Ирон адæм ногдзинæдтæм æмхиц сты, уый бæрæг у историйы алы къахдзæфмæ дæр рагæй фæстæмæ куыд цырд лæууæм, уымæй. Бирæ хатт ма, историйы домæн хорз у, æви æвзæр, нæ адæмы гуырыкондыл рафидаудзæн æви нæ, уæддæр æм фæлæбурæм. Афтæ уыди 37-æм фыдæвзарæн азты. Уыцы рæстæджы йæ адæмы бартыл дзурын чи фæрæзта, уыдоныл-иу абадти националисты, кæннауæд та адæмы знаджы гакк…

Ирон адæмы хуыздæр минæвæрттæ куынæггонд куы цыдысты, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы уæззау тæригъæды сæйраг архайджытæ уыдысты «уæлдæр партион хицауад»-ы бодзтæ. Уыдонæн та сæ лæгæт Гуырдзыстоны уыди. Гуырдзиаг фашизм йæ кæлмджын ахстоны рагæй змæлыди, чысылгай уал хордта йæ сусæг холы æмæ хъомыл кодта йæ зæрдæйы фидæны фыдвæндтæ. Уымæн йæ къух арæзтой уæды фыддуджы уавæртæ æмæ сæ æнтысгæйæ пайда кодта. Уæды дуджы сæ амæттæгтæ фесты Гаглойты Рутен, Тыбылты Алыксандр æмæ æндæртæ.  Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æмæ уый фæстæ дæр ацы лæгæргæвдæн æрмадз йæ куыстæй не ‘рлæууыд. Уæды азты азарæй та ба-сыгъдысты Гасситы Лев, Бекъойты Гоги, Габуты Хазби, Уанеты Владимир æмæ æндæртæ. Стыр у ацы æназым адæмы номхыгъд. Историон бæлвырдгæнæнтæ дæр æй алы-гъуызонæй æвдисынц…

Йе, фæлæ зæрдæйæн æппæты стырдæр хъыгдзинад уый у, æмæ историйы ахæм «ногдзинадмæ» дæр нæ адæмæй бирæтæ гæппæввонгæй фæлæууынц, æмæ уæд хи дурæй райдайы хæлын нæ мæсыг. Историктæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ нæ адæмы раззагондæрты куынæг кæныны фæнд æххæстгæнджытæй сæ тæккæ æгъатырдæртæ нæхицæй уыдысты. Уымæй уæлдай ма, фæстæдæр уыцы хъайтартæ тæрхоны раз куы сраст сты, уæд сыл нæхи адæм, сæ цард нывондæн кæй тыххæй æрхастой, уыдон дæр æнæввæрсон, æнæууæнк кодтой. Нал сын уыди кусыны, цæрыны сæрфат. Царды æхтæнгты йæ къæхтæ чи авæрдта, уыдон-иу сыл уазалзæрдæйæ дуæрттæ рахгæдтой (удæгас ма  дзы чи уыди, уыдон ныхæстæм гæсгæ).

Ацы хъуыддæгтæ мысын стыр зæрдæрысты хос у. Адæймаджы нал дæр фæнды, нæ рыстзæрдæ адæмы размæ нæ историйы тугхъулон мысинæгтæ хæссын. Уадз æмæ иу чысыл айрох уа сæ рыст, фæлæ сын æнæрымысгæ дæр нæй. Æппæт уыдæттæ нæ адæмæн се ‘рдзыхъæды зæрдæйы рæбын æвæрд сты, кæд сыл æргомæй фаг нæ дзурынц, уæддæр.

Уæдæ историйы ногдзинæдтæм гæппæй кæй лæууæм, уымæн æвдисæн уыди Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дуджы нæ адæмы нымæцмæ гæсгæ хъайтардзинадæй фыццаг бынат кæй æрцахстам, кæнæ нæм фæссоветон рацарæзты дуг æндæр адæмтæй раздæр кæй æрхæццæ, уый. Нæ адæм тынг активон уыдысты коллективизацийы дуджы, стæй продразверсткæйы мадзæлтты дæр. Активон хайад истой Фыдыбæстæйон хæсты 1812 азы, стæй Уæрæсе æмæ Турчы хæсты 1877 азы дæр.

Ацы хабар нын алыхатт нæ мады ‘хсырау нæ батайы, ахъаз нæ вæййы нæ дарддæры хъысмæтæн, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, абон нæ адæм хъысмæтхæссæг уынаффæтæ хæссынмæ тынг уæззаугай æвналынц.

Кæд мæ рæстмæ æмбарут, уæд æз Уæрæсейы скондмæ нæ бацыды кой кæнын. Уыцы хъуыдыйыл фидарæй чи ныххæцыд, уыдонæй алчи нæ сагъæс кæны йæ адæмы хæрзæбоныл. Уыдон мæт кæнынц æрмæст сæхи пайдайыл, йе стæй сæхи цоты пайдайыл. Уыдон фæндон бамбæрстам. Дарддæр ма дзы ис ахæм тæппуд адæм, кæцытæ Уæрæсейы скондмæ нæ бацыды аххосаг уынынц, «æндæр гæнæн нын нæй», зæгъгæ, уый мидæг. Ныр ма йыл æрхъуыды кæнæм, куринаг чызджы моймæ тыхлæвæрд кæд фæкæнынц? «Æндæр гæнæн ын куы нал вæййы», уæд… Æмæ ууыл æмбæлы, уымæн æмæ йæ худинаг бамбæхсынæн æндæр амал нал вæййы. Мах та цы кодтам, цы фæрæдыдыстæм? Боны фæстагмæ, нæ адæмæн кæддæриддæр уыди дыууæ фæндаджы: кæнæ сæрибар, кæнæ мæлæт! Уый йæ царды сæйраг принцип кæмæн у, уыцы адæмæн фарст ахæм хуызы æвæр-гæйæ, се уонг нæ марæм, синсаст сæ нæ кæнæм æнустæм? Уæрæсейы сын ахæм хуызы не ‘вдисæм, цыма тыхгæнджытæ сты, æмæ нын цыма бынтон æрæджы нæ царды ног ныфсы цырагъ не ссыгътой? Махмæ уы-дон хорз ахастæн цымæ æрмæст политикон аххосæгтæ ис, æви Хуыцауы фарн æрцард нæ дыууæ адæмы æхсæн? Уыцы зондамонджытæ искуы, мыййаг, кусæнуатæн æддейæ цы уырыссаг адæм ис, уыдон зæрдæйыуаг искуы банкъардтой? Зонынц æй, уырыссаг адæм нæм æцæгæй хъарм зæрдæ кæй дарынц? Афтæ уымæн дзурын, æмæ мын уырыссаг адæмы æхсæн иттæг бирæ зæрдиаг хæлæрттæ ис. Цом хъæмæ сын зæгъон, уый дæр нæ уæндын, уымæн æмæ тæрсын, уыдон фаг лæггад куы нæ скомон.

Уæдæ ацы аххосæгтæ кæд фаг не сты, уæд та рахизæм историйы цалхы зылды хи-вæнд кæнæ барвæндмæ. Уымæн йæхи цæуæнтæ ис, йæхи рæстæджытæ æмæ амæлттæ. Иу ныхасæй, историйы рохтæ не сты зæххон адæймаджы къухты. Уымæн æвдисæн сты, дунейы адæмтæй алкæмæн дæр хицæн фæндæгтæ кæй ис. Зæгъæм, Гуырдзыйы адæм ацыдысты æндæр нациты дæлдзиныг кæныны фæндагыл, стæй сæ хъысмæт сбастой иуполярон дунейы хъуыдыйыл хæцæг бæстæтимæ. Иуполярон дуне цы у, уый фæдыл дзырдтам нæ раздæры уацты. Уыцы систе-мæйы хуымæтæджы адæймагæн, стæй чысыл нацитæм «дзураг сырд»-ы бынатæй дарддæр ницы амонд кæсы. Ома, адæмы ахæм уавæрмæ æртæрдзысты, æмæ нал æм-бардзысты, чи сты æмæ кæ-цæй, нал зондзысты хион-дзинад, райгуырæн бæстæ, туг æмæ стæг. Æцæг дзурын зондзысты. Йе уыцы фæн-дагыл цæуынц Евроцæдисы бæстæты, стæй Америчы разамонжытæ дæр. Куыд уынæм, афтæмæй Уæрæсейæн æппæт уыдæттæ æцæгæлон сты, нæу сæм æмхиц. Ныртæк-кæ Уæрæсейы хицауад йе ‘ппæт архайд аздæхта уымæ, цæмæй уыцы политикæйы хъæстæдзинад ма æрбаирвæза мидæмæ, нæ иумæйаг хæдзармæ. Афтæ кæй у, уый адæймаджы зæрдæйы æнахуыр ныфсы цырæгътæ ссудзы. Чизоны, искæмæ афтæ кæсы, ома, æгæр карз кæнын хъуыддаг, фæлæ ма уæд æрфдæр сахуыр кæнут, глобалон дуне цы у æмæ цы тæссагдзинадхæссæг у, уыдæттæ.

Абон мах, искæй фæнды, æви нæ, уæддæр Уæрæсеимæ иу бæлæгъы бадæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, цы ис хуыздæр хæдбар, хъомысджын æмæ дидинæфтауæг Ирыстоны цæрынæй! Фæлæ, раст зæгъгæйæ, æвзæр нæ уыди хæдбар æмæ хъомысджын Советон Цæдисы цæрын дæр. Кæдæмфæнды ацыдаис, алыран дæр уыдаис фысым, алыран дæр – барджын. Ныртæккæ интеграцион процесс йæ тæмæны ис. Бирæ националон регионтæ ногæй тырнынц Уæрæсейы скондмæ бацæуынмæ. Политикты хъуыдымæ гæсгæ мах фæстæ бирæ разындзæн нæ фæдыл цæуджытæ. Ацы процесс хонынц «доминойы эффект».

Уæдæ абон мах Уæрæсейы скондмæ бацæуæм æви нæ, уымæн ис хъысмæтхæссæг нысаниуæг. Нæ адæм лæууынц æнусты раз, фæстагæтты раз, æмæ хъуамæ фæуой рæст-вæндаг. Ахæм уавæрты адæмæн «æндæр гæнæн нын нæй», зæгъгæ, уыцы аххоссаг ницы ком дæтты. Уæдæ нын кæд нæй æндæр гæнæн, уæд референдум уадзыны сæр дæр цæмæн хъæуы? Æви исчи афтæ хъуыды кæны, ирон адæм фырадæргæй алкæйы фæндыл дæр сразы уыдзысты?  Мæнмæ та афтæ кæсы, æмæ нын ис æндæр гæнæнтæ, фæлæ Уæрæсейы скондмæ бацæуын та у нæ адæмы историон амонд. Уый сæраппонд хъуамæ афæлгæсæм дард фидæнмæ дæр. Уыцы фидæны та æнæ адæмты иудзинадæй цæрын никæцы адæм бафæраздзысты.

Нæ адæм раст кæнынц, историон фарстытæ скъуыддзаг кæнынмæ уæззау зондæй кæй æвналынц, уый тыххæй. Иу æмæ нын дыууæ сайды æгъгъæд уыдысты, ныр та хуыздæр цы у, уый æвзаргæйæ, хъуамæ нæ хид дæр рацæуа, нæ сæр дæр фæрисса, афтæмæй, Хуыцаумæ кувгæйæ, хъуамæ æрцæуæм раст тæрхонмæ, раст зондмæ.

Годжыцаты Н.   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.