(иу актон ныв сабитæн)

Сценæйы астæу хæдзар, йæ алыварс – бæлæстæ, дидинджытæ. Хъуысы музыкæ. Фæзынди мыст, ралидз-балидз кæны, стæй æрлæууы æмæ  зары:

Пи-пи-пи, Мыст æз куы дæн.

Æз мæ цардæй тынг тыхст дæн.

Згъорын быдырты, тæрсын,

Пи-пи-пи, Мыст æз куы дæн.

Нæй мын бинонтæ, æмбал,

Агурын æз ам хæлар.

Згъорын быдырты, тæрсын,

Пи-пи-пи, Мыст æз куы дæн.

       (дзуры хæдзармæ кæсгæйæ) :

Æнхъæлдæн хæдзар у…

Ау исчи дзы цæра? Цымæ дзы чи цæры?

Хæдзар! Хæдзаронтæ!

Чи цæры ацы хæдзары?!

Кæд дзы цæрæг нæй, уæд уал дзы æз фæмидаг уон.

(фæмидæг хæдзары)

Музыкæ

Хæфс (заргæ рацæуы):

Æз Хъоппи дæн, æз цъæх хæфс,

Цъымарайы цæрын æз.

Сурмæ рахизын сындæг,

Ахæрын дзы æз мæнтæг,

Хъуына у мæ цъæх хъæццул,

Рвæййы ме рагъыл зæбул.

Уарзын æз-Хъоппи, мæ цард.

Нæ ацæудзынæн цадæй дард.

 (Хæдзармæ фæкомкоммæ):

Мæнæ цы рæсугъд хæдзар ис!

Цымæ дзы исчи цæры? (хойы дуар)

Хæдзар! Хæдзар!

Мыст (рауади хæфсы размæ ):

Æз Мыст дæн, тæрсаг дæн,

Иунæгæй æнкъард дæн.

Хæфс:

Бауадз мæ æмæ иумæ цæрдзыстæм.

Мыст: Мидæмæ рацу, ис дзы уат дæуæн дæр.

(Хæфс кафгæ бацыд хæдзармæ)

Уасæг (хъæрæй заргæ æрбацæуы):

Æз Хъохъо дæн, сæрæн дæн!

Цъиусурты кæнын дæрæн!

Не ‘руадзын хæстæг цæргæс,

Тынг цъæхснаг у мæ хъæлæс!

Уасæг (æрлæууыд, дис кæны хæ-дзарыл):

Ай та цы диссаг у?

Æцæг хæдзар!

Хæдзар! Хæдзар!

Фысымтæ, ракæсут-ма!

Мыст (рауади йæ размæ): Æз Мыст дæн, тæрсаг дæн,

Иунæгæй æнкъард дæн.

Хæфс (ракаст рудзынгæй) :

Æз – Хъоппи дæн, æз цъæх хæфс

Цъымарайы цæрын æз.

Уасæг (ныууасыд):

Æз уын зардзынæн сæумæйæ,

Хъал кæндзынæн уæ фынæйæ!

Тæрхъус (гæппытæ кæны, тæрсы æмæ зары) :

Æз Тæрхъус дæн, æз – тæппуд,

Ауад та ныр дæр мæ уд.

Къудзиты бын амбæхсын,

Къалиутæ дзы ахсынын.

Гæпп-гæпп-гæпп æмæ сæпп-сæпп!

Фыр тæсæй сдæн мæллæг.

Тæрхъус (цин кæны):

Мæнæ куыд амондджын дæн…

Ацы стыр хæдзар мæ размæ дзæгъæлы нæ фæци.  Хæдзаронтæ! Чи цæры ацы хæдзары?

Мыст (рауад йæ размæ):

Æз Мыст дæн, тæрсаг дæн,

Иунæгæй æнкъард дæн.

Хæфс ( рудзынгæй ):

Æз – Хъоппи дæн, æз цъæх хæфс

Цъымарайы цæрын æз.

Уасæг (иннæ рудзынгæй фæхъæр кодта):

Æз Хъохъо дæн, æз сæрæн!

Цъиусуры кæнын дæрæн!

Тæрхъус (лæгъзтæмхасæн):

Мæн дæр уæдæ уемæ цæрын фæн-ды…

Хæфс:

Нæй гæнæн, кæд дæ тæппуд

Махимæ  æдас дæ уд!

(бацыд хæдзармæ)

Рувас (йæ къæдзил тилгæ æрбацæуы, зары):

Æз хин æмæ кæлæн дæн,

Æз Рувас дæн, фæлмæн дæн.

Мæ бур къæдзил мæ дарæг,

Æз акæнон мæ зарæг.

Мæ бур къæдзил мæ дарæг,

Æз акæнон мæ зарæг.

Ля-ля-ля…

Хæдзар? Ам чидæр цæры?

Хæдзар! Хæдзар!

Мыст:

Æз Мыст дæн, тæрсаг дæн,

Иунæгæй æнкъард дæн.

Хæфс:

Æз – Хъоппи дæн, æз цъæх хæфс

Цъымарайы цæрын æз.

Уасæг:

Æз Хъохъо дæн, æз сæрæн!

Цъиусуры кæнын дæрæн!

Тæрхъус:

Æз Тæрхъус дæн, æз – тæппуд

Ауад та ныр дæр мæ уд

Рувас: Нæй, Тæрхъус, ныууагътон хинтæ!

Тæрхъус:

Уæдæ рацу тагъддæр, Минтæ.

(бацыд хæдзармæ )

Бирæгъ (ниугæ рацæуы, стæй за-ры):

Æз дæн Бирæгъ – цыргъдæндаг.

Тынг ныддаргъ ис мæ фæндаг.

Бззадтæн та æххормаг.

Сырдтæ систы нæуæндаг.

Тынг зын у мæнæн цæрын!

Ехх, куы уаин æз фæлмæн,

Хъæды сырдтимæ лымæн…

У-у-у…

Рувас:

Дæ зарæг дын фехъуыстам, Бирæгъ.

Кæд дæ лымæнæй цæрын фæнды, уæд  – табуафси, мидæмæ!

Бирæгъ:

Тынг фæндыди мæн ныронг

Куы суаин сырдтимæ æрдхорд.

(бацыд хæдзармæ ).

Арс (уасы, бындзытæ йæ сурынц, йæ хъуырыл мыды боцкъа ауыгъд, стæй зары):

Æз фæсепп-фæсепп кæнын, ой-ой-уæрæйдæ!

Зилын мæратыл, мыдыл, ой-ой-уæ-рæйдæ!

Уарзын лæгæты хуыссын, ой-ой-уæ-рæйдæ!

Зымæг ма амбæл мæныл, ой-ой-уæрæйдæ!

Дæн зылынкъах, стæй уæззау

Агуры мæм алчи фау.

Арс (кæсы хæдзармæ):

Мæнæ мæхицæн цы лæгæт ссардтон!

Цымæ дзы исчи цæры? Хæдзаронтæ! Хæдзаронтæ!

Мыст:

Æз Мыст дæн, тæрсаг дæн

Иунæгæй æнкъард дæн.

Хæфс:

Æз-Хъоппи дæн, æз цъæх хæфс,

Цъымарайы цæрын æз.

Уасæг:

Æз уын зардзынæн сæумæйæ,

Хъал кæндзынæн уæ фынæйæ!

Тæрхъус: Æз Тæрхъус дæн, æз – тæппуд,

Ауад та ныр дæр мæ уд.

Рувас: Æз хин æмæ кæлæн дæн, æз Рувас дæн, фæлмæн дæн.

Арс: Бауадзут ма мæн дæр уæ хæдзармæ!

Иумæ: Нæ, нæ!

Ды стыр дæ!

Дуарыл не ‘рбацæудзынæ!

Нæ хæдзар ныккæлдзæн!

Æнæ хæдзар нæ фæкæндзынæ!

Арс: Ма тæрсут, иу къуым дзы мæ фаг уыдзæн! (быры хæдзармæ, хæдзар ныппырх, сырдтæ кæуынц, сагъæс кæнынц)

Бирæгъ: Цæй, уæдæ æмæ бавдæлæм æмæ ног хæдзар саразæм!

Не ‘ппæты фаг дæр куыд уа!

Иумæ: Саразæм! Саразæм!

Музыкæ

Мыст: Срæвдз ис нæ хæдзар хæдзарыл рауад фыст “хæлардзинады хæдзар”)

Бирæгъ: Ам ныр мах цæрдзыстæм æнгом бинонтау

Иумæ: Хæларæй!

Зарæг (Цолайы зарæджы музыкæ):

Бауырнæт уæ, мæнæ адæм,

Абонæй фæстæмæ

Мах цæрдзыстæм тынг хæларæй

Стыр бинонтау иумæ…

Цæй цы худут, сабитæ,

Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ,

Бафæзмут сымах дæр мах –

Райгæйæ цæрдзыстут!

Бафæзмут сымах дæр мах,

Бузныг нын зæгъдзыстут!

Хъуысы музыкæ æмæ сырдтæ симгæ цæуынц сæ ног хæдзармæ.

Ӕрзади хъӕды заз бӕлас.

Ӕрзади хъӕды заз бӕлас.

Ӕрзади хъӕды рӕзт

Сӕрдӕй, зымӕгӕй цъӕх пӕлӕз

Йӕ уӕлӕ уыд ӕмбӕрзт.

Тымыгъ ын кодта зарджытӕ;

«Лолотӕ кӕн, фынӕй!»

Ныууӕрста –иу ӕй миты бын,-

Нӕ басийа цӕмӕй.

Тӕппуд тӕкку- иу хъазыди

Йӕ быны, цинӕй рад

Куы та- иу бирӕгъ, цъӕх бирӕгъ

Йӕ рӕзты сиргӕ’руад.

Амонӕг. Ног бон ӕхсӕв ма иу алы бинонтӕ скодтой дынджыр арт, цӕмӕй афӕдзӕй афӕдзмӕ нӕ цард рухс ӕмӕ хъарм уа. Арт иу сыгъд куы фӕцис, уӕд иу хистӕртӕ загътой: «Уадз афтӕ басудзӕт нӕ фыдбылызтӕ, нӕ низтӕ.

Сымахӕн дӕр уӕ цӕрӕнбонтӕ бирӕ уӕт, хорз нӕ бахъӕлдзӕг кодтат.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.