БЕТЕТЫ ЮРИ

№6 ӕвзарӕн зылд

УАЛЫТЫ ГЕОРГИ ФЕДЫРЫ ФЫРТ

№1 æвзарæн зылд

Мæ зынаргъ æвзарджытæ!

Æз, Уалыты Георги, уæ номæй фæнд кæнын  Парламентмæ депутатæй бацæуын. Райгуырдтæн Цхинвалы, ам фæдæн æхсæзæм астæуккаг скъола. Дыууæ азы арвыстон Советон æфсады рæнхъыты, райстон дыууæ ахуырады – юридикон æмæ экономикон.

Экономикæйы хаххыл куыстон Мæскуыйы арæзтадон организацийы.

Гуырдзы куы бабырста Хуссар Ирыстонмæ, уæд æрæздæхтæн мæ райгуырæн бæстæм. Райдыдтон кусын Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады, мæ ирон адæмимæ иумæ, хъахъхъæдтон  мæ Республикæ.

Ме ‘мкъаимæ хъомыл кæнæм цыппар сывæллоны: æртæ чызджы æмæ иу лæппуйы.

Æз тынг хорз æмбарын нæ адæмы зын æмæ рис, нæ адæмимæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрстам æмæ мæ фæнды хуымæтæг адæмы цард фенцондæр кæнын.

Депутаты ном мын раддзæн фылдæр фадат, цæмæй мæ хæс сæххæст кæнон мæ райгуырæн бæстæйы раз.

Мæ зынаргъ æвзарджытæ! Парламенты æз уыдзæн уæ минæвар, цæмæй мæ фæрцы уæ  проблемæтæ хæццæ кæной хицауадмæ.

 Парламенты куыст у, цæмæй æмбæлон закъонтæ иса, сæ фæстæ кæса æмæ  контрол кæна,  куыд æххæст цæуынц, уый.

Æмæ æз мæхи хатын цæттæ, цæмæй ацы куысты бацæуон.

СОБАЙТЫ ХОХ

№7 ӕвзарӕн зылд

ДЖИОТЫ ДАВИД ВЛАДИМИРЫ ФЫРТ

№ 7 æвзарæн зылд

Ныхасы фӕдыл – хъуыддаг!

Хъуыддаджы фӕдыл – фӕстиуӕг!

Мӕ нысан – стабилон абон ӕмӕ фидар сомбон, нӕ республикӕйы царды алы ӕмбӕстаджы хайадист дӕр, не ‘мбӕстӕгты бартӕ ӕмӕ сӕрибардзинады хъахъхъӕд, сӕ духовон, культурон ӕмӕ зонадон домӕнты ӕххӕстдзинад, ӕмбӕлон медицинон, цӕрӕнуатон – коммуналон ӕмӕ цардуагон лӕггӕдты ифтонгад.

Мӕ программӕйы сӕйраг тезистӕ:

закъондӕттынады фӕсӕвзарӕн бартӕ бафидар кӕнын, кӕцыты фӕрцы адӕм къухдариуӕг кӕнынц равзӕрст минӕварӕй;

активон ӕмбӕстагон ӕмбарынад сфидар кӕнын;

зӕххы спекуляцийы ӕнӕуӕвынад;

– Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн ӕппӕт социалон- экономикон барты раздӕхт;

ӕмбӕстӕгты барты закъондӕттынадон ифтонгад сӕ зӕры бонты цардӕн;

ӕвзонг бинонты ӕнцой балӕууын;

Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕмы ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕниз рӕзт.

Алы ӕрхауды фӕдыл дӕр ис стахт, ӕмӕ мӕн зӕрдӕйӕ уырны, Республикӕ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани ногӕй кӕй сӕндидздзӕн, куыд номдзыд адӕмы стыр бӕстӕ, кӕцыйӕн ис ахсджиаг нысаниуӕг ӕппӕт адӕймагады царды!

Мӕнӕн хъӕлӕс раттгӕйӕ, сымах сараздзыстут раст ӕвзӕрст!

ДЖИОТЫ ИНАЛ

№12 ӕвзарӕн зылд

ТЫБЫЛТЫ ЛЕОНИД ХАРИТОНЫ ФЫРТ

№8 ӕвзарӕн зылд

ГОБОЗТЫ МУРАТ СЕРГИЙЫ ФЫРТ

№8 æвзарæн зылд

Æз, Гобозты Мурат Сергийы фырт, райгуырдтæн 1968 азы 11 сентябры. 1975 азæй 1984 азмæ ахуыр кодтон Цхинвалы №2 астæуккаг скъолайы. 1984 азæй 1986 азмæ ахуыр кодтон Цхинвалы №131 Специалон кондадон-техникон ахуыргæнæндоны. 1986 азæй 1988 азы онг службæ кодтон Советон Æфсады рæнхъыты. 2007 азы каст фæдæн ХИПУ-йы юридикон факультет. 2001 азы куыстон РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады, 2014 азæй ныры онг службæ кæнын РХИ-йы Юстицийы министрады Æфхæрд æххæстгæнæн управленийы рарастгæнæн колонийы.

Ис мын бинойнаг æмæ цыппар сывæллоны.

ДЖИОТЫ МАНАНÆ СЕРГЕЙЫ ЧЫЗГ

№5 æвзарæн зылд

Райгуырд 1960 азы, тъæнджы  мæйы 22-æм бон Знауыры районы, Уахтъанайы хъæуы.

1976 азы, сæ хъæуы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ, ахуырмæ бацыд Хуссар Ирыстоны Педагогон институтмæ ирон æмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультетмæ.

1981 азы æнтысгæйæ каст фæцис институт æмæ райдыдта кусын немыцаг æвзаджы ахуыр-гæнæгæй Дзауы районы Хъемултайы хъæуы.

Фæкуыста дзы 1992 азмæ. 1992 азæй абоны онг кусы Цхинвалы 10-æм  астæуккаг скъолайы.

38 азы ахуыргæнæгæй куыст ын радта стыр фæлтæрддзинад фæсивæд хъомыл кæныны хъуыддаджы. Йæ цæсгомджын куысты тыххæй хорзæхджын у бирæ паддзахадон хорзæхтæй. Ис ын    ахуыргæнæджы уæлдæр квалификацион къæпхæн.

Джиоты Мананæ схъомыл кодта æртæ чызджы. Йæ сæрыхицау, Пухаты Анатоли Никъалайы фырт, 1993 азы йæ куысты фæдыл командировкæйы цæугæйæ трагикон æгъдауæй фæмард Ручъы æфцæгыл зæйрацыды фæстиуæгæн.

Джиоты Мананæйæн йæ программæйы сæйраг мидис у адæмы хæрзиуæгæн кусын æмæ лæггад кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.