Ныййарæгæн кæддæриддæр йæ ныфс йæ хъæбултæ вæййынц, уыдоныл аудын, æппæт хæрзиуджытæй сæ схайджын кæнын вæййы йæ царды сæйраг нысан. Æмæ кардзыд куы свæййы, куы йын фæхъæуы æххуыс кæнын, уæд та йæхæдæг фенхъæлмæ кæсы йæ хъæбултæм.  Ныййарæджы хæс а-зæххыл ничима бафыста, фæлæ кæцыфæнды адæймагæн дæр йæ сæйраг æмæ вазыгджын хæс у йæ ныййарджытæм хъус дарын, лæггад сын кæнын.

Хъыгагæн, ныртæккæ рæстæг афтæ фæивта æмæ иуæй-иутæн сæ хъуыдыйы кæрон дæр нал вæййынц сæ ныййарджытæ, æгæрыстæмæй сæм дардæй дæр нал фæцымыдис кæныц, гас  сты æви нæ, уымæ.  Ахæм уавæры сты ныртæккæ нæ республикæйы Ленингоры районы Раздæхæны хъæуы ацæргæ цæрджытæ иу цалдæрæй.  Уыдонæй сæ иу – Годжыцаты Тристанæн нæ уыдысты йæ цардвæндæгтæ æнцон æмæ лæгъз, фæлæ ныртæккæ цы уавæры ис, уый фенгæйæ та адæймаджы зæрдæ бынтондæр нырхæндæг вæййы. Нырыккон цард нæ хæдзæрттæм  цы ногдзинæдтæ бахаста, уыдонæй дзы цæст ницæуыл схæцдзæн. Ногдзинæдтæй йæм ис æрмæстдæр, Сырх Дзуары Комитет ын цы хуыссæнгæрзтæ балæвар кодта, уыдон. Уыдонæй дарддæр ма йæ хатæны ис рагон хиаразгæ скъапп, дыууæ столы æмæ дыууæ сынтæджы  – иууылдæр зæрæдтæ: Сæ ихсыд хуызæй æвдисынц сæ хицауы æрхæндæг царды  æмæ зæрдæйы уаг. Хуыздæр уавæры нæй бæстыхай дæр: къулты хуынчъытæй хурбон хур фæкæсы, къæвдабон та уынджы куыд фæуары, йæ хæдзары дæр афтæ.

Сæ уæз æруагътой азтæ зæронд лæгыл, фæцудыдта йе ‘нæниздзинад дæр. Ныр 30 азæй фылдæр та Тристан у саугуырм. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй  1976 азы æвзонгæй  йæ цардæй ахицæн йæ фырт Георги. «Уый фæстæ мæ цард фыдæвзарæн ссис æмæ дзы абоны онг дæр хорзæй ницыуал ис. Иугай фæмардысты мæ хæдзары бинонтæ æмæ фыдусы æлгъыстау, баззадтæн иунæгæй».

Кæд удыхъæдæй фидар разынд æмæ дарддæр кодта йæ цард, уæддæр та йæм разæй ноджы дæр æнхъæлмæ каст æнамонддзинæдтæ. «1985 азы куыстон Рустауы химикон заводы. Уым иуахæмы  æрцыд тыхджын срæмыгъд, кæцыйы фæстиуæгæн мæнæн басыгъд мæ буар» – чысыл сабийау кæуынхъæлæсæй ныхас кодта Тристан.

Уыцы æнамонд цауы фæстæ уый дæргъвæтин рæстæджы хуыссыд Мæскуыйы рынчындоны. Скодтой йын бирæ операцитæ æмæ цармы трансплантацитæ, æмæ йæ кæд йæ къахыл слæууын кодтой,  уæддæр ыл æнустæм баталынг ис йæ хуры рухс, –  нал суыдта йæ цæстытæй. Ныр 30 азы бæрц ацы кæлæдздзаг хæдзары цæры саугуырм æмæ æвæгæсæгæй, фæлæ та афтæмæй дæр равдыста йæ уды хъару. «Бæргæ мын зын у, цы ма уа мæ хъысмæтæй зындæр æмæ кæуинагдæр, фæлæ æнæ бонæмгъуыд мæлæт нæй, – фæзæгъынц æмæ быхсын. Нал ис раздахæн ме сæфт бинонтæн дæр æмæ мæ цæсты рухсæн дæр», – дзырдта Тристан. Цæмæдæр гæсгæ уый не скодта Гуырдзыстоны ма йын иу фырт кæй цæры, уый кой, фæлæ йæ сыхаг Асаты Лери  куыд загъта, афтæмæй йæм уый фæстаг рæстæджы телефоны дæр никуыуал æрбадзырдта. Æмæ ноджы нырхæндæг цардæфхæрд фыды зæрдæ…

Тристан, йæ уавæр æмбаргæйæ, зæрдаивæй бахъуыды кодта, йæ хатæны кæм цы мигæнæн æвæрд ис, уый, йæ лæдзæджы æххуысæй æрбахæссы нуазыны дон, ацæуы йæ хæлæрттæм дæр. Ныр æппæты тынгдæр цæмæ бæллы, уый  къæвда йыл кæм нал тæдза, ахæм хæдзары ацæрын æмæ зымæгмæ иучысыл сугтæм. Стыр бузныг у Сырх Дзуары Дунеон Комитеты лæггæдтæй, куыд загъта афтæмæй  йын рæстæгæй-рæстæгмæ æрбаласынц дзул æмæ æндæр хæлцадон продукттæ.

Тристан кæд Ирыстоны цæры, у ирон, уæддæр ын нæй Ирыстоны æмбæстагдзинад. Раздæр ма-иу йæ пенси исынмæ ацыд Гуырдзыстонмæ, фæлæ ныр уымæ ацæуын дæр нал у йæ бон.  Хуссар Ирыстоны паспорт райсын æмæ пенси саразынæн  та йын нæй уавæртæ дæр æмæ æнæниздзинад дæр.

Ахæм æнгæс хъысмæт разынд Ленингоры районы цæрджытæ Базуашвили Нанули, Хуыбиаты Ермоня æмæ Гулиты Бабулийæн дæр. Уыдон се ‘ртæ дæр  сты рынчын æмæ сын кæд зæнæг дæр ис, уæддæр сты æвæгæсæг, нæй сын хи цæрæнуæттæ дæр. Æрæджы Сырх Дзуары Комитеты кусджытæ сæ радон бацыды рæстæджы Нанулийы ссардтой æрдæг-мардæй æмæ йæ раластой рынчындонмæ. Нанули цæры йæ хæстæджыты хæдзары йын цы иу хатæн радтой, уым, нæй йын йæхи цæрæнуат.

Бабули æмæ Ермоня та цæрынц Лениногры раздæры рынчындоны бæстыхайы фæйнæ хатæны. Сæ лæдзæджы æнцой кæд кæртмæ рахизынц, уæддæр сæ бон нæу дуканийæ хæлцадон продукттæ æрбахæссын. Ермоня куыд загъта, афтæмæй бирæ азты дæргъы куыста интернаты. «Фатер райсынмæ рады лæууыдтæн ме ‘взонджы бонтæй суанг Советон цæдисы ныппырхы азты онг. Фæлæ цæдисы ныппырхимæ мæ ныфс бынтондæр асаст. Ныр æрхаудтæн ацы уавæрмæ æмæ хъæцын мæ хъысмæтыл».

Ахæм æгъатыр рауад сæ хъысмæт ацы адæймæгтæн

  Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.