Хуым кæнын-тауыны куыстытæ бакæныныл ацы фæззæджы йæ гутон мæры чи ауагъта, уыдон фыццæгтæй у Цхинвалы районы Къостайыхъæуы Хъабанты фермерон хæдзарад. Бинонтæ æмбæрстой, тауыны афон кæй фæстиат кæны, уымæн та цæлхдур фыццагдæр уыд, дзæвгар мæйты хус рæстæг кæй ахаста, уый. Фæлæ æнцад бадынæй куысты размæцыдыл дзурæн дæр нæй æмæ уæд Хъабанты Хъазбег йæ фырттимæ аскъуыддзаг кодтой, цыфæнды уавæрты дæр тауынмæ кæй хъуамæ бавналой. Уый тыххæй сæм уыд сæхи æркæнгæ фаг тауинаг, бацархайдтой техникæ самал кæныныл дæр æмæ сын механизатортæ Хуыбиаты А., Мæлдзыгаты А. æмæ Тыджыты В. цыбыр æмгъуыдтæм мæр афæлдæхтой, уый фæстæ та 12 гектары фæзуатыл байтыдтой фæззыгæнд мæнæуы культурæ. Фæлæ æрмæст уыцы культурæйыл хæдзарад не ‘рлæудзæн, уалдзæджы ма хъуамæ хъæбæрхор байтауа 20 гектары æмæ сæм уымæн дæр ис фаг хæрзгъæд тауинаг.

Хæдзарады размæцыд у фосдарды къабаз дæр. Алы куыстмæ дæр хъæуы аудгæ æмæ хæдзардзин ахаст æмæ уæд æнхъæлмæ кæсæн ис зæрдæйы фæндиаг фæстиуджытæм. Лыстæг фос хæдзарады æдæппæт нымадæуы 195, уыцы нымæцы фырытæ сты 40, фыстæ æмæ сæгътæ – 155. Райдыдтой цот кæнын дæр æмæ уал уæрыччытæ æмæ сæныччытæ иууыл иумæ сты 25. Фыстæ ацы хъарм бонты дæр фæхизынц сæрвæты, фæлæ зæддæгтæ цæмæй хæрзхуыз уой, уый тыххæй  сын уæлæмхас фæдæттынц цъата дæр. Хæдзарады стуртæ ис цыппар æмæ иууылдæр сты хъуццытæ, уымæй дарддæр ма дарынц уæнгуытæ дæр. Хуыдарды куыст æнцон нæу, фæлæ уыцы зындзинæдтæ ницæмæ дарынц æмæ фосдарды ацы къабаз дæр у рентабелон. Дарынц авд дзæргъы, хъыбылтæ та сты 36. Уыдон дæр не ййафынц холлагцух æмæ сты нард.

Бинонты уæнгтæ рагацау ахъуыды кодтой фосæн хъарм æмæ æфсæст зымæгиуат сифтонг кæныныл æмæ нæ фæтыхсдзысты. Лыстæг фосæн сæм холладжы тыхтæттæ ис 750 иуæджы æмæ стуртæн та – 300. Сæхи тыхтæ æмæ фæрæзтæй сæ хæдзарады фарсмæ скъахтой цъай æмæ ныр ифтонг сты хæрзгъæд нуазыны донæй. Ахæм сты ацы хæдзарады куысты фæстиуджытæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.