Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Гуырдзыстонимæ Хуссар Ирыстоны арæныл æрцахстæуыд  арæныл хизыны фæтк фехалæг 33 адæймаджы. Уыдонæй 11 адæймаджы фехæлдтой паддзахадон арæны режим, 22 адæймаджы та – арæнхъахъхъæнынады режим.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнхъахъхъæнæг службæ барадон фæтк халыны алы цауы тыххæй дæр ауагъта фæдысгарæн куыстытæ. Процессуалон архайды фæстиуæгæн паддзахадон арæны административон-барадон фæтк халджыты ныхмæ райст æрцыд административон æндæвдады мадзæлттæ æмæ баконд æрцыд æмбарынгæнæн куыст», – фехъусын кодта пресс-службæйы минæвар æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ 5 фæткхалæджы æрвыст æрцыдысты республикæйæн æддæмæ.

«Иумиагæй фæткхалджытæ цы ивартæ бафыстой, уыдоны фæстиуæгæн паддзахадон казнæмæ æхцайы фæрæзтæ бацыд 79 мин сомы бæрц», – банысан кодта ведомствойы минæвар.

Зæрдыл æрлæууынæн ма пресс-службæ фехъусын кодта, паддзахадон арæны æмæ арæнгæрон территорийы барадон режим барæй чи халы, уыдон конд кæй цæудзысты  æрмæст административон бæрндзинадмæ нæ, фæлæ уголовон бæрндзинадмæ дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.