ кусдзысты æмæ архайдзысты йемæ. Операцион-хирургион комплекс куы скуса, уæд райдайдзысты кусын компьютерон томограф, маммографийы, рентгены кабинеттæ дæр, афтæ ма иннæ ног хайадтæ дæр. Ацы аппартты куыстмæ йæ хъус чи дара, ахæм инженер дæр нæм хъуамæ уа æмæ кусæм уыцы фарстыл дæр», – зæгъы Тотчиты лæппу.

Журналистты ма цымыдис кодта, ЭКО кæй хонынц, уыцы программæйы тыххæй фарст дæр, адарддæргонд ма æрцæудзæн æви нæ. «Абон махмæ ЭКО-мæ рады лæууынц 130 æмкъайы. Фыццаджыдæр дзырд цæуы уыцы æмкъæйттыл, кæцытæ сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ. Уымæн æмæ уыдонæн ис иууыл хуыздæр фадæттæ, цæмæй ацы программæ реализаци цæуа. Хъыгагæн, Уæрæсейы æмбæстагдзинад кæмæ нæй Хуссар Ирыстоны, уыцы æмбæстæгтæн æхца бафидынæй дарддæр æндæр ницы фадат ис. Ацы фарст у тынг актуалон. Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтыл дзырд куы цæуа, уæд махæн фадат ис, цы клиникæтимæ нын ис бадзырдтæ æмæ æнæмæнгхъæуæг медицинон фæдзæхстады полисмæ гæсгæ æмæ федералон квотæтæм гæсгæ чи кусынц, уыдоны руаджы рады чи лæууынц, уыдоны нымæц афæдзы фæудмæ зынгæ фæкъаддæр кæнынæн. Ацы бонты ахæм мадзæлтты фæстиуæгæн фыццаг æмкъæйттæн нырма арвитдзыс-тæм сæ документтæ, цæмæй сын разыйы ныхас радтой медицинон æххуыс бакæныны тыххæй. Æмæ кæд ахæм къахдзæфтæн хорз фæстиуæг уа, уæд нæ ныфс ис мæй иу хатт уæддæр 20 æмкъайы тыххæй хыгъд кæй радтдзыстæм. Сæйраг у ахæм механизм бакусын нæ республикæйы цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн. Ам æппындæр зынæй ницы ис. Иунæг цæлхдур у –  уæрæсейаг клиникæтæ кæй нæ исынц æндæр паддзахадты æмбæстæгты, уый. Æмæ нæ республикæ та Уæрæсейы субъект нæу. Уымæ гæсгæ клиникæтæ домынц, цæмæй сæм цы документтæ æрвыст цæуынц, уыдон арæзт цæуой Уæрæсейы субъекты. Уый тыххæй мах нæ хъуыддæгтæ аразæм Цæгат Ирыстоны, цæмæй ардыгæй æрвыст цæуой, хос кæнын кæй хъæуы, уыцы æмкъæйттæ уæрæсейаг клиникæтæм. Ацы механизмыл хъæуы бакусын æмæ йын уыдзæнис фæстиуджытæ дæр. Мах нырма аразæм фыццаг къахдзæфтæ, цæмæй системæ райдайа кусын. Медицинон æххуыс бакæныны тыххæй фæндагон хæрдзтæ нымад нæ цæуынц.

Мах кусæм ууыл дæр, цæмæй министрадæн уа йæхи бюджет æмæ хъуамæ сбæлвырд кæнæм йæ бæрц цас уыдзæнис. Ахæм къахдзæф сараз-гæйæ, махæн бирæ фенцондæр уыдзæнис, бæрзондтехнологион медицинон æххуыс кæй хъæуы, уыдоны Уæрæсейы æмбæлон клиникæтæм рæстæгыл арвитынæн», – загъта æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георги.

Пресс-конференцийы ма министр сдзуапп кодта журналистты æндæр ахсджиаг фарстытæн дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æппæтдæр кæй сараздзæн, цæмæй йæ дæлбаруæвæг министрады куыст æмбæлон уагмæ æркæна.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.