Политикон парти «Иугонд Ирыстон» Хуссар Ирыстоны цæрджыты алыгъуызон категоритæн дарддæр кæны адресон æххуыс. Ацы хатт акци здæхт у сæкæрнизæй рынчынтæн баххуыс кæнын.

Республикæйы сæйраг эндокринолог Быценты Индирæ æмæ социалон фарстаты фæдыл Парламенты Сæрдары  уынаффæгæнæг Гæбæраты Инарæ Дзауы поселочы рынчындоны ауагътой рынчынты æнæаргъ консультаци, афтæ ма сын бакодтой лæвæрттæ. Йе нæниздзинадмæ гæсгæ йæ бон кæмæн не сси æрбацæуын, уыдоны дохтыртæ бабæрæг кодтой сæ хæдзæртты, æмæ сæ баскæрстой.

«Сæкæрнизæй æз рынчын дæн 6 азы дæргъы, æмæ мæ фæнды зæгъын, мах, сæкæрнизæй рынчынтæ, æнæхъусдардæй кæй нæ зайæм, æнæаргъæй исæм хостæ, æмæ бузныг республикæйы разамынадæн уый тыххæй. Уымæй уæлдай ма, нын акци фадат радта, цæмæй нæ дохтыр æнæаргъæй басгара. Уый у хъæугæ акци, тынг æхсызгон мын у, ахæм хъусдард нæм кæй ис, уый»,  – закгъта Коцты чызг.

Дзауы районы цæрæг Тохъазты Ритæ куыд загъта, афтæмæй уый дисы бахауд, акцийы тыххæй куы фехъуыста, уæд.

«Æз абон æрбацыдтæн басгæрстмæ. Тынг хорз мæ райстой, æмæ нын лæвæрттæ дæр бакодтой, уый уыд æнæнхъæлæджы æмæ зæрдæмæдзæугæ. Стыр бузныг уын ахæм акцийы тыххæй», – загъта уый.

Дзауы рынчындоны сæйраг дохтыр Гасситы Константины ныхæстæм гæсгæ, абоны бон Дзауы районы сæкæрнизæй ис 45 рынчыны.

«Сæкæрнизæй рынчынтæ хауынц рынчынты льготон категоримæ. Уыдон хостæ исынц æнæаргъæй. Абоны акци уыдонæн у пайда, уымæн æмæ уыдон басгæрста республикæйы сæйраг эндокринолог Быценты Индирæ, рафыста сын уæлæмхас хъæугæ хостæ», – банысан кодта Гассийы фырт.

Акцийы организатортæй сæ иу Гæбæраты Инарæ куыд радзырдта, афтæмæй фыццаджыдæр уыдон уадзынц ацы акци республикæйы районты. Уымæй уæлдай ма, акци уагъд цæудзæн æрвылаз дæр, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны сæкæрнизæй рынчынтæ сæ ны-мæцмæ гæсгæ ахсынц дыккаг бынат. Республикæйы уыдон сты дыууæ минæй фылдæр.

«Мах, фыццаджыдæр, цæуæм республикæйы районтæм, кæд хъæуы дыууæ цæрæг ис, уæддæр уыдон æнæ хъусдардæй ма хъуамæ баззайой. Быценты чызг рынчынтæн рафыста хостæ, æмæ фæстæдæр мах ногæй азилдзыстæм районтыл æмæ консультаци ауадздзыстæм, цæмæй базонæм хоскæнынæн исты фæстиуджытæ ис, æви нæ», – бамбарын кодта Гæбæраты чызг.

Парламенты спикеры уынаффæгæнæг банысан кодта, уымæй размæ хыгъды чи нæ уыд, уыцы рынчынты, дохтыр хыгъды кæй сæвæрдзæн.

«Цалынмæ республикæйы ис сæкæр низæй рынчынтæ, уæдмæ мах ацы акци уадздзыстæм, цæмæй уавæр фæива. Уымæй уæлдай ма мах фæнды иннæ хатт æндæр дохтырты дæр фæхонын, цæмæй адæмæн фылдæр фадат уа уæлæмахас басгæрсты ацæуынæн», – банысан кодта Гæбæраты чызг.

Парламенты сæрдары уынаффæгæнæг бузныджы ныхæстæ загъта парти «Иугонд Ирыстон» æмæ Президенты æххуысгæнæг Гæззаты Давидæн, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уыдон æвиппайды сæ хъус кæй æрдардтой хæрзаудæн акци ауадзынæн æххуысы хъуыддагмæ. Уымæ гæсгæ нын фадат фæзынд сæкæрнизæй рынчынтæн лæвæрттæ бакæнынæн.

Акцийы хайадисджытæ басгæрст ауагътой Знауыры районы цæрджытæн дæр. Ныр та рады сты æндæр районтæ æмæ Хуссар Ирыстоны столицæ.

***

Ахæм акци  знон ауагъдæуыд соматикон рынчындоны дæр. Республикæйы сæйраг эндокринолог Быценты Индирæйæн ацы акци ауадзынæн æххуыс кодтой парти «Иугонд Ирыстон»-ы уæнгтæ.

Бон раздæр бынæттон телеуынынады фæрцы нæ горæты цæрджытæ базыдтой, алкæмæн дæр кæй уыдзæнис фадат йæ туджы сæкæры уавæр базонын, уымæй уæлдай ма дохтырæй консультаци райсæн уыд алы адæймагæн дæр. Дзæвгар адæм æрбацыд поликлиникæмæ. Хъыгагæн, йæхи бынтон æнæниз чи æнхъæлдта, уыдонæй дæр бирæтæн разынд диабет. Низимæ райдианы цы амæлттæй тох кæнын хъæуы, цæмæй ма сытынг уа æмæ дарддæр æвзæр фæстиуæгмæ ма æркæна, уый фæдыл алы пациентимæ дæр сæрмагондæй ныхас кодта дохтыр.

Ацы бон эндокринологмæ цы пациенттæ æрбацыд, уыдонæн социалон фарстаты фæдыл, Парламенты спикеры æххуысгæнæг, «Иугонд Ирыстон»-ы партийы уæнг Гæбæраты Инарæ сарæзта гуманитарон акци «Ацы бон, ома, сæкæрнизы ныхмæ тохы бон, нæ республикæйы нысан никуыма цыд. Республикæйы сæйраг эндокринолог Быценты Индирæ дæр парти «Иугонд Ирыстон»-ы уæнг у. Бахатыд нæм, цæмæй чысыл истæмæй фæкæсæм ацы низæй рынчынтæм. Мах сфæнд кодтам Быценты Индирæимæ республикæйы цæрджыты басгарын. Ныридæгæн нæ къухы бафтыд Дзау æмæ Знауыры районты хъæуты рынчынты фенын. Бирæ адæм нæм æрбацыд. Уыдис дзы ахæмтæ, йæ низы хатт чи зыдта, фæлæ сæ фылдæр та нæ зыдтой, сæкæрнизæй рынчын кæй сты. Хъыгагæн, ацы низ фæстаг рæстæджы тынг рапарахат ис, куыд нæ республикæйы, афтæ æндæр бæстæты дæр. Махæн, Æнæниздзинад æмæ социалон  рæзты министрадæн ис уавæртæ, цæмæй ахæм низæй рынчынтæн лæвæрд цæуа лæвар хостæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм хостæ æндæр бæстæты æнæаргъæй ничи дæтты. Абоны акцийæ мах зæгъын фæнды ацы низæй рынчынтæн, иунæг кæй не сты. Лæварæн та сын æрбахастам диабетон адджинæгтæ. Фыццаг хатт ацы низ кæмæн сбæрæг ис, уыдонæн та лæвæрд æр-цыд æнæаргъæй хостæ», – загъта Гæбæраты Инарæ.

Акцийы хайадисджытæ бабæрæг кодтой, эндокринологон хайады цы рынчынтæ хуыссы, уыдоны дæр. Палатæтыл азилгæйæ, «Иугонд Ирыстон»-ы уæнгтæ лæмбынæг аныхас кодтой пациенттимæ. Хостæ райсыны рæстæджы исты зындзинæдтыл æмбæлынц, рынчындоны хуысгæйæ сæм фаг хъусдард ис æви нæ æмæ а.д.

Сæкæрнизы дыккаг хуызæй арæх фæрынчын вæййынц ацæргæ адæм. Вæййы ахæмтæ дæр, низ гуырцæй чи рахæссынц. Æппæтдунеон æнæниздзинады организацийы информацимæ гæсгæ сæкæрниз ахсы æртыккаг бынат иууыл карздæр низты ‘хсæн. Хъыгагæн, сывæллæттæй дæр фарастæн сбæрæг ацы низ. Уыдон сæйраджыдæр сты, 3 азæй 9 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Ахæм æнахъомтæм ис сæрмагонд хъусдард. Сæ ныййарджытимæ уагъд цæуы консультацитæ. Абон уыдонæн  парти «Иугонд Ирыстон»-ы уæнгтæ диетикон хæринæгтæй дарддæр æрбахастой глюкометртæ дæр, кæцыты фæрцы хъусдарæн уыдзæн сæ сæкæры æмвæзадмæ», – зæгъы эндокринолог.

Республикон рынчындонмæ цы æм-бæстæгтæ æрбацыд, уыдонæн бакастæуыд лекци сæкæрнизы фæдыл.

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.