Сӕрды фӕстаг мӕй. Хур йӕ зынг цӕстӕй ӕркаст ӕмӕ кӕд нырма иуӕндӕс сахат дӕр ӕххӕст нӕма уыд, уӕддӕр фысвос къордгӕйттӕй сӕхи аппӕрстой аууон бынӕттӕм, сӕ сӕртӕ зӕхмӕ ӕруагътой ӕмӕ ривӕд кӕнынц. Ӕз дӕр уӕлвонг бынаты иу бӕласы цурмӕ мӕхи байстон ӕмӕ фӕлгӕсын, бынӕй, дӕлвӕз бынаты цы хъӕу ӕрбынат кодта, уымӕ. Мӕнӕ кӕройнаг хуымзӕххы цур иу ӕрыгон лӕппу ӕрурӕдта йӕ галуӕрдон, цырд бӕндӕн сӕппӕрста, йӕхӕдӕг цы цъери самадта, уый уӕллаг цъупмæ, стӕй бӕндӕны дыууӕ кӕроны фӕфидар кодта уӕрдоны раззаг хаймӕ. Ӕз цымыдисӕй кӕсын, дарддӕр цы уыдзӕн, уымӕ. Лӕппуйӕн ацы куыст зындгонд уыдаид ӕмӕ йӕ фезмӕлд уыд цӕрдӕг ӕмӕ арӕхстджын. Галтыл схъӕр кодта, уыдон уӕззаугай сӕхи размӕ айстой ӕмӕ уадид хосы цъери уӕрдоны гуыффӕйы йæ фарсыл æрхуыссыд. Уый афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ холлаг афтӕмӕй бынатмӕ фӕхӕццӕ кӕнын у ӕнцондӕрвадат. Чысыл фӕстӕдӕр галуӕрдон ӕд холлаг бахӕццӕ лӕппуйы хӕдзармӕ. Ахӕм нывтӕн арӕх уыд фенӕн ацы ӕмӕ Ирыстоны ӕндӕр хъӕуты дӕр. Уыцы рӕстӕджы Цхинвалы районы Куасаталы хъӕуы дӕр цард цӕджджинагау ӕхсыст, адӕмӕй уыд дзаг  ӕмӕ сӕхи дардтой фос ӕмӕ зӕххы куыстӕй. Иудзырдӕый, цард сӕм йӕ мидбылты худт.

Ӕрӕджы та мӕ бафӕндыд ацы рагон къаннӕг сыхаг хъӕу абӕрӕг кӕнын. Куыддӕр Галуанты хъӕумӕ бахӕццӕ стӕм, афтӕ нӕ хӕдтулгӕ ауырдыг кодта ӕмӕ чысыл фӕстӕдӕр февзӕрдыстӕм хъӕуы. Раст зӕгъгӕйӕ, раздӕры азтимӕ абаргӕйӕ, хъӕумӕ ӕнцондӕр бафтӕн у – сырӕзт дзы ног хуырвӕндаг районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады фӕрцы ӕмӕ йыл ныр ӕдӕрсгӕ згъорынц хӕдтулгӕтӕ. Хъӕу дыууӕрдыгӕй дӕр ӕмӕхгӕд у, ам цы бӕласы мыггӕгтӕ зайы, уыдонӕй. Тӕрс, фатхъӕд, тулдз, хӕрис, къутӕрджынтӕ: уагъылы, дурвӕткъуы, мугӕ ӕмӕ ӕндӕр бæлæстæ.  Ацы хъӕуы уӕвгӕйӕ, кӕддӕриддӕр ӕнӕ бацӕугӕ нӕ уыдтӕн, цы дон дзы цӕуы, уымӕ. Зӕгъын хъӕуы, раздӕры азтимӕ абаргӕйӕ фӕкъаддӕр йӕ цыд, фӕлӕ уӕддӕр йӕ лӕггады хай кӕны цæрджытæн. Йӕ раз кӕрдӕг сырххъулон адардта ӕмӕ бӕрӕг у, сондоны дон кӕй у. Иннӕ ахӕм, ам цы диссаджы арӕзтадон дур ис, уый у. Уымӕй бирӕ ӕддӕгуӕлӕ хӕдзӕртты систæ рафидыдтой, ӕмбӕлон уагмӕ сӕ ӕркӕныныл та куыста ацы хъӕуӕй рацӕугӕ Лалыты Симон. Зӕгъын хъӕуы, Цъунары раздӕры скъола дӕр арӕзт кӕй ӕрцыд ацы арӕзтадон ӕрмӕгӕй. Ацы нывтӕ уынгӕйӕ, зӕрдӕ бахъӕлдзӕг, зымӕджы фыццаг мӕйы хъарм бон адӕймаджы уӕнгтӕ рог кодта.

Хъӕуы кӕройнаг хӕдзӕрттӕй иумӕ бахызтӕн ӕмӕ мыл мӕ фысымтӕ Лалыты Бигуыз (Ӕхсар) ӕмӕ йе ‘мкъай  сӕмбӕлдысты хъӕлдзӕг зӕрдӕйы уагимӕ. Чысыл аныхӕстӕ кӕныны фӕстӕ бахатыдтӕн Лалыйы фыртмӕ, цӕмӕй мӕ базонгӕ кӕна, йӕ райгуырӕн хъӕуы ивгъуыд царды нывтӕй йӕ зӕрдыл цы лӕууы, уыдӕттимӕ. 85-аздзыд нӕлгоймаг нырма цӕрдӕг у, йӕ райгуырӕн хъӕу ын адджын у ӕмӕ йӕ йӕ къах ничердӕм хӕссы, кӕд ын ӕндӕр бынӕтты дӕр ӕрцӕрыны фадат ис, уӕддӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕн дӕр йӕ райгуырӕн уæзæг адджын у ӕмӕ уымӕн уыд йӕ фыццаг сныхас дӕр Бигуызӕн, айхуызӕн хъӕу нӕ уыд, зӕгъгӕ. Раздӕр азты дзы уыд 38 цӕрӕг хӕдзарӕй фылдӕр ӕмӕ дзы цардысты Бӕззатӕ, Челӕхсатӕ, Лалытӕ ӕмӕ Цхуырбаты мыггӕгтӕ. Сӕ хӕдзаргӕрон зӕххытӕй дарддӕр ма куыстой ӕхсӕнадон хӕдзарады дӕр. Уыд дзы колхоз ӕмӕ дзы ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕджыты сӕрдӕрттӕй куыстой Челӕхсаты Уасил, Цъӕритты Арсен, Бӕззаты Къоста, хынцӕг Цхуырбаты Барис, бригадиртӕ Лалыты Дауыт, Цхуырбаты Митя ӕмӕ ӕндӕртӕ. Фӕстӕдӕр ацы хӕдзарад ӕрбаиу Къостайыхъӕумӕ.

Советон хицауад стыр хъусдард здӕхта ӕнахуырдзинад скуынӕг кӕнынмӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алы чысыл хъӕуы дӕр уыд скъола. Сӕхи скъола уыд ацы хъӕуӕн дӕр ӕмӕ йӕм ахуыр кӕнынмӕ цыдысты Галуантӕ, Цъӕриттӕ, Медойтыхъӕу ӕмӕ Багаты хъӕуы сывӕллӕттӕ дӕр. Ахуыргӕнджытӕй та дзы  куыстой Гаглойты Садул, Тедеты Женя, Коцты Кето ӕмӕ ӕндӕртӕ. Астӕуккаг ахуыр та фӕуд кодтой Къостайыхъӕуы скъолайы. Ацы хъӕуы рахъомыл сты зынгӕ адӕймӕгтӕ, кӕцытӕ скад кодтой канд сӕ райгуырӕн уӕзӕгӕн нӕ, фӕлӕ ма Ирыстонӕн дӕр. Уыцы нымӕцы сты хирург Бӕззаты Малак, профессор Лалыты Алыксандр, Советон хицауады сӕрыл активон тохгӕнӕг Лалыты Кудза, Къостайыхъӕуы скъолайы историйы ахуыргӕнӕг Лалыты Антон ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Хъӕуы цӕхӕрцӕст фӕсивӕд фӕстӕ нӕ фӕлӕууыдысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты дӕр. Немыцаг тыхӕйисджыты ныхмӕ хъӕбатырӕй хӕцыдысты ӕмӕ сӕ сӕртӕ нывондӕн ӕрхастой амондджын царды сӕрвӕлтау. Цӕфтӕй ӕрыздӕхтысты Лалыты Пармен, Лалыты Антон, Лалыты Дадола ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хӕсты быдыры баззадысты Цхуырбатӕй  цыппар ӕфсымӕры.

Ацы хъӕуы хонынц ӕртӕ номӕй, уыдон та сты Куасатал, Додоты Цъала ӕмӕ Дурӕфтау. Абоны бон ма дзы цӕрынц Лалыты Бигуыз (Ӕхсар), дзӕнӕттаг Цхуырбаты Левайы ӕмкъай ӕмӕ Цхуырбаты Гаспары фырт Геннади. Хъӕуы цæрджытæ нысан кæнынц Бӕлдӕрӕнтӕ ӕмӕ уыцы рӕстӕджы хъӕу байдзаг вӕййы йӕ раздӕры цӕрджытӕ, хӕстӕджытӕ, хиуӕттӕ ӕмӕ ӕввахс сыхӕгтӕй. Уӕддӕр нӕ рох кӕнынц сӕ фыдӕлты уӕзӕг ӕмӕ йӕм фидӕн азты ноджы ӕнгомдӕр цы ӕрбалӕууой, уыцы хӕрзиуӕг ӕрцӕуӕд хъӕуыл!

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.