Зæрдæ рухс кæны нæ республикæйы æрыгон фæлтæр, канд Цæгат Кавказ нæ, фæлæ Уæрæсейы æндæр горæттæй спорт, культурæ æмæ зонындзинæдты фадгуыты цы бæрзонд æмвæзадмæ схизынц, уыдонæй. Уыдон се ‘нтыстытæй кад хæссæг сты канд сæхицæн нæ, фæлæ нацийæн дæр. Абон та нæ койы аккаг уыдзæн,  Сывæллæтты-æрыгæтты спортивон скъолайы хъомылгæнинаг Дыгъуызты Виктория.

Дыгъуызты Виктория 12 хатты схызт уæлахизы пъедесталмæ æмæ 17 аздзыдæй ссис æмбуар хæсты спорты мастер. Вика бынтон æвзонгæй йæ фидæн бабаста, чызджытæ арæх цы спорты хуызы нæ фæархайынц, уыимæ. Æмбуар хæсты, секцийы 30 лæппуйы ‘хсæн тренировкæтæ кæны Дыгъуызты Виктория. Ацы спорты хуызæй æгас секцийы уыд 2 чызджы. Фæлæ, Викæйы æмбал, тренер Хъуылымбегты Мамеды ныхæстæ, стæй спорты табу, ома, «Тыхæй пайда хъæуы æрмæстдæр рингыл» ницæмæ æрдардта. Спайда кодта уынджы йæ тыхæй æмæ æрвыст æрцыд секцийæ.

Æрвылбон дæр Викæ, æртæ сахат кæны тренировкæтæ. Лæппутæ кæй ис секцийы, уый йæ бынтондæр нæ хъыгдары. Æрвылбон сахаты дæргъы кусы йæ цæттæдзинадыл, фæлæ боны иннæ сахатты дæргъы Викæйæн æппынæдзух спорт ис йæ хъуыдыты. Æрыгон чызг спорты уыны йæ царды нысан. Изæры 6 сахатыл йе ‘мбæлттæ тезгъо кæнынмæ æмæ уынджы бадынмæ сæхи куы рацæттæ кæнынц, уæд уый та йæ спортивон хызын йе ‘уæхскыл баппары æмæ ацæуы тренировкæмæ. «Кафджытæм алчидæр цæуы, фæлæ чызджытæй æмбуар хæсты ничи архайы æмæ алкæй дæр дисы бафтауын, спорты ацы хуыз кæй равзæрстон, уымæй. Фыццаг уæлахиз мæ къухы бафтыд 14-аздзыдæй, уый фæстæ фæныфсджын дæн, æмæ ма мæ цы хъуамæ баурæдтаид», – зæгъы мидбылхудгæ Дыгъуызты Виктория.

Æвзонг спортсменкæ спорты фæндаг равзæрста авд азы размæ. Фыццаг йæхи фæлвæрдта дзюдойы, фæлæ цыппар азы дæргъы æхсæн адæмон ерыстæм никуы ацыд.

Цыфæнды хуызы спорты архайæг спортсменæн дæр сæйраг у, цæмæй цæуа æмæ фæлтæрддзинад иса ерысты. «Сыхаг хатæны сæхи цæттæ кодтой æмбуар хæсты секцийы спортсментæ. Уыдон арæх цыдысты турниртæм, систы-иу уæлахиздзаутæ. Се ‘нтыстытыл-иу сын радысты æгас спортскъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уымæ гæсгæ æз дæр сфæнд кодтон уыдонимæ мæхи бамбал кæнын. Ныр мæ тренер у Хъуылымбегты Мамед. Уый канд зындгонд тренер нæу, фæлæ у фæлтæрдджын æмæ йæ хъомылгæнинæгтыл тынг æнувыд чи у, ахæм адæймаг. Уый мах æнтыстытыл райы сывæллонау, алкæмæ дæр ын ис сæрмагонд ахаст», – зæгъы æрыгон спортсменкæ.

Хъуылымбегты Мамед йæ хъомылгæнинаг Дыгъуызты Викæйы æнтыстыты тыххæй афтæ загъта: «Æрвылбоны тренировкæйæн алы хатт дæр йæ фæстиуæг вæййы спорты сгуыхтдзинад. Викæйы æнтыстытæн дæр 99% сты йæ æрвылбонон тренировкæйы фæстиуæг. Ис афтæ зæгъæн, 1% та у йæ курдиаты æвдисæн.

Спортсмен æппынæдзух йæ фидæнмæ æмбæлы цæлхдуртыл. Кæцыдæртæ дзы царды уавæртæй райгуырынц, кæцыдæртæ та сты йæ æгуыдзæгдзинады аххос. Цард уæлгоммæ у – архай, фыдæбон кæн æмæ дæм уый дæр йе ‘ргом раздахдзæн, йæ мидбыл дæм бахуддзæнис. Хуыздæр фидæнмæ тырнындзинад сабийы уæнгты куы бауадзай, уæд уымæн нæй фæцудæн раст фæндагæй. Бæргæ нæм куы уаид, Викæйы хуызæн чызджытæ фылдæр. Уымæн кæд зын у лæппутимæ хыл кæнын, уæддæр фæстæ нæ лæууы. Лæппутæ йын кæм тæригъæд кæнынц, кæм та дзы æфсæрмы», – загъта РХИ-йы сгуыхт тренер Хъуылымбегты Мамед.

Викторияйы куы фарстон, зæгъгæ: «дæ цахъхъæн рæсугъд чызгмæ уынджы лæппутæ ныхасæппарæн фæкæнынц, æмæ дæ архайд куыд уыдзæнис ахæм рæстæджы».

«Мæ фыццаг æнтыстытимæ мæм æрбацыд æмбарындзинад, тыхæй рингæй дарддæр пайда гæнæн кæй никуы ис гæнæн. Ме ‘мбæлттимæ мын, куыд чызджытимæ, афтæ лæппутимæ дæр ис хорз ахастытæ,  уымæ гæсгæ хыл никуы фæкæнæм. Фæлæ мæ исчи тынг куы фæхъыг кæна, уæддæр æй æмбарын, мæнæн тыхæй пайда кæнын раст кæй нæу. Мæ физикон цæттæдзинад стыр æхсызгонæй бафæлварин рингыл, æнæфæткон тохты» – дзуры йæ бæллиц Дыгъуызты Виктория.

Викæйæн ма уыд ноджы иу бæллиц, цæмæй Мидхъуыддæгты министрады академимæ ахуырмæ бацыдаид. Ацы аз уый йæ къухы нæ бафтыд, цыдæр аххосæгтæм гæсгæ. Фæлæ Викæ нæу, зындзинæдтæй чи тæрсы, уыдонæй.

Ныр та уал Викæ йæхи цæттæ кæны мæйы фæуды Анапайы цы æппæтадæмон уæрæсейаг турнир уагъд цæудзæн, уырдæм.

Уæд дын хорз æнтыстытæ æмæ сæххæст уæд дæ бæллиц, мидхъуыддæгты министрады академийы студенткæ цы суай.

P.S. Цалынмæ мах не ‘рмæг мыхуырмæ цæттæ кодтам, уæдмæ нæм Анапайæ æрыхъуыст æхсызгон хабар: Дыгъуызты Виктория ссис Уæрæсейы цæуæг ерысты 65 кг. категорийы æмбуар хъæбысхæсты уæлахиздзау. Ныр Дыгъуызты Викторияйы сызгъæрин майдантæ систы 13.

Нæ зынаргъ Виктория, айс нын нæ арфæтæ дæр!!!

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.