Цхинвалы районы администраци ивгъуыд аз цахæм куыст бакодта, районы цæрджыты социалон-экономикон æмæ культурон фарстытæ куыд скъуыддзаг цæуынц, районы цы 15 хъæууон администрацийы ис, уыдон бынæтты куыд скъуыддзаг кæнынц, цæрджыты раз цы проблемæтæ сæвзæрынц, уыдоны, уый тыххæй нæ уацхæссæджы фарстытæн дзуапп радта районы администрацийы сæргълæууæг Плиты Алан.

– Ацæугæ азы цы куыстытæ сæххæст кæнын бантыст районы цæрæнуатон-хæдзарадон управленийæн?

– Районы цæрæнуатон-хæдзарадон управленийы хъæппæрисон архайды руаджы ногæй арæзт æрцыд Сатихъары хъæуы стадион. Ацы хъæуы ма баконд æрцыд тренажерон зал дæр. Управленийы кусджытæ сцалцæг кодтой Сатихъары хъæууон администрацийы районон поликлиникæйы бæстыхай. Афтæ ма цалцæг æрцыдысты Дампъалеты, Сатихъары æмæ Арцеуы скъолайы хъармгæнæн системæтæ.

Донуадзæн ног хæххытæ рауагъдæуыд Къуернет, Дзабиты æмæ Марданты хъæу-мæ, цалцæг та æрцыдысты Ногхъæу, Гуджабар, Къостайыхъæу æмæ Сатихъары хъæумæ донуадзæн хæххытæ. Райдыдта Дменисы хъæуы администрацийы æмæ Культурæйы хæдзары бæстыхайы арæзтад. Гуджабары хъæуы сывæллæттæн арæзт æрцыд хъазæн фæзуат. Ам ма уынгты телцæджындзтыл бакодтой электронон цырæгътæ æмæ ныр хъæуы уынгтæ сты рухс.

– Цахæм куыст цæуы хъæутæм фæндæгтæ сцалцæг кæныныл та?

– Сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы районы хъæутæм фæндæгтæ сцалцæг кæнынмæ. Цалцæг æрцыдысты Къуернеты хъæумæ (3 км), Сатихъармæ (1,5 км), Рустау, Гром, Цъинагармæ (5 км), Уанат, Сацхенет, Хъларс (9км) æмæ Тъбетмæ (3 км) фæндæгтæ.

– Ныртæккæ уæ районы цал зæхкусæгон-фермерон хæдзарады архайы? Цы куыст кæнынц æмæ сæм цахæм хъусдард здæхт цæуы районы ‘рдыгæй?

– Районы экономикæйы сæйраг къабаз, кæй зæгъын æй хъæуы у, хъæууон хæдзарад. Ам организаци æрцыдысты зæхкусæгон-фермерон хæдзарадтæ. Рæзынц хисæрмагонд хæдзарадтæ дæр, арендæйы лæвæрд цæуынц зæххы фадгуытæ. Районы æдæппæт ис 70 зæхкусæгон-фермерон хæдзарады. Уыдонæй архайынц 45, сæйраджыдæр, кæнынц быдыргуыст æмæ фосдарды куыст, цæттæ кæнынц дзидза, æхсыр, цыхт. Хицæн фермерон хæдзарадтæн азæй азмæ сæ къухты æфты хуыздæрæй-хуыздæр фæстиуджытæ. Фæлæ сæ эффективон куысты тыххæй нырма зын дзурæн у, уымæн æмæ се ‘ркæнгæ продукцийæ цы æфтиæгтæ райсынц, уый сын сæ хæрдзты не ‘мбæрзы, уымæ гæсгæ бирæ хæдзарадтæн хæстæ ис зæххы фадгуытæ арендæйы æмæ кредитты фæдыл.

– Куыд барухс ис уæ зæрдæ тыллæгæрзадæй æмæ уын цас уыд тыд культурон байтыдтытæ?

– Ивгъуыд аз районы хæдзарадтæ фæззыгæнд æмæ уалдзыгон культурæтæ байтыдтой 220 гектары. Нæмыгонтæ æдæппæтæй райстой 23-32 центнеры æмæ тыллæгæрзад та уыдис гектарæй 12,4 центнеры. Мæгуырау уыдысты сæ бæрæггæнæнтæ хъæбæрхорæй, нартхорæй, хъæдур æмæ картофы æркондæй.

Халсарон культурæты æркондæй йæ къухты хорз æнтыстытæ бафтыд арендатор Елдзарты Ф., кæцы 2 гектары фæзуатыл æркодта 34,5 центнеры халсæрттæ. Сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы бирæазон зайæгойтæ садзынмæ, цæмæй республикæйы цæрджытæ ифтонг цæуой нæхи æркæнгæ дыргътæй. Фæстаг азты дыргъбæлæсты талатæ ныссагъдæуыд 100 гектары фæзуатыл, сæндæттæ та ныккалдæуыд 10 гектары фæзуатыл.

2017 азы тыллæгæн байтыдæуыд 117 гектары фæзуатыл фæззыгæндтæ. Уыдонæй 94 гектары сты фæззыгæнд мæнæу æмæ 23 гектары та  бирæазон кæрдæджытæ.

– Фосдарды къабазы та уавæр куыд у? Куыд арвыстой сæ зымæгиуат, фаг цæттæ уыдысты холлагæй?

– Æмбæлон куыст бачындæуыд фосæн зымæгмæ холлæгтæ æрцæттæ кæныныл, куыд зæхкусæгон-фермерон хæдзарадтæ, афтæ хисæрмагонд хæдзарадты дæр æрцæттæ кодтой фаг холлаг æмæ ныр сæ зымæгиуат æрвитынц нормалон уавæрты. Ивгъуыд аз районы зæхкусæгон-фермерон хæдзарадты æдæппæт уыдис 352 стуры. Уыдонæй хъуццытæ уыдысты 225, фыстæ  750 сæры. Афтæ ма дарынц хуытæ, мæргътæ æмæ мыды чыргъæдтæ.

Хорз æнтыстытæ йæ къухты бафтыд фермерон хæдзарад «Фат»-æн, кæцыйæн разамынд кæны Сиукъаты А. Уымæ цы стуртæ ис, уыдоны нымæц схызт 83 сæрмæ. Сарæзта сын скъæт дæр, цы продукци æркæны, уый уæй кæны горæты цæрджытæн. Хорз æнтыстытæ ис Хуыбиаты А. кæмæн разамынд кæны, уыцы æмæ æндæр хæдзарадтæн дæр.

Уавæр хуыздæр у хисæрмагонд хæдзарадты. Ам нымадæуы 39-50 стуры, хуытæ  1117 сæры, сæгътæ æмæ фыстæ  690 сæры, мыды чыргъæдтæ  11,90, мæргътæ  11190 сæры.

Районы администраци ма, зæгъын хъæуы уый, æмæ 12 гектары зæххы фадыг арен-дæйы кæй радта арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Растдон»-æн, дзидзакуыстгæнæн комплексы арæзтады тыххæй. Ныртæккæ ам арæзтадон куыстытæ фæуд кæнынц æмæ æввахс рæстæджы райдайдзæнис кусын.

– Районы цæрджытæ цы фос дарынц, уыдонмæ цавæр хъусдард здæхт цæуы ветеринарон службæты ‘рдыгæй?

– Ивгъуыд азы районы ветеринарон службæ сæххæст кодта профилактикон мадзæлтты комплекс, цæмæй хъæууонхæдзарадон фос бахызтæуыдаид иууыл тæссагдæр хæцгæ низтæй. Уымæй дарддæр ма самал чындæуыд крематори 599 мин сомы аргъ.

– Куыд æвæрд у районы скъолаты ‘хсæн ахуыр-хъомыладон куыст?

– Администрацийы къабазы ахсджиаг у ахуырады къабаз. Районы скъолаты азæй-азмæ хуыздæр кæны ахуырдзау фæсивæды ‘хсæн ахуыр-хъомыладон куыст, ахуыргæнджытæ сæ куыст аразынц развæлгъау сарæзтгонд плантæм гæсгæ. Арæзт æрцыдысты гом уроктæ æмæ тематикон мадзæлтты графиктæ, сæрмагонд хъусдард здæхт цыд æрыгон специалисттимæ куыстмæ. Уагъд цыдысты олимпиадæтæ æмæ æндæр мадзæлттæ, кæцытæн сæ нысан уыд ахуыры гъæд рабæрæг кæнын. Ахуыргæнинæгтæ хайад истой къласæн æмæ скъолайæн æддейæ алыгъуызон мадзæлтты, куыд районон, афтæ республикон масштабы дæр æмæ сæ къухты æфтыд хорз æнтыстытæ. Алы скъолайы дæр нысан кодтой алыгъуызон бæрæгбонтæ. Ахуыры хайад сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл инспекциимæ æмгуыст кодтой æнахъомты ‘хсæн бархалынæдтæ фæдзæхсын æмæ ма æруадзыны фæдыл. Уыдон систематикон æгъдауæй цыдысты скъолатæм æмæ уагътой профилактикон мадзæлттæ. Æргом кодтой ахуыры дисциплинæ чи хæлдтой, ахæмты æмæ индивидуалонæй куыстой семæ. Афтæ ма куыст цыдис зынхъомылгæнæн   сывæллæтты ныййарджытимæ дæр.

Ахуырады къабазы кæд бæрæг æнтыстытæ ис, уæддæр йæ куысты ис цухдзинæдтæ дæр. Цæвиттон, республикæйон олимпиадæйы районæй хайад иста æрмæстдæр иу ахуыргæнинаг. Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайæ дарддæр иннæ скъолаты нæй спортивон залтæ, нæ фаг кæнынц спорт-инвентарь. Скъолаты нæй хими, физикæйы кабинеттæ, нæй сын цæстуынгæ æрмæджытæ ирон-уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтæй дæр. Ацы æмæ æндæр цухдзинæдтæ аиуварс кæныныл хъуамæ бакуса ахуырады хайад.

– Цхинвалы районы культурæйы хайад æмæ йæ дæлбар уагдæттæ æнтысгæ куыст кæнынц, куыд районы, афтæ горæты æмæ республикæйы иннæ районты дæр цæрджытæн культурон æгъдауæй балæггад кæныныл. Бæлвырддæрæй цы куыст цæуы ацы къабазы?

– Ивгъуыд аз Цхинвалы районы цæрджыты ‘хсæн культурон куыст зынгæ фæмидисджындæр. Районы культурæйы управленийы кусджытæ фылдæр хъусдард здæхтой сфæлдыстадон коллективты материалон базæ фидардæр кæнынмæ, кадрты квалификаци бæрзонддæр кæнынмæ æмæ цæрджыты сæрибар рæстæг хуыздæр организаци кæнынмæ. Раздæр арæзт чи ‘рцыдысты, уыцы сфæлдыстадон коллективтæ, куыд, зæгъæм, адæмон ансамбль «Амонд», фольклорон ансамбль, адæмон театр, вокалон къорд «Ирон фæндыр» æмæ сывæллæтты ансамбль «Малусæг» раджы ахызтысты хæдархайгæ коллективты фæлгæттæй æмæ фæндаг ссардтой æппæт республикæйы сценæмæкæсджыты зæрдæтæм. Уыдонæй дарддæр ма архайынц вокалон-инструменталон ансамбль «Арвырон», сывæллæтты хореографион ансамблтæ Къостайыхъæуы, Тъбеты, Хелцуайы æмæ Дменисы хъæууон культурæйы хæдзæртты.

– Цахæм куыст кæны районы фæсивæд æмæ спорты фæдыл хайад та ахуырдзау æмæ рæзгæ фæлтæримæ?

– Ацы хайад дæр йæ куыст аразы развæлгъау бакуыстгонд планмæ гæсгæ. Ивгъуыд азы райдайæны йæ кусджытæ ауагътой акци: сывæллæттæ-инвалидтæн байуæрстой ногазон лæвæрттæ æмæ хæлцадон продукттæ. Ацы хайад стыр хъусдард здахы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæм дæр. Стыр Уæлахизы 70 азы цытæн сорганизаци кодтой æрыгон нывгæнджыты конкурс районы скъолаты ахуыргæнинæгты ‘хсæн. Сæ нывтæ хуыздæр кæмæн уыдысты, уыдон хорзæхджын æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй. Азы дæргъы уагъд цыдысты, хъомыладон нысаниуæг кæмæн уыдис, ахæм ма-дзæлттæ. Традицион ссис ирон æвзаджы бон уадзын. Цæвиттон, ахæм мадзал уагъд æрцыдис Громы хъæуы астæуккаг скъолайы æмæ йæм хуынд æрцыдысты Арцеу æмæ Бихъары хъæуты скъоладзаутæ дæр. Фæсивæд æмæ спорты фæдыл хайад æмгуыст кæны æнахъомты фæдыл инспекциимæ дæр зынхъомылкæнæн сывæллæттимæ кæнынц профилактикон куыст, бабæрæг сæ кæнынц сæ хæдзæртты. Материалон æххуыс бакодтой Хъларсы хъæуæй Дменисмæ ралидзæг Бестауты бирæсывæллонджын бинонтæн. Куыст цыдис хъæууон фæсивæды ‘хсæн физкультурон куыст фæхуыздæр кæныны фæдыл. Ахуырдзау фæсивæд хайад истой скъолаты уагъдцæуæг ерысты, районы фыццаг бынат бацахсыны тыххæй спорты æндæр æмæ æндæр хуызтæй.

– Сæйраг у адæймаджы æнæниздзинад, æнæниз адæм кæм уой, цард дæр уым фехсиды. Районы цæрджытæн медицинон лæггæдты уавæр та куыд у?

– Районы æнæниздзинад хъахъхъæныны хайад бæрæг куыст кæны уæлдай тæссагдæр æмæ карздæр инфекцион низтæ, афтæ ма зæрдæ-дадзинтæ, неврологион æмæ рæуджыты низты профилактикæ æмæ сын хос кæныны фæдыл. Районы цæрджытæн хосгæнæн-профилактикон æххуыс кæнынц 16 медицинон уагдоны. Ивгъуыд аз Дменис æмæ Громы рынчындæттæ рацарæзт æрцыдысты дохтырон амбулаторитæм. Афтæ æмæ районы цæрджытæн медицинон æххуыс кæнынц Цхинвалы районы поликлиникæ, Дменисы, Громы, Къостайыхъæуы, Зары æмæ Арцеуы хъæуы дохтырон амбулаторитæ æмæ 10 та фельдшерон-акушерон пункттæ. Æдæппæт уыдон цæрджыты сæхимæ райстой 24 723 хатты.

Сывæллæтты æппæтиумиаг æрвылазон диспансеризацийы фæлгæтты ауагътой диспансерон басгæрст скъолайы æмæ скъолайы кары агъоммæйы сывæллæттæн. Афтæ ма сывæллæттæн уагъд цыдис вакцинаци хъихъхъгæнаг хуыфæг, полиомиелит, дифтерийæ, гепотиты æмæ æндæрты ныхмæ. Фæстаг азты зынгæ фæхуыздæр профилактикон уагдæтты хосгæнæн фæрæзтæй ифтонг кæныны хъуыддаг. Афтæ ма льготон категорийы рынчынтæн æнæаргъæй хос кæныны хъуыддаг дæр. Медицинон уагдæтты кусджыты квалификаци бæрзонддæр кæныны нысанæн организаци æрцыд медицинон хоты совет.

– Дæ фæндиæгтæ цахæм сты районы цæрджытæн?

– Фыццаджыдæр мæ фæнды, цæмæй уой æнæниз, куыстхъом æмæ хайджын бинонты фæрныгадæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.