Нæ газеты фæстаг номыры куыд хъусын кодтам, афтæмæй æрæджы Хуссар Ирыстоны информацион фæрæзты минæвæрттæ Мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæрдар Хъотайты Марияйы сæргълæудæй дзуаппон пресс-тур сарæзтой Цæгат Ирыстонмæ, цыран РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты ‘хсæн къухтæ æрфыстæуыд мыхуыры, дзыллон информацийы фæрæзты æмæ чингуытæ уадзыны къабазы æмгуыстады тыххæй сразыдзинадыл. Уымæй дарддæр ма пресс-туры хайадисджытæн уыдис къорд фембæлдтытæ. Пресс-туры фæстиуджытимæ уæ дарддæр зонгæ кæнæм нæ газеты ацы номыры .

ЦЫМЫДИСОН РАУАД «БÆГÆНЫФЫЦÆН ХÆДЗАР «БАВАРИЯ»-мæ  ЖУРНАЛИСТТЫ БАЛЦ

Хуссарирыстойнаг информацион фæрæзты къорд пресс-туры фæлгæтты бабæрæг кодтой бæгæныфыцæн хæдзар «Бавария»-йы компанийы. Ацы компани йæ куыст райдыдта 1994 азы. Уæд баконд æрцыдис чысыл бæгæныфыцæн завод. Уыцы завод суткæйы мидæг уагъта æрмæстдæр 700 литры æртæ хуызы бæгæны. Завод механизацигонд нæ уыд, куыстытæ, сæйраджыдæр, æххæст кодтой лæгдыхæй. Йæ рауадзгæ бæгæны гъæдджын кæй уыдис, фæлхасгæнджытæ йæ æхсызгонæй кæй агуырдтой, уымæ гæсгæ бахъуыд кондад фæуæрæхдæр кæнын.

2003 азы компани «Бавария» бадзырд сарæзта венгриаг фирмæимæ, цæмæй бæгæны фыцынæн æлхæд æрцæуой ифтонггæрзтæ. Цыбыр æмгъуыдмæ дзы сæвæрдтой, технологион домæнтæн дзуапп чи лæвæрдта, ахæм ифтонггæрзтæ. Афтæмæй заводы рауадзгæ продукцийы гуырахст фæфылдæр фондз хатты. 2007 азы «Бавария»-йы номимæ завод уадзын райдыдта æнæалькоголон продукци дæр.

Ныртæккæ бæгæныфыцæн хæдзары къордмæ хауынц æртæ стабилон размæдзыд уагдоны: ООО «АГРОФИРМА ФАТ», ООО «ФАТ-АГРО» æмæ ООО «БАВАРИЙЫ Ресторантæ». Ацы уагдæттæй алкæцы дæр кусы кондады æмæ æндæр фадгуыты, хъæууон хæдзарады æмæ ресторанты бизнесы.

Журналисттæн компанийы минæвар куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ныртæккæ завод чысылбæрцæй уадзы, фильтраци чи нæ цæуы, ахæм крафтон бæгæны, ууыл куыст цæуы къухæй æмæ йæ гъæд бæрæг хицæн кæны бæгæныйы иннæ хуызтæй. Ацы бæгæны уагъд цæуы афæдзы бæрц æмæ нырма фаг кæны æрмæстдæр нæ республикæйæн. Куыст цæуы дарддæр, цæмæй ацы хуызы рауагъдад фæфылдæр уа. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ бæгæныйы иннæ хуызтæ æрвыст кæй цæуынц Уæрæсейы бирæ регионтæм.

«АГРОФИРМА ФАТ» бæгæныйæ  дарддæр уадзы газджын адджын дæттæ, уазал цай, къуымæл, минералон хосгæнæн дон «Казбек Аква», хæххон суадоны дон «Тбау».  Рауадзгæ продукцийы ассортимент баст у закъазгæнæгыл.

Экскурсийы рæстæджы ма уагдоны минæвар куыд банысан кодта, афтæмæй завод ифтонг у европæйаг ифтонггæрзтæй æмæ йæ рауадзгæ продукци хорзæхджын у бирæнымæц майдантæй æмæ дипломтæй.

Куыстуаты сæрмагонд цехы ис алыгъуызон пластикон мигæнæнтæ æмæ сын сæртæ уа-дзынæн сæрмагонд ифтонггæрзтæ. Ифтонг у италиаг фирмæты уагъд ифтонггæрзтæй. «ФАТ – АГРО» у компанийы иууыл перспективондæр здæхт. Уагдон архайы нæмыгон æмæ халсарты элитон хуызты культурæтæ æркæныныл. «ФАТ – АГРО»-йы быдыртæ сты Цæгат Ирыстоны иууыл экологон æгъдауæй сыгъдæг районты, кæцы продукцийы кæны иттæг гъæдджын. Компанийы базæйыл картофы тауинаджы æрконды фæдыл Цæгат-Кавказы регионалон центр кæны æнтыстджын куыст.

Лабораторийы сæйраг технолог нын куыд радзырдта, афтæмæй ацы нырыккон биотехнологон комплексæн æмбал нæй Уæрæсейы. Лабораторийы специалисттæ аразынц эффективон диагностикæ кæцыфæнды рауадзгæ продукцийæн, активонæй кусынц фæсарæйнаг æмæ уæрæсейаг зонад-иртасæн институттæ æмæ центртимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ лабораторон картофы тауинагæн ис йæхи хорздзинæдтæ – сыгъдæг у алыгъуызон бактеритæ æмæ низтæй. Хъæууон хæдзарады фадыджы цы амалиуæггæнджытæ архайынц, уыдонæй бирæтæ нырма кæд не ‘мбарынц, уæддæр дзы ис ахæмтæ, кæцытæ бамбæрстой лабораторон картофы тауинаджы гъæд æмæ архайынц ацы тауинагæй æмæ уымæй рауагъдады гуырахст фылдæрæй фылдæр кæны.

Картофы тауинаджы хæрзчысыл тауинæгтæ лабораторон æгъдауæй æркæныны фæстæ сагъд æрцæуынц хъæрмуатты торфджын зæххы. Æмæ дыккаг азмæ æркæнынц хæрзгъæд тауинаджы мыггаг. Тауинæгты хуызтæ сты куыд уæрæсейаг, афтæ фæсарæйнаг хуызты селекцитæ дæр.

Бæгæныфыцæн хæдзар «Бавария»-йы территорийыл ма дарддæр куыст цæуы алыгъуызон халсæрттæ æркæнынæн хъæрмуатты монтаж кæныныл. Территорийыл ма уæвы автопарк дæр.

Хуссарирыстойнаг информацион фæрæзты минæвæрттæн цымыдисон экскурсийы фæстæ фадат уыд компани «Бавария»-йы рауадзгæ продукцийæ ацаходыныл. Нæртон фысымтæ афтидармæй нæ рауагътой сæ уазджыты –  алкæмæндæр бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

НАЦИОН МУЗЕЙ – НАЦИЙЫ СÆРЫСТЫРДЗИНАД

Цæгат Ирыстоны цы цалдæр паддзахадон музейы ис, уыдоны ‘хсæн ахсджиаг бынат ахсы Национ музей. Ацы музейы ис ирон адæмы рагон хъæздыг культурæ æмæ цардыуаг æвдисæг экспонаттæ.

Национ музейæн абон ис 15 филиалы, кæцыты æвдыст цæуынц архитектурон сфæлдыстад, историон æмæ литературон æргъадтæ. Ацы бæстæзонæн музей баконд æрцыд 1897 азы. Уый нымад у иууыл популярондæр æмæ хуыздæрыл Цæгат Кавказы регионы. Музейæн лæвæрд æрцыд фыццаг зонадон уагдоны адæмон ном.

Музейы экспонатты историимæ пресс-туры хайадисджыты зонгæ кодта музейы сæйраг специалист Хъантемыраты Эльбрус. Уый куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ музейы ис ахæм коллекцитæ æмæ экспонаттæ, кæцытæн ис дунеон нысаниуæг:

« Нæ музейы культурон æргъадтæ сты дурын æнусæй суанг 15 æнусы онг. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыст ууыл не ‘рлæудзæн, фæлæ архайдзыстæм, цæмæй экспонатты нымæц æмæ хуызтæ фылдæрæй фылдæр кæной. Ууыл кусынц сæрмагонд специалисттæ. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ музейы экспонаттæ се ‘ппæт дæр кæй сты Ирыстоны территорийыл ссаргæ.

Дурын æнусы равдыст дих у æртæ дугыл: полеолит, астæуккаг полеолит æмæ энеолит.  Уыдон дзурæг сты Ирыстоны зæххыл рагзаманы адæймаджы цардыл», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Музейы коллекцийы бындур у Хъобаны культурæйы  зынаргъ æмæ уникалон коллекци, кæцы фидар æрцыд нæ эрæйы агъоммæ æртыккаг миназы райдианы. Ахæм уникалон æмæ диссаджы экспонаттæ дзурæг сты музейы егъау нысаниуæгыл.

Уымæй дарддæр ма музейы фенæн ис нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы национ дарæсы рагон хуызтæ. Хицæн хайадты фенæн ис ирон зындгонд хъайтарты уæлæдарæс, хæцæнгæрзтæ æмæ æфсæддон уæлæдарæс.

Истори æмæ архитектурæйы паддзахадон музейы хъæздыгдзинад æмæ рæсугъддзинадæй райы алы бацæуæджы зæрдæ дæр.

УАЗÆГУАТЫ – «ОСЕТИЯ-ИРЫСТОН»-МÆ

Нырыккон дуджы кæцыфæнды паддзахад дæр архайы, цæмæй ифтонг уа спутникон æмæ цифрæйон телеуынынадæй. Уыдон сты йæ сæрыстырдзинад, уыдоны руаджы рæстæгыл информаци адæттын, райсын æмæ йæ æхсæнадмæ фæхæццæ кæнын сты сæ сæйраг нысан. Кавказы æндæр регионтимæ абаргæйæ Ирыстонæн дæргъвæтин рæстæджы нæ уыд фадат спутникы тыгъдадæй пайда кæнынæн.

«Национ спутникон телеуынынад «Осетия-Ирыстон» бакæныны идейæ у нæ паддзахады сæргълæууæг Битарты Вячеславы. Проект реализацигонд æрцыд 11 мæймæ æмæ фыццаг хатт эфиры рацыдыстæм аивгъуыйгæ азы 1 декабры. Нæ телеуынынады æнæхъæн суткæйы дæргъы алæвæрдтæ уагъд цæуынц дыууæ æвзагыл: ирон æмæ уырыссагау», – банысан кодта йæ директор Дзабиты Эльбрус.

Цæгаты Ирыстоны информацион фæрæзты минæвæрттæ сæ хуссайраг коллегæты бынаты базонгæ кодтой национ спутникон бастдзинады руаджы телеуынынады ныртæккæйы куыст æмæ архайдимæ, сæ ног идейæтæ æмæ куысты дарддæры плæнттимæ. Уазджытæ хи цæстæй федтой телеканалы студитæ, кæцытæ ифтонг сты нырыккон ифтонггæрзтæй. Дзабиты Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ, уыдонæн ис сæхи телеаудитори, кæцытæ стыр цымыдисæй фенхъæлмæ кæсынц эфирмæ. Стыр райзæрдæйæ сæм ток-шоутæм цæуынц зынгæ гоймæгтæ, хуымæтæг æмбæстæгтæ. Ног хабæрттæ уадзыны метод у алыварсон, арæзт у нырыккон стандарттæм гæсгæ.

«Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ коллективы фылдæр хай у æвзонг фæсивæд. Уыдон стыр цымыдис æмæ этузиазм æвдисынц сæ куыстмæ. Кусджыты фылдæр хай стажировкæ рацыдысты Мæскуыйы. Нæхæдæг дæр æрхонæм зынгæ уæрæсейаг журналистты, кæцытæ сæ фæлтæрддзинад æнæвгъауæй амонынц нæ кусджытæн. Архайæм æмæ хъуыды кæнæм уыцы аудиторийыл дæр, кæцытæн фадат нæй спутникон телеуынынадмæ кæсынæн. Уый тыххæй нæ телеалæвæрдтæ хъуамæ цæуой аналогы хуызы дæр», -дзырдта Эльбрус.

Генералон директоры хæдивæг Ассир Хамхоев, информацион хайады сæргълæууæг Дзгойты Иринæ, сæрмагонд проектты хайады сæргълæууæг Баскъаты Ольгæ сæ хуссайраг коллегæтимæ иумæ уынаффæ кодтой, сæ зæрдæ сын цы фарстатæ агайдта, уыдоныл. Баныхас кодтой кæрæдзиимæ сæ æрмæджытæ кæй æрвитдзысты, æмæ æппæт иумиаг æмгуыстады фадæттыл.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ «Осетия-Ирыстон» æрвыл цыппæрæмы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты телестудийы æрмæджытæ кæй уадзы эфиры изæры аст сахатыл.

Ацы телеуынынады коллективимæ фембæлд рауад тынг цымыдисон. Ирыстоны дыууæ хайы информацион фæрæзтæ ныфс бавæрдтой, ахæм ахсджиаг æмæ пайдаджын фембæлдтытæ кæй адарддæр кæндзысты, уымæй.

ТАНДЕЛАТЫ ВИЛЕНА,

КЪÆБУЛТЫ МАРИНÆ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.