Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы цытæн юбилейон парад уагъд æрцыд нæ республикæйы бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы уынаффæмæ гæсгæ 24 июны. Хуссар Ирыстоны территорийыл Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг ветерантæ сты 10 æмæ 75 та фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ. Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй Уæлахизы цытæн парады хайад райстой Къусраты Илья æмæ фæсчъылдымы хайадисæг Уалыты Лидия.

Æфсæддон парад иста хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим. Командæ йыл кодта Гарзджын тыхты Генералон штабы къухдариуæггæнæг Виктор Федоров. Цытджын трибунæйæ парадмæ сæ хъус дардтой Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Тадтаты Алан, Президенты Админист-рацийы сæргълæууæг Козаты Игорь, Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уæнгтæ, тыхон структурæты минæвæрттæ.

Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим парад ауадзыны официалон хайы фæстæ арфæ ракодта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн, æфсæддон службæгæнджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæн, зæгъгæ, 1945 азы 9 май историмæ бацыд фашистон Германы капитуляцийы бонæй. Дыккаг дунеон хæсты 73 уæвæг бæстæйæ хайад райстой 62, уыцы рæстæджы дыууæ миллиард цæрæг адæмимæ. Уыцы хæсты фæстиуæгæн фæмард 70 милуа-нæй фылдæр адæймаджы. 

«75 азы размæ бæстæтæ – æмцæдисонты къухы уыд уæлахиз. Мæнгард æмæ æнауæрдон знаг дæрæн æрцыд хæсты алы фронтты. Уæлахизмæ стыр хайбавæрд бахаста Сырх Æфсад, кæцы ныддæрæн кодта ныхмæлæууæджы дивизийы 80 проценты.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Советон Цæди-сы адæмы сгуыхтдзинæдтæ сты æгæрон, дуне-йы истори нæма зоны ахæм цау. Æрмæстдæр Советон Цæдисы бирæнацион æфсад сæйраг хайбавæрд бахаста Стыр Уæлахизмæ æмæ сыгъзæрин дамгъæтæй сæ нæмттæ фыст æр-цыдысты Фыдыбæстæйы кадджын азфысты», – дзырдта министр.

Уыдон рæнхъыты сты æмæ уæхски-уæхск сæрибардзинад æввахс кодтой Хуссар Ирыстоны хъæбатыр хæстонтæ дæр. Се сгуыхтдзинæдтæн стыр кад скодта Фыдыбæстæ. Мингай ирæттæ хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй, 35 та систы Советон Цæдисы Хъайтартæ, фарастæй та Кады ордены æххæст кавалертæ.

Хъахъхъæнынады министр банысан кодта, зæгъгæ, символикон у, абон нæ рæнхъыты кæй лæууынц Уæрæсейы гарзджын тыхты минæвæрттæ. Уымæй ноджыдæр уынын кæнæм, бирææнусыккон хæлардзинадæн дихтæгæнæн кæй нæй.

«Нæ зынаргъ ветерантæ, уæ разы мах стыр хæсджын стæм.  Фашизм ныддæрæн кæнынæй махæн фадат радтат аккаг фидæны сæраппонд аразын æмæ рæзты сæрибар фæндаг. Бузныг уын ноджыдæр раст хъуыддаг æмæ уæлахизы тыххæй, уымæн æмæ сымах стут нæ историйы сæйраг хъайтартæ», – банысан кодта Гассейы фырт.

Æфсæддон парад байгом Хъахъхъæнынады министрады цытджын караулы тырысахæссæг къордæй. Уыдон фæзуатмæ рахастой Уæлахизы тырыса, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы паддзахадон символтæ.

Фыццаг хатт æфсæддон парады хайад райстой Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты курсанттæ. Уыдон дыууæ къуырийы карантины нормæтæ сæххæст кæныны фæстæ æрæвнæлдтой парады репетицитæм.

Фыццаг хатт ма нæ горæты Театралон фæзуаты парады рацыдысты уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты барджытæ. Уыдон сæргъ уыд, 1945 азы Уæлахизы парад исæг маршал Георги Жуковы бæхы комкоммæ байзæддаг.

Уый фæстæ цытджын маршæй трибунæйы рæзты цыдысты Хъахъхъæнынады, Мидхъуыддæгты, Уæлвæткон уавæрты æмæ Юстицийы министрадты слубæгæнджытæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Арæнхъахъхъæнæг æфсад æмæ уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ. Уæлахизы цытæн æфсæддон парад аив кодтой Хъахъхъæнынад æмæ Мидхъуыддæгты министрадты чызджыты къорд.

Æфсæддон парады механизацигонд колоннæйы сконды рацыдысты тыхон структурæты æфсæддон техникæ, æмæхсты реактивон системæтæ БМ-21 «Град», бронетранспортертæ, гаубицæтæ æмæ æндæртæ.

Юбилейон парады хайад райста хæстон азты техникæмæ гæсгæ арæзт æртæцалхон мотоцикл бынæттон энтузиаст Гасситы Сосланы æмбырдгондæй.

Парады кæрон горæты сæрмæ айзæлдысты æхсæнгæрзтæ æмæ сармадзаны æмæхстытæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.