6 июлы Фæлхасгæнæджы бартæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды æмæ адæймаджы фæрныгады фæдыл комитеты кусджытæ горæты магазинтæй сæ иуы æрзылдæй систой, «5» кæй хонынц, ахæм æууилæн чъиуы парти.

РХИ-йы Президенты цур сывæллоны барты фæдыл бæрнджын Козаты Гульнарæ уый тыххæй банысан кодта Комитеты лæмбынæг æмæ дырыс куыст социалон æгъдауæй ахæм тæссаг продукци раргом кæныны фæдыл.

«Фæнды мæ зæгъын, ахæм чъиутæ кæй уæй кæнынц бирæ магазинты. Æууилæн резинкæ «5» абаргæйæ у зынаргъ (50 сомы бæрц) æмæ сæ сывæллæттæ афтæ арæх не ‘лхæнынц, фæлæ уæддæр, сæ цъæрттыл фыст чи сты, уыцы хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ сæ бакæнынмæ тасдзинад ис. Алы хæслæвæрды дзы тæссаг рахонæн нæй, фæлæ дзы, æцæгæйдæр, ис ахæмтæ, кæцытæ сывæллонæй домынц бæрзонд бынатмæ сбырын æмæ уым, афтæхуыйнæг, сэлфи саразын. Хæслæвæрдты ‘хсæн ма ис ахæм провокацион фарстытæ, куыд зæгъæм: «Дзуапп радт, цы ма хъуамæ бакæнай мæлæты размæ?», – банысан кодта сывæллоны барты фæдыл бæрнджын.

«Сывæллон нырма дырысæй нæ зоны, цы у мæлæт, уымæн уый дæр у хъазты иу хай, æмæ гæнæн ис йæ дæлбар бахауа. Æцæгæйдæр, хæслæвæрдты нæй комкоммæ амынд сывæллоны суицидмæ æркæнынмæ, фæлæ йын гæнæн ис уа мæгуырау фæстиуæг», – загъта Козаты Гульнарæ.

Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ уый æрсидт ныййарджытæм, цæмæй сывæллæттæн бар ма дæттой «5» чи хуыйны, ахæм æууилæн чъиутæ æлхæнынæн æмæ сæ хъус дарой, цæй мидæг тыхт сты, уымæ. Хуыздæр та уаид амалиуæггæнджытæн бар ма дæттын республикæйы территоримæ ахæм продукци ласынæн, кæцы тасдзинад æвзæрын кæны нæ сывæллæтты æнæниздзинад æмæ цардæн. Кæд, афтæхуыйнæг, «мæлæты къордты» хъуыддæгтæ æвзары УФ-йы Слестгæнæг комитет, райст æрцыд УФ-йы закъон, кæцы карздæр кæны æфхæрд сывæллæтты суицидмæ æркæныны тыххæй, уголовон бæрндзинад баконд æрцыд интернеты «мæлæты къордтæ» аразыны тыххæй, уæддæр, Козаты Гульнарæйы ныхæстæм гæсгæ, сывæллæтты карз æмæ тæссаг хъæзтытæм бакæныны тасдзинад ис.

Дунеон информацион агентад «Хуссар Ирыстон абон»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.