Æлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны ахуырдзаутæн фæци Италимæ стажировкæйы ацæуыны фадат. Уый тыххæй радзырдта музыкалон ахуыргæнæндоны директор Гæджиты Жанеттæ.

«Италийæ æрцыдысты дипломатон минæварады уæнгтæ, се ‘хсæн уыд Италийы Хуссар Ирыстоны минæвар Мауро Мурджа, афтæ ма Россинийы номыл консервоторийы профессор Франчески Матачени, – загъта Гæджиты чызг. Мах ауагътам иумæйаг концерт, цыран æвзæрст æрцыдысты иууыл хуыздæр студенттæ. Зæгъæм, домрæйыл цæгъдæг Коцты Линдæ, уымæн йе нæниздзинады аххосæй нæ бантыст ацæуын, афтæ ма адæмон инструментты хайады ахуыргæнæг Къæбысты Сæрмæт, уый ахуырдзаутæн амоны ирон фæндырыл цæгъдын, æмæ Дудайты Константин гуымсæджы номинацийы».

Студенттæ цæуынц стажировкæ Пьезаройы горæты æмæ хайад исынц, ныртæккæ уым чи цæуы, уыцы алыгъуызон армукъаты.

Стажировкæ цæудзæн дыууæ мæйы дæргъы, – бафтыдта ма йæ ныхасмæ Гæджиты чызг.  Къæбысты Сæрмæт куыд хъусын кæны, афтæмæй уыдон сты тынг райгонд. Лæмбынæг нын сæ тæлмæнты тыххæй радзурдзысты, фæстæмæ куы æрыздæхой, уæд, уымæн æмæ нын семæ нæй æдзух бастдзинад».

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы балцæн фадат фæзынд РХИ-йы культурæйы министрад æмæ Италийы нæ республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæварады æхсæн сразыдзинады фæрцы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.