Басæттæм ыл, кæд советон цардарæзтады арæх æрымысæм, зынаргъ мысинагæн нын баззад бирæ цæмæйдæрты, уæд дзы æфхæрд дæр бирæ цæмæйдæрты зонæм, нæ удварны рæзтæн нын бирæ цæлхдуртæ æвæрдта. Куы сырæзт, уæд нын нæ фыдыбæстæ дыууæ дихы кæй фæкодта, Ирыстонæн йæ хуссар хайы, æртхутæг æй чи фестын кодта, уыцы Гуырдзыстоны хъуыры кæй фæтъыста, уый нын фаг æфхæрд нæ уыд, нæ национ удварн ма та нын цæмæн дæлдзиныг кодтой, не ‘гъдæуттæн нын сæ уæнгтæ айвазын цæмæннæ уагътой, нæ кувæндæттæн нæ, куыд сæм æмбæлд, афтæ кувын цæмæннæ уагътой?..

Хорз æй хъуыды кæнæм, партийы уæнг-тæй бирæтæ сæ фыдæлты дзуæртты бынмæ цæуын куыд нæ уæндыдысты, уый. Кæд, уæддæр – се ‘рвитæн бонты. Æмæ ныр, ирон уаг æмæ æгъдау фæсдуар чи æрæвæрдта, уыдоны дæр æфсон фæцис: советон дуджы нын нæ национ традициты хурхыл ныххæцыдысты, не ‘взаг нын истой æмæ ныры фæлтæр уымæн нал арæхсынц ирон æгъдæуттæ, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæнынмæ, нæ мадæлон æвзаг уымæн фæцудыдта. Æмæ ирон адæмы абоны фæлтæрæй æгъдау æххæст кæнын дæр чи зоны æмæ йæ мадæлон æвзагыл дзурын дæр, уыдонæн æндæр паддзахадон политикæ уыд, уыдон уыцы дуджы не схъомыл сты æмæ нæ цардысты?..

Дзырд дæр ыл нæй, раст не сты, афтæ чи хъуыды кæны æмæ дзуры, уыдон. Адæймаджы удысконды цы уа, уый йын йæ удæй, аркъауæй æлвасæгау, ничи сæлвасдзæн. Йе ‘взаг чи уарза æмæ кæй хъæуа, уымæн йæ дзыхыл цъутта ничи сæвæрдзæн.

Советон Цæдис йæ фæстаг бонтæ куы нымадта, уыцы рæстæджы уæлдай сарæх сты афтæ дзурджытæ. 1990 азы июлы 8 бон Хетæджы Уастырджийы кувæн бон нысан кæнынмæ Ирыстоны хуссар хайæ цы делегаци ацыд, уыцы делегацийы ‘хсæн уæды рæстæджы адæмон змæлды акти-вондæр уæнгтæй чи уыд, уыдон æнæхъæн фæндагыл советон системæ æфхæрыны йедтæмæ ницæуыл дзырдтой. Ныр, дам, нæ искæй куы кувын кæной, уæд, дам, нæ фæхудинаг уыдзыстæм… Ничи, дам, нæ арæхсы кувынмæ… Æмæ, дам, кæй аххос у? Æмæ йæ фæкодтой советон системæйы аххос.

Раст у, советон дуджы уый размæйы азтимæ абаргæйæ Хетæджы Уастырджийы кувæндонмæ фыццаг хатт æрæмбырд уый бæрц адæм. Куыд фæзæгъынц, адæм зæххæн уæз кодтой. Æппæт куывддон адæмы Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл бафæдзæхсын бахæс кодтой Цæгæраты Созы-рыхъойæн. Уый уыд æнæхъæн аивад. Цыма иу адæймаджы ракуывд нæ уыд, фæлæ йæ цалдæр зонадон институты бацæттæ кодтой!..  Йæ ракуывд ын ныффыстой мыр-фыссæнтыл. Иу дзырд дæр дзы æппæрст кæнæ ивд не ‘рцыд, афтæмæй йæ хæссæм газеткæсджыты тæрхонмæ:

 «Дунедарæг иунæг кадджын Хуыцау! Табу дæхицæн! Ды нæ раттай зæххыл цæрынæн æмæ цæуынæн, æмæ бирæ фарн æмæ амондæй хайджын чи у, уый æмбал нæ фæкæн! Нæ фыдæлты Зæронд Уастырджи, Сау хохы бæрзонд – дæ бадæн, быдыр – дæ фæлгæсæн. Хохæй, быдырæй, нæ гыццыл Ирыстон де уазæг, ды – сæ фæдзæхсæг! Рекомы Мыкалгабыртæ, нæ кад æмæ не ‘гъдау нæхимæ куыд уой, уыцы арфæ нын ракæнут! Аларды æмæ Рыныбардуаг, рын æмæ фыдбылызæй хызт куыд уа, цард æмæ амондæй та æфсæст куыд уа нæ гыццыл Ирыстон, уыцы арфæ йын ракæн!

Хъæриуы зæдтæ, табу уæхицæн! Зæдты тæрхондоны бадут, амондджын тæрхон цы рахæссат, уымæй нæ фæхайджын кæнут, табу уæхицæн! Рухсвæндаг, табу дæхицæн! Ныры фæсивæд систы æфсæнбарджытæ æмæ рухс фæндæгтыл куыд згъорой, уыцы арфæ сын ракæн! Хуыцауыдзуар, Хуыцаумæдзæуæг дæ æмæ Хуыцауæй цы хорздзинæдтæ æрхæссай, уымæй нын-иу дæ цæст бауарзæд! Арвы-Уацилла æмæ Фосы Фæлвæра, цы хор æмæ цы фосыл хæст стæм, уый нын куывдты хæринаг фæкæн!

Саухъæды бæлæстæй быдыры цæхæрадон чи скодта, Хетæджы дзуар, табу дæхицæн! Дæуæн дæ тыхсты рагъыл хъæд цы æххуыс бакодта, уыцы æххуысгæнæг дæ кувæг адæмæн фæу!

Ныхасы Уастырджи! Табу дæхицæн! Нæ ныхæстæ кæрæдзийæн адджын куыд уой, уыцы арфæ нын ракæн! Арыхъы Дурджын Уастырджи æмæ Рухс Тæтæртупп, æфсæнвæндаджы бардуаг стут æмæ, æфсадмæ цы фæсивæды арвыстам, уыдоныл нын сабыр дуг рауадзут!

Мæздæджы Мадымайрæм, табу дæхицæн! Уыцы фæсивæд паддзахадон быдырты æнæ мад, æнæ фыд сты, æмæ сын ды мад, фыды æххуысгæнæг фæу!

Цыргъобау, зæдтæ æмæ дауджытæ, табу уæхицæн! Нæ быдырæй нæм цы хор æрбахауа нæ рæбынтæм, уый нын куывдты хæринаг фæкæнут!

Горæты Ног-дзуар æмæ Хуыцауы-дзуар. Нæ гыццыл Ирыстон цы сахарты цæрынц, уым æнæ маст æнæ фыдбылызæй куыд цæрой, уыцы арфæ сын ракæн.

Тхосты-дзуар! Табу дæхицæн! Исчи та нын тых кæнынвæнд куы скæна, уæддæр та нæхи амонд тыхджындæр куыд уа, уыцы арфæ нын ракæн! Ныр гыццыл Ирыстон уæ кувæг адæм сты, æнæ фыдбылыз, цард æмæ амондæй та æфсæст куыд уой, уыцы арфæ сын ракæнут! Нæ рæзгæтæй æмæ бæлццæттæй зæрдæрухс куыд уæм, уыцы арфæ нын ракæнут. Ныр та аходæггаг – кæстæрмæ. Уый фæстæдæр райгуырди æмæ уый æнæ тæригъæдджындæр у æмæ хуымилиагæй уый хъуамæ сахода».

Ногæй та æвзæры фарст: Цæгæраты Со-зырыхъо советон дуджы не схъомыл æмæ нæ цард? Уымæн æндæр системæ уыд? Кæнæ… Уæдæй рацыд æртын азæй чысыл фылдæр. Уый у иу фæлтæр æмæ æрдæджы бæрц. Ныр та нæ чи хъыгдары, кæцы системæ нын хæцы нæ удварны хурхыл, чи æмæ нæ цы хъыгдары иронау дзурын, иронау кувын?..

Цины уа æви хъыджы – цыфæнды фынгыл дæр цæмæн скæрæдзимидæг вæййæм, æртæ – цыппар лæджы йедтæмæ кæм нæ фæбады, ахæм фынгыл дæр рæстмæ æгъдау цæмæннæуал уынæм? Æмæ кæд-мæ уыдзæн афтæ? Нæ демографийыл «сагъæс» кæнæм сывæллæтты гуырынмæ бæллæм, алкæй дæр нæ хъæуы бирæ лæппутæ. Хуыцау алкæмæн дæр раттæд, алчи дæр кæстæрарæх уæд! Фæлæ абоны фæлтæры кæстæртæ цыхуызæн ирæттæ сты, ууыл хъуыды кæнгæйæ зæрдæ ныккæрзы: ахæм фæлтæр кæй схъомыл кæна, уыцы фæлтæр та цахæм уыдзæн?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.