Ацы вазыгджын, ног технологиты дуджы фæзыны, духовон нæ, фæлæ фылдæр-бæрцæй материалон æгъдауæй баргæ бæлвырд æргъадтæ. Нырыккон æхсæнады ис бирæнымæц «тыхæй хъаргæ» йдейæтæ, кæцыты сисынц идеалы æмвæзадмæ, фæлæ идеалтæ уый бæрц мидисджын не сты æмæ æхсæнадæн ницы дæттынц иугай адæймæгты пайдайаг домæнты йедтæмæ.

Нырыккон адæймаг фылдæр рæстæг хардз кæны индивидуалон æргъадтæ къухы бафтын кæныныл, уый æмрæстæджы йæ Райгуырæн бæстæ, наци, мыггагг, бинонтимæ æнгомдзинад сафгæйæ. Цадæггай куынæг цæуынц æгæрстæмæй Кавказы цæрæг адæмты æргъадтæ дæр, кæцытæ традицион æгъдауæй фидаргонд сты алыгъуызон æхсанадты æндæвдадæй.

Махæй бирæтæ æвдисæн сты, нæ хуыздæр традицитæ ивгъуыдмæ куыд фæцæуынц, уымæн. Дæрдтыл нæ дзурдзынæн, фæлæ мæ фæнды иу ахæм цау рæгъмæ рахæссын. Раздæр-иу ирæттæ æнæзонгæ адæймагыл куы амбæлдысты, уæд-иу бацархайдтой, кæцон у, уый базоныныл.

Иу традицийы фæдыл

Фыццаг фарст-иу уыдис: «Кæмæй дæ? Дæ фыд чи у?». Стæй гæнæн уыдаид афтæ бафæрсын дæр: «Дæ ном куыд хуыйны?»

Кæд хъуыстгонд мыггагæй разындаид, уæд-иу йемæ ныхас кæныны рæстæджы æрымысыдысты уыцы мыггаджы хуыздæр минæвæртты. Гæнæн уыд æрымысыдаиккой, кæй фарстой, уымæн йæ фыды, афтæ йæ дадайы, йæ фыды фыды, æгæрстæмæй уый фыды дæр. Уый фæстæ-иу, рафæрс-бафæрсы рæстæджы ахызтысты æнæхъæн хæдзарвæндагмæ (мыггагмæ), кадджын гоймæгты æмæ уыдон царды хæбæртты кой кæнынмæ, сæ диссаджы хъуыддæгтæ æмæ æгъдауæй цæвиттонтæ хæссынмæ. Йæ фыд æмæ-иу йæ мыггаджы тыххæй кæй фарстаиккой, ахæм адæймаджы уды-иу райгуырдаид бæлвырд сæрыстырдзинад  йæ фыдæлты тыххæй æмæ сæ туг се стæг кæй у, ахæм æнкъарæн. Уæд уый дæр архайдтаид, цæмæй аккаг фæдон уа йæ фыдæлтæн æмæ сын сæ ном ма рох кæна. Уый информаци иста æрмæст адæмæй нæ, фæлæ йæ фыдæй дæр, кæцы уыд уыцы хæдзарвæндаджы ном хæссæг.

Хъыгагæн, фæлтæрты мысынад-иу фескъуыд бæлвырд историон цауты аххосæй, æрмæст ног дуджы цæвæнтимæ баст хабæрттæ нæ, фæлæ æнæхъæн дунейыл чи æнхъæвзта, ахæм æгъатыр хæстытимæ дæр. Æрмæст XX  æнусы ирæттæ хайад истой Фыццаг дунеон хæсты, Дыккаг дунеон хæсты æмæ æгæрстæмæй сæдæ адæймаджы амæлæт дæр стыр æнамонддзинад у чысылнымæц ирон адæмæн. 1920 азы геноциды, Цхинвал æмæ æнæхъæн Хуссар Ирыстоныл цы арт сирвæзт, уым цæрджыты фылдæр хай кæй бабын, уый стыр трагеди у. Мардысты æрмæст хæцæг нæлгоймæгтæ нæ, фæлæ сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, ноггуырдæй райдайгæйæ æнахъомты онг. Фæлæ æппæт уыдæттæй æвæццæгæн ирвæзæн нæй æмæ уымæ гæсгæ алы фæлтæрæн дæр ис йæхи хæст æмæ йæхи æнамонддзинæдтæ.

1989-2008 азты дарддæр кодта ирон адæмы геноцид. Æнæхъæн XX æнус æмæ XXI æнусы райдианы нæ адæм тох кодтой удæгасæй баззайыны сæрыл. Æппæт уыцы рæстæджыты бабын ирон адæмы иууыл репрудиктовондар хай æмæ æрмæст демографийы цæстæнгасæй нæ, фæлæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ хизыны цæстæнгасæй дæр. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ адæттыны хъуыддаг нæ цуды традициты, фыдæлты историон ивгъуыды, æрмдæсныйады алы хуызтæ æмæ сæ дарддæр æндидзын кæныны фæдыл информацийы фæрцы. Æппæт уыдæттæ фескъуыйынц æмæ сæвзæры æрмæст демографион коллапс нæ, фæлæ монон-хæрзæгъдауон дæр. Скъуыйы мысынады рæхыс, æмæ рæхысæй цæгтæ куы рахауа, уæд цыфæнды фидар рæхыс дæр æнæпайда у.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æмæ 1989-2008 азты хæстыты рæстæджы мах æвдисæн уыдыстæм, мысынады рæхыс куыд хæлд, уымæн. Хъыгагæн, афтæ рауад æмæ-иу бинонты амард фыд æмæ кæд йæ фæстæ кæстæрмæ удæгасæй баззайыны амонд æрхауд, уæдддæр уый æххæстæй нал райстаид традицион нæлгоймагон хъомылад. Æмæ кæд хæсты амардысты фыд, фырт кæнæ хæдзарвæндаджы нæлбындар минæвæрттæ иууылдæр, уæд-иу уый фæстæйы фæлтæртæ бирæ цæмæйдæрты фесты æнæхай, уæлдайдæр та традицион-хæрзæгъдауон хъомылады æргъадтæй. Фескъуыд фæлтæрты бастдзинад, фырт, гæнæн ис, йæ фыды ном уæддæр зыдтаид, фæлæ йæ фыды фыды æмæ уæлдайдæр та  уый фыды (ныридæгæн) нал.

Ныры дуджы модæйы хуызæн ссис хи генеологийы уидæгтæ агурын. Гæнæн ис æмæ дын генетикон лабораторитæ стыр аргъыл сбæлвырд кæной дæ фыдæлты цардвæндаг суанг сæ равзæрды гуырæнтæй сæ цæрæнбынæтты онг, дæ тугдадзинты европæйаг, африкæйаг кæнæ æндæр туг цал проценты ис, уый дæр дын сбæрæг кæной.

Æппæт уыцы анализтæ адæймагæн никуы ратдзысты ахæм духовон иудзинад, хæстæгдзинад æмæ æнкъарæнтæ, дæ фыдæлты зонын æмæ уыдоны мысынад дын цас радтой..

Мæ мыггаджы генеологион къабæзтæ сбæлвырд кæныныл кусгæйæ мæн бахъуыд, нæ иумæйаг фыдæлтæ кæм ныгæд сты, уыцы бынæттимæ базонгæ уæвыны сæр. Ацы æрмæг, кæцы тынг цымыдисон у куыд хицæн ингæнты цыртыты хуызты æмæ фыстыты мидисы цæстæнгасæй, афтæ уымæй дæр, ирон мыггæгтæ фыст кæй цыдысты хицæн фыссынад æмæ хицæн æвзæгтыл дæр.

Æрхæсдзынæн дыууæ цæвиттоны.

Къуылыхты хъæуы ныгæд æрцыд мæ фыды фыды фыдæн йæ фыды æфсымæры лæппу, кæцыйæн йæ цыртыл фыст ис иронау, фæлæ гуырдзиаг графикæйæ.

Дыккаг цырт та ис Знауыры районы Иончайы хъæуы, ме стыр мады мады цырт. Йæ бындурон фыст у гуырдзиаг æвзагыл æмæ гуырдзиаг дамгъæтæй, фæлæ йæ уæлæмхасæн афыст та у ирон æвзагыл æмæ кирилицæйæ.

Стыр цымыдис æвзæрын кæны, цы фыст ыл ис, уый дæр. Алцæуыл лыстæггай нæ дзурдзынæн, фæлæ мын æзæгъгæ нæй иу цæйдæр тыххæй. Уый у, ныгæд æрцæуæджы тыххæй алыварсон æххæст информаци, кæд райгуырд, кæд амард (кæнæ, кæд амард æмæ цас фæцард) æмæ йæ фæстæ кæй ныууагъта. Фылдæр хатт кæронæй фыст вæййы марды ном ссарыны тыххæй куырдиат.

Ныры дуджы æвæрд цыртытыл цы фыстытæ бакæсæм, уыдоны 19 æнусы æвæрд æрцæуæг цыртыты фыстытимæ куы абарæм, уæд нæм равзæры стыр хъыгдзинад. Ныры рæстæджы æвæрд цыртытыл бакæсæн ис æрмæстдæр мыггаг, ном, фыды ном æмæ кæд райгуырд æмæ кæд амард, уыцы датæтæ. Арæх æмбæлæм ахæм фыстыл «Рухсаг у!», фæлæ бирæтыл нæ вæййы ахæм фыст дæр. Æмæ фыстытæ та сты ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Мæ бон зæгъын нæу, фылдæр кæцы æвзагыл – ирон æви уырыссаг.

Ницæй тыххæй мæ бафæндид, цæмæй мæ хъуыдытæ исчи ахæм хуызы бамбара, цыма æз æфхæрын кæнæ дæлæмæ кæнын нырыккон цыртытыл фыстыты – ницæй тыххæй. Æз æрмæстдæр рæгъмæ хæссын æмæ анализ аразын, цы федтон, уыдæтты тыххæй. Ноджыдæр æй зæгъон, мæ разы не вæрын нырыккон фыстыты критикæ кæнын кæнæ сын аргъ кæныны хæс.

Уæлдæр цыдæриддæр загътон, афтæ ма советон дуджы  историйы чингуыты цы æрмæджытæ бафарстон Зеленчукы цырдзæвæныл фыстыты тыххæй, уыдæттæ мæ æркодтой иу хъуыдымæ. Иу идейæмæ. Мæнмæ уый фæкаст  цымыдисон.

Цæмæй æгæр дæрдтыл ма дзурон ацы идейæйы алыварс, уый тыххæй рæгъмæ хæссын, хахнывты программæйы фæрцы кæй сарæзтон, уыцы ныв. Цырты хуызæгыл конд ис мæ рухсыбадинаг фыды сурæт æмæ йæ раззаг хайыл реалонæй цы фыст ис, уый. Йæ чъылдымыл та бæрæг у ацы идейæйы нысаниуæг.

Цæвиттонæн æрхæсгæ цырты хуызæг дзурæг у нырыккон æмæ рагон традицийы бындурыл фыстытæ баиу кæнын (куыд Зеленчукы цыртдзæвæны фыстытæ æмæ Къуылыхты уæлмæрды фыстыты хуызæг) æмæ уæлæмхасæн информаци, кæцы информацийы разынид дæлдæр æрхæсгæ информаци. Цыртæн йæ иу фарсыл (раззаг) ныууадзын хъæуы нырыккон стиль æнæ фæивгæйæ, иннæ фарсыл та, ома цырты чъылдымыл  фыст хъуамæ уа ахæм информаци (æрмæстдæр ирон æвзагыл):

1.Ныгæд чи у, уый зындгонд фыдæлтæ, се ппæты хистæрæй райдайгæйæ йæхи онг, фæлæ фæлтæрты æхсæн æнæ афтид бынæттæй.

2.Дарддæр уыцы информацийы фæстæ амындæуы традицион фыст «Рухсаг уæд!» кæнæ «Рухсаг уæнт!», ома, традицион хуызы зæрдыл лæууын кæнæд æппæт ранымадгонд адæймæгты.

3.Æмæ æртыккаг та, цы ис гæнæн ныффысæн цыртыл, уый – уыцы рухсыбадинад йæ фæстæ кæй ныууагъта, уыцы фæстагæтты тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы æнæ нæмттæй, хуымæтæджы констатацийы хуызы: дыууæ фырты æмæ иу чызг, æртæ фырты æмæ иу чызг æмæ афтæ дарддæр.

Ахæм хуызы гæнæн ис фыдæлты традици сног кæнынæн, куыд алайнаг дуджы æрфытæй, афтæ 19 æнусы хуызæгтæй дæр, æмæ сæ баиу кæнгæйæ ног традицийæн бындур скæнын.

Æмæ уæд æгæрстæмæй уæлмæрды дæр базонæн уыдзæн хæдзарвæндаджы тыххæй. Уыимæ иумæ хъахъхъæд цæудзæн ирон æвзаг дæр, кæцы фæахъаз уыдзæн фидæны истори иртасджытæн археологион агуырдты рæстæджы.

Рæгъмæ хаст цæуæг нывы ног традицийы текст у ахæм:

«Ацы цырты бын йæ æнусон бынат ссардта Къуылыхты Мирманы фырт Рамины, Рамины фырт Симоны, Симоны фырт Бадилайы, Бадилайы фырт Никъойы, Никъойы фырт Елиозы, Елиозы фырт Уани. Рухсаг ут!». Тексты райдиан гæнæн ис уа æндæргъуызон: «Ацы цырты бын æнустæм æрæнцой кодта…», «Ацы цырты бын æвæрд у…» æмæ афтæ дарддæр.

Фæлтæрæй-фæлтæрмæ адæттыны тыххæй уæлдæр загъд цы æрцыд, уыдæттæ хынцгæйæ, æвзæр нæ уаид рæгъмæ куы рахастæуаид, уыцы дунемæ нæлгоймæгтæй чи ацыд, уыдоны цыртытыл дæр иронау ахæм фыстытæ куы уаид, кæцытæ æвдисæг уой уыцы мыггаджы минæвæрттæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ уыцы дунемæ чи ацыд, уыдоны фæдфæдылон рæхысцæг.

Цыртытыл ахæм фыстытæ ахъаз кæниккой фыдæлтæн аргъ кæнын æмæ сæ мысыны цæвиттонæн. Фыдæлты ном арын тоннæгай мрамор æмæ стыр стеллæтæй баргæ нæу, фæлæ ивгъуыд æмæ фидæны фæлтæрты мысынадæй.

P.S.

Фæндид мæ, цæмæй ацы фæндон, бæлвырддæр зæгъгæйæ аланты рагон традици сæндидза æмæ йæ фарс рахæца Стыр Ныхас æмæ æххæст цæуа практикæйы. Уымæй мах, Кавказы нын цы сыхæгтæ ис, уыдоны хъауджы бындур æрæвæриккам ахæм традицийæн, кæцы æххæст кæнид цалдæр функцийы: æвзаг бахъахъхъæнын, фыдæлты нæмттæ фæлтæртæм гæсгæ зонын æмæ адæмы идентификаци.

Мах, ме фсымæртимæ, нæ фыд Къуылыхты Елиозы фырт Иваны цырты чъылдымыл бафтыдтам, уæлдæр рæгъмæ кæй рахастон, уыцы текст.

Цымыдисаг у, цы хъуыды кæны нæ æхсæнад ацы «ног» традицийы тыххæй?

КЪУЫЛЫХТЫ Таймураз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.