Æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, фыссæг Остъаты Алан ссис Джусойты Нафийы номыл премийы уæлахиздзау. Алан ирон чиныгкæсæгæн æнæзонгæ автор нæу, уымæн мыхуыры рацыд цалдæр чиныджы æмæ дарддæр кæны йе сфæлдыстадон куыст. Остъайы фырт Нафийы номыл преми райсыны фæдыл конкурсмæ бавдыста чиныг «Сау тымыгъ», кæцыйы æвдыст æрцыдысты 20-æм азты фыдæвзарæн æмæ трагикон цаутæ, Меньшевикон Гуырдзыстоны фыдмитæ. Остъаты Алан ма геноциды темæйыл ныффыста пьесæ «Фæстаг æвдисæн» æмæ йыл хуссарирыстойнаг театрдзаутæ сæмбæлдысты стыр æхсызгонæй. Уæдæ, куыд уынæм, афтæмæй курдиатджын фыссæгæн ацы аз у æнтыстджын. Йе сфæлдыстады фæдыл нын Алан дзуаппытæ дæтты нæ фарстытæн.

 

– Цы нысаниуæг дæттыс премийæн, ахæм хæрзиуджытæн æмæ, дæумæ гæсгæ, куыд бандавдзысты дарддæр де сфæлдыстадыл?

– Адæймаг йæ куыст хæрзиуджытæм æнхъæлмæ кæсгæйæ куы кæна, уæд ын царды æнтысгæ дæр ницы уадиссаг бакæндзæн. Ацы хæрзиуæг, раст зæгъгæйæ, мæнæн уыдис æнæнхъæлæджы, уымæн æмæ нæ зыдтон фысджытæй ма чи цы уацмыс балæвæрдта къамисмæ. Æз мæ царды ахæм хæрзиуджытыл ахуыр нæ дæн, хуымæтæджы бузныгæй дарддæр. Фыццаг преми нæ, фæлæ мын æртыккаг дæр куы нæ саккаг кодтаиккой, уæддæр æз кодтаин ме сфæлдыстадон куыст. Кæмæ хъуамæ фæтæргай уыдаин? Мæ чиныгкæсæгмæ, мæ фыссæнгарзмæ æви гæххæтмæ?

– Куыд дæм æрцыд геноциды темæйыл уацмыстæ ныффыссын?

– 2020 аз Хуссар Ирыстоны расидт æрцыд геноциды азæй. Фыссæг та хъуамæ кæна царды æмдзу. Уыимæ хъуамæ кæса ивгъуыдмæ дæр, фысса абоны цардыл, уына фидæн дæр. Гъе æмæ мæнмæ рагæй уыдис ахæм хъуыды, цæмæй ныффыстаин уацмыс – 1920 азы нын нæ сыхæгтæ цытæ бакодтой, уыцы хъуыддæгтæ. Фæнд бæргæ скодтон, фæлæ цыбыркъух адæймагмæ æнæнхъæлæджы уазджытæ куы фæзыны æмæ куыд фæтыхсы, афтæ уыд мæ  уавæр дæр. Къухы кадавар æрмæджытæ. Скъолайы ахуыр кодтон Хъуылаты Созырыхъо, Беджызаты Чермен, Коцойты Арсен, Плиты Харитон. 9-æм къласы ма бакастæн Гаглойты Никъалайы чиныг уырыссаг æв-загыл «Сквозь огонь». Уыдон уыдысты 1920 азтыл фыст уацмыстæ. Советон дуджы фысджыты æз азымы нæ дарын, уымæн æмæ уыдысты Гуырдзыстоны дæлбар æмæ 1920 азы геноциды тыххæй фыссын нæ, фæлæ дзурын дæр нæ уагътой. Фæлæ куыд фæзæгъынц – мæгуыр фæрæзджын. Хуссар Ирыстоны партион архивы ссардтон, цы мæ цымыдис кодта, ахæм æрмæджытæ. Уæды дуджы хайадисджыты мысинæгтæ æмæ хал халыл æвæргæйæ, райгуырд мæ уацау «Сау тымыгъ». Стæй уымæй размæ дæр мæ хъустыл цыдæриддæр цыд 1920 азты хабæрттæй, уыдон хорз лæууыдысты мæ зæрдыл. 1920 æзты гуырдзыйы меньшевикты фыдмитæ йæхæдæг чи бавзæрста, уыдонæй уыцы рæстæджы гас бирæтæ уыдысты æмæ уæд уыдонæй райсгæ информаци дæр бабæззыд.

– Дæ уацмыс геноцидæн йæ 100 азы фæстæ кæй фæзынд, уымæн ис стыр нысаниуæг. Дæумæ куыд кæсы дæ куыст, дæ фыдæбон? Адæймаг цы саразы, уый йæхицæй хуыздæр ничи фæзоны. Дæ куыстæй райгонд дæ? Дæ зæрдæ ма дзы истæмæ æхсайы?

– Уыцы æнамонд адæмы рухс нæмттæ æнæмæнгæй хъуыдис ссарын, æрымысын. Уымæн æмæ уæзæгсыгъд æмæ æгъæдзар фæуынæй уæззаудæр ницы ис царды. Лигъдоны уавæр бæллиццаг никуы вæййы, кæмдæр æй дзул æмæ мыдыл куы дарой, уæддæр. Æмæ ма æвыдæй, æнæзианæй куы ахызтаиккой хæхты сæрты, уæд ма йыл хъæцынхъом уаиккам, фæлæ ахæм хæдзар, ахæм бинонтæ стæм баззад мард кæуыл не ‘рцыд. Кæмæн йæ фыд, йæ мад, йæ хъæбул… Бирæ бинонтæ баййæфтой бындзагъд, бирæ хъæутæ федзæрæг сты. Мæ уацауы фыццаг хайæ ма ныффыстон трагеди «Фæстаг æвдисæн». Æвдыст æрцыд нæ театры сценæйыл. Архайдтой дзы куыд нæхи, афтæ Цæгат Ирыстоны ирон театр æмæ дыгурон театры артисттæ. Бузныг зæгъын, чидæриддæр ыл бафыдæбон кодта, уыдонæн. Уæззау фыдæбон уыд. Цæссыгкалгæ, зæрдæрыст фыдæбон. Цæвиттон, æртындæс ироны цы уазал ныккæнды дардтой сæ мæлæты размæ, уым уыдтæн дыууæ хатты. (Мады Майрæмы аргъуаны бакомкоммæ Ованов Рубены хæдзары ныккæнд). Фыццаг хатт уыдтæн Бететы Юриимæ, дыккаг хатт та спектаклы æвæрæг-режиссер Дзуццаты Тамерлан æмæ æртындæсы ролтæ чи æххæст кодта, уыцы артисттимæ. Ацы ныв сценæйыл цыдис 20 минуты бæрц, фыстæй та мын рацыд 15 сыфы. Фæлæ уыцы чысыл рæстæг фыстон дыууæ мæйæ фылдæр. Гæххæтт-иу мæ разы бæргæ æрывæрдтон, фæлæ-иу уыцы уазал ныккæнды дойнаг дурæй амад къултæ мæ цæстытыл куы ауадысты, уæд-иу мæм афтæ каст, цыма ме мтуг ирон лæппутæн æхсты тæрхон мæ-хæдæг хæссын æмæ сæ Згъудеры къуылдыммæ дæр æз кæндзынæн марынмæ. Æмæ-иу гæххæтт баззадис афтидæй…

Æз прозаик дæн, гæнæн ис æмæ æрбадон радзырд фыссыныл æмæ мын ахиза романмæ. Фæлæ драматургийæн йæ фæлгæттæ бынтон æндæр сты. Уыдон та мын цæстуарзонæй амыд-та театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ куыстæй райгондæй баззадтæн.

– Дæ уацау дæр æмæ пьесæ дæр фыст æрцыдысты историон цауты бындурыл, ома, историон факттæй пайда кæнгæйæ. Рецензент дын чи уы-дис?

– Пьесæйæн мын рецензитæ ныффыстой историон зонæдты доктор Цыбырты Людвиг æмæ историон зонæдты кандидат Джиоты Мурат. Бакастысты уацау «Сау тымыгъ» дæр. Театрдзау айста спектаклы, чиныгкæсæг – чиныджы. Абон чингуытæй ссарæн дæр нал ис, йæ тираж дæр дыууæсæдæ уыдис æрмæст. Фæлæ мын мæ зæрдæйæн æхцондзинад æрхаста, Цыбырты Людвиг мын йæ рецензийы цы аргъ скодта, уый. Нæ куырыхон хистæры цæстуарзон фыст мын мæ зæрдæ бакъуырдтой, афтæ кæм зæгъы, зæгъгæ, трагеди фыст æрцыд удæгас æнцонæмбарæн æвзагыл. Æз каст фæдæн нæхи Чъребайы педагогон институт, ирон филологийы факультет. Ирон хъæздыг æвзаг мын 33 азы размæ цæстуарзонæй амыдтой Плиты Гацыр, Битарты Зойæ, Хуыгаты Илья, дзæнæтыбадинæгтæ Цхуырбаты Елизаветæ, Медойты Боболкæ æмæ Тедеты Герас. Людвигы рецензи кæсгæйæ мæ цæстытыл ауадысты ме студентон бонтæ æмæ бахæлæг кодтон абоны студенттæм, сæ уавæртæм, сæ алыварсон фадæттæм, сæ цæхæркалгæ аудиторитæм. Дунейы фарн нын ахæм амонд радтæт æмæ йæ дуæрттæй цы рахизой фидæны фысджытæ, драматургтæ, литературон æмæ театралон критиктæ. Уыдонæй абон хъуаг æййафæм, юристтæ æмæ нæм медицинон хотæ фагæй фылдæр ис, æмæ, чизоны, сомбон уыдон дæр зæгъой сæ ныхас ме сфæлдыстады тыххæй. Адæймаджы низтæн дохтыр куыд ис, афтæ фыссæджы куыстæн та критик хъæуы. Хорз у æмæ нæ бæззы зæгъын та алкæй бон дæр у. Фæлæ уацмысы хорздзинад æмæ хъæндзинæдтыл цæстуарзонæй чи æрдзура, ахæмтæ та нæй, хуымæтæджы чиныгкæсæг æмæ театрдзауæй дарддæр.

Уацау «Сау тымыгъ»-ы тыххæй та историон зонæдты кандидат Джиоты Мурат йæ рецензийы ахæм аргъ скодта:  «Уацау конд у дыууæ хайæ: фыццаг хайы автор  стыр историон æцæгдзинадмæ тырнгæйæ сарæзта ацæугæ æнусы дыууынæм азы трагикон цауты ныв. Бæрæг у, Остъаты Алан дзæбæх зонгæ кæй у документалон æрмæгимæ. Уымæ гæсгæ йæ куысты актуалондзинад у бæр-зонд, мæнмæ гæсгæ йын уыдзæн чиныгкæсæджы цæсты, гуырдзы цы фыдмитæ ракодтой, уыдонæн стыр аххосгæнæг тых. Уацауы дыккаг хайы та æвдыст цæуынц, дыууынæм азы цæхæры стъæлфæнтæй чи басыгъд, уыдоны дарддæры цардвæндæгтæ, сæ хъысмæт цалдæр дæсгай азты дæргъы. Дыууæ хайы иумæ аразынц стыр историон æмæ цардуагон ныв»…

Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ рецензитæм уыдис фиппаинæгтæ дæр, фæлæ уыдон иуварс æрцыдысты. Спектакль федта философ Дзугаты Къоста дæр æмæ дзы уый дæр баззад райгондæй. Ирон адæмы геноцидыл 100 азы сæххæсты тыххæй ма æвæллайгæ куыст бакодта дзæнæттаг историк Пухаты Къоста дæр. Хъыгагæн, уымæн нæ бантыст спектакль фенын. Уацауы фыццаг хайы архайд цæуы Хуссар Ирыстоны хъæуты Хъорнисгом, Тъыбет, Тихреу, Згъудер, Дзомагъгом, Чъреба, суанг Ручъы хъæуы Ресы хохрæбынмæ. Дыккаг хайы архайд хизы Цæгат Ирыстонмæ нæ цъитиджын хæхтæй райдайгæйæ, Уæлладжыры ком, Дыгургом, Элхот, Кæсæджы зæххыл Аргудан æмæ Аргъублийы донбылгæрæтты. Нæ мæгуыр рыст æмæ æфхæрд адæмы кæмыты ныппырх кодта уæды дуджы сау тымыгъ, уыцы бынæтты.

– Дæ дарддæры фæндтæ сфæлдыстадон куысты, цæмæй ма барухс кæндзынæ чиныгкæсджыты зæрдæтæ?

– Ис ахæм æмбисонд, зæгъгæ, дам адæймаг фæндтæ кодта, Хуыцау та – скъуыддзаг. Абоны онг цы драмон уацмыстæ ныффыстон, уыдоны фæнд кæнын хицæн чиныгæй рауадзын. Цæттæ сты комеди «Хæлиудоны хæлиу хабæрттæ» æмæ драмæ «Æмæ ногæй ракаст хур» – ацы пьесæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй мыхуыр æрцыд Мæскуыйы мыхуырцæуæг журнал «Драмтеатр»-ы 2-æм номыры 2022 азы. Дзырд дзы цæуы Хуссар Ирыстоны 90-æм азты æрцæугæ цаутыл. Разныхас ын ныффыста Санкт-Петербурджы цæрæг Уæрæсейы зынгæ дра-матург Юрий Ломовцев. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй дæр ныффыстон драмæ, афтæ ма адæмон аргъау «Æдылыбег æмæ Зæнджынбег»-мæ гæсгæ пьесæ «Æфсымæртæ». Комеди æмæ аргъау  хаст æрцыдысты театры репертуармæ. Æркастис сæм театры аивадон совет. Аргъау афæдзæй фылдæр лæзæрдис культурæйы министрады, фæлæ абоны культурæйы министр Зæгъойты Радайы хъæппæрисæй, æвæццæгæн, æвæрд æрцæудзæн театры сценæйыл. Куыд загъта, афтæмæй йæ нæ чысыл театрдзаутæ хъуамæ феной ацы аз Ног азы хæдразмæ. Аразынмæ дзы хъавынц мюзикл æмæ ма аргъауæн ныффыстон зарджытæ дæр. Йæ режиссер-æвæрæг уыдзæн Дзуццаты Тамерлан æмæ йын музыкæ та ныффыста курдиатджын композитор Плиты Мурат. Мурат ма музыкæ ныффыста трагеди «Фæстаг æвдисæн»-æн дæр. Банысан ма кæндзынæн уый дæр, æмæ мæ чиныг «Сау тымыгъ»-ы редактор кæй уыдис зынгæ журналист Зæгъойты Рада. Чиныджы нывгæнæг та – фынддæсаздзыд чызг Хаситы Валерия. Бургъустаны цы цаутæ æрцыд, уыдоныл дæр фæнд кæнын пьесæ ныффыссын. Ис ма мæм юмористон уацмыстæ дæр.

Мæ зæрдæйæн ма æхсызгон уыд уый дæр æмæ мын Хуыгаты Ростик уацау «Сау тымыгъ»-ы дыккаг рауагъдæн финансон æххуыс бакæнынæй кæй баныфсæвæрдта 300 экземпляры.

– Де сфæлдыстадон куыст кæдæй райдыдтай æмæ куыд?

– Фыстон, 8-æм къласы ма куы ахуыр кодтон, уæд. Цыбыр уацхъуыдытæ, къаннæг радзырдтæ мын мыхуыр кодтой «Дзау»-ы газеты. Ирон æвзаг æмæ мын литературæ амыдта диссаджы адæймаг æмæ хорз ахуыргæнæг Хуыгаты Наташæ. Мадæлон æвзаг мын уыцы хуыцауысконд адæймаг бауарзын кодта. Æмæ кæд абон ирон дамгъæмæ исты бар дарын, уæд бузныг дæн Хуыгианæй, мæ лектор, профессор Плиты Гацырæй. Кусын дæр «Дзау»-ы газеты райдыдтон æстæсаздзыдæй. Царды фых адæймæгтæ дзы куыста. Козаты Данел, Джиоты Сослан, Джиоты Павел, Тедеты Маир, Багаты Владимир, Гасситы Моисей, Кæркуысты Залихан, Цхуырбаты Гарик æмæ æндæртæ. Уый фæстæ зæххæнкъуысты фæстиуæгæн редакцийы агъуыст куы ныккалд, уæд мæ ракодтой Хуссар Ирыстоны Паддзахадон радиокомитетмæ. Ам дæр хорз, уæздан адæмимæ куыстон. Цы сæ фæлмæн дзыхыдзырд уыд, цы сæ цæстуарзон зондамонæн ныхас. Пæррæстаты Алыксандр, Гугкаты Шамил, Букуылты Алекси, Абайты Созыр, Тедеты Авгар. Чи мын дзы фыдæн бæззыд, чи фыды фыдæн. Мæныл уæд дыууын азы дæр нæма цыд. Тамако дымын мæ нæ уагътой æмæ мын сæ алчидæр мæ къаффетты хай йæ дзыппы хаста (худгæйæ дзуры). Абон сæ иу дæр гас нал у, рухс дзæнæт сæ хай. Бирæ хорздзинæдтыл мæ фæцалх кодтой æмæ сæ абон арæх æрымысын. Мæ фыццаг гуырахстджын радзырд мыхуыры рацыд 1989 азы «Фидиуæг»-ы, æстдæс азы мыл куы цыд, уæд. Уæды рæстæджы фысджытæ хъæрмуд ахаст дардтой æвзонг, райдайгæ фысджытæм, уæлдайдæр та Гуыцмæзты Алеш, Мæргъиты Къоста æмæ Козаты Хазби. Рæвдыдтой æмæ мын амыдтой. Уыдон разæнгардгæнæн архайд куы нæ уыдаид, уæд абон æз чингуытæ нæ, фæлæ иу гæххæтт дæр нæ ныффыстаин. Абонмæ мын мыхуыры рацыд цыппар чиныджы.

– Цæмæдæр гæсгæ Остъаты Аланы адæм зыдтой «Сасинкъайæ» æмæ цы хуызы рахызтæ уырдыгæй серьезон темæмæ?

– Уыцы телеалæвæрд «Хи-хи ирхæфсæн ног хабæрттæ» дзæв-гар рæстæджы цыд телеэкраныл. Сæ архайджытæ уыдысты зæронд ус æмæ лæг – Сасинкъа æмæ Лади-къо. Сасинкъайы рол мæхæдæг æххæст кодтон æмæ абон дæр уыцы ном мемæ æмдзу кæны. Раст у, адæмæн æхцондзинад хаста, фæлæ дзы æз, раст зæгъгæйæ, тынг бафæлладтæн. Сценаритæ дæр мæхæдæг фыстон, уымæй дæр алы къуыри дæр хъуамæ уыдаид ног. Ног цыдæр æрымысын та æнцон нæ вæййы. Стæй ма дæ фыдæбоны мидæг цæхх æмæ къæбæр куы нæ уа, куысты мыздæй зæгъын, уæд уый дæр æнцон нæ вæййы. Бирæ хатт-иу æй дыгай-цыппæргай мæйты лæвар дæр истам адæмы æфсæрмæй, чи йæм æнхъæлмæ каст, уыдоны хатырæй. Ацы алæвæрды аххосæй мæнæн бирæ серьезон уацмыстæ абон дæр мæ архивы лæууынц æрдæг куыстытæй. Раст зæгъгæйæ, нал райдаин уыцы алæвæрды хайад исын. Юмор æмæ сывæллæттæн фыссын тынг зын у.

Артист суæвын никуы хъавыдтæ?

– Абон ма æз æрдæг штатыл кусын Цхинвалы районы культурæйы управленийы адæмон театры артистæй. Уырдæм мæ бацыды сæйраг нысан уыдис сценæйы фездæхæнтæ хуыздæр базоныны сæраппонд. Чиныг кæсын куы райдыдтон, уæд кастæн пьесæтæ дæр, диалогты арæзт, монологты равæрд, ремаркæтæ, паузæ, мини-паузæтæ æмæ æндæр ахæмтæ уæд базыдтон. Фæлæ сценæйыл архайд та бынтон æндæр цыдæр у. Гъе æмæ мын ацы куыст фæахъаз, пьесæтæ фыссын куы райдыдтон, уæд. Цалдæр ролы сæххæст кодтон уыцы театры кусгæйæ. Нæ режиссер у Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Уанеты Æхсар. У домаг, карз æмæ уыимæ йæ зонындзинæдтæ цæстуарзонæй чи амоны, ахæм режиссер. Стыр сценæмæ рахизынæн фаг нæ вæййы æрдзæй ратгæ курдиат, фæхъæуы дзы сæрмагонд театралон ахуырдзинад дæр.

– Джусойты Нафийæн цахæм аргъ кодтай? Дæ ахаст æм куыд у?

– Ме сфæлдисæгæн бузныг æмæ ахæм адæймаджы лæгæй-лæгмæ кæй зыдтон. Æнæуый дæр иуæрдыгæттæ уыдыстæм: Нафи Къуыдаргомæй, æз та – Сохты хъæуæй. Æмхæрæфырттæ дæр стæм, мæ мады мад дæр Джусойтæй уыд, Нафийы хъæуккаг. Уымæн дæр йæ хиуæттæй авдæй амардысты Джусойты зæйласты рæстæджы. 5-æм къласмæ цыдтæн, афтæ фæзиан мæ мады мад Фæзыхъæуы (Часавалы). Нафимæ-иу бауадтæн йæ куыстмæ дæр. Иухатт æм уацау бахастон, зæгъын бакæс ма мын æй, Къуыдаргомыл фыст у, – «Цардивæн». Уæды онг æз нæ зыдтон, Часавал Фæзыхъæу кæй хуыйны, уый. Къуыдары хохæй лæгæты бынæй цы дон цæуы, уый та Цалхы дон кæй хуыйны…

Нафийы сфæлдыстадæй фыццаг бакастæн «Фыдæлты туг». Нафийæн йæ удæгасæй дæр аргъ кодтон æмæ абон дæр. Ирондзинад, зонад, литературæйыл дзургæйæ, мæнæн мæ цæстытыл ауайынц Къоста, Уасо, Нафи æмæ Шамил… Ахæм адæймаджы номыл преми хæссæгæн, кæй зæгъын æй хъæуы, кады хъуыддаг у æмæ бæрндзинад дæр у. Нафийæн аргъ кæнгæйæ, йæ номыл премитæ чи райста, уыцы ме ‘мсисонтæ уæхскуæзæй дæр хъуамæ архайæм ирон аив литературæйы фæхъæздыгдæр кæныныл. Нафийы номыл премийы бындурæвæрæг Хуыгаты Ростикæн стыр бузныг, фонды директор Челехсаты Хъазбегæн, афтæ къамисы уæнгтæ чи уыдысты, мæ чиныгæн мын ахæм аргъ кæй скодтой, уый тыххæй. Стыр бузныг «Хурзæрин»-ы редакцийы кусджытæн. Ног редакторимæ уæ газеты фæрстыл фæзынд ногдзинæдтæ æмæ мын уый у уæлдай æхсызгон.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.