Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады къабазы нырма цы бирæ проблемæтæ, аскъуыддзагкæнинаг фарстатæ ис, æмæ цы куыст цæуы сæ аиуварс кæныны фæдыл, афтæ ма хъæууон цæрджыты кусæгон бынæттæй ифтонг кæныны ахсджиаг фарстыл дзырдта РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев,  Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты йын журналисттимæ цы фембæлд уыд, уым. Пресс-конференцийы куысты ма хайад райстой хъæууон хæдзарады министрады æндæр бæрнон кусджытæ дæр.

Министры ныхæстæм гæсгæ РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министрад республикæйы Хи-цауадмæ бавдыста хъæууон хæдзарады рæз-ты æмæ цæрджыты куыстæй ифтонг кæныны фæдыл программæ.

«Уыцы нысан къухты бафтын кæныны тыххæй нæ республикæйы алы районы  дæр хъуамæ арæзт æрцæуа 100 бæрц ставдкъах фосæн паддзахадон фермæтæ. Уый уыдзæнис фыццаг æнтыстджын къахдзæф хъæууон хæдзарады райрæзтмæ. Уымæн æмæ ахæм фермæтæ иуæй куысты бынæттæй сифтонг кæндзысты хъæууон цæрджыты, иннæмæй та уаддзысты сæхи æркæнгæ продукци», – загъта йæ раныхасы министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ хъæууон хæдзарад райтынг кæнынæн ацы проектæн хорз перспективæ уыдзæн 2022-2030-æм азты.

– Фосдарды фермæ арæзт æрцыд Ауне-уы хъæуы. Йæ арæзтадæн рахицæн æрцыд 239 милуан сомы. Куыд у йæ хъысмæт уыцы фермæйæн, цæуылнæ фæцис кæронмæ арæзт æмæ кусын цæуылнæ райдыдта?

– Уыцы фермæ арæзт цыдис 495 бæрц     ставдкъах фосæн. Уый хъуамæ арæзт æрцыдаид æппæт йæ инфраструктурæимæ. Фæлæ йæ арæзтадæн уыцы фæрæзтæ фаг нæ уыдысты æмæ йæ æрурæдтой.

– Хъæууон хæдзарад райтынг кæнынæн æнæмæнгхъæуæг у техникæ. Куыд ифтонг сты уымæй хъæууон цæрджытæ?

– Нæ республикæйы абон ис 50 иуæджы бæрц техникæ, фæлæ уыдон фаг не сты, цы зæххытæ куыст цæуынц, уыдонæн. Не ‘ххæссынц цæрджыты, фермерты куыстæгтыл. Уæлдай тынгдæр тыхсæм тыллæгæфснайæн техникæйæ. Уымæ гæсгæ рæстæгыл æфснайд не ‘рцæуынц фермерты, стæй хицæн цæрджыты тыллæг дæр. Фарон балхæдтам иу комбаин, ацы аз та – иу хуымгæнæн трактор. Фидæн азы нæ зæрды ис ноджыдæр цыппар комбаины самал кæнын. Афтæ архайдзыстæм зын уавæрæй рахизыныл. Цæмæй 2500 гектары зæххытæ куыст æрцæуой, уый тыххæй æнæмæнгхъæуæг сты 25 комбаины. Æмæ абон хъæууон хæдзарады дæлбар та уæвы æрмæстдæр 9 комбаины.

– Фермертæн стыр æххуыс уыдис, се ‘ркæнгæ мæнæу æрыссынæн нæм цы куырой уыдис, уый. Абон кæй нал кусы, уымæн йæ аххосаг цы у?

– Куыройы куыст дзуапп нæ дæтты æмбæлон нормæтæн æмæ уымæ гæсгæ нæ кусы. Абон цы кондады гуырахсттæ ис, уыдон фаг не сты. Цæмæй куырой æххæстхъомысæй куса, уый тыххæй хъуамæ æдзух ифтонг цæуа нæмыгон культурæтæй. Уымæй дарддæр ма уым нæй, нæмыгон культурæты гъæд чи бæрæг кæна, ахæм лаборатори.

– Куыд у сæ уавæр, зайæгойгуыст чи кæны, уыцы фермертæн та?

– Хъæууон хæдзарады алы къабазы дæр ис фæстæзаддзинад. Афтæ у зайæгойгуыстыты дæр. Фæстаг дыууæ-æртæ азы цы зæххытæ куыст цыдысты, уыдоны фæзуат уыд 2600 гектары бæрц. Ныр уыдон фæкъаддæр сты 100-150 гектары бæрц. Уый та, сæйраджыдæр, баст у техникæйы хъуагдзинадимæ. Раст уый аххосæй рæстæгыл æфснайд не ‘рцæуы се ‘ркæнгæ тыллæг æмæ уымæ гæсгæ, кæд раздæр, дзырдæн, зæгъæм, 100 гектары куыста, уæд ма ныр бакусы 50 бæрц, – фарстæн дзуапп радта РХИ-йы Хъæууон хæдзарады министрады зайæгойтæ æмæ механизацийы управленийы хистæр Мулдарты Игорь.

– Куыд у хъуыддаг нæ республикæйы дыргъгуысты уавæр æмæ цы арæзт цæуы, цæмæй дыргътæ реализаци цæуой, уый тыххæй?

– Дыргъгуыст кæныны хъуыддаджы уавæр февзæрдæр ис. Фæлæ уавæр цасдæрбæрцæй рараст, Прис æмæ Къостайыхъæуы цы дыргъдæттæ сырæзтысты, уыдоны руаджы.

– Фосдарды къабазы та цахæм ивындзинæдтæ цæуы?

– Фосдард райтынг кæныны хъуыддаджы дæр уадиссаг æнтыст къухы нæма бафтыд. 2018 азы нæм кæд нымадæуыд 15400 сæры ставдкъах фос, уæд 2019 азы уыдоны нымæц фæкъаддæр æмæ сты 1 4200 сæры. Йæ аххосаг та у, зымæгмæ сын фаг холлæгтæ æрцæттæ кæнын кæй нæ бантысы.

– Цахæм контроль цæуы, нæ республикæмæ цыдæриддæр продукци ласт цæуы, уый гъæдыл?

– Мидæмæ, нæ республикæмæ, цыдæриддæр продукци ласт цæуы, уыдоны гъæд бæрæг цæуы æгъдауыл. Амалиуæггæнджытæн арæзт цæуынц æмбæлон сертификаттæ, хъæууонхæдзарадон продуктты гъæд та цæуы бæрæггонд. «Югосельхознадзор» йæ уæрæсейаг коллегæтимæ æрбæстон кодта фитосанитарон документтæ, кæцытæ амалиуæггæнджытæн фадат дæттынц сæ дыргътæ æмæ халсæрттæ, æнæ пошлинæтæ бафидгæйæ, Уæрæсейы территоримæ ласынæн. Проблемæтæ арæхдæр фæзынынц уæрæсейаг-ирыстойнаг арæныл таможнæйон фарстыты фæдыл.

Æрласгæ продуктты гъæд кæм бæрæг кæнынц, уыцы лабораторийæн фæстаг азты йæ фадæттæ бирæ фæхуыздæр сты. Дыууæ азы размæ дæр ма кæд уыцы уыцы лабораторийæн йæ бон æрмæстдæр раиртасын уыд стурты низ – бруцеллез, уæд ныр Краснодары сæрмагонд ахуырад чи райста, уыцы специалисттæн бирæ фæхуыздæр сты сæ зонындзи-нæдтæ.

Ацы аз Уæрæсейæ нæ республикæмæ æрбаластæуыд фыдызгъæл 10 тоннæйы бæрц æмæ уый реализаци æрцыд, – загъта ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды комитеты сæргълæууæг Мæргъиты Алан.

– Куыд ацыдысты нæмыгон культурæты байтыдтыты æфснайыны куыстытæ нæ республикæйы хæдзарадты?

– Нæ республикæйы районты æдæппæт нæмыгон культурæты байтыдтытæ уыдысты 2500 гектары бæрц. Уыдон карст æмæ æфснайд æрцыдысты. Цы тыллæг æркодтой, уыдон, сæйраджыдæр, сты уалдзыгон культурæтæ, фæззыгæндты байтыдтытæ бирæ нæ уыдысты. Тыллæг райстам хъæбæрхор, картоф, хъæдур, нартхоры байтыдтытæй дæр. Æппæт тыллæгæфснайæн куыстытæ дæр баконд æрцыдысты сентябры мæймæ.

– Куыд цæуынц фæззыгæнд тауæн куыстытæ та?

– Фæззыгон-быдырон куыстытæ дæр кæ-ронмæ фæхæццæ кæнынц. 1700 гектары фæзуатæй фæззыгæнд культурæты байтыдтытæн хуымгонд æрцыдис 356 гектары. Нæ республикæйы районтæй хуыздæр æнтыстытæ ис Ленингоры районæн, уыдонæн бахуым кæнын æмæ байтауын бантыст 200 гектары фæзуатыл, – банысан кодта хъæууон хæдзарады министрады зайæгойтæ æмæ механизацийы управленийы сæргълæууæг Мулдарты Игорь.

– Æрдзон фыдбылызты аххосæй хъæууон цæрджыты байтыдтытæн арæх разианчындæуы. Афтæ уыд ацы аз Цхинвалы районы ихуарды аххосæй. Æмæ фермертæ домынц, цæмæй сæм Хицауад фæдаргъ кæна йе ‘ххуысы къух…

– Нæ министрады специалисттæ ахæм рæстæджы ацæуынц алы районмæ дæр æмæ сбæрæг кæнынц, цавæр зиæнттæ сын рачындæуыд, уый. Уый фæстæ саразынц акттæ æмæ сæ барвитæм Хицауадмæ æркæсынмæ, цæмæй сын, гæнæн уæвгæйæ, бакæной материалон æххуыс. Хъыгагæн, фарон æмæ ацы аз дæр ахæм фæрæзтæ нæ разынд бюджеты æмæ сын цыдæр хъуыддæгты не ‘рцыдис æххуыс.

– Цæмæн ласæм ссад æндæр рæттæй, кæд æмæ нæхи æркæнгæ мæнæуæй скæнæн ис хæрзгъæд дзул?

– Ныртæккæ махмæ цы мæнæу æрзайын кæнынц фермертæ, уымæй хæрзгъæд дзул скæнæн нæй. Уымæй æрмæстдæр спайдагæнæн ис фосæн, куыд холлаг, афтæ. Махæн нæ зæхх хъæздыг у, фæлæ цæмæй дзулæн бæзгæ мæнæу æркæнæм, уый тыххæй хъæуы стандарттæм гæсгæ бакусын. Фыццаджыдæр, хъуамæ ифтонг уай алыгъуызон техникæйæ, стæй уый тыххæй хъæуы сæрмагонд лаборатори саразын, цæмæй нæ бон суа агрохимикон æмгъуыдтæн анализтæ скæнын. Уый руаджы мах сбæлвырд кæндзыстæм, цахæм хъацæнтæй хъæуы спайда кæнын. Уымæй дарддæр ма мæнæу хъуамæ æфснайд цæуа æмбæлон уавæрты. Ацы проблемæйыл куыст цæудзæнис, куыддæр техникæйæ ифтонг æрцæуæм, афтæ. Цæмæй нæхи æркæнгæ мæнæуæй пайда кæнæм, уый тыххæй арæзт цæудзæн, æмбæлон уавæртæ кæм уа йæ бакусынæн, ахæм куыстуæттæ.

– Цахæм хъусдард здæхт цæуы фосы æнæниздзинадмæ?

– Хъæууон хæдзарады министрад æрвылаз дæр бацархайы нæ республикæйы цæрджыты фосæн тæссаг низы ныхмæ вакцинæтæ лæварæй скæныныл. Уымæн æмæ уыцы низтæ тæссаг сты канд фосæн нæ, фæлæ адæймагæн йæхицæн дæр. Уый тыххæй махмæ ис æппæт дезинфекцигæнæн хостæ æмæ вакцинæтæ дæр. Абоны бонмæ уал мах судзинтæ сарæзтам фосæн сыбыраг хæлмагниз, модулярон дерматит, фадниз æмæ æрранизы ных-мæ, – загъта йæ раныхасы Хъæууон хæдзарады министрады фосдард æмæ ветеринарон хайады хистæр Тедеты Ацæмæз.

– Цы лаборатори арæзт æрцыд, уым ныр цахæм низтæ сбæлвырд кæнын уыдзæн сæ бон?

– Ныртæккæ бирæ фенцондæр ис хъуыддаг. Ныр 10 мæймæ нæ бон сбæлвырд кæнын бацис 8 мин хуыз анализы бæрц. Кæд раздæр æрмæст бруцеллез сбæлвырдгæнæн уыд, уæд ныр та нæ кусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фæстæ фосы низтæ сбæлвырдгæнæн ис цыппар хуызы. Зæгъын хъæуы уый æмæ нæ лаборатори фыццаг хатт сбæлвырд кодта ахæм низ, куыд лейкоз. Фадат фæцис туберкулезы низы тыххæй диагностикæ саразынæн дæр. Ацы анализ аразынц районты ветеринарон службæты кусджытæ. Хорз хъуыддаг у, махмæ кæй æрцæуынц уæрæсейаг специалисттæ æмæ сæ дæсныйад кæй амонынц нæ кусджытæн. Уый та нысан кæны, ам бынаты нын фадат кæй ис нæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæн.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.